19 апреля 2024

БИЙНОНТӔН СӔ ЦАРДИУАГӔ СӔХЕЦӔЙ АРАЗГӔ ‘Й!..

13.07.2021 | 11:23

Ӕхсӕнадон цӕстингас бӕлвурдгӕнӕг Еугуруӕрӕсеуон центри ӕртасгутӕ бийнонти цардарӕзти фарстати фӕдбӕл ци ӕрфарст исаразтонцӕ, уой бӕрӕггӕнӕнтӕ рауадӕнцӕ мӕнӕ ауӕхӕн:

Бийнонти медастӕу рахастдзийнӕдти ахсгиаг ӕй ӕмбарӕдзийнадӕ: ӕнӕмӕнгӕ уотӕ уа, зӕгъгӕ, нимайунцӕ, ке бафарстонцӕ, еци адӕмӕн сӕ 82%. Уосгинтӕн (еумӕ ка цӕруй) сӕ 72% куд зӕгъунцӕ, уотемӕй ӕцӕгӕйдӕр еугур унаффитӕ дӕр рахӕссунцӕ еумӕйагӕй (2009 анзи ба еци бӕрӕггӕнӕн адтӕй 34%). Уотӕ ка нимайуй, ӕма бийнонти медӕгӕ сӕйрагдӕр гъӕуама уа еу адӕймаг, етӕ бийнонти сӕргълӕууӕгбӕл ахиддӕр байамонунцӕ нӕлгоймаги (16% куд зӕгъунцӕ, уотемӕй гъӕуама уотӕ уа, 21% ба – ӕцӕгӕйдӕр сӕмӕ уотӕ  ‘й), силгоймаги кой ба ӕстӕндӕр ӕй (1% ӕма 6%).

Комкоммӕ силгоймаги ихӕстӕбӕл абони нимайунцӕ (гъӕуама уотӕ уа, зӕгъгӕ) айдагъдӕр дзаумӕуттӕ ӕхснун, нӕлгоймаги ихӕстӕ ба – листӕг цалцӕггӕнӕн куститӕ. Куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй бийнонти медӕгӕ ӕхснӕн куститӕ кӕнунцӕ силгоймӕгти 72%, цалцӕггӕнӕн куститӕ ба – нӕлгоймӕгтӕн сӕ 67%. Уой хӕццӕ ба ма ихӕсти кӕцидӕр хай, куд исфӕткон ӕй, уотемӕй дехгонд цӕунцӕ: айдагъ ӕхснун нӕ, фал туй ӕвӕрун, хуӕруйнаг цӕттӕ кӕнун, ӕфснайун силгоймагмӕ хаунцӕ, зӕгъунцӕ бийнойнӕгтӕ. Уой хӕццӕ ба ма, куд басастӕнцӕ, уотемӕй фулдӕр хӕттити сӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ еумӕйагӕй.

Бийнонтӕ материалон ӕгъдауӕй ефтонгкӕнуйнади хабӕрттӕ, ӕрфарст адӕмӕн сӕ фулдӕр (61%) куд байамудтонцӕ, уотемӕй ӕнхӕст кӕнунцӕ еумӕйагӕй. Силгоймаг бийнонти еумӕйаг бюджетмӕ хӕсса уомӕн е  ‘ртиккаг хай, (32%), зӕгъгӕ, нимайунцӕ нӕлгоймӕгтӕ, силгоймӕгтӕ ба байамудтонцӕ ӕндӕр нимӕдзӕ – 43%.