БОЗ ДИ АН, ИНÆЛАР!..
Секери дзиллæ æма сæмæ алли рауæнтæй ци берæ иуазгутæ æрцудæй, етæ дæр хъæбæр зæрдæхцæуæнæй бæрæг кодтонцæ гъæуи равзурди бæрæгбон. Аллихузон мадзæлттæй хъæбæр исфедудта бæрæгбон. Адтæй си агъазиау концерт. Еуафони сценæмæ, нæ национ уæледарæс сæбæл, уотемæй рацудæй лæгти къуар. Æма уæлдæфи идæрдтæбæл ниййазæлдæй:
Сæгути над Уазай хонхмæ Къахирмæ ’рцудæй.
Гæтæгти Сослæнбег Секери гъæуæй Æфсæддон скъоламæ Ахурмæ фæццудæй.
Гæтæгти къæсæр уарзон адæмæн Хе хæдзарæ иссæй Бекири уарзон фурт Сæрæн Сослæнбег, дохтир уогæй, Инæлар иссæй…
Зартæгæнгутæ зард ку фæцæнцæ, уæд адæм уоййасæбæл тухгин къохæрдзæф исаразтонцæ æма, æвæдзи, Уазай алфамбулайтæмæ дæр игъустайдæ æ нæрун. Бæрæгбони ка адтæй, уонæй беретæ куд нæ зудтайуонцæ, Гæтæгти Бекири фурт Сослæнбег ка адтæй æма уанæбæрæг цæмæй фескъуæлхтæй, уой хабæрттæ. Æма ’й ка нæ зудта, уонæн дæр ракодтонцæ еци хабæрттæ.
Мах дæр бабæй абони нæ газети фæрстæбæл имисæн æ рохс ном. Уомæн нин бæлвурд равгæ дæр ес – цалдæр боней размæ, 1 сентябри Гæтæгти Сослæнбеги райгурдбæл исæнхæст æй дæс æма цуппаринсæй анзи (1930-1982). Æ ном ма ин уомæ гæсгæ дæр имисæн, æма рæстæг цæуй, рантæсунцæ нæуæг фæлтæртæ, æма кæстæртæн ба ку нæ дзорæн нæ евгъуд рæстæгути зæрдæбæлдаруйнаг цаутæ æма хабæрттæ, нæ адæмæн кадæгæнæг ка адтæй, еци адæймæгути туххæй, уæд уомæй хъæбæр устур зæрандзийнадæ хæссæн нæ кæстæрти уодигъæдæн. Æма еци рæдуд гъæуама ма ’руадзæн. Уомæ гæсгæ имисæн абони Гæтæг-ти Сослæнбеги рохс ном дæр.
ГÆТÆГТИ Сослæнбеги туххæй ци берæ æрмæгутæ финст æрцудæй æ рæстæги æма си æхуæдæг ке фæууидта, уонæй еуей мухур кæнæн – зундгонд журналист АМИЛАХУАНТИ Хизири (рохсаг уæд, е дæр абони не ’хсæн нæбал æй) финст очерк, кæци мухури фæрæзнити фæззиндтæй 1980 анзи. Мухур æй кæнæн, уæд куд финст æрцудæй уотемæй, неци си раййевгæй.
ХÆДЗАРИ астæу рагон финги алливарс бадунцæ синхи лæгтæ. Бекир, æ фурт Сослæнбег æфсадмæ ке цæуй, уой туххæй сæ æрбахудта. Лæгтæ сæ еугурдæр дзурдарæхст, царди фæлтæр-ддзийнадæй хайгин. Биццеуæн фæдзахстонцæ, цæмæй бæрзонд хæсса бийнонти, муггаги, гъæубæсти кадæ, уа рæстзæрдæ, зиндзийнæдтæн – фæразон, æхсæнади гъуддæгутæбæл – æновуд.
Бекир синхбæсти хестæр адтæй, фал нæ фидтæлти æгъдаумæ гæсгæ æхе хъæбæр ездон дардта æ кæстæрти рази. Æ бæркадгун фингæ синхæгти бæрагæ бакодта.
– Дæхуæдæг дæр ести зæгъæ, Бекир, – ниллæудтæй имæ Гогати Егка.
Бекир æ синхæгтæн райарфæ кодта, уæдта æ фуртæн ба загъта:
– Уарзон адæм дин зæрдибунæй фæндараст зæгъунцæ æма син сæ дзурдтæ дæ зæрдæбæл бадарæ! Æфсæддон академи хумæтæги службæ нæ ’й. Райгурæн бæстæ дæмæ арфиаг гъуддæгутæ аразунмæ æн гъæл ке кæсуй, е ди макæд феронх уæд!.. Уоййасæбæл бунтон æригон дæр нæбал адтæй Сослæнбег. Уæдмæ ин царди нæдтæбæл еуцæйбæрцæдæр рацæугæ рауадæй. Нæхе, Цæгат Иристони медицинон институт каст фæууогæй, цалдæр анзи бакуста дохтирæй. Арæхстгин специалистæй æхе равдиста. Æма æфсæддон ака-демимæ дæр уой туххæй æрвист æрцудæй. – Арфæ уин кæнун уæ дзæбæх, зæрд-тагон арфити туххæй – нифсдæттæг мин уодзæнæнцæ. Уæ фæдзæхсьтитæ дæр мин æхцæуæн æнцæ, æма, мæ бон ци уа, уомæй архайдзæнæн æнæмæнгæ сæ исæнхæст кæнунбæл, – зæрдитæ байвардта Сослæнбег хестæртæн.
Дуккаг бон Гæтæгти бийнонтæ, сæ хæстæгутæ æма синхæгтæ рацудæнцæ Сослæнбеги æ идард балций рафæндараст кæнунмæ.
Бадуй еунæгæй Бекир. Арф гъудити ранигъулдæй. Гæтæгти бийнонтæ Дигоргомæй раги ралигъдæнцæ Секермæ. Ами рарвиста е ’ригон бонтæ. Октябри револю-ци ку ралæудтæй, уæд Гæтæгти æнсувæртæ æрлæудтæнцæ нæуæг цардаразгути æмрæнгъæ. Бекир берæ æнзти фæккуста курдбадзи, хуарз арæхстæй еци дæсниадæмæ. Еумæйаг хæдзарадæмæ бацудæй еугурей разæй. Адтæй хæларзæрдæ æма фæллойнæуарзагæ. Адæм æй уарзтонцæ.
АДÆЙМАГИ ХУÆЗДÆР АМОНД – ХУАРЗ ЦÆУÆТ
Уомæн æхе хузæн æ фурттæ лæ-гигъæдгун разиндтæнцæ. Хъиамæтгун ниййергутæ сæ кæстæрти ахур кодтонцæ фæллойнæ уарзунбæл, æгъдаумæ гæсгæ цæрунбæл, царди алли фæззелæни дæр хуæздæрти рæнгъæ унбæл. Æма, æвæдзи, сæ цæуæтæн уомæ гæсгæ берæ хуар-здзийнæдтæ исаразун бафтудæй сæ къохи.
Бекирæн æ хестæр фурт Моратмæ (райгурдæй 1918 анзи Секери) 1937 анзи фæдздзурдтонцæ Сурх Æфсади рæнгъи-тæмæ. Е ’фсæддон ихæс æнхæст кодта Киеви Æфсæддон зилди. Кæстæр афицер-тæ цæттæгæнæг скъола фæууни фæсте, нисангонд æрцудæй 6-аг æфсæнвæндагон полкки медæгæ ци 9-аг хецæн зенитон-пулеметон взвод адтæй, уой командири агъазгæнæгæй.
Рæхги ‘й æ зонундзийнæдтæ æма æфсæддон ацъагъуæ багъудæнцæ бæлвурд гъуддаги – 1940-аг анзи архайдта советон-финнаг тугъди. Е ’фсæддон ихæс кади хæццæ рахецæн кæнгæй, 1941 анзи мартъий æ райгурæн гъæубæстæмæ, æ фидиуæзæгмæ исæздахтæй. Уогæ сæхе-мæ фагæ фæуунæн, æ царди идарддæри хабæрттæ аразуни туххæй имæ ци фæн-дитæ адтайдæ, уони æнхæст кæнунбæл архайунæн дæр ин фæдуат æгириддæр нæ фæцæй– райдæдта Устур Фидибæстон тугъд… Нæуæгæй бабæй æфсæддони дарæс, нæуæгæй бабæй тугъди…
Æрвист æрцудæй Дзæуæгигъæуи тугъдон-фестæгцæугæ училищемæ. Æ тугъдон службæ æнхæст кодта 16-аг æх-сæг бригади 56-аг армий взводи командир уогæй. Уæдта си æрцудæй нисангонд командирæй, фæстæдæр ба æййивд æр-цудæй Саратови снайпертæ цæттæгæнæн скъоламæ. Уоми дæр æнхæст кодта коман-дири ихæстæ. Уоми «басабур» æй 1946 анзи уæнгæ. Уомæн æма æ еци дæсниадæ хъæбæр ахсгиаг адтæй тугъди фæсте дæр.
Фæстугъд сæхемæ исæздæхгæй дæр ин уолæфунæн рæстæг нæ адтæй. Æ дустæ бахатгæй æрлæудтæй фæллойни надбæл. Æ райгурæн гъæуи колхоз æ къæхтæбæл нæуæгæй æрлæуун кæнуни туххæй æвæллайгæй хъиамæт кодта е ’мгъæуккæгти æмрæнгъæ. Фæстæдæр æй байагурдтонцæ Чиколай фиццаг астæуккаг скъоламæ райдайæн тугъдон дæснидзий-надæбæл скъоладзаути ахур кæнунмæ.
Гъе, уоми косгæй базонгæ ’й æригон ахургæнæг Махъоти Азаухани хæццæ. Азаухани хæццæ исгъомбæл кодтонцæ дæнци аккаг дууæ фурти æма дууæ кизги.
Гæтæгти Морат ма фæстæдæр фæккуста Секери гъæууон совети сæрдарæй дæр, колхози сæрдари хуæдæййевæгæй, партион организаций секретарæй. Фал уæддæр уæлдæр ахурадæ райсуни фæн
дæбæл ба уæддæр нæ исустурзæрдæ ’й. Æма ин бантæстæй – исахур кодта ахургæнæги дæсниадæбæл. Сауæнгæ пенсимæ рацæуни уæнгæ æ цард баст адтæй скъолай хæццæ. Райдайæн тугъдон дæснидзийнадæ æма историй уроктæ ку лæвардта, уæдта скъолай разамонæги бунати ку куста, уæд алкæддæр скъоладзаути патриотон гъомбæладæмæ устур æргом æздахта. Зæгъæн, историй уроки, тугъдон темæбæл дзоргæй, сувæллæнттæн е ’мбæлттæ æма æхе тугъдон хабæртти кой ахид ракæнидæ.
Гæтæгти Морати хъиамæттæ ирæзгæ фæлтæри гъомбæлади гъуддаги паддзахади ’рдигæй æнæргъудийæй нæ байзадæнцæ, æ берæанзон фæллойни туххæй ин лæвæрд æрцудæй «Адæмон ахуради отличник»-и кадгин ном.
Морат абони кæд цардæгас нæбал æй, уæддæр æ ном ба æ уарзон дзиллити ’хсæн цæруй. Гъæубæсти гъуддæгутæ аразуни фæдбæл хабæртти ин æримисунцæ æ ном.
ХЕСТÆРÆН Æ КÆСТÆРИ ДЗÆБÆХ – УОДИ ХУАСÆ!..
Дуккаг фурт Солтан дæр ниййергути фудæнгъæл нæ фæккодта. Федар къахдзæфтæй рандæ ’й ахури бæрзæндтæмæ. Зиндзийнæдтæбæл уæлахез кæнун раги базудта. Астæуккаг скъолай фæсте ис-сæй механизатор. Ами, Секери, рабадтæй тракторбæл. Дууæ анзей дæргъи лæгæрста зæнхи реу, ласта похци, æфснайдта хуар… Уой фæсте бацудæй Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл раздæри педагогон институти историон факультетмæ. Царди фæлтæрддзийнадæ ин агъаз кодта æ нисанмæ æндиудæй цæунæн. Нимад адтæй институти искурдиадæгиндæр студенттæй еуебæл. Нуртæккæ Солтан ахургæнæгæй косуй нæхе университети.
Ниййергутæн сæ еугур цæуæт дæр æм-хузон уарзон фæуунцæ. Фал Бекир, Ирæфи билгæрон еунæгæй бадгæй, фулдæр Сослæнбегбæл гъуди кодта. Æ цæститæбæл рауадæнцæ, биццеу сæмæ æ къох куд тилдта, фæлмæн худт сæмæ куд кодта, е. Ниййерæги зæрдæ, куд дессаг дæ, мадта! Дæу хузæн неке зонуй алци лæдæрун дæр, дæуæй хуæздæр неке зонуй гъенцъун кæ-нун дæр æма цийнæ кæнун дæр. Ци фæлмæн дæ! Дæуæн маст ка бакæна, уомæн, дан, Хуцау дæр нæ ниххатир кæндзæнæй.
Хор бæрзонд æхе исиста арви реубæл. Бекир æ бунатæй фестадæй æма уæззау ампъезтæй райевгъудæй гъæуи ’рдæмæ. Хæдзарæмæ нæ бацудæй, фал еци фæдбæл бацудæй колхози курдбадзæмæ. Кæд цалдæр анзи пенси есуй, уæддæр си æ уарзон куст нæ феронх æй, курдбадзи дуар нæ рахгæдта. «Еу бон дзæбоки зæлланг нæ фегъустон, зæгъгæ, уæд мæ гъостæ къуру фæуунцæ», – ахид дзоридæ е ’мгъæуккæгтæн…
Нур æ ном зундгонд иссæй Иристони еугур цæргутæн дæр. Нæ адæми кадгин хъæболти æмрæнгъæ бабæй фæззиндтæй никкидæр ма еу ном – Советон Æфсади ме-дицинон служби инæлар – майор Гæтæгти Бекири фурт Сослæнбег.
Фондз æма инсæй анзей фæсте синхæгтæ нæуæгæй æрæмбурд æнцæ, нæ дзубанди кæмæй райдæдтан, еци хæдзари, цæмæй аци хатт ба бацийнæ кæнонцæ, кæддæр æ карни нæдтæбæл ци лæхъуæни рафæндараст кодтонцæ, уой устур æскъуæлхтдзийнæдтæбæл. Гъулæггагæн, Бекир уæдмæ цардæгас нæбал адтæй, нæ ин бантæстæй, æ фуртæн инæлари ном лæвæрд ку ’рцудæй, уæдмæ фæццæрун. Фал зæронд мадæ Мæдинæт уæддæр æ кæстæрти хæццæ исархстæй иуазгутæ, гъæубæсти нимад лæгти исбоц кæнунмæ – рагон ифингæ, куд фæззæгъунцæ, дæлæмæ састæй аллихузон хуæрдæй, аллихузон ниуæзтæй.
– Раковетæ нин нæ æртæ къерей, æ хуарзæнхæй. Æгайтима нæмæ арфæ ракæнунмæ æрбацудайтæ. Нæ цийнæбæл нин цийнæ кæнетæ. Уогæ аци цийнæд-зийнадæ нæ еугур гъæубæсти цийнæ ’й, – загъта Сослæнбеги мадæ.
Синхæгтæ финги уæлгъос берæ нæма рабадтæнцæ, уотемæй Гæтæгти колдуар кадæр æрбахуаста. Сослæнбег æндæмæ ракастæй.
– Дæлæ Хъанамат циуавæрдæр незæй батухстæй. Дохтир абони кумæдæр рандæ ’й æма ’й дæхуæдæг ку фæууинисæ, – загъ-та æрбацæуæг.
Куд нæ зонуй Сослæнбег гъæубæсти хестæр Тегати Хъанамати!
Берæ æнзти дæргъи разамунд лæ-вардта Секери раздæри колхоз «Ирæф»-æн. Уой фæсте сæмæ совхоз арæзт ку ’рцудæй, уæддæр ма сауæнгæ пенсимæ рацæуни уæнгæ æнхæст кодта берæ æх-сæнадон куститæ. Нур æй æ кæстæртæ раййивтонцæ. Уомæн дæр æ цуппар бицце-уи нифсгунæй цæунцæ хестæрти надбæл. Сæ цуппар дæр æнцæ гъæууон хæдзаради специалисттæ. Таймораз – зоотехник, Славик – фонси дохтир, Юрик æма Хъаз-бег ба – агрономтæ. Юрик цалдæр анзей дæргъи косуй Секери совхози директорæй. Бæрнон куститæ æнхæст кæнунцæ иннæ биццеутæ дæр. Уæхæн дзæбæх цæуæти фидæ ’й Хъанамат, Гæтæгти Бекири ху-æздæр æмбал æма æмкосæг. Хъанамат тугъди фæсте колхози сæрдар ку адтæй, уæд Сослæнбег ба сæрдигон каникулти е ’мбæлтти хæццæ галтæбæл куста.
Сослæнбег хатир ракурдта æма тагъд-тагъдæй рауадæй Тегатæмæ. Надбæл гъудити ранигъулдæй.
Æ зæрдæбæл æрбалæудтæй, кæддæр биццеути хæццæ сæрдар куд хилæ кодта, е. Фæскуст галтæ хезунмæ скъæрун гъудæй. Еци афони хуæздæр ма ци гъудæй! Галтæ ефтигъдæй фæууагътонцæ æма – гъæумæ ледзгæ. Дуккаг бон син Хъанамат хъæбæр фæххилæ кодта. Сослæнбег фæббостæ ’й æма сæрдарæн уотæ:
– Хуарз, хуарз, цалх дæндаггай зелуй. – Зелуй æма ци? – мæстгунхузæй
загъта Хъанамат.
Раги адтæй е. Сослæнбег нæ балæ-
дæрдтæй, еци хабар уæ зæрдæбæл цæмæн æрбалæудтæй, уой. Тегати къæсæрæй ку бахизтæй, уæд сæйгæмæ ходгæй бацудæй. Хъанамат къехæй райзадæй.
– Инæлар! Æгасцо, æгас! – хуссæнæй рабадтæй, Сослæнбеги рахъури кодта.
Иуазæг бахудтæй æма Хъанаматæн гъазгæй уотæ:
– Цалх дæндаггай зелуй, æви нæ? Зæронд лæг бахудтæй æма загъта:
– Зелуй, зелуй! Ехх, Бекир дæ уотемæй ку фæууидтайдæ! Дæ цæрæнбон берæ, еугур Иристонæн дæр устур кадæ кæнис.
– Хъанамат, æз дæ дæ незæй фæрсун. Ци дæ тухсун кæнуй?
– Хестæр æ кæстæри дзæбæхæй ку фæууинуй, уæд си æ нез дæр фæлледзуй. Æгайтима мæ рабæрæг кодтай. Уазал мæмæ бацудæй, æвæдзи, хуфæг мæ æн-цад нæбал уадзуй…
Дуккаг бон Хъанамат æ уатæй рахизтæй. Æ хъæппæлтæ искодта æма Гæтæгтæмæ арфæ кæнунмæ иссудæй. Зæрдибунæй дзубанди байеудагъ æй Сослæнбеги хæццæ. Кæрæдземæн сæ хабæрттæ фæккодтонцæ.
– Нæ биццеуи хæццæ будуртæ ку рабæрæг кæнисæ, фермитæ. Фæууинæ, галтæй кæми хумæ кодтай, стортæ кæми хизтай, еци бунæттæ, – æрæгиау загъта Хъанамат.
– Мæ галтæ итигъдæй кæми ниууагътон, еци будурæй зæгъис? – бахудтæй Сослæнбег.
Хъæбæр æхцæуæн ин адтæй Хъанамати фæндон. Æрзилдæй Гæтæгти инæлар Секери уæлбилти. «Нарти Нихæс», «Бæлæгъти ком», «Гуленца», «Цубур цъух» æма æндæр рауæнти. Алли игуæрдæн,
алли хезæнуат, алли æрдозæн дæр æхе ном. Сослæнбег гъуди кодта, фидæй – фуртмæ сæ адæм ци нæмттæй хонунцæ, уой. Уогæ си хуасæ кæми нæ карста, стортæ кæми нæ хизтай!.. Адæймаг е ’ригон бонтæ кæми æрвета, уомæй хъазардæр, уарзондæр ин неци фæууй.
Совхози директори хæццæ Сослæнбег берæ рауæнти æрзилдæй. Æ зæрдæ цийнæй байдзаг æй. Æгайтима æ гъæубæсти æхсæнадон гъуддæгутæ уотæ дзæбæх цæунцæ. Куд æхцæуæнæй игъуста Сослæнбег совхози директор Тегати Юрийи дзубандитæмæ! Кæддæр пурусай буни ци зæнхитæ исавдæй, уони никкæдзос кодтонцæ æма си нур аразунцæ клевер, люцернæ, æндæр кæрдæгутæ. Уой фæрци фæстаг æнзти æхсæнадон фонсæн цæт-тæгонд цæуй фулдæр хуаллæгтæ – хуасæ, кæрдæги инсад, силос…
Сослæнбег æма Юрий фæстæмæ гъæумæ исæздахтæнцæ изæригон…
– Цæй, мæнæ ма фонсдаргутæмæ баздæхæн, – загъта Юрий.
Æхсири фермæ сæрди Секери уæлбилæ сæрдигон бунати фæууй. Етæ сæ уарзон æмгъæуккæгтæбæл хъæбæр фæццийнæ кодтонцæ. Гъогдоцгутæ Ху-адонти Барис, Булкъонти Зæли, фонси дохтир Сурхаути Амурхан, иннæ косгутæ Сослæнбегæн радзурдтонцæ сæ гъуддæгутæ куд цæунцæ, дæсæймаг фондзанзони ихæслæвæрдтæ æнтæстгинæй исæн-хæст кæнунбæл тохи син ци бантæстæй, идарддæр сæ размæ циуавæр нисантæ æвæрунцæ, уони. Цалдæр анзей размæ совхоз «Ирæф» суткæмæ æхсир уæйæ кодта фондз – æхсæзсæдæ килограмми, нур ба дууæ тонней бæрцæ.
– Æз боз дæн, æгайтима еугурадæмон тохи фæсте нæ байзайдзинайтæ! – зæрдибунæй загъта Сослæнбег.
ИРÆЗГÆ КА КÆНУЙ, ИСОНИБОН ДÆР УОНИ ’Й!..
… Инæлари фæззиндмæ уæлдай æхсицгондæрæй æнгъæлмæ кастæнцæ Секери астæуккаг скъолай. Сослæнбегæн æхецæй дæр иронх нæ адтæй еци гъуддаг. Рагæй нæбал бабæрæг кодта, е ’ригон бонтæ кæми рарвиста, хъæбæр хуарз бæрæггæнæнти хæццæ ке фæцæй, царди рохсмæ кæцæй рафæндараст æй, еци скъола.
Цал æма цал цæсти кастæй цæмæдесæй, совхози парткоми секретарь Сакъити Заурбеги хæццæ тургъи ку æрбафестæг æнцæ, уæд! Хори тунтæмæ нæуæгдзаути сурх галстуктæ тæмæнтæ калдтонцæ. Æрттивтонцæ инæлари усхъитæбæл сугъзæрийнæ пъагæнттæ. Сослæнбег е ’мгъæуккаг биццеутæ æма кизгуттæн салам равардта, æ цæстæ сæбæл лæмбунæг æрхаста. Æ зæрдæбæл æрбалæудтæнцæ е ’ригон бонтæ. Цал æма цал хатти лæудтæй æхуæдæг дæр мæнæ аци тургъи скъоладзаути линейки!
Скъоладзаутæ иуазæгбæл æрæмбурд æнцæ æма ин зæрдибунæй сæ хабæрттæ фæккодтонцæ. Уæд сæ Сослæнбег ра-фарста:
– Нæхе финсгутæй ке зонетæ?
– Хетæгкати Къоста, Малити Геуæрги, Плити Харитон, Боцити Барон…
– Кедæр феронх кодтайтæ. Рагъуди ма кæнетæ. Ами, нæхе гъæуи райгурдæй. – Фæрнион… Къоста… Берæ ин уарзæн æ уадзимистæ.
Берæ уарзуй Сослæнбег æхуæдæг дæр Фæрниони исфæлдистадæ.
– «Уады уынæр» бакастæн цалдæр хатти æма мæ цæститæбæл рагъазтонцæ нæхе гъæуи, нæхе æрдзи хузтæ. Куд рæ-сугъд сæ исфæлгонц кодта финсæг!
Сослæнбег ахургæнгути хæццæ ку байзадæй, уæд син уотæ бакодта:
– Раст мæмæ нæ кæсуй, нæ кадгин æмзæнхони ном нæуæгдзаути къуар ке нæ хæссуй, е. Кенæдта скъолайæн ба Фæрни-они ном раттæн цæмæннæ ес?
– Æцæгæйдæр, цæмæннæ? – кæрæд-земæ бакастæнцæ ахургæнгутæ…
Æ отпуски рæстæги еунæг бон дæр евдæлон нæ адтæй. Еу изæр ба ’й фæх-худтонцæ гъæуи культури Хæдзарæмæ. Сæ кадгин æмзæнхони хæццæ фембæл-дмæ æрцудæнцæ айдагъ фæсевæд нæ, фал хестæртæ дæр. Гæтæгти инæлар син берæ цæмæдессаг хабæрттæ фæккодта. Радзурдта, нæ намусгин Гæрзефтонг тухтæ куд ирæзунцæ, сабурдзийнадæ ниффедар кæнунбæл куд гъæддухæй тох кæнунцæ, уой туххæй.
– Парти æма хецауадæ, еугур советон адæми фæндон еудадзуг зæрдæбæл даргæй, советон тугъдонтæ къæрцгъосæй гъæуай кæнунцæ бæсти арæнтæ. Тугъд нæбал æруадзун, адæми ’хсæн хæлар рахастдзийнæдтæ парахат æма федар кæнун адтæй æма кæддæриддæр уодзæнæй нæ партий Центрон Комитети, Советон хецауади сæйрагдæр мæтæ.
Хъæбæр багъардтонцæ секейрæгти зæрдæмæ Сослæнбеги дзурдтæ. Сабурдзийнадæ… Куд хъазар æй еугур дуйней адæмæн дæр! Миллион æригон адæймæгутæ равардтонцæ сæ цард сæребарæдзийнадæ, амондгун федæни сæрбæлтау. Берæ секейраг биццеутæ нæбал исæздахтæнцæ сæ уарзон гъæубæстæмæ тугъдæй. Уонæн æвæрд æрцудæй циртдзæвæн. Æностæмæ имисдзæнæнцæ секейрæгтæ сæ бæгъатæр биццеути нæмттæ. Сослæнбег Секери уогæй, зингхуст хъайтарти циртдзæвæн нæ рабæрæг кодта, зæгъгæ, уæхæн рæстæг некæд адтæй.
… Гæтæгти Бекири фурт Сослæнбег Советон Æфсади рæнгъити зин, фал кадгин службæ æнхæст кæнуй берæ æнзти дæргъи. Нæ си феронх æй ниййергути, хæларзæрдæ синхæгти, хæстæгути фæдзæхст.
Ленингради æфсæддон медицинон академи хъæбæр хуарз бæрæггæнæнти хæццæ каст фæууогæй, æрвист æрцудæй Туркестани æфсæддон зилдмæ. Адтæй полкки, уæдта дивизий дохтир. Туркестани тугъдон округи ахсгиагдæр рауæнти федар æма раст уагæбæл адтæнцæ æ фиццаг ампъезтæ. Уоми службæ кæнгæй иссæй Коммунистон партий иуонг. Инсæй анземæй фулдæр кади хæццæ хæссуй еци кадгин ном. Тугъдон æнæнездзийнадæбæл уотæ зæрдеуагæй ке ауодуй, уой туххæй Гæтæгти Сослæнбегæн 1955 анзи лæвæрд æрцудæй кадгин ном «Æнæнездзийнади отличник». Анзи фæсте æ реубæл исæрттивта «Фæллойни æскъуæлхтдзийнади» майдан. Æдеугур инæлар-майор Гæтæгти Сослæнбегæн лæвæрд æрцудæй дæс майдани, уæдта «Фидибæстæн еузæрдиуон служби туххæй» III къæпхæни орден.
Гæтæги-фурти фæстаг æфсæддон аттестацитæй еуеми бакæсæн ес уæхæн дзурдтæ: «Æй принципиалон, домагæ коммунист, ефтонг æй идейон-теоретикон æма политикон æгъдауæй. Бæрзонд æй æ профессионалон æма тугъдон цæттæдзийнадæ… Ци гъуддаг ин бафæдзæхсунцæ, е си иронх некæд фæууй. Æ фæллойнæ уарзондзийнади рæуаги æнтæстгинæй лух кæнуй, æфсади медицинон служби рази нури рæстæги ци ахсгиаг ихæстæ лæууй, уони…»
Гъо, хумæтæги нæ адтæй не ’мзæнхон Приволжьейи, уæдта Прибалтики æфсæддон округти медицинон служби хецау. Никки бæрнондæр куст ба нур æнхæст кæнуй – æй Советон Гæрзефтонг тухти ракетон æфсæдти медицинон служби хецау.
Сауæнгæ медицинæ нæ, фал кæци-фæнди ахуради фарстатæбæл дæр æ хæццæ радзубанди кæнæ, æма дæмæ уотæ фæккæсдзæнæй, цума æ размæ æцæг специалист лæууй. Уæлдай фулдæр ба уарзуй аййевадон литературæ…
Гъе, уæхæн æй нæ номдзуд æмзæнхон, партий, æфсади хъæболæ Гæтæгти Бекири фурт Сослæнбег.
– Боз ди ан, инæлар, – фæззæгъунцæ ин секейрæгтæ дæр сæрустурæй.
КАДГИН Æ ЦАРДВÆНДАГ, ЦИТГИНÆЙ ÆЙ ИМИСУНЦÆ ДЗИЛЛÆ…
Еума хатт æй зæгъæн, аци очерк финст æрцудæй 1980 анзи, Сослæнбег æхуæдæг дæр ма цардæгас адтæй. Уæдæй нурмæ ци рæстæг райевгъудæй, уоми берæ æййивддзийнæдтæ æрцудæй, очерки ке кой кæнунцæ, уонæй абони беретæ не ’хсæн нæбал æнцæ – Сослæнбегæн æ мадæ Мæ-динæт, е ’нсувæртæ Морат æма Солтан, Секери цитгин лæгтæ Тегати Хъанамат, Сакъити Заур…
Нæбал æй, кæддæр гъæуи ци тухгин совхоз адтæй, е дæр – æнæхайири «райарæзти» æнзти фудракæндтитæ ’й бабун кодтонцæ. Фал гъæу уæддæр цæруй æма архайуй æ цардиуаги хабæрттæ аразунбул. Ци адæм си цæруй, етæ сæ цардарæзт, сæ бон куд æй æма сæ фадуæттæ куд амонунцæ, уотæ, сæ исонибон фæххуæздæр уни фæдбæл мадзæлттæ аразунцæ. Кæстæртæбæл ауодунцæ, нæ адæми хуæздæр æгъдæуттæбæл æновуд уни зундбæл сæ ’фтаунцæ. Еци гъуддаги хуæздæр надбæл æй, райгурæн гъæубæстæн кадæ ка искодта æма кæнуй, уони дæнцæн. Уонæй еу – Гæтæгти инæлар. Абони гъæуи гъæунгтæй еу хæссуй уой ном.
Гæтæгти Бекири фурт Сослæнбег абони, гъулæггагæн, не ’хсæн нæбал æй. Фал нæ хъæбæр фæндуй, цæмæй æ рохс ном фæлтæрмæ иронх ма уа, царди нæдтæбæл нæхстæргæнæг кæстæртæн разæнгардгæ-нæнæн изæла æ номерæни зар:
Ирæфи хъал дон къæдзæхти дортæ Берæ фæлласта,
Гæтæгти инæлар
Сæрæн Сослæнбег нези дзæмбутæй Берети байста.
Нæ Иристонæн æрдзæ бахай кодта Берæ хуарз хуæнхтæ.
Гæтæгти инæлар
Сæрæн Сослæнбег æ кусти райста Берæ хуарзæнхитæ.
Дабони гъæдгæс æрдозти кæрдæг Хуасæн фæккарста.
Гæтæгти инæлар
Сæрæн Сослæнбег дохтири устур ном Хуарзæй фæххаста.
ГÆТÆГТИ Бекири фурт Сослæнбег райгурдæй 1930 анзи Секери гъæуи. Уоми астæуккаг скъола фæууогæй, ахур кæнунмæ бацудæй Цæгат Иристони медицинон институтмæ. Æртиккаг къурси фæсте ба æ ахур раизолдæр кодта Ленингради Тугъ-дон-медицинон академий, кæций каст фæцæй сурх дипломи хæццæ. Ахури фæсте æрвист æрцудæй Туркестани тугъдон зилдмæ. 1972 анзи ин æ барæ бакодтонцæ Приволжскаг тугъдон зилди медицинон службæ. Дууæ анзей фæсте нисангонд æрцудæй Прибалтиаг тугъдон зилди медицинон служби сæргълæууæгæй. 1978 анзи, инæлар-майори цини уогæй разамунд лæвардта Советон Цæдеси ракетон æфсæдти медицинон службæн.
Гæтæгти Сослæнбег хуарзæнхæгонд æрцудæй аллихузон ордентæ æма майдантæй, Кади гæгъæдитæй. Исаккаг ин кодтонцæ æнæнездзийнадæ гъæуайгæнæги отличникки ном, Уæрæсей Федераций, Германий Демократон Республики, Венгрий Адæмон Республики æскъуæлхт дохтири ном. Уæдта ма адтæй Германий тугъдон медицини Æхсæнади иуонг-корреспондент. Æ цардæй рацох æй 1982 анзи. Байвардтонцæ ‘й Дзæуæгигъæуи Ирон аргъауæни тургъи пантеони.