БОЗ СИ АН, АРФÆ СИН КÆНÆН!..
Ахур. Ахургæнæг. Ахургонд. Аци æртæ къæпхæнемæн кæрæдземæй фæххецæн кæнæн æгириддæр нæййес, уомæн æма сæ нисанеуæгæй хъæбæр æнгом баст æнцæ еумæ. Адæймаг æ райгурцæй ба æ рамæлæти уæнгæ ахур кæнуй, кæми æхе фæндæй, кæми ба ’й фадуæттæ барæ-æнæбари дæр еци гъуддаги байефтиндзунцæ. Уой хæццæ ба ма цард æма куст, æрдзæ сæхуæдтæ дæр берæ гъуддæгутæбæл исахур кæнунцæ махæй алкедæр.
Мадæ æма фидæ, бийнонти цардиуаги фæткитæ исунцæ нæ зундамонæг, царди раст надбæл аразæг. уобæл секк неке хæссуй. Фал, уæддæр берæ гъуддæгутæ ба æнæ скъола, æнæ ахургæнæгæй базонун хъæбæр зин æй. Ахургæнæги фæрци базонæн финсун, кæсун, нимайун, дуйней исконди сосæгдзийнæдтæ нин раргом унцæ. Ахургæнгути фæрци бауарзæн кæцидæр дæсниадæ æма ецирдæмæ исаразæн нæхе. Уæлдæр ахури дæр æнæ ахургæнæгæй размæ цæуæн нæййес. Ами, гъома, институттæ æма университетти ци ахургæнгутæ – сæ фулдæр наукити кандидаттæ æма доктортæ, доценттæ æма профессортæ – косунцæ æма фæсевæди цидæр бæлвурд дæсниæдтæбæл ахур кæнунцæ. Етæ дæр кæддæр ахурдзаутæ адтæнцæ. Уонæн дæр сæ нури наукон бæрзонд къæпхæнтæмæ исхезунмæ над байгон кодтонцæ, кæддæр сæхуæдтæ ци скъолати ахур кодтонцæ, уоми косæг ахургæнгутæ, кæцитæ син равардтонцæ бундорон зонундзийнæдтæ, бауарзун син кодтонцæ кæцидæр дæсниадæ. Равардтонцæ син нифс, разæнгарддзийнадæ. Уотæ хумæтæги нæ фæззæгъунцæ: «Æ ахурдзау æхецæй кæмæн нæ фæллæгдæр æй, е æнтæстгин ахургæнæг нæй!..»
Уомæ гæсгæ зæгъун уæхæн гъуди: Чиколай фиццаг астæуккаг скъолай ка куста æма косуй ахургæнæгæй, уони бон æй хъæбæр сæрбæрзонд ун. Аци скъола ка фæцæй каст фæйнæ догеми, уонæй нури директор Гульчети Аслани нимадмæ гæсгæ цуппæрдæс æма инсæй адæймаги иссæнцæ наукити доктортæ, кандидаттæ ба – дзæвгарæ фулдæр. Иннæ рауæнти нæ зонун, фал Иристони дæр æма Цæгат Кавкази дæр еунæг скъола дæр нæма равардта уал устур ахургонди. Æма æнай-æнойти æрцæуæг хабар нæй – е уой фæрци æй, æма ами алкæддæр кустонцæ æма нур дæр ма косунцæ дессаги ахургæнгутæ. Уонæй алке туххæй дæр æнгъезуй устур уацтæ ниффинсун, æма мин хатиргонд фæууæд, нур еци ихæс мæхемæ ке нæма есун, е. Абони ба мæ зæрди ес ке гъуди кæнун æма зæрдæхцæуæнæй ке имисун еудадзуг, мæхецæн мин кæддæр зонундзийнæдтæ ка лæвардта, ниййерæг мади хузæн мин зунд ка амудта, еци силгоймаг ахургæнгути туххæй. Кадæртæ си абони цардæгас нæбал æнцæ, æма син нæ Исфæлдесæг дзенети рохсдæр бунат исаккаг кæнæд… Беретæ ба си нерæнгæ дæр ма фæрнæй косунцæ. Хъæбæр ихæсгин ан сæ размæ, царди тонхи, ниййергутæй фæстæмæ, уони фæрци исирæзтан нæ бунæтти. Сæ аккаг рæсугъд, фæлмæн, зæрдæлхæнæн дзурдтæ иссерун мæн бон æнхæстæй нæй аци бæрæгбони дæр. Фал уæддæр мæ нифс хæссун уони туххæй мæ арфиаг гъудитæ бавзарунмæ.
Скъоламæ цæуни афонæ мин ку æрхъæрттæй, уæд ахид райгъосинæ мæнæ ауæхæн зæгъдтитæ, сувæллон, дан, скъоламæ бацæугæй фиццаг анз кæци ахургæнæги къохмæ бахауа, уомæй берæ аразгæ ’й. Мæ нанай хъæбæр фæндадтæй, Хекъилати Агубекири кизгæ Розæмæ (дзенети рохс бунат æ хай) куд бахаудтайнæ, уотæ. Æма, æцæгæйдæр, уотæ рауадæй. Цуппар анзей дæргъи Розæ хе мадау фæттохæн кодта нæ хæццæ, царди рохсмæ нин нæ цæститæ байгон кодта. Кæсун, финсун, нимайун ку базудтан, уæд ма махæй лæгдæр ка ’дтæй!..
Ци фæлмæн цæстингас нæмæ дардта, е мæ зæрди ку æрбафтуйуй, уæд сагъæсти ранигъулун. Мæнæ еу хабар ракæнон: Розæ нин айдагъ зонундзийнæдтæ нæ лæвардта, фал ма нин нæ царди хабæрттæмæ дæр лæмбунæг цæстæ дардта, сауæнгæ ма нин нæ кæдзосдзийнадæмæ, рæвдзæмæ дæр устур æргом æздахта. Еу бон кæсуй æма кæмæндæр æ къахидарæс цъумур. Æз ба рæнгъи æ фарсмæ лæуд фæдтæн. Розæ æ медбилти фæлмæн худт бакодта æма дзоруй:
– Мæнæ уинис, дæ фарсмæ уомæн æ цулухътæ кремæй куд æрттевунцæ, уой… Е нæ зийнадæ кæнуй уони кæдзос кæнунмæ. Æццæйнæ, Тотраз, дæхуæдæг сæ нæ фæссæрфис кремæй?..
– Нæ, Бида (мæ фиди хуæрæ, рохсаг уæд) мин сæ фæккæдзос кæнуй…
Къласи кадæр адтæй, етæ мæ еци дзуапбæл ниххудтæнцæ. Розæ æхуæдæг дæр, æнгъæлдæн, хуарзау нæбал фæцæй, фал уæддæр æ фæлмæн къохæй мин мæ сæр æрсæрфта æма еци ходгæй загъта:
– Е, мæ биццеу, ку мæ фæхходуйнаг кодтай…
Абони дæр ма си фæсаууонмæ æфсæрми кæнун, фал уой сайтан ка адтæй, æма ин мæ раст дзуаппæй æ фæндæ иннердæмæ низзелдзæнæн.
Хестæр кълæсти ку ахур кодтан, уæддæр Розæ махбæл æ хуæст нæ уагъта, сæхемæ дæр ахид уадан.
Раст цума нæ мадтæлти æма фидтæлти хуæртæ адтæнцæ, уотæ ахур адтан нæ силгоймаг ахургæнгутæбæл. Берæ дæ ка уарза, уомæй фæстæмæ дин неке ниууодæнсдзæнæй дæ фудаг, æнæсæр миутæ.
Цорити Рози (Æлбегонти Дриси кизгæ) фæрци цидæртæ æргъæвун байдæдтан немуцагау, уогæ хаттæй-хатт нæ «немуцаг» радзубандити дигорон æздæхтæ дæр фæззиннидæ. Мадта Карнова Валентинæ Николайи кизгæ куд зæрдæй амудта махæн уруссаг æвзаг æма литературæ!.. Сауæнгæ ма нин еристæ дæр исаразидæ – ка фулдæр къуплеттæ исахур кæндзæнæй поэмæ «Мцыри»-йæй, уæдта сæ рæсугъддæр ка радзордзæнæй. Цæргæ ба кодта, ахургæнгутæн скъолай тургъи ци еумæйаг хæдзарæ адтæй, уоми. Æма еу хабар мæ зæрдæбæл абони дæр ма дарун. Цæветтонгæ, берæ хæттити фæсуроктæ скъолай тургъи ести гъæзтитæй гъазианæ, æма нæмæ ахид фæдздзоридæ, рауайтæ, ести рахуæретæ, зæгъгæ.
Иннæ уæхæн зæрдхæлар адæймаг нин адтæй хузæкæнуни ахургæнæг Коновалова Валентинæ Георгийи кизгæ. Кæстæр кълæсти ку ахур кодтан, уæд нин хъæбæр лæмбунæг амудта алли «листæг миутæ» – къариндас куд циргъ кæнгæй, куд ибæл хуæцгæ ,й, цæмæй раст гура гæгъæдибæл… Кенæ хестæр кълæсти ба черчений урокти цæйбæрцæ ухери кодта нæ хæццæ…
Ци берæ дессæгтæ нин радзоридæ, уæдта химий къæбинети цитæ бавдесидæ нæ уарзон, нæ хъазар хестæр Богданти Зарифæ (Батæрти Хъубадий кизгæ). Хъæбæр цæмæдесæй цудан æ уроктæмæ, ку фæббайлæгъдæр ан, хестæр кълæсти ку ахур кодтан, уæдта уой къохæй дæр берæ хæттити бахуардтан, ахид цудан сæхемæ – куд æ фурт Руслани (Тазрети) æмкъласонтæ, уотæ. Ами ма мæ уой зæгъун фæндуй, æма уæди рæстæгути сувæллæнттæ берæ æхцулдæр адтæнцæ кæрæдзебæл, мадта сæ нæдæр сæхуæдтæ, нæдæр ба сæ ниййергутæ æгириддæр нæ дехтæ кодтонцæ, гъома, уæртæ е хумæтæги зæнхкосæги сувæллон æй, мæнæ айæ ба – ахургæнæг кенæ æндæр ести чиновникки сувæллон. Уæхæн дехтæ кæнун еунæгей зæрди къуми дæр нæ разиндтайдæ, уомæ гæсгæ скъолай биз-биз кæмæй кæнианæ, еци ахургæнæги хæдзарæмæ фæсуроктæ ба æдзæстхезæй бацæуианæ, сæ къæбæр-цæнхæй исахуадианæ. Нури доги «социалон дехтæн» сæ кой дæр некæми адтæй. Уогæ е æндæр, хецæн дзубандий хабар æй æма ,й æ рæстæги ракæндзинан.
Нур ба мæ дзубанди идарддæр кæнун æма мæ уой зæгъун фæндуй: абони дæр, берæ æнзти фæсте махбæл хъæбæр бацийнæ уй Дзедати Софья (Озити Амурхани кизгæ). Уой фæрци базудтан æма бауарзтан ирон æвзаг æма литературæ. Хестæр кълæсти дæр ма мин мæ гъостæ исивæзтитæ кæнунбæл нæ байауæрдидæ, уæдта нæ изæрæй ба сæхемæ фæххинцидæ къеретæ æма нард карки фидæй. Арфиаг си куд нæ ан… Аци рæнгъæ ку рафинстон, уæд уайтæккæ мæ зæрдæ фæкъкъæпп кодта æвеппайди æнкъард гъудийæй: мах си бæргæ боз ан, фал ни, цума, е ба уотæ боз æй… Мæхецæн æй уайдзæфæн есун – е махбæл уотæ æновуд адтæй, мах ба нур нæ евдæлуй, уой бабæрæг кæнунмæ…
Уæлдæр ахургæнæндонæ куд фæцæнцæ, уотемæй мах скъолай косун райдæдтонцæ æма нин еци æригонæй адтæнцæ ахургæнгутæ Цорити Фатимæ Хаджеумари кизгæ, Кудзойти Зæринæ Геуæргий кизгæ, Къочити Ларисæ Рамазани кизгæ, Будайти Ритæ Дзахой кизгæ, Бабочити Валентинæ Морадини кизгæ, Тъурити Верæ Тазей кизгæ æма ма берæ æндæртæ.
Цал фæлтæри рафæндараст кодтонцæ царди устур нæдтæбæл етæ уал анзей дæргъи… Еци фæлтæртæй беретæ сæхуæдтæ дæр иссæнцæ ахургæнгутæ. Гъо, нæлгоймаг ахургæнгутæ дæр адтæй æма ес скъолати, фал си силгоймаги ба уæддæр неке рамолдзæнæй.
Ниййерæг мади цæстингасæй кæсуй силгоймаг ахургæнæг æ ахурдзаутæмæ, æма сæмæ кæд æндæрхузи дзоруй, уæддæр сæбæл ауодгæ ба зæрдæй кæнуй… Зин æй дууæ уæхæн уаргъи хæссун – мадæ ун дæр, уæдта ма ахургæнæг ун дæр. Советон паддзахадæ æ рæстæги аллихузи дæр архайдта уонæн устур аргъ кæнунбæл, уæлдай боц сæ кодта аллихузи хуарздзийнæдтæй. Фал нур ба догитæ исæндæрхузон æнцæ, ахургæнæг ци кади аккаг æй, еци кадæ ин нæбал кæнунцæ, æгæр карз уæмæ ма фæккæсæд мæ загъд, фал исæгадæ ’й паддзахадæмæ. Нæлгоймæгтæ дæр, æвæдзи, хумæтæги нæбал комунцæ скъоламæ ахургæнгутæй… Æма ирæзгæ фæлтæрти аци æмæнтъери рæстæгути раст зундбæл ахур кæнуни уæззау уаргъ æнæгъæнæй дæр силгоймæгти усхъитæбæл ранцадæй.
Æз мæхуæдæг дæр финддæс æма инсæй анзи ахургæнæгæй косун. Раст зæгъгæй, кæд уæлдæр ахургæнæндони, уæддæр хъæбæр хуарз зонун не скъолати уавæртæ, уомæн æма нин, еуемæй, федар бастдзийнæдтæ ес, иннемæй ба, æгирид неци, фал уæддæр еци скъолатæй ка рацæуй, етæ махмæ не ,рбацæунцæ æма уонæмæ гæсгæ куд нæ базонæн, нæ адæмон ахуради ахсгиагдæр къабæзтæй еуеми, астæуккаг скъолай цитæ цæуй, уой…
Еци хабæрттæбæл дзорунмæ мæ нур нæ евдæлуй, уомæн æма сæмæ адæймаги зæрдæ мæтъæл кæнуй. Абони ба мæ фæндуй зæрдрохс дзубанди кæнун, уомæ гæсгæ ба мæхемæ есун еци ихæс, æма Чиколай фиццаг астæуккаг скъола ка фæцæй каст, еци нæлгоймæгти номæй зæрдиаг арфитæ кæнун, ахургæнæгæй ка косуй, еци силгоймæгтæн, бустæги ба нæ уарзон скъолайæй царди устур нæдтæмæ хуæрзцæттæй ке фæрци рацудан, уонæн.
Уæ хъиамæттæ фæсмойнаг нæ ’нцæ, æма царди хуарзæй цидæриддæр ес, уонæй хайгин уотæ. Зæрдрохс уотæ уæ кæстæртæй, маке зин си фæууинетæ, гъудкæнуйнаг сæйгæй уæ Хуцау бахезæд. Айтæ уоди дохтиртæ, рохситаугутæ, царддæтгутæ æма дзæбæхæй цæретæ. Берæ æнзти дæргъи ма æцæгæй зæрдæбæл æмбæлгæ игъæлдзæг бæрæгбонтæ куд фæууинайтæ, еци хуарздзийнадæ уæ уæд. Фæрнæй цæретæ!..
БАЛИКЪОТИ Тотраз
Аци æрмæг мухургонд æрцудæй газет «Дигорæ»-йи 2018 анзи 16 ноябри.