12 декабря 2024

БРЕСТИ ФЕДАР НӔ БАКУМДТА СӔТТУН

26.06.2021 | 10:40

Устур Фидибӕстон тугъди райдайӕнӕй хабӕрттӕбӕл дзоргӕй фиццагидӕр ӕримисӕн Брести федар. Уомӕн ӕма, немуцаг-фашистон ӕрдонгтӕ Советон Цӕдесмӕ ӕверхъауӕй ку ӕрбалӕбурдтонцӕ, уӕд ӕ фиццаг цӕф адтӕй аци федарбӕл. Аци федар син иссӕй сӕ размӕмпурсти тӕккӕ агъазиаудӕр хъоргӕнӕг. Брести федар гъӕуайгӕнӕг советон арӕнтӕгъӕуайгӕнгутӕ 1941 анзи 22 июнӕй ба  июли инсӕйӕймаг бӕнтти уӕнгӕ гъӕддухӕй тох кодтонцӕ знаги нихмӕ. 

Брести федар гъӕуайгӕнгути ‘хсӕн знаги нихмӕ тох кодтонцӕ нӕ Фидибӕсти дӕс ӕма инсӕйемӕй фулдӕр адӕмихӕттити минӕвӕрттӕ дӕр. Уонӕй еу – Мамукъати Таймораз. Мӕнӕ ин дӕлдӕр ци имисуйнӕгтӕ мухур кӕнӕн, уони ниффинста 1960 анзи Брести федари музейи, ӕма, аци федар гъӕуайгӕнгути бӕгъатӕрдзийнади туххӕй рӕстдзийнадӕ кӕрӕй-кӕронмӕ исбӕлвурд кӕнунбӕл уодуӕлдаййӕй ка бахъиамӕт кодта, еци зундгонд финсӕг С.С. Смирнови курдиадӕмӕ гӕсгӕ. Мамукъай-фурт ӕхуӕдӕг куд загъта, уотемӕй барӕвдзӕдӕр кӕнуйнаг бӕргӕ ‘нцӕ. «Перечитав свои воспоминания об обороне Брестской крепости, мне теперь ужасно неудобно перед вами читатель. Вместе с тем я сохраню эти записки в той же редакции, как ценности, ибо в них – правда…»

Ӕма сӕ мухур кӕнӕн, ӕхуӕдӕг ӕ имисуйнӕгтӕ куд ниффинста, уотемӕй.

Ӕз службӕ кодтон 125-аг фестӕгӕфсӕддон полкки 1940 анзи 8 февралӕй Устур Фидибӕстон тугъди райдайӕнмӕ. Не ‘фсӕддон хай адтӕй Брести федари, фал тугъди фиццаг бон ӕ сӕйраг дӕлхайӕдтӕ адтӕнцӕ сӕрдигон лагерти. Мӕн ӕфсадмӕ ракодтонцӕ Кубани медицинон институти 4-аг къурсӕй, ӕма фиццаг адтӕн 3-аг батальони фельдшер, уой фӕсте ба полкки санитарон хайади афтеки хецау, цуппар мӕйи ӕнхӕст кодтон санитарон служби хецауи ихӕстӕ, сгаргути сӕрдигон ахури адтӕн медсанхайади хецау. Фидибӕсти тугъди райдайӕнмӕ нӕ къуар ӕрӕздахтӕй Брести федармӕ. С.С. Смирнов ӕ киунуги ке кой кӕнуй, уони хуарз зудтон, уони хӕццӕ капитан Шабловскийи, кӕстӕр лейтенант Коломнейци, медслужби лейтенант Абакумови ӕма иннети. Нӕ полкки  адтӕй берӕ тугъдонтӕ Цӕгат Иристонӕй, зӕгъӕн, Билаонти Дудар, Купештох, Александр Кулебякин, Сӕбанти лӕхъуӕн, Мӕрзати Михаил, Ботъоти лӕхъуӕн, Акъоти Тох ӕма берӕ ӕндӕртӕ.

Уӕдӕй нури уӕнгӕ берӕ рӕстӕг ке рацудӕй, уомӕ гӕсгӕ, 1941 анзи 22 июни Брести федармӕ ӕмпурсӕг немуцаг фашистти нихмӕ фиццаг ка ‘рлӕудтӕй, еци бӕгъатӕр тугъдонтӕн сӕ еугурей муггӕгтӕ ӕма нӕмттӕ бӕлвурдӕй нӕбал гъуди кӕнун.

Фал уой ба ма хуарз гъуди кӕнун, ӕма 21 июни  сӕумӕраги дӕр бӕрӕг адтӕй, хорбон ке уодзӕнӕй, арв адтӕй дессаги кӕдзос. Еуӕй-еу хатт арвгӕрон фӕззиннидӕ мегъи  пъӕстутӕ. Гъар думгӕ кодта.

Уӕхӕн бонӕй адӕймаг зӕрдрохс куд нӕ кӕндзӕнӕй, фал мах, арӕнтӕмӕ хӕстӕг ка адтӕй, еци ӕфсӕддонти тухсун кодта, немуц фӕстаг рӕстӕги сӕ гӕрзефтонг тухтӕ Советон Цӕдеси арӕнтӕмӕ хӕстӕг ке ӕмбурд кӕнунцӕ, е. Ӕхсӕвӕй-бонӕй ластонцӕ се ‘фсӕддон техникӕ, римахстонцӕ сӕ гъӕмпи, хуаси ласгути кенӕ ба кӕттаги буни. Еци миутӕ хумӕтӕг адӕми дӕр таси ӕфтудтонцӕ, ӕрхъӕртиуонцӕ нӕмӕ сӕ тухст уайдзӕфтӕ:

– Ци косетӕ, ӕмбал ӕфсӕддонтӕ, цӕмӕннӕ цӕттӕ кӕнетӕ уӕхе тохунмӕ, немуц се  ‘фсад нӕ арӕнтӕмӕ ку ӕмбурд кӕнунцӕ, уӕд?..

Тугъди хуӕдразмӕ бони (21 июни) нӕ дӕлхайӕдти командиртӕ рандӕ ‘нцӕ ахуртӕмӕ сахар Кобрини ‘рдӕмӕ. Федари ци артиллери ӕма танктӕ адтӕй, уони райхалдтонцӕ радон «профилактикон ӕркастмӕ».

ЦИ БАЛӔДӔРУН МА НӔ ГЪУДӔЙ –
РАЙДӔДТА ТУГЪД…

Бони дууӕ сахатти адтайдӕ, уотӕ идарддзӕф фӕззиндтӕй немуцаг ӕфсӕддон хуӕдтӕхӕг. Нӕ уӕлдӕфон арӕнтӕ фехалгӕй, цалдӕр хатти ӕрзилдӕй федари ӕма сахар Брести сӕрмӕ. Еци рӕстӕгмӕ хуӕдтӕхӕг, ӕвӕдзи, исбӕрӕг кодта не ‘фсӕдти лӕууӕн бунӕттӕ ӕма ӕндӕр цидӕр хабӕрттӕ. Хуарз ма ‘й гъуди кӕнун, мах нӕ еугур дӕр куд ӕнгъӕлмӕ кастан: мӕнӕ нуртӕккӕ фӕззиндзӕнӕнцӕ нӕ уӕлдӕфон гъӕуайгӕнгутӕ, фал, гъулӕггагӕн, нӕ фӕззиндтӕнцӕ, цалинмӕ немуцаг хуӕдтӕхӕг фӕстӕмӕ нигулӕнмӕ ратахтӕй, уӕдмӕ. Ӕрӕгиау фӕззиндтӕнцӕ нӕ дӕрӕнгӕнӕг хуӕдтӕхгутӕ ӕртемӕй. Мах кӕрӕдземӕ бакастан, уотӕ ӕрӕгӕмӕ ке фӕззиндтӕнцӕ, уой туххӕй сӕбӕл нӕ зӕрдӕ фӕххудтӕй. Раздӕр уӕхӕн уавӕри гъӕуайгӕнгутӕ уайтӕккӕ февзуриуонцӕ уӕлдӕфи, фал аци хатт (сабати, 21 июни) цӕмӕдӕр гӕсгӕ уотӕ нӕ адтӕй.

Еци бон изӕрӕй нӕ полкки клуби ӕвдистонцӕ кинонивӕ, кӕд нӕ рӕдуйун, уӕд, «Семеро смелых». Ӕфсӕддонтӕ сӕ медастӕу кӕрӕдземӕн дзурдтонцӕ, цума, дан, федари фӕззиндтӕнцӕ циуавӕрдӕр нӕуӕг «сурхӕфсӕддонтӕ» ӕма «командиртӕ», цума етӕ немуцаг сгаргутӕ адтӕнцӕ.

Ӕгӕр ке исберӕ ‘нцӕ цидӕр ӕнӕлӕдӕрддзийнӕдтӕ, уомӕ гӕсгӕ ба нин еци рӕстӕг цидӕр ӕнадӕдзийнади хузӕн адтӕй. Не ‘фсӕддонти ӕма нӕ командирти къӕрцгъосдзийнадӕ фӕннидӕндӕр ӕй циуавӕрдӕр «сосӕг бардзурди» туххӕй, гъома, дан, немуци хӕццӕ нӕ рахастдзийнӕдтӕ нӕ карз кӕнӕн ӕма уони ‘рдигӕй цийфӕнди ахъелӕн миутӕ арӕзт ку цӕуа, уӕддӕр бухсун гъӕуй, гъӕуама син маци дзуапп дӕттӕн. Мӕнмӕ гӕсгӕ, еци «сосӕг бардзурд» зингӕ  фӕллӕмӕгъ кодта кӕрцгъосдзийнадӕ куд арӕнтӕмӕ хӕстӕг ӕрбунатгонд ӕфсӕдти, уотӕ мах ӕфсӕддон хаййи дӕр. Гъе уотемӕй, катайтӕ ӕма гъенцунтӕ кӕнгӕй ӕрвистан еци ӕхсӕвӕ дӕр федари.

Ӕз службӕ кодтон  цӕлгӕнӕни команди фельдшерӕй. Бон фӕцӕй. Еугур дӕлхайӕдтӕ дӕр сӕ фӕллад уагътонцӕ, гъӕуайгӕнӕг нарядӕй фӕстӕмӕ.

…Цӕлгӕнӕни фарсбӕл ауигъд сахат ӕвдесуй 3 сахатти ӕма 55 минутти, 1941 анзи 22 июнь. Ӕнӕнгъӕлти федарбӕл ехуарӕгау кӕлун байдӕдтонцӕ дзармадзанти нӕмгутӕ. Сӕ гӕбар-губурӕн рабарӕн адтӕй арвигъӕри хӕццӕ. Кӕрӕдзей гъӕр нӕбал игъустан. Ци балӕдӕрун ма нӕ гъудӕй, адтӕй нӕ адтӕй, уӕддӕр тугъд ке райдӕдта, уой. Райгъустӕй фиццаг тугъдон бардзурд:

– Уӕ хуӕцӕнгӕрзтӕмӕ, ӕмбӕлттӕ!..

Ӕфсӕддонтӕ – уогӕ уӕд уайсахат фестадан тугъдонтӕ – ӕма кӕстӕр командиртӕ еугурӕй дӕр сӕ хуӕцӕнгӕрзтӕ раскъафтонцӕ, минкъий къуӕрттӕбӕл фӕддехтӕ ‘нцӕ. Мах хуӕрӕндони дуармӕ фӕцан. Цӕлгӕнӕни ӕма полкки иннӕ азгъунстити рохс рахустӕй. Нӕ алливарс – талингӕ. Арв сугъдӕй дзармадзанти нӕмгути фехӕлдтити артӕй.

Знаги артиллерий зингуолӕн не ‘рӕнцадӕй, ӕвӕдзи, еу-дууӕ сахаттей дӕргъи. Нӕ фестӕгӕфсӕддон полкки фӕзуатбӕл еу квадратон метр дӕр ӕнӕгъӕнӕй нӕбал адтӕй. Знаги дзармадзанти нӕмгутӕ рӕмугътонцӕ штаби рази, кӕстӕр командирти скъолай рази… Кӕцӕй нӕ цӕвунцӕ, уой уайтӕккӕ нӕ балӕдӕрдтан. Нӕ къуар хуӕрӕндони азгъунстмӕ ралигъдӕй, нӕ нисан адтӕй зӕнхи буни къазарматӕмӕ байервӕзун ӕма нӕ тугъдонти иннӕ къуӕртти хӕццӕ байеу ун.

Цӕлгӕнӕнӕй къазарматӕмӕ – итигъд бунат, уомӕ гӕсгӕ нӕ ихӕс исӕнхӕст кӕнун нин адтӕй хъӕбӕр тӕссаг. Фиццаг бал бургӕ-бургӕй бахъӕрдтан, гъӕуайгӕнӕн къанау Мухавецмӕ хӕстӕг ци бӕрзонд бӕласӕ адтӕй, уой рӕбунмӕ. Бӕласӕ хуарз зиндтӕй цӕугӕдон Буги билӕй. Куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй нӕ еци рауӕнӕй комкоммӕ ӕхста знаги артиллери. Дзармадзанти нӕмгутӕ рӕмугътонцӕ нӕ тӕккӕ рази ӕма нӕ фӕккодтонцӕ хъуӕцӕ, зӕнхӕ ӕма нӕмгути ӕсхъести буни. Фезмӕлӕн нин нӕбал адтӕй. Райгъустӕй нӕ цӕф ӕмбӕлтти нӕтун.

 

НӔ ТУГЪДОН ӔМБӔЛТТӔЙ СӔ ФУЛДӔРЕМӔН СӔ ӔНОСОН БУНАТ ИССӔЙ ФЕДАРИ ЗӔНХӔ

Уотемӕй нӕбӕл ӕрталингӕ ‘й. Уой дӕр – саудалингӕ. Дӕ хуӕдфарсмӕ ка ‘й, е дӕр дӕмӕ нӕ зиннуй. Куддӕртӕй бабастон нӕ цӕф ӕмбӕлттӕй еуей къох, иннемӕн ӕ сӕр. Ӕндӕр рауӕнти дӕр ма цӕфтӕ адтӕй, фал мӕмӕ неци зиндтӕй. Дуккаги куд бастон, уотемӕй фӕццӕф дӕн мӕхуӕдӕг дӕр. Фиццаг – мӕ къах, уӕдта – мӕ рахес къох. Кадӕр мин мӕ цӕфтӕ бабаста.

Знаги дзармадзантӕ еу усмӕй ӕндӕр не ‘нцадӕнцӕ. Ӕмбӕлттӕй кадӕр ӕрбадзурдта, афонӕ ‘й къазарматӕмӕ ести хузи байервӕзун, зӕгъгӕ. Ӕма бӕласи рӕбунӕй еугӕйттӕй бурун байдӕдтан нӕ нисани ‘рдӕмӕ, фал фиццаг ка бавзурста, етӕ уайтӕккӕ уӕззау цӕфтӕ фӕцӕнцӕ. Фӕстӕмӕ ма си ка раздахтӕй, уони цӕфтӕ бабастан. Нӕ къуарӕй ма байзадӕй айдагъдӕр ӕртӕ адӕймаги, етӕ дӕр фӕцӕнцӕ цалдӕргай цӕфтӕ. Мӕ хизини адтӕй 42 медицинон предмети дзӕбӕх ӕфснайдӕй: бинттитӕ, салфеткитӕ, бӕмпӕг ӕма аллихузи незти нихмӕ хуастӕ. Тугъдон уавӕртӕн ӕнхӕст ефтонггонд нӕ адтӕй.

Знаги дзармадзантӕ нӕ искӕсун нӕ уагътонцӕ. Дуккаг хатт фӕццӕф ӕй мӕ сӕр. Нӕ алливарс нӕмгутӕ  ехуарӕгау кӕнунцӕ. Тогниккалд не ‘нцайуй. Боницъӕхтӕбӕл ӕхсун райдӕдтонцӕ сахар Брести ‘рдӕмӕ. Нӕмгутӕй уӕлдӕр ба ма тахтӕнцӕ хуӕцӕнгӕрзтӕласӕг планертӕ. Еуминкъий исуолӕфуни фадуат нин фӕцӕй ӕма къазармай ӕрдӕмӕ ратагъд кодтан, фал бабӕй ни неци рауадӕй. Идардмӕ нӕмӕ зиндтӕй, нӕ тугъдонтӕ еугӕйттӕй хуӕцӕнгӕрзти, артиллерий скълӕдти ӕма бӕхдӕнтти ‘рдӕмӕ байервӕзунбӕл куд архайдтонцӕ, е.

Артиллерий раййивтонцӕ знаги диверсантти пулеметтӕ ӕма автоматтӕ, цубур рӕстӕгмӕ байахӕстонцӕ ӕхсунӕн бӕзгӕдӕр бӕрзӕндтӕ, ӕма махуӕнттӕн нӕбал адтӕй байервӕзӕн къазарматӕмӕ, хуӕцӕнгӕрзти ӕма хуайраги скълӕдтӕмӕ, бӕхдӕнттӕмӕ.

Нӕмгути «ехуарун» фӕккарздӕр ӕй, ахидӕй-ахиддӕр кодтонцӕ знаги амонӕн ракетитӕ. Игъусун нӕмӕ байдӕдта немуцаг дзубанди. Полкки штаби азгъунстити, полкки скъолай ӕма фиццаг батальони ‘рдигӕй ба знаги ӕхстонцӕ нӕ дӕлхайӕдтӕ. Цалдӕр адӕймаги ба ма ӕхстонцӕ цӕлгӕнӕн ӕма хуӕрӕндонӕй, над  ракъӕрт кӕнунмӕ гъавтонцӕ артиллерион парки ‘рдӕмӕ. Фал мах уавӕр нӕ фенцондӕр ӕй. Нӕ минкъий къуармӕ нӕбал байзадӕй гилдзитӕ. Ӕндӕр хуӕцӕнгарз ба нӕмӕ нӕ адтӕй еци рӕстӕг. Ӕнӕ гранаттӕ ӕма гилдзитӕй федар гъӕуайгӕнгӕй, нӕ командӕй фулдӕр фӕммард ӕнцӕ знаги нӕмгутӕй. Цӕфтӕ итигъд будури байзадӕнцӕ ӕнӕ медицинон агъазӕй. Уони хӕццӕ адтӕн ӕз дӕр  уӕззау цӕфтӕй. Нӕ тугъдон ӕмбӕлттӕй сӕ фулдӕремӕн, сӕ тоги ӕвдулгӕй, сӕ ӕносон бунат иссӕй сӕ уарзон федари зӕнхӕ.

Немуцаг ӕфсӕддонтӕ нӕмӕ ӕрбахӕстӕг ӕнцӕ. Еци рӕстӕг сӕ къазарматӕй нӕхеуӕнттӕ ӕхсун райдӕдтонцӕ пулеметтӕй. Фал нӕ дӕлхайӕдти уавӕр уӕззаудӕр кодта. Нӕ адтӕй бастдзийнадӕ ӕфсӕддон дӕлхайӕдти хӕццӕ, ка фӕййагъаз  кӕна, е нӕййес. Бони кӕронмӕ къазармати хъауритӕ ӕрлӕмӕгъ ӕнцӕ, ӕвӕдзи, цӕмӕй хуӕцонцӕ, е нӕбал адтӕй. Фӕстӕдӕр нин Кулебятников куд радзурдта, уотемӕй не ‘мбӕлтти еу хай сӕхе байаууон кодтонцӕ 125-аг полкки зӕнхибуни къазармати ӕма федар гъӕуай кодтонцӕ 1941 анзи 3 июли уӕнгӕ.

 

ФЕДАРИ СӔРМӔ НӔ СУРХ ТУРУСА ДӔР
ИССӔЙ ЗНАГИ
НИХМӔ ТОХГӔНӔГ

Мӕ имисуйнӕгти дуккаг хаййи радзордзӕнӕн, нӕ сурхӕфсӕддонтӕ ӕма кӕстӕр командиртӕй немуцаг уацари ка бахаудтӕй, етӕ фиццаг рӕстӕг сӕхе куд дардтонцӕ, уой  туххӕй. Никки ма радзордзӕнӕн, танктӕй, артиллерий ӕма ӕндӕр ӕхсӕн техникӕй гӕрзефтонг, устур фашистон ӕфсад ӕма советон ӕфсӕдти минкъий къуар федари астӕу куд хуӕстӕнцӕ, уой туххӕй.

Ме ‘мбӕлтти агъазӕй мӕн, фӕстаг хатт ма кӕми фӕццӕф дӕн, уордигӕй бакодтонцӕ уацайрӕгти ӕмбурдгӕнӕн бунатмӕ – къанау Мухавеци рахес фарси 125-аг фестӕгӕфсӕддон полкки хуӕрӕндони азгъунстмӕ хӕстӕг. Бӕрзондгомау бунат ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕмӕ хуарз зиндтӕй, алфамбулай цитӕ цудӕй, е.

Алкедӕр ни цӕттӕ адтӕй ӕнӕуинон знагӕй не ‘мбӕлтти маст райсунмӕ. Нур фӕууидтан фашистти ӕцӕг цӕсгон. Гъӕр нӕбӕл кодтонцӕ, сӕ бон куд адтӕй, уотӕ, кӕд син сӕ дзубанди нӕ лӕдӕрдтан, уӕддӕр:

– Исбадӕ!.. Ӕрхуссӕ!.. Ислӕууӕ!..

Циртдзæвæн Брести федари æ гъæуайгæнгутæн

Ӕгъатирӕй нӕ цавтонцӕ сӕ къӕхтӕй, автоматти гъӕдтӕй. Сӕ афицертӕй еске ку фӕззиннидӕ, уӕдта никки фӕккарздӕр кӕниуонцӕ сӕ миутӕ, нӕ аурстонцӕ фудцӕфтӕбӕл.

Еууӕхӕни не ‘мбӕлттӕй еу, немуцаги ӕфхуӕрдӕн нӕ бабухстӕй ӕма ин ӕ тумбул къохӕй ӕ цӕсгон ниццавта. Уайтӕккӕдӕр лӕхъуӕни еуварсмӕ ракодтонцӕ ӕма ‘й фехстонцӕ.

Уӕззаудӕр цӕфтӕ ка адтӕй, уони нӕ аууон бакодтан, цӕмӕй сӕмӕ немуцӕгти къохтӕ ма бахъӕрдтайуонцӕ. Ӕндӕр нецихузи багъӕуайгӕнӕн адтӕй нӕ мӕлӕтдзаг цӕф ӕмбӕлтти, ӕндӕр син нецӕмӕй фӕррӕуӕгдӕр кӕнӕн адтӕй сӕ гъезӕмӕрттӕн.

Немуцӕгтӕ нин не ‘мбӕлттӕй цалдӕрей бал рамардтонцӕ. Кӕд уацари бахаудтан, уӕддӕр ни федарӕй ӕруагӕс кодта, нӕ тох ке нӕма фӕцӕй, е. Цалдӕр хатти нӕмӕ бадеголӕ кодтонцӕ. Уомӕй уотӕ истухстан ӕма нӕ дзиппитӕ усхъуммӕ хаттӕй ниууагътан.  Деголи кезу мӕнмӕ ку ӕрхъӕрдтӕй, уӕд мӕ немуцаг сӕ тӕлмацгӕнӕги агъазӕй бафарста:

– Ду командир дӕ?..

Ӕз неци загътон, фал мӕ медицинон хизинмӕ байамудтон. Уӕддӕр мӕ е бабӕй бафарста:

– Мадта дӕбӕл сӕригъунтӕ цӕмӕн ес?..

(Сурх Ӕфсади уӕди дзамани фӕткӕмӕ гӕсгӕ сӕригъунтӕ даруни барӕ адтӕй айдагъдӕр командиртӕн. – Ред.)

Уӕд ӕй балӕдӕрдтӕн, сӕригъунтӕмӕ гӕсгӕ ке хецӕн кӕнунцӕ командирти ӕма рӕнгъон ӕфсӕддонти, уой. Мӕ хизин мин байгон кодта ӕма си исиста, ци бинт ӕма бӕмпӕги мортӕ ма си байзадӕй, уони. Исиста хиринкъа дӕр ӕма си ралух кодта мӕ гимнастерки дзиппити ӕгънӕгутӕ. Фӕстӕдӕр ӕй куд балӕдӕрдтӕн, уотемӕй ӕй гъудӕй мӕ пилотки фондзтегъон стъалу. «Стъалутӕмӕ» гӕсгӕ нимадтонцӕ ӕфсӕддон уацайрӕгти.

Мах нӕхе састи бунати нӕ нимадтан, ӕууӕндтан, раги уа ӕви ӕрӕги, уӕддӕр Брести федар нӕуӕгӕй ӕнӕгъӕнӕйдӕр ке байсдзӕнӕй Сурх Ӕфсад, ка си хуӕцуй, уонӕн агъазмӕ ке фӕззиндзӕнӕнцӕ нӕхеуӕнттӕ.

Сӕрмагондӕй мӕ зӕгъун фӕндуй, ӕма, федари колдуарӕй хуӕрӕндони азгъунсти уӕнгӕ фӕзуати ци тох цудӕй, е, махмӕ Мухавеци билӕй хуарз зиндтӕй (ӕз уӕдмӕ дууӕ хатти фӕццӕф дӕн). Махуӕнттӕ еудадзуг не ‘хстонцӕ, гилдзитӕбӕл ауӕрдгӕй, фал нисанӕй нӕ цудӕнцӕ. Немуц уой лӕдӕргӕй, ӕргом рацӕун не ‘ндиудтонцӕ дони рахес фӕрсти. Айдагъдӕр танкти аууон равзариуонцӕ фезмӕлун. Цӕйбӕрцӕ фӕййархайдтонцӕ, не ‘фсад кӕцӕй ӕхстонцӕ, еци бунӕттӕ исрӕмодзунбӕл, фал ӕгириддӕр сӕ къохи не ‘фтудӕй, кӕд артиллерийӕй дӕр, танктӕй дӕр архайдтонцӕ, уӕддӕр. Нӕ пулеметти ӕма автоматти ӕстӕнгай ӕхститӕбӕл немуц еугур артиллерион хъаурӕй «дорадзагъд» кодтонцӕ. Нӕ къазармати фӕрстӕ дессаги федар разиндтӕнцӕ ӕма гъӕуай кодтонцӕ знаги нӕмгутӕй не ‘мбӕлтти. Хъазарбӕл ислӕудтӕй немуцӕн аци операци. Дзӕвгарӕ рӕстӕгмӕ уорӕд ӕрцудӕй ами сӕ размӕмпурст. Фиццаг  бӕнтти дӕргъи федари аци хайбӕл немуцӕн сӕ бон нӕ бацӕй размӕ ракъахдзӕф кӕнун.

Цӕмӕдессаг ӕй, нӕ Сурх Туруса немуцаг гӕрзефтонг тухти хӕццӕ куд тох кодта, е дӕр. Нӕ тугъдон ӕмбӕлттӕкӕцӕй ӕхстонцӕ, уордигӕй ахид радариуонцӕ тугъдон Сурх Туруса. Немуц ибӕл балӕууиуонцӕ аллихузон артиллерион нӕмгутӕй, пулеметтӕй, автоматтӕй ӕма ӕндӕртӕй. Туруса 10-15 минутти ӕ бунатӕй нӕ фезмӕлидӕ, уӕдта бабӕй ӕй рӕстӕгмӕ фӕййаууон кӕниуонцӕ.

Знаги размӕмпурсӕг тухтӕ ӕхердӕмӕ здахгӕй, Сурх Туруса знаги барӕ-ӕнӕбари дӕр харз кӕнун кодта ӕ тугъдон фӕрӕзнитӕ, хъауритӕ, сӕйрагдӕр ба немуцаг-фашистон гадзирахаттӕй нӕмӕ ӕрбалӕборгутӕн равдиста, Сурх Туруса федар къохти ке ‘й, советон адӕм сӕ Фидибӕсти знаги нихмӕ уӕлахези уӕнгӕ тох кӕнунмӕ цӕттӕ ке ‘нцӕ.

Тугъди фиццаг бон, 22 июни изӕрӕй мах, цӕфтӕ ӕма ӕнӕхъаурӕй туххӕйти ӕзмӕлӕг уацайрӕгти немуц ратардтонцӕ Нигулӕнмӕ цӕугӕдон Буги сӕрти. Фӕууидтан ма, Брести федари фӕрстӕбӕл куд феллауй нӕ цитгийнаг Сурх туруса. Е адтӕй, Брести федари ма знаги нихмӕ ӕхсаргинӕй ка тох кодта, нӕ еци бӕгъатӕр тугъдон ӕмбӕлтти къохи.

 

 РӔСТДЗИЙНАДӔ ГЪӔУАМА КӔРӔЙ-КӔРОНМӔ БӔЛВУРДГОНД УА…

Советон тугъдонтӕй сӕмӕ уацари ка бахаудтӕй, уони немуц Нигулӕни ӕрдӕмӕ тӕрун байдӕдтонцӕ. Ӕма ӕнӕбари уордӕмӕ ранӕхстӕр уогӕй, нӕбал уидтан, федари медӕгӕ ка байзадӕй, нӕ еци тугъдон ӕмбӕлтти, фал нӕ цӕститӕбӕл гъазтонцӕ сӕ цӕсгӕнттӕ, нӕ зӕрдитӕ байзадӕнцӕ уони хӕццӕ. Етӕ дӕр, ӕргуагӕс ни кодта, сӕ гъудити, тӕрегъӕд нин кӕнгӕй, фӕндараст нӕ кодтонцӕ, ӕруагӕс си кодтайдӕ, уӕззау уацари нин ци ӕверхъаудзийнӕдтӕ ӕвзаргӕ рауайдзӕнӕй, уонӕн ке ниббухсдзинан, ке иссердзинан равгӕ уордигӕй райервӕзунӕн ӕма цифуддӕр знаги нӕуӕгӕй дӕрӕн кӕнун ке байдайдзинан. Нӕ тохгӕнӕг ӕмбӕлтти тугъди туфули ӕнӕбари уадзгӕй, нӕ зӕрдитӕ нӕ реугудурти фӕрстӕбӕл сӕхе фуртухстӕй бӕргӕ хуастонцӕ, ӕндӕмӕ бӕргӕ рӕдувдтонцӕ, фал ци ракодтайанӕ, нӕ уавӕри нин бухсунӕй уӕлдай ӕндӕр гӕнӕн нӕбал адтӕй.

Немуцаг уацари ме ‘мбӕлтти фулдӕр хай рамардӕнцӕ стонгӕй, уазалӕй, сӕ фурмӕстӕй, незтӕ ӕма гъезӕмарӕй. Фашистон уацари берӕ лагерти фӕдтӕн, бавзурстон си еугур гъезӕмӕрттӕ дӕр. Мӕ зӕрдӕбӕл ӕй бадардтон фашисттӕн сӕ еци ӕверхъаудзийнадӕ дӕр, ӕма ӕфсӕддон уацайрӕгти, хумӕтӕг адӕми исафунӕн фашисттӕ ӕримистонцӕ ӕма ӕнӕтӕрегъӕдӕй пайда кодтонцӕ дӕсгай мадзӕлттӕй. Истори гъӕуама ма басосӕггаг кӕна, ӕма, цийфӕнди берӕ рӕстӕг ку рацӕуа, уӕддӕр карзӕй-карздӕр тӕрхон рахӕсса еци лӕгхуарти миутӕн.

1960 анз.

 


РЕДАКЦИӔЙ

 

Мамукъати Тайморази аци гъудимӕ гӕсгӕ, уой зӕгъун гъӕуй, ӕма уомӕн ӕхе цардвӕндаги хабӕрттӕ дӕр ӕнцӕ агъазиау киунуги аккаг. Куд ӕй базудтайтӕ, уотемӕй адтӕй Устур Фидибӕстон тугъд ку райдӕдта, уӕд нӕ бӕстӕмӕ гадзирахаттӕй ӕрбалӕборӕг немуцаг-фашистон ӕрдонгти фиццаг агъазиаудӕр цӕф кӕбӕл рауадӕй, еци намусгин Брести федари гъӕуайгӕнгутӕй еу. Полкки санитарон хайади хецау уогӕй, ӕртӕ хатти фӕццӕф ӕй тугъди фиццаг бон, ӕ тог калдта, уотемӕй бахаудтӕй фашистти къохмӕ. Фал уацари нӕ расастӕй ӕ нифс, не ‘ркъолӕ кодта ӕ сӕр знаги размӕ. Еу дӕнцӕн: Тайморази хӕццӕ уацари адтӕй дзиуиттаг Б.Н. Нивельсон. Немуц ӕй ку базудтайуонцӕ  дзиуиттаг ӕй, уой, уӕд ӕй уайтӕккӕдӕр фехстайуонцӕ. Ӕхе цардӕн тӕссаг адтӕй, фал Таймораз Нивельсони исахур кодта иронау дзорун ӕма ‘й фӕййервӕзун кодта мӕлӕтӕй, ирон ӕй, зӕгъгӕ.

Мамукъай-фурт 1944 анзи ралигъдӕй концлагерӕй, ӕма французаг партизантӕмӕ байервӕзгӕй, хъазауатонӕй  тох кодта фашистти нихмӕ Уӕлахези бони уӕнгӕ. Тугъди фӕсте каст фӕцӕй Цӕгат Иристони медицинон институт, куста Дигорай ӕма Дзӕуӕгигъӕуи сӕйгӕдӕнтти сӕйраг дохтирӕй, ӕ зӕрдӕ ӕнӕвгъауӕй лӕвардта сӕйгитӕн, ӕ зонундзийнӕдтӕ – студенттӕн. Ӕ царди фӕстаг бони уӕнгӕ Мамукъати Таймораз байзадӕй ездон, хуӕдӕфсармӕ адӕймагӕй, дохтири намус кӕдзосӕй ка багъӕуай кодта, уӕхӕн лӕгӕй.

Никки еума ахсгиаг хабар. Евгъуд ӕноси ӕхсайӕймаг ӕнзти нӕ бӕсти газеттӕ ӕма журналтӕй цалдӕр фегъосун кодтонцӕ, зундгонд антрополог М. Герасимови мадзалӕй пайда кӕнгӕй, ирон хирург Мамукъати Таймораз ке  искодта ирон паддзахи фурт Дауит Сослани скульптурон портрет. Уой туххӕй нӕхе республикон газеттӕй уӕлдай ма финстонцӕ газеттӕ «Советская Россия», «Неделя», «Кутаиси», журналтӕ «Знание – сила», «Советский Союз» ӕма ӕндӕртӕ.

Сӕрикъудурмӕ гӕсгӕ, скульптурон портрет исаразгӕй ма, Таймораз Сослани стӕгдарӕн искодта анатомион ӕртасӕнтӕ ӕма исбӕрӕг кодта, маргӕ ‘й ке ракодтонцӕ, уой. Хирург ӕма антрополог Мамукъати Бариси фурт Таймораз уой туххӕй ниффинста киунугӕ «Тайна Нузальской часовни» (рацудӕй рауагъдадӕ «Ир»-и 1968 анзи) ӕма ирон адӕмӕн сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, фулдӕр таурӕхъти фӕрци  ке зудтонцӕ, еци Дауит Сослани. (Ирон ӕфсӕддон разамонӕги ном ӕ кадӕнгӕ «Стайи цармдарӕги» иссирдта Шота Руставели дӕр). Сослан хъӕбӕр игъустгонд адтӕй ӕ тугъдон ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕй, устур хъаурӕ ӕма нифсӕй. Ӕ рӕстӕги Гурдзий къохи адтӕнцӕ Фӕскавказ, Цӕгат Кавказ, Минкъий Ази. Сослани разамундӕй аци паддзахади ӕфсад уӕлахез  кодта Перси, Турки, Византийи ӕфсӕдтӕбӕл…