26 апреля 2024

ӔБУАЛГЪ МИУӔ ГЪӔДИ ТӔРФИ ДӔР НӔ ФЕДАУЙ…

17.02.2022 | 17:44

Фиццагидӕр бал уин радзоруйнаг ан уой туххӕй, ӕма цауӕн кӕнун цӕмӕн гъудӕй нӕ рагфидтӕлти, уӕдта циуавӕр фӕткитӕмӕ гӕсгӕ кодтонцӕ еци куст. Уой фӕдбӕл историон наукити доктор Мӕхӕмӕтти Ӕхсарбег е ‘мгустгӕнӕг ахургонд-историк Тотрати Виссариони хӕццӕ ӕ рӕстӕги (1964 анзи) ниффинстонцӕ сӕрмагонд ӕрмӕг. Мах газети дӕр раги кӕддӕр мухургонд  адтӕй, фал уин ӕй уӕддӕр, абони дӕр ма цӕмӕдессаг ке ‘й, уомӕ гӕсгӕ нӕуӕгӕй уӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕндзинан.

нӕ адӕми ЦАУӔни Ӕгъдӕуттӕ

Нӕ адӕми недзаманти хабӕрттӕмӕ лӕмбунӕг ку ‘ркӕсӕн, уӕд бӕлвурдӕй рабӕрӕг уодзӕнӕй е, ӕма нӕ рагфидтӕлтӕ, ӕвӕдзи, цауӕнӕй раздӕр неци гъуддагбӕл хуӕст адтӕнцӕ. Сӕ рагон царди хабӕрттӕбӕл дзоргӕй, ирон адӕм Нарти кадӕнгити ӕвдесунцӕ Нартӕ, стӕри нӕ уогӕй, ӕдзохдӕр цауӕн ке кодтонцӕ, уой. Нӕ адӕмон  зарти дӕр цауӕни кой хъӕбӕр ахид кӕнунцӕ.

Нӕ адӕм цауӕни хъӕбӕр рагӕй ке цудӕнцӕ, уой ма ӕвдесуй е дӕр, ӕма сӕмӕ цауӕн кӕнуни мифологи ӕй агъазиау. Уоми кадгин бунат ахӕссуй цауӕни ӕма сирдти бардауӕг Ӕфсати. Ӕфсатий фарсмӕ Хонсар Иристони ӕвӕрунцӕ мӕргътӕ ӕма тӕрхъости бардауӕг Кӕрчиглойи.

Цауӕни цӕун рагон гъуддаг ке ӕй нӕ адӕммӕ, уой ма ӕвдесуй е дӕр, ӕма сӕмӕ ке адтӕй цауӕни сӕрмагонд лексикӕ дӕр. Пайда си кодтонцӕ кенӕ цауӕни дзамани, кенӕ ба цауӕни цӕуни, кенӕ цауӕн кӕбӕл кодтонцӕ, еци сирдтӕбӕл дзубанди ку цудӕй, уӕд.

Цауӕни лексикӕ нӕ адӕммӕ фӕззиндтӕй уомӕн, ӕма цауӕн кӕнуни гъуддаг ци дзурдтӕ ӕвдистонцӕ, уонӕн ӕргом дзорӕн ке нӕййес, е си ӕруагӕс кодта. Цауӕйнони фӕндитӕ, дан, сирдтӕ базондзӕнӕнцӕ ӕма сӕхе бафснайдзӕнӕнцӕ. Гъе уомӕ гӕсгӕ ба сирдтӕн сӕхе ном дзорӕн нӕ адтӕй, фӕсномугӕй сӕ худтонцӕ: саги «сикъагун», тӕрхъоси – «сохъур», арси – «тъӕпӕн къах», гъӕддаг хуййи – «къӕндзӕггин» ӕма уотӕ идарддӕр.

Сирдти айдагъ сӕ нӕмттӕ нӕ дзорунӕй уӕлдай ма дзорӕн нӕ адтӕй, цауӕн кӕнуни хӕццӕ баст ци дзаумӕуттӕ адтӕй, уонӕн дӕр. Фиццагидӕр, топпи ном. Худтонцӕ ’й «ӕхснирсӕн». Цауӕйнон дин е ’мбалӕн некӕд загътайдӕ – «Цӕуӕн цауӕни…» Зӕгъидӕ ин: «Цӕуӕн къуӕцӕли бунмӕ…» Тӕрсигоми ма уотӕ дӕр дзурдтонцӕ:  «Ескумӕ рауайӕн», кенӕ «Хуӕнхтӕбӕл разелӕн». Ӕ хуӕздӕр ӕмбал – куййи дӕр цауӕни ӕ номӕй нӕ худта, фал «къӕсӕргӕс».

ДЗАНАЙТИ Азанбеги конд хузæ «Сагдзауæн».

Цауӕн кӕнгӕй ӕнгулдзӕй некӕмӕ адтӕй амонӕн. Ӕфхуӕрдбӕл нимад цудӕй Ӕфсатийӕн. Цӕмӕй ибӕл е ма ‘рцудайдӕ, уой туххӕй цауӕйнон, гӕнӕн нӕбал ес, зӕгъгӕ, уӕд тумбул къохӕй байамонидӕ. Еске ку фӕррӕдуйидӕ, уӕд лӕдзӕгӕй е ’нгулдзӕ ӕрцӕвидӕ ӕма зӕгъидӕ: «Ӕфсатийи хуарзӕнхӕ дӕбӕл исӕмбӕлӕд. Ӕфсатийи цӕстӕ ку къахис!..»

Кӕд ӕма цауӕн кӕнун бийнонти цардӕн уоййасӕбӕл устур агъаз нӕ адтӕй, уӕддӕр си хуӕнхаг лӕг еуминкъий ӕ гъӕуагӕдзийнӕдтӕ банхӕст кӕнидӕ. Мах адӕммӕ цауӕн хъӕбӕрдӕр адтӕй рӕстӕг ӕрветӕн ӕма лӕгигъӕдӕ равдесӕн гъуддаг. Адӕм цауӕни цудӕнцӕ кустӕй уӕгъдӕ рӕстӕги. Маргъбӕл ахид нӕ цауӕн кодтонцӕ, зилдӕнцӕ дзӕбодуртӕбӕл, сӕгтӕбӕл, ӕрситӕбӕл, рӕубестӕбӕл, гъӕддаг хутӕбӕл. Кӕддӕр Иристони сӕгтӕ берӕ адтӕй, ӕма уомӕ гӕсгӕ уонӕбӕл фулдӕр цауӕн кодтонцӕ. Нур дӕр ма Иристони байзадӕй топонимикон нӕмттӕ – «Сӕгти къурф», «Тъӕпӕн саги ӕрдозӕ», «Сӕгти ком».

Саг адтӕй тӕккӕ кадгиндӕр сирд, ӕ номмӕ ин кувтонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ байзадӕнцӕ уӕхӕн дзурдтӕ дӕр: «Сахъигурд», «Саглӕг», «Саги фӕрскъитӕбӕл амад» ӕма уотӕ идарддӕр. Абайти Васо куд зӕгъуй, уотемӕй саги цитӕ мах адӕммӕ ‘рбацудӕй сӕ недзаманти фидтӕлтӕй – скифти еу муггаг сактӕй. Етӕ сӕхе дӕр сӕ тотемон сирд сагмӕ гӕсгӕ уотӕ исхудтонцӕ.

Кӕд ӕма мах адӕммӕ саг тотем нӕбал адтӕй, уӕддӕр кадгинӕй ӕ ном байзадӕй ӕма ин ӕ косартӕй кувтонцӕ. Гъе уомӕ гӕсгӕ дзиуӕртти бунӕтти берӕ ес саги сӕрикъудуртӕ ӕма сикъатӕ.

Адтӕй уӕхӕн дзамантӕ дӕр, ӕма адӕм раги цауӕн кодтонцӕ домбӕйттӕбӕл дӕр. Етӕ Иристони адтӕнцӕ XVII-XVIII ӕноси уӕнгӕ. Дигоргоми еу лӕгӕти иссирдтонцӕ нӕудӕс домбаййей сӕрикъудуртӕ. Домбайбӕл цауӕн кӕнуни туххӕй нӕ адӕммӕ адтӕй сӕхе ӕгъдӕуттӕ. Адӕми астӕу адтӕй, еци гъуддагмӕ хъӕбӕр хуарз ка арӕхстӕй, уӕхӕнттӕ. Сӕ кой идӕрдтӕбӕл игъустӕй, сауӕнгӕ ма сӕбӕл зартӕ дӕр искодтонцӕ («Дзутти Къуци», «Гъуцъунати Габици зар», «Уӕхӕтӕги фурт мӕнгӕй Гуймани зар» ӕма ӕндӕртӕ).

Нӕ адӕм цауӕн кодтонцӕ зонгӕ рауӕнти. Хонхи цауӕни цудӕнцӕ еугӕйттӕй, кенӕ дууемӕй, ӕртемӕй, ӕнӕ цауӕйнон куйтӕй. Будури ка цардӕй, етӕ ба къуӕрттӕй, уӕдта сӕ хӕццӕ егар куйти ракӕниуонцӕ. Зуймон цауӕн кодтонцӕ устур къуӕрттӕй – хуӕнхтӕмӕ 30-40 адӕймагемӕй рандӕуиуонцӕ.

Нӕ адӕм цауӕн кодтонцӕ хъиримагӕй: кенӕ бунӕттон конд,  кенӕ ба черкесаг ӕма дагестайнаг хъиримагӕй. Топпихуасӕ ӕма изди ирдтонцӕ сӕхемӕ. Сауӕнгӕ рагон дзамантӕй фӕстӕмӕ нӕ адӕм фатуадзӕни кодтонцӕ издий ӕрзӕтӕй конд нӕмгутӕ. Ирон адӕм дӕсни адтӕнцӕ топпихуасӕ кӕнунмӕ дӕр. Кодтонцӕ ’й тӕгъзӕй (селитрӕ), сондонӕй ӕма хуӕнхаг ӕхсӕри ӕвзалуйӕй. Тӕгъзӕ адтӕй зӕнхи уӕлцъарӕ кристалтӕй ӕма ’й уалдзигон ӕмбурд кодтонцӕ. Фунхтонцӕ ’й ӕфсӕйнаг ӕгти. Ку исфицидӕ, уӕд си рауадзиуонцӕ хлепай гъӕмпи гуцъула. Тӕгъзӕ гъӕмпӕбӕл банихӕсидӕ ӕма ’й уордӕгӕй сӕрмагонд ӕфсӕйнаг дзаумаумӕ ӕркӕдзос кӕниуонцӕ. Еци тӕгъзӕ исхӕлӕмулӕ кӕниуонцӕ сондон ӕма ӕхсӕри ӕвзалути хӕццӕ (фондз айкей уӕзӕн тӕгъзӕн, фӕйнӕ айкей уӕзӕн ба сондон ӕма ӕвзалутӕ). Еци хӕлӕмулӕй ӕй нӕуӕгӕй фӕффициуонцӕ, цалинмӕ дзаумауи бунбӕл цӕфсун нӕ райдайидӕ, уӕдмӕ. Ӕнӕгъӕнӕ бони дӕргъи еу-дууӕ лӕги фӕхти фӕххуайиуонцӕ еци хӕлӕмулӕгонд.  Лӕмбунӕг кастӕнцӕ, цӕмӕй топпихуасӕ уа кӕдзос. Уой туххӕй лӕгтӕй еу топпихуасӕй иста уӕлдай предметтӕ.

Ци топпихуасӕ си рауайидӕ, уой сор кодтонцӕ. Ӕ гъӕдӕ ӕмӕ цӕттӕдзийнадӕ ин ӕвзурстонцӕ ӕнцонтӕй: армӕбӕл си минкъий ӕркалиуонцӕ ӕма ’й иссодзиуонцӕ. Хъуӕцӕ ӕмраст ку искӕлидӕ, ӕма армӕбӕл неци райзадӕй, зӕгъгӕ, уӕд топпихуасӕ хуарз адтӕй. Топпихуасӕ кӕнун зин адтӕй, берӕ куст ибӕл адтӕй. Гъе уомӕ гӕсгӕ ’й уӕйӕ неке кодта. Цауӕйнон ӕй дардта ӕ цулухъи хурфи.

Цауӕн кӕнунмӕ сӕхе хъӕбӕр лӕмбунӕг цӕттӕ кодтонцӕ: се ’ркъетӕмӕ зилдӕнцӕ, ӕрлӕмбунӕг кӕниуонцӕ сӕ топпитӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, изӕрӕй конд ӕрцӕуиуонцӕ ӕртӕ къерей дӕр.

Нӕ адӕммӕ цауӕн баст адтӕй аллихузон ӕгъдӕутти хӕццӕ. Е уомӕн уотӕ адтӕй, ӕма ӕнгъӕл адтӕнцӕ, зӕгъгӕ, куд фӕррӕстмӕ уодзӕнӕ цауӕни, е адӕймагӕй аразгӕ нӕй. Уомӕ гӕсгӕ фӕззиндтӕнцӕ бардаугутӕ дӕр – сирдтӕ ке къохи ‘нцӕ ӕма лигъстӕ кӕнун кӕмӕн гъӕуй. Цауӕйнон дӕр ӕ рандӕ уни размӕ, уӕдта цауӕн кӕнгӕй дӕр гъе уомӕн ӕнхӕст кодта бӕлвурд ӕгъдӕуттӕ. Цауӕйнӕнттӕ цауӕни цудӕнцӕ ӕхсӕвигон, цӕмӕй сӕбӕл маке исӕмбӕла, уой туххӕй, кенӕ ба сӕбӕл уӕхӕн ӕмбӕлӕг фӕууодзӕнӕй ӕма сӕ къохи нецибал бафтуйдзӕнӕй.

Сӕ бунатмӕ ку бахъӕртиуонцӕ, уӕд цауӕйнӕнттӕ сӕ фӕллад исуадзиуонцӕ. Сӕ медастӕу равзариуонцӕ бунатгӕс. Е син кодта лӕггадӕ дӕр. Уой фӕсте искӕниуонцӕ арт ӕма ӕ алфамбулайти исбадиуонцӕ. Хестӕри рази ӕрӕвӕриуонцӕ ӕртӕ къерей ӕма сӕ ходтӕ исесиуонцӕ. Еугурдӕр нигъгъосуиуонцӕ. Хестӕр уӕлӕрвтӕмӕ искӕсидӕ ӕма ковун райдайидӕ Ӕфсатиймӕ. Е сирдти бардауӕгӕй курдта, цӕмӕй син сӕ мӕгур кувд исхъабил кӕна, ӕма сӕбӕл уӕд ести сирди муггаг рауадза. Исковуни фӕсте къеретӕ бахуӕриуонцӕ, хестӕр артӕй зинг райсидӕ ӕма ’й кӕцифӕнди къотӕри буни байвӕридӕ. Еци ӕгъдау банхӕст кӕнуни фӕсте цауӕйнӕнттӕ цудӕнцӕ сӕ балций, Ӕфсатийи зар кӕнгӕй. Лигъстӕ кодтонцӕ сирдти бардауӕгӕн.

Бунатгӕс ӕнӕ цауӕйнӕнттӕй хуӕруйнагмӕ нецихузи гъӕуама бавналдтайдӕ. Изӕрӕй цауӕйнӕнттӕ ку ӕрӕздӕхиуонцӕ, уӕд сӕ бунатгӕс сӕ цауӕни туххӕй фӕсномугӕй бафӕрсидӕ. Етӕ дӕр ин дзуапп фӕсномугӕй лӕвардтонцӕ. Ци сирд рамарун син бантӕсидӕ, уой фидӕй бунатгӕс-ӕфсийнӕ искӕнидӕ ӕхсӕрфӕнбӕлттӕ. Исцӕттӕ кӕнидӕ ӕхсӕвӕр дӕр.

Фезонӕг ку исцӕттӕ уидӕ, уӕд хестӕр цауӕйнон ухст ӕ къохмӕ райсидӕ. Ӕцӕг уотемӕй, цӕмӕй ибӕл ӕ къох ма ӕмбӕла ӕма ’й уой туххӕй естӕмӕй истохиуонцӕ. Уой ба уой туххӕй кодтонцӕ, ӕма, дан, Ӕфсатийи уотӕ фӕндуй. Исковидӕ Хуцаумӕ, фӕййарфитӕ кӕнидӕ Ӕфсатийӕн ӕма уой фӕсте ӕхсӕрфӕнбӕлттӕ кӕстӕреуӕггӕнӕгмӕ раттидӕ. Е сӕ цауӕйнӕнттӕбӕл райуаридӕ ӕма сӕ етӕ дӕр хуардтонцӕ. Уӕдта ӕхсӕвӕрбӕл ӕрбадиуонцӕ.

Нӕ адӕммӕ куд нимад цудӕй, уомӕй цауӕн айдагъдӕр  Ӕфсатийи фӕрци рауадайдӕ хуарз. Ӕнӕ уой фӕндӕй цауӕйнон неци бакӕндзӕнӕй, ӕ къохи неци бафтуйдзӕнӕй. Фал Ӕфсатийи бафӕндадтӕй, зӕгъгӕ, уӕд дӕ хӕдзарӕй дӕр нӕ рацӕудзӕнӕ, уотемӕй дӕ гъуддаг рацӕудзӕнӕй.

Мард ӕмӕ хуӕрд ци сирдтӕ ӕрцудӕнцӕ, уонӕн фӕстӕмӕ райгасгӕнӕн ес, зӕгъгӕ, еци гъуди берӕ адӕмти таурӕхъти ӕма аргъӕутти  ес. Сӕ райгас кӕнунӕн, дан, фагӕ ’й, се ‘стӕгдар цӕмӕй ӕнӕгъӕнӕй уа, е. Уой туххӕй нӕ уагътонцӕ сирдти стӕгдар исафун ӕма сауӕнгӕ сӕттун дӕр.

Нӕ адӕм саги, дзӕбодури, ӕма сӕгутти стӕгдартӕ гӕлдзгӕ нӕ кодтонцӕ. Куйтӕн дӕр  сӕ нӕ лӕвардтонцӕ, ӕстӕгутӕ ӕрӕмбурд кӕниуонцӕ, гъӕуай сӕ кодтонцӕ, уӕдта сӕ дони бакалиуонцӕ ӕма зӕгъиуонцӕ: «Сирдтӕ аци донӕй ахиддӕр уӕнтӕ, марунмӕ сӕ куд ӕййафӕн!..» Фал уотӕ дӕр уидӕ ӕма сӕ дони дӕр нӕ багӕлдзиуонцӕ. Зӕгъӕн, дзӕбодури кенӕ ӕндӕр сирдти сӕри кӕхцитӕ цауӕйнӕнттӕ ниууадзиуонцӕ сӕ хӕдзари. 1922 анзи Дигоргомӕй Одолай гъӕуӕй лигъдӕй будурмӕ зингӕ цауӕйнон Хӕмицати Базе, ӕма имӕ разиндтӕй ӕртӕ ӕма фондзинсӕй дзӕбодури сӕри кӕхцӕй фулдӕр.

Цауӕни ӕгъдӕуттӕн нӕ адӕммӕ ӕнӕ ӕнхӕстгӕнӕн нӕ адтӕй, етӕ бӕлвурд кодтонцӕ цауӕйнӕнтти астӕу рахастдзийнӕдтӕ. Къуарӕй ка цауӕн кодта, уонӕй сирд ка рамаридӕ, уомӕн раттиуонцӕ сирди сӕр, бӕрзӕй ӕма цар, иннӕ хӕйттӕ ба ӕмхузон дехгонд цудӕнцӕ. Сӕрмагондӕй радех кӕниуонцӕ ӕмбӕлӕггаги хай – рахес фарсӕй фондз фӕрскъи.

Цауӕйнӕнттӕмӕ ма адтӕй уӕхӕн ӕгъдау дӕр. Еунӕгӕй цауӕн кӕнгӕй адӕймагӕн мард сирд фӕххӕссун ӕ бон нӕ адтӕй, кенӕ уӕхӕн рауӕнмӕ ниххауидӕ ӕма ин еунӕгӕй исесӕн нӕ уидӕ. Уӕхӕн дзамани цауӕйнон ӕ хӕдзарӕмӕ раздӕхидӕ ӕма кенӕ уӕрдунӕй рацӕуидӕ, кенӕ ба ӕмбӕлтти хӕццӕ. Сирди мардмӕ еци рӕстӕг неке бавналидӕ. Мах адӕммӕ, Кавкази иннӕ адӕмтӕй кедӕрти хузӕн, мард сирдмӕ лӕгъуз цӕстӕй неке ракастайдӕ. Зӕгъӕн, нӕ ин адтӕй зӕнхӕбӕл ласӕн: бунмӕ гӕлдзун, лӕгъуз номӕй исхонун. Уотӕ ка бакодтайдӕ, е ракъахтайдӕ Ӕфсатийи маст ӕма ин е еу сирд дӕр некӕдбал равардтайдӕ.

Хестӕрӕн кадӕ кӕнун цауӕйнӕнтти астӕу адтӕй ӕнӕфӕккеугӕ ӕгъдау. Цалдӕр цауӕйнонӕй фиццаг ӕхсти барӕ хестӕри адтӕй. Цауӕйнӕнттӕ дууемӕй ку уиуонцӕ, уӕд фиццаг ӕхсти барӕ хестӕр лӕвардта кӕстӕрӕн. Кӕстӕр ин райарфӕ кӕнидӕ ӕма зӕгъидӕ:«Ӕз дӕ разӕй саг дӕр нӕ рамардзӕнӕн!..» Мах цауӕйнӕнттӕй еске иуазӕги хӕццӕ ку цауӕн кӕнидӕ, уӕд фиццаг ӕхсти барӕ ӕнӕмӕнгӕй иуазӕгӕн раттидӕ, кӕд си иуазӕг берӕ  кӕстӕр уидӕ, уӕддӕр.

Цӕф сирд ку раледзидӕ, ӕма ‘й ӕндӕр цауӕйнӕнттӕ ку рамариуонцӕ, уӕддӕр иурсти медӕгӕ фиццаг барӕ фиццаг фехсӕг цауӕйнонмӕ хаудтӕй.

Нӕ адӕммӕ уӕлдай кадгин адтӕй дзӕбодурбӕл цауӕн кӕнун. Хуарз цауӕйнон дӕр уой хониуонцӕ, ӕма дзӕбодур ка рамаридӕ. Ӕма е раст адтӕй. Дзӕбодурдзауӕнӕн гъудӕй устур лӕгигъӕдгундзийнадӕ, фӕразондзийнадӕ. Е адтӕй хъӕбӕр тӕссаг гъуддаг, уомӕн ӕма дзӕбодуртӕ цӕрунцӕ хуӕнхбӕсти уӕхӕн рауӕн, бацӕуӕн кумӕ нӕййес. Цауӕйнӕнттӕ еци бунӕттӕмӕ байервӕзуни туххӕй ци зиндзийнӕдтӕ фӕууидтонцӕ, уой хуарз равдиста Хетӕгкати Къоста ӕ радзурд «Дзӕбидырдзуан»-и. Уӕхӕн зин уавӕрти цауӕйнӕнттӕ къуӕрегӕйттӕй фенгъӕлмӕ кӕсиуонцӕ.

Еуӕй-еу хатт цауӕйнон сирдти размӕ бадгӕй айнӕги риндзӕбӕл ӕхсӕвӕ дӕр байзайидӕ. Ӕма дзогӕ ку фӕззиннидӕ, уӕд сӕ ӕхсун райдайидӕ.

Еугур сирдтӕй дӕр дзӕбодури фид ӕй хуӕрзадӕдӕр. Дзӕбодури фидӕй цауӕйнон хай кодта айдагъдӕр ӕ хӕстӕгутӕн нӕ, фал ма гъӕуи боц хестӕртӕн дӕр.

Сӕрӕндзийнадӕбӕл нимад адтӕй сагбӕл цауӕн кӕнун дӕр. Саги фид дӕр ӕй хуӕрзадӕ, хуардтонцӕ ’й къудурфунхӕй кенӕ си кодтонцӕ фезонгутӕ. Ӕ сикъатӕй дӕр ин пайда кодтонцӕ дзӕбодури сикъати хузӕн.

Робасбӕл ӕма тӕрхъосбӕл ирон адӕм ефстагмӕ цауӕн кодтонцӕ, уой дӕр айдагъдӕр ездӕнттӕ – рӕстӕг ӕрветунмӕ. Фӕллойнӕгӕнӕг цауӕйнон еци сирдти мардта, цауӕни сӕбӕл ку исӕмбӕлидӕ, айдагъдӕр уӕд.

Нӕ адӕммӕ кадгин гъуддаг адтӕй арсбӕл цауӕн кӕнун дӕр. Арси фид ӕма сойнӕ дзӕбӕх кодтонцӕ аллихузон незтӕ, сауӕнгӕ ма индис ӕма рӕугути нез дӕр. Уомӕ гӕсгӕ арси фид уайтӕккӕ нӕ хуардтонцӕ, фал ӕй медӕггойни дардтонцӕ хуасӕн. Арсӕн ӕ цар ба горцъейӕн дардтонцӕ, кенӕ ба ’й хуссӕни рази байтауиуонцӕ.

Еуӕй-еу бийнонтӕ арси фид нӕ хуардтонцӕ. Е ӕй тотемизми байзайӕггаг, гъома, кӕддӕр еци муггаг сӕхе худтонцӕ арси хӕстӕг. Мах адӕм уотӕ дзурдтонцӕ, зӕгъгӕ, дан, арси къах адӕймаги къахи хузӕн ӕй, силӕ арси реутӕ ба силгоймаги реути хузӕн. Ку фӕммӕлуй, уӕдта уӕлгоммӕ ниххуссуй ӕма ӕ раззаг дзӕмбутӕ ӕ реубӕл дзиуарӕвӕрд никкӕнуй. Зӕрӕндтӕ куд дзорунцӕ, уотемӕй цауӕйнон арсӕн ӕ бӕдӕлтти ку райсуй, уӕд е ба ӕ дзӕмбутӕй ӕ сӕр хуайун райдайуй ӕма гъӕр кӕнун райдайуй, раст, лӕгбӕл устур бӕлах ку ӕрцӕуй, уӕд е куд фӕгъгъӕр кӕнуй, уотӕ. Еуӕй-еу хатт бӕдӕлтти мадӕ ӕ фурзинӕй ӕхе дӕр рамаруй. Бӕдӕлттӕ ба сӕ мади мардбӕл кӕугӕй сӕ сӕртӕ ӕма сӕ реутӕ фӕххуайунцӕ ӕма фӕгъгъӕр кӕнунцӕ, ирон адӕм куд фӕккӕнунцӕ марди фӕсте, уотӕ.

РЕДАКЦИЙӔЙ: Мӕхӕмӕтти Ӕхсарбег ӕма Тотрати Виссарион арси туххӕй ци зӕгъунцӕ, уой хӕццӕ исарази ун ӕнгъезуй, уомӕ гӕсгӕ дӕр ӕма нӕ адӕмон исфӕлдистади ес берӕ аллихузон цӕмӕдессаг таурӕхътӕ арс ӕма адӕймаги туххӕй. Уонӕй еу абони мухур кӕнӕн мах дӕр.

 

ДУУӔ МАДИ

Е раги адтӕй. Фидтӕлтӕй ӕригъосгӕ цау, седзӕргӕс уосӕ ӕма бӕдолгин арс гъӕди ӕнӕнгъӕлти хӕрхӕмбӕлд куд фӕцӕнцӕ, уой туххӕй.

Цӕветтонгӕ, мӕгур седзӕргӕс уосӕ уалдзӕги е ‘ртӕ сувӕллоней хӕццӕ корӕггаг хӕрӕгуӕрдунбӕл гъӕдӕмӕ сор къуӕцӕлтӕ ласунмӕ рандӕнцӕ. Уӕрдун согтӕй ку байдзаг кодтонцӕ ӕма гъӕдӕй еудзӕвгарӕ ку рауадӕнцӕ, уӕд сӕбӕл арс ӕ бӕдӕлтти хӕццӕ хӕрхӕмбӕлд ку фӕууидӕ. Седзӕргӕс, мӕ арт бауазал уа, зӕгъгӕ, ӕ цӕуӕтӕн фӕттарстӕй ӕма ма ци ракодтайдӕ, уой нӕбал зудта. Уӕдта ӕ уӕллаггури ӕгънӕгутӕ фӕйнердӕмӕ рарӕдувта, ӕ реутӕ фегон кодта ӕма ӕ гъӕлӕсидзаг нигъгъӕр кодта:

– Ӕрбакӕсӕ мӕмӕ, ӕз дӕр мадӕ дӕн, мадӕ! Мӕнӕн дӕр дӕу хузӕн цӕуӕт даруйнаг ес ӕма мӕ мӕ надбӕл рауадзӕ!

Арс силгоймаги цъӕхахстӕй тӕрсгӕ фӕккодта, ӕви ӕфсӕрми фӕцӕй, е бӕрӕг нӕй, фал фӕстӕмӕ фӕккӕсӕ-фӕккӕсӕ кӕнгӕй ӕ бӕдӕлтти хӕццӕ байевгъудӕй ӕрдози ’рдӕмӕ.

 

ӔМХУЗОНӔЙ КУ НӔ АРХАЙӔН НӔ ӔРДЗИ ФАРНӔБӔЛ, УӔД…

Мӕхӕмӕтти Ӕхсарбеги ӕма Тотрати Виссариони историон ӕрмӕги хӕццӕ базонгӕ уогӕй, ӕнгъезуй искӕнун еу хатдзӕг: нӕ рагфидтӕлтӕмӕ ӕрдзи исконди ӕма адӕймаги царди уой ахсгиагдзийнади туххӕй наукон зонундзийнӕдтӕй ефтонггонд нӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр мах, абони еци зонундзийнӕдтӕй ӕнхӕст ка ‘й, етӕ гъӕуама хицӕ кӕнӕн, берӕ цӕмӕйдӕрти сӕ гъӕуама фӕнзӕн. Сӕ зундгиндзийнади фӕрци ‘й лӕдӕрдтӕнцӕ, ӕрдзӕ син ци ‘й, уой ӕма син табугонд адтӕнцӕ е ‘гъдӕуттӕ, ӕ фӕткитӕ.

Нури доги уоййасӕбӕл ӕнӕлӕдӕргӕ цӕмӕн иссан, куд фӕззӕгъунцӕ, бӕласӕн (гъома, ӕрдзӕн) ци къалеубӕл бадӕн, уой цӕмӕн лух кӕнӕн. Уой фӕдбӕл идарддӕр дӕр дзубанди кӕндзинан, абони ба ӕ гъудитӕ зӕгъуй Цӕгат Иристони цауӕйнӕнттӕ ӕма кӕсалгахӕсгути иуонг Мӕрзойти Ӕхсарӕ:

– Раздӕр ӕнзти гъӕддаг цӕрӕгойтӕ ахид адтӕнцӕ нӕ республики еугур рауӕнти дӕр. Ци сирд ба нӕ фӕууидтайсӕ хуӕнхбӕсти, гъӕди къилдунтӕ ӕма ӕрхити?!

Гъулӕггагӕн, фӕстаг рӕстӕгути еци дессаги уавӕр бустӕги исӕндӕрхузон ӕй – гъӕддаг цӕрӕгойтӕ искунӕг ӕнцӕ кӕмифӕнди дӕр. Ӕма ци хабар ӕй?

Уой фӕдбӕл дзоргӕй, рӕуони хузи ракой кӕнунцӕ, гъома, хатгай махмӕ искӕнуй гъизт рӕстӕгутӕ, мет арф ниууаруй гъӕдти, ӕма, цӕрӕгойтӕ ци бахуӕронцӕ, е нӕбал фӕууй. Мӕ зонгӕ цауӕйнӕнттӕ мин ку дзурдтонцӕ, уотемӕй еу рӕстӕг Црауи гъӕди къуар рауӕнеми фӕууидтонцӕ судӕй ка ниммардӕй, уӕхӕн гъӕддаг хути.

Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, айдагъ хуаллаги нӕхъӕртондзийнӕдти фудӕй нӕ цӕуй зиантӕ цӕрӕгойтӕбӕл. Зумӕги мӕйти рӕубестӕн, ӕндӕр сирдтӕн дӕр идард ледзун не ‘нтӕсуй арф мети ӕма берӕгътӕ, уӕдта ка исуӕгъдӕ ‘й, уӕхӕн куйтӕ сӕ фӕсте цауӕн фӕккӕнунцӕ ӕнцонӕй.Метзӕйти лӕбурдтити, донивулдтити ӕма ӕндӕр ӕрдзон фӕззиндтити рӕстӕг дзӕбодуртӕ ӕма сикъетӕбӕл ӕнӕнгъӕлӕги устур зиантӕ ‘рцӕуй.

Еугур еци хабӕрттӕ лӕдӕрд ӕнцӕ – етӕ ӕрдзи фудахъӕлӕй ӕрцӕунцӕ, ӕма уони нихмӕ ци исараздзӕнӕ. Фал гъӕддаг цӕрӕгойтӕ  нӕмӕ ке фӕмминкъийдӕр ӕнцӕ, уомӕн ма ес ӕндӕр бӕлвурддзийнӕдтӕ, кӕцитӕй ӕрдзӕ ӕгириддӕр фудгин нӕй, фал сӕ аразуй адӕймаг, ӕ фудзунд архайдӕй. Нӕ республики ӕрдзон бунӕттӕмӕ кумӕфӕнди ку рандӕ уай, уӕддӕр, раздӕр сирдтӕн берӕ хуаллаг кӕми адтӕй, еци гъӕдти думӕги аллирауӕн дӕр бӕлӕстӕ ӕгъатирӕй цагъд ӕрцудӕнцӕ. Мадта къилдунти ка задӕй ӕма берӕ муггаг ка лӕвардта, еци тӕрсӕ бӕлӕсти ба гъӕдикустгӕнӕг кустуӕттӕ искунӕг кодтонцӕ. Ци ма хуӕронцӕ гъӕддаг хутӕ, рӕубестӕ, ӕндӕр сирдтӕ дӕр зумӕгон?

Нуртӕккӕ сирдти нимӕдзӕ фӕффулдӕр кӕнуни туххӕй биотехникон мадзӕлттӕ арӕзт цӕунцӕ, уонӕн ба, мӕнмӕ гӕсгӕ, фагӕ ахедундзийнадӕ нерӕнгӕ нӕма ес. Уомӕн ӕма гъӕди цӕрӕгойтӕн хуаллаг, цӕнхӕ лӕвӕрд цӕуй, трактор кенӕ бӕхуӕрдун кумӕ бацӕудзӕнӕнцӕ, уӕхӕн рауӕнти. Сирдти дзӕвгарӕ хай ба сӕрдӕ ӕма зумӕги дӕр фӕххезунцӕ гъӕдти ӕрфити ӕма хуӕнхти тӕккӕ бӕрзонддӕр рауӕнтӕмӕ. Уордӕмӕ хуаллаг, цӕнхӕ бахъӕртунгӕнӕн ес айдагъдӕр вертолетбӕл. Абони уавӕрти уомӕн фадуат нӕййес.

Раздӕр ӕнзтӕмӕ нӕуӕгӕй ку раздӕхӕн, уӕд цауӕйнӕнттӕ, нури хузӕн берӕ некӕд адтӕнцӕ, уӕдта цауӕн дӕр нӕ кодтонцӕ кӕмифӕнди дӕр. Нур ба син нимӕдзӕ дӕр нӕййес, уӕдта си ке куд фӕндуй, уотӕ цауӕн кӕнунцӕ. Ӕнӕзакъон цауӕн ба кӕнунцӕ анзи кӕцифӕнди афони дӕр.

Куд загътон, уотемӕй нӕмӕ, зӕгъӕн, тӕрхъос ахид уидӕ, сауӕнгӕ будуйрон игуӕрдӕнти дӕр. Фал еу рӕстӕг е дӕр искунӕг ӕй, фиццагидӕр, адӕймаги архайди фудӕй.

Зӕгъӕн, Црауи раздӕри совхоз «Коммунизммӕ фӕндаг» дӕргъвӕтийнӕ рӕстӕг ӕ рӕзбунтӕ пурх кодта маргин химикаттӕй, ӕма тӕрхъостӕ ӕма робастӕ фӕццагъди ‘нцӕ. Нур хӕдзарадӕ дӕр ӕма ӕ рӕзбунтӕ дӕр нӕбал ӕнцӕ, ӕма куд ӕнгъӕл айтӕ? Тӕрхъостӕ, робӕстӕ фулдӕр кӕнун райдӕдтонцӕ Црауи гъӕдбунти.

Хӕдзарӕ ӕдзӕрӕгӕй куд нӕ федауй, уотӕ нӕ алливарс ӕрдзӕ дӕр ӕнӕ гъӕддаг сирдтӕй бустӕги исӕведауцӕ уодзӕнӕй, ӕма гъӕуама алкедӕр уой ӕ зӕрдӕбӕл дара.

Нӕ ӕрдзи фарнӕбӕл ӕмхузонӕй ку нӕ архайӕн, уӕд исонибони цардиуагӕ ӕдзӕллагдӕр кӕндзӕнӕй. Ӕма нин уой ба, нӕ фӕсте си ци фӕлтӕртӕн цӕргӕ рауайдзӕнӕй, етӕ нӕ ниххатир кӕндзӕнӕнцӕ.