05 ноября 2024

БУДАЙТИ РОЗÆ: «МÆ КУСТИ ТАРСТÆН АЙДАГЪДÆР МÆ СÆЙГИТИ ЗÆРДИХУДТÆЙ!..»

30.12.2023 | 17:00

Адæймагæн æ царди нæдтæ Исфæлдесæгмæ финст æнцæ, æвæдзи. Е ’ригон æнзти уой æнгъæл нæ адтæй Толдзгуни гъæуккаг Будайти Æриган (Сергей) æма Ирини кизгæ Розæ, æма ’й ескæд Хонсайраг поселокки рази рæугути незти сæйгæдонæмæ медицинон хуæрæй косунмæ райсдзæнæнцæ, æма си минкъий гъæуагæ 50 анзи – æнæгъæнæ æноси æмбес фæууодзæнæй!

 

Фал уотæ рауадæй. Медицинон училище каст фæууни фæсте рацудæй цæйбæрцæдæр рæстæг, æма еууæхæни Розæ фæссæйгæ ’й. Дохтиртæ гурусхæ кодтонцæ, кæд æ рæугутæ ести гъигæдард æнцæ, зæгъгæ. Æма ’й рарвистонцæ еци сæйгæдонæмæ. Фал имæ уоми ку ’ркастæнцæ, уæд сагъæссагæй неци иссирдтонцæ. Фæцæй си цубур рæстæг, радзæбæх æй, рафинсунмæ ’й гъавтонцæ. Фал хабар уотæ рауадæй æма сæйгæдони медицинон хуæртæ ке нæ фагæ кодта, уомæ гæсгæ Розæн загътонцæ, цæмæй си байзайа косунмæ. Кизгæ исарази æй. Е адтæй 1976 анзи…

– Уæхæн унаффæмæ мæ исразæнгард кодта, дзæбæх адæм, дæсни специалисттæ си ке куста, е, – дзоруй Розæ. – Уæд си æ директор адтæй Дарчити Лазæр, рохсаг уæд. Хъæбæр хуарз зудта æ куст, устур аргъ ин кодта коллектив дæр. Раст зæгъун гъæуй, сæйгæдони уæди рæстæги уавæртæ абони хæццæ рабарæн дæр нæййес. Сæйгитæ ба берæ – кæцæй нæмæ нæ цудæнцæ – нæхе республикæй, синхаг регионтæй, сауæнгæ Гурдзийæй дæр. Æма син нæ фадуæттæ куд амудтонцæ, уотемæй агъаз кодтан.

Мæнæн мæ хайади сæргълæууæг адтæй мæ фиццаг ахургæнæг æма зундамонæг Надеждæ Ермолаева. Некæд ми феронх уодзæнæй, махбæл, æригон медицинон хуæртæбæл, е куд ауодудта, куд нин амудта, нæ аллибони кусти нин фулдæр не ’ргом цæмæ ’здахта.

Хъæбæр тарстæн сæйгитæй еске зæрдихудти бацæунæй. Æнæуой дæр тухст адтæнцæ, еуæй-еуетæн нæ адтæй, ка сæ бабæрæг кодтайдæ, уæхæн хæстæг хеуонтæ дæр. Æма син уæд мæхуæдæг рауайинæ туканмæ тамаку, дон, æндæр еститæ æлхæнунмæ, ахид мæхе æхцайæй дæр. Архайдтон хуастæ дæтгæй син, процедуритæ аразгæй нифситæ æвæрун, цæмæй сæхемæ игъосунбæл ма фæууонцæ, сæ зæрдæ уæддæр ести хуарздзийнадæбæл даронцæ.

Æз Толдзгуни гъæуккаг дæн. Æма нæмæ нæхе, Ирæфи районæй дæр еци рæстæг берæ сæйгитæ æрбахауидæ. Мæн зудтонцæ, ка дæн, кæцæй дæн, мæ муггаг, мæ ном… Æма мин еухатт нæ гъæуккаг силгоймаг ходгæй радзурдта, автобуси, дан, еу лескейнаг лæг, нæ сæйгæдони æхе ка дзæбæх кодта, е  мæн туххæй куд зардта, куд хъæбæр мæ æппæлдтæй бæлццæнттæн… Æфсæрми дæр фæддæн, раст зæгъун гъæуй, фал мин еуцæйбæрцæдæр æхцæуæн дæр адтæй – æгайтима сæйгитæй кæмæндæр хуарзи бацудтæн.

Еу гъуддаги туххæй дæр ма куд нæ зæгъон. Раздæр æй дзурдтон, нæ сæйгити хæццæ адтæй, мæнæ уруссагау бомжтæ ке хонунцæ, уæхæн адæймæгутæ дæр – нæдæр син цæрæнуат адтæй, нæдæр хеуон, хæстæг. Еузагъдæй – еунæг. Æма сæ цардæй ку рахецæн уиуонцæ, уæддæр мæнбæл, куд хайади хестæр медицинон хуæрæбæл, ихæс æвæрд адтæй еци адæймæгути сæ фæстаг надбæл рарветун – алцидæр закъонмæ гæсгæ, гъæугæ гæгъæдитæ æма иннæ уæхæн хабæрттæ бацæттæ кæнгæй…

Рози æмкосгутæ ма мин куд радзурдтонцæ, уотемæй еууæхæни сæйгити ’хсæн райгъустæй æ кустæй цæугæ кæнуй, зæгъгæ. Етæ æрæмбурд æнцæ æма сæйраг дохтирмæ бамедæг æнцæ, цæй туххæй цæуй еци силгоймаг æ кустæй, уæхæн фарсти хæццæ.

Розæ (галеуæрдигæй кæройнаг) æ хуæртæ Ленæ, Светæ æма Лизи хæццæ. Ес си алкæмæн дæр дзæбæх бийнонтæ, æгъдаугин æма кадгинæй цæрунцæ адæми æхсæн. Хуæртæн ес æнсувæр дæр – Алик, цæруй Беслæни.

Розæ нимад адтæй медицинон хуæрæбæл, фал æ устур фæлтæрддзийнади фæрци дохтирæй минкъийдæр нæ зудта, сæйгæдони ци берæ рæстæг фæккуста, еци рæстæг. Æма уæхæн адæймаг ба бийнонти дæр, синхи дæр хъæбæр гъæуй багъæуаги дзамани.

Нуртæккæ адæм тухсунцæ аллихузон незтæй, сæйгæдонæмæ кенæ поликлиникæмæ цæун ба берети бон нæй. Розæмæ æ синхæнттæ ахид æрбадзорунцæ – кæмæн укол искæнун гъæуй, кæмæн – хуасæ байамонун. Æма цийфæнди афонæ ку уа, уæддæр некæд базийнадæ кæнуй, бакæнуй æ агъази хай.

Æнæзæгъæн нæййес, Розæ æ кусти туххæй берæ хæттити хуарзæнхæгонд ке ’рцæуидæ, уой туххæй. Равардтонцæ ин майдан «Тарнези нихмæ тохи æнтæстдзийнæдти туххæй», цалдæр хатти нæ республики Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министради, Цæгат Иристони æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади косгути профцæдеси, сæйгæдони разамунди Кади гæгъæдитæ, райста Арфи финстæг, æ берæ æнзти хуарз кусти туххæй сæйгæдони абони сæйраг дохтир Къобести Никъалайæй…

Æ сæйрагдæр хуæрзеугутæ Розæн адтæнцæ æма æнцæ, берæ æнзти дæргъи ахедгæ агъаз кæмæн кодта æгъатир нези хæццæ тохи, еци адæми зæрдибунæй арфитæ.

Розæ идарддæр хъæртун кæнуй æ хуарз ниййергути кадæ. Гъæубæсти устур аргъ кодтонцæ, нимади адтæнцæ æ фидæ Æриган (Сергей) æма мадæ Иринæ. Æриган адтæй  Устур Фидибæстон тугъди архайæг, тох кодта Дмитрий Медведеви зундгонд партизанти къуари, цалдæр хатти цæфтæ дæр фæцæй, исæздахтæй æ райгурæн Толдзгунмæ тугъди хуæрзеугути хæццæ. Æ цардæмбал Иринæ ба берæ æнзти дæргъи бакуста бунæттон скъолай фæсарæйнаг æвзаги ахургæнæгæй, адтæй нимад айдагъ райони нæ, фал республики дæр æ кусти хуæздæр специалисттæй еуебæл. Æриган æма Иринæ исгъомбæл кодтонцæ сæхе хузæн æгъдаугин, кустуарзагæ, адæми хæццæ уарзонæй цæрæг цæуæт.

Розæ æма æ фурти кизгæ Орнелæ.

Розæ мин кæддæр уæхæн хабар радзурдта. Минкъий кизгæ ма адтæй, скъоламæ дæр нæма цудæй. Фал сувæллон гъудигæнагæ ’й, æ зæрдæбæл берæ цидæртæ бадаруй. 1953 анзи 5 мартъий сæ хæдзари киндзити гъазта, æ мадæ Иринæ цидæртæ куста. Уæдмæ æ фидæ Æриган медæмæ æрбахизтæй, æ цæсгон æнкъард, цидæр æнахур мæтъæл. Неци дзурдта еу усмæ, уæдта дин ку искæуидæ. Иринæ æ куститæ фæууагъта æма ’й тарстхузæй рафарста: «Ци кæнис, ци ’рцудæй? Ести лæгъуз хабар фегъустай?» Æриган неци дзурдта, æрæгиау ба хæкъурцгæнгæ уотæ ку бакæнидæ: «Зæронд нæбал æй, нæбал, рамардæй!»

– Кæмæй зæгъис, ке зæронд æй? – бафарста ’й Иринæ. – Мах ку неци фегъустан!

– Сталин нин нæбал æй, Сталин, – нæ уорæдта æ кæун Æриган…

Куд Советон Цæдеси миллионгай адæймæгутæ, уотæ аци тугъдвæллад æма хъиамæтгун адæймаг дæр, цума си æ хъазардæр хеуон фæгъгъудæй, уотæ зæрдибунæй хъонц кодта, æ уарзон Фидибæстæ ци бауодзæнæй изолдæр, уой фæдбæл тухсгæй…

Æма абони æхцæуæнæй зæгъун æнгъезуй: нæ  хестæр фæлтæртæ сæ сагъæсти нæ фæффудевгед æнцæ – сæ байзæдтæгти, Рози æнгæртти уодиконди федар æй Райгурæн бæстæ уарзундзийнадæ, сæ кæстæрти исонибони хуарзбæл архайуни разæнгарддзийнадæй.

ХЕКЪИЛАТИ Маринæ