БУНДОРÆВÆРÆГ
ССР Цæдеси спорти мастер, ССР Цæдеси æскъуæлхт тренер ДЗГОЙТИ Захари фурт Аслæнбеги райгурдбæл 18 мартъий исæнхæст æй фондз æма фондзинсæй анзи (1918-1994)
Ирон богæлттæн сæ ном рагæй нурмæ дæр игъустгонд æй еугур дуйнейи дæр. Уонæй беретæ цалдæргай хæттити иссæнцæ бæсти, дуйней æма олимпиадити чемпионтæ. Номæй-номмæ сæ ку нимайæн, уæд син аразун багъудайдæ устур номхигъд. Нæ богæлтти еци уæлахезтæмæ устур æвæрæн ка бахаста, Иристони уæгъдебарæ гъæбесæйхуæсти хузæ уотæ хъæбæр ке фæрци райрæзтæй, уонæй еу адтæй ССР Цæдеси æскъуæлхт тренер Дзгойти Аслæнбег.
Хуарз зудтон æз дæр Аслæнбеги. Æ мæлæтæй еуцалдæр къуæрей размæ ма си райстон интервью. Адæймагæй æруагæс дæр нæ кæнуй æма æвзаг дæр нæ тасуй, æ еугур цард дæр ирон гъæбесæйхуæст райрæзун кæнунæн ка иснивонд кодта, æ гъомбæлгонд чемпионтæн банимайæн дæр кæмæн нæййес, ирон лæги кадæ æма ном сæрбæрзондæй ка хаста, еци ездон, хуæдæфсармæ хестæр нур не ’хсæн нæбал æй, зæгъгæ, зæгъунмæ дæр.
Фал адзалæн мадзал нæййес. Æгъатир мæлæт кæд æма ци афони æрбахуайдзæнæй лæгæн æ къæразгæ, уомæн рагагъоммæ базонæн нæййес. Аслæнбег ахид æрбацæуидæ «Рæстдзинад»-и редакцимæ. Нæ еугур дæр ибæл хъæбæр бацийнæ кæнианæ зæрдæй. Æ хæццæ дзубанди кæнунæй лæг не ’фсæдидæ. Æ алли дзурди дæр адтæй арф гъуди.
Ахид финста нæ газети дæр уадзимистæ. Ирон богæлттæй еске ку рамолидæ, уæд нæмæ е фæххуæрзæнгорæггаг уидæ фиццагидæр. Уæгъдебарæ гъæбесæйхуæсти хузи Иристони цæмæй бæрзонд къæпхæнмæ исхезай, уой фæдбæл берæ цæмæдесаг æрмæгутæ фæммухур кодта Дзгой-фурт. Тренери кустæй уæлдай ма ин æрдзæ балæвар кодта журналисти искурдиадæ дæр. Адтæй ССР Цæдеси журналистти Цæдеси иуонг.
Цардæй берæ хуарз лæгтæ рандæунцæ. Фал уонæн сæ ном æностæмæ фæццæруй, байзайуй адæми зæрдити. Нæ иронх кæнунцæ ирон адæм абони дæр сæ уарзон æма боц хестæр Дзгойти Аслæнбеги, уæдта ’й иронх дæр некæд фæууодзæнæнцæ.
Аци рæнгъитæ финсгæй мæнæн дæр нæуæгæй мæ цæстити рази фестадæй Аслæнбеги сорæт. Мæ гъостæбæл рауайунцæ фæстаг хатт ма æ хæццæ ку дзубанди кодтон, уæд мин мæ фарстатæн ци бæлвурд дзуæппитæ лæвардта, етæ.
Нæ рагфидтæлтæ – алантæ – адтæнцæ æхсаргин æма бæгъатæр. Уонæн сæ тог абони дæр цæуй сæ фæдонти – ирæнтти тогдадзинтти. Гъæбесæйхуæст дæр тох æй, мадта куд. Æргъуди кæнайтæ нæ номдзуд богал Хъанухъуати Болай. Уомæн тохгæнæг хъаурæ нæ ирдта. Æ кой райгъустæй æнæгъæнæ дуйнебæл дæр. «Хъазбег-Хонх» дæр æй дзæгъæли нæ худтонцæ.
Болай фарнæ нæ фесавдæй. Æ фæсте берæ игъустгонд богæлттæ фæззиндтæй Иристони зæнхæбæл. Устур Фидибæстон тугъди размæ нæ богæлттæй размæ ка рацудæй нæ бæсти, уони хæццæ адтæнцæ Бурнæцти Барис, Лæцойти Махар, Дзуццати Мишæ, Хуадонти Барис, Мустафа Наков æма æндæртæ. Уони хæццæ адтæй 1937 анзи Сталингради ССР Цæдеси 4-аг къуари фиццаг бунат байахæссæг еристи архайæг Дзгойти Аслæнбег дæр. Е уæхæн устур еристи уæд архайдта фиццаг хатт. Кæд си фиццаг бунат нæ байахæста, уæддæр ин æ арæхстгин хуæстбæл сæ цæстæ æрæвардтонцæ зундгонд тренертæ.
Фæстæдæр Аслæнбег ахур кæнунмæ бацудæй Севастополи уæлдæр тугъдон-денгизон училищемæ. Ами дæр нæ ниууагъта æ гъæбесæй хуæцун. Еу хатт имæ училищемæ хецау вице-адмирал Дроздов фæдздзурдта æма ин уотæ:
– Нæ зæрдæ дæбæл дарæн, Дзгой-фурт, æма дæ бакодтан нæ училищей еугонд командæмæ уæгъдебарæ гъæбесæйхуæстæй æма боксæй. Гъенур дæ хъауритæ æма дæхуæдæг…
Адмирали æма училищей коллективи æууæнкæ нæ фæссайдта Дзгой-фурт. Е ’мзæнхонти ’хсæн иссæй Хъирими æма Сау денгизи флоти чемпион боксæй æма уæгъдебарæ гъæбесæйхуæстæй.
Тугъди фæсте æнзти дæр Аслæнбег нæ исустурзæрдæ ’й гъæбесæйхуæстбæл. 1947 анзи Михайловски æхе хъауритæй исаразта гъæбесæйхуæсти секци. Æ фиццаг гъомбæлкæнуйнæгтæй еу адтæй Дзарасти Саукуй. Е адтæй хъæбæр хæларзæрдæ æма зæрдæргъæвд биццеу. Берæ бауарзта гъæбесæйхуæст. Еугæр горцъемæ байервазтæй, зæгъгæ, уæд «мæгур бон» кодта æ нихмæлæууæгбæл. Сæ фулдæребæл фæууæлахез уидæ.
1948 анзи Аслæнбеги гъомбæлкæнуйнæгтæ уæд фиццаг хатт архайдтонцæ уæгъдебарæ гъæбесæйхуæстæй нæ республики чемпионати. Гъæуай кодтонцæ Рахесфарси райони кадæ. Сæ къохи бафтудæй хуарз спортивон æнтæститæ. Еци анз рабæрæг æй, Дзгой-фуртæн æрдзæ ке балæвар кодта тренери устур курдиадæ, е.
Еци анз ма сахар Ростови байгон æй Цæгат Кавкази спартакиадæ спорти алли хузтæй. Уордæмæ хунд æрцудæнцæ иристойнаг богæлттæ, гимнасттæ, боксертæ æма рæуæг атлеттæ дæр. Фал, раст зæгъгæй, зæрди фæндон æнтæстдзийнæдтæ нæ бафтудæй сæ къохи.
Еци еристæй исæздæхгæй, Дзгой-фурт федарæй исфæндæ кодта, цæмæй нæ республики сæйраг сахари арæзт æрцæуа сæрмагонд секци уæгъдебарæ гъæбесæйхуæстæй. Æма е æ къохи бафтудæй. Хецауади размæ фарста исæвардта, цæмæй нæ гъебæсæйхуæцгутæн тренировкитæ кæнунæн радех кодтайуонцæ хецæн бунат. Æма Дзгой-фуртæн фадуат фæцæй хецæн зали æ богæлтти цæттæ кæнунæн. Гъæбесæйхуæст ка уарзта, еци фæсевæд сæмæ цæун байдæдтонцæ зæрдиагæй. Уони ’хсæн адтæнцæ федæни зундгонд богæлттæ Хъулати Бадзи, Дзарасти Саукуй, Бестаути Алимбег, Григорий Кирокосян æма æндæртæ.
Цæмæй гъæбесæйхуæст Иристони хъæбæрдæр райрæзтайдæ, уой туххæй æригон фæлтæрæн сæ еугур зонундзийнæдтæ дæр æнæвгъауæй лæвардтонцæ фæлтæрдгин тренертæ Мишæ Огладзе, Дзгойти Аслæнбег, Суменати Кермен, Гиоти Хасан, Вараздат Григорян æма æндæртæ.
Дзгой-фурт уæлдай дæснидæр адтæй богал равзарунмæ. Е цалдæр хатти бакæсидæ æригон лæхъуæни гъæбесæйхуæстмæ, æма ин уомæ гæсгæ аргъ искæнидæ. Уотæ рауадæй сæ хъисмæт Андиати æскъуæлхт богал æнсувæртæн дæр. Аслæнбеги фæрци уонæн байгон æй урух над устур спортмæ. Уæлдайдæр ба сæ кæстæр æнсувæр Сосланæн. Уомæн æ ном сугъзæрийнæ дамугъатæй финст æрцудæй нæ бæсти уæгъдебарæ гъæбесæйхуæсти спорти историй.
Дзгойти Аслæнбег уæгъдебарæ гъæбесæйхуæст бауарзун кодта æ фурт Тайморазæн дæр. Фал уомæн æ хъисмæт спорти рауадæй, мæнæ бæрзонд арвбæл стъалу куд ферттевуй æма æваст куд рахуссуй, уотæ. Фæд-фæди дууæ хатти иссæй дуйней чемпион. Спорти дæснитæ ибæл сæ зæрдæ дардтонцæ, е æнæмæнгæ исуодзæнæй олимпиади чемпион, зæгъгæ. Фал… Тайморазæн тренировкити рæстæг æнæнгъæлти æ бæрзæйи гъолæ схъес саст фæккодта æма уоййадæбæл ниууагъта æ спорт.
Еци æверхъау бæлахбæл хъæбæр фæрристæй Аслæнбеги зæрдæ. Бæргæ ма ’й дохтиртæмæ фæрраласæ-баласæ кодта, фал…
Дзгойти Аслæнбег абони кæд не ’хсæн нæбал æй, уæддæр æ фарнæ цæрæнбонтæмæ байзайдзæнæй уæлæбæл. Е ци берæ богæлтти исгъомбæл кодта, етæ ин цæргæбонтæмæ дæр нæ феронх кæндзæнæнцæ æ ном.
Аслæнбеги хæццæ берæ æнзти дæргъи усхъæй-усхъæмæ фæккуста зундгонд богал, ССР Цæдеси æма Уæрæсей Федераций æскъуæлхт тренер Бекмæрзти Михал. Е æхуæдæг куд дзурдта, уотемæй берæ хуарздзийнæдтæ зудта Дзгой-фуртæй, берæ цæмæдесаг хабæрттæ бадардта æ зæрдæбæл аци зундгонд спортсмени туххæй.
– Æз хъисмæтæй уæлдай арфиаг уомæй дæн, æма царди медæгæ ке исæмбалдтæн Дзгойти Аслæнбеги хæццæ, – имиста Михал. – Æхецæй ездондæр æма хуæдæфсармæдæр лæг зин иссерæн адтæй. Æ дзурди гъæдæ ездон æма арфгъудигæнагæ, хестæртæн – хуарз хестæр, кæстæртæн – хуарз зундамонæг.
Аслæнбеги хæццæ хъæбæр раги базонгæ дæн. Дзæуæгигъæуи шофери къурситæ куддæр каст фæдтæн, уотæ уæзласæн машинæбæл косун райдæдтон Садони. Берæ уарзтон уæгъдебарæ гъæбесæйхуæст. Еу бон бафтудтæн Дзæуæгигъæумæ. Мæ уæзласæн хуæдтолгæ фæууорæдтон Маркуси гъæунги, спортивон зали фарсмæ. Уоми тренировкитæ цудæй уæгъдебарæ гъæбесæйхуæстæй. Æз цæмæдесæй берæ фæккастæн æригон лæхъуæнти дæсни гъæбесæйхуæстмæ. Хъæбæр мæ бафæндадтæй мæн дæр мæ хъауритæ бавзарун æма æфсæрмитæгæнгæ бахизтæн залмæ. Тренер Суменати Керменæн исгъæр кодтон мæ фæндæ, мæн богал исун ке фæндуй, уой. Сумени-фурт мæмæ бакæститæ кодта æма мин загъта, цæмæй тренировкитæмæ цæун райдайуон.
Æз фурцийнæй мæ машини рабадтæн æма игъæлдзæгæй рараст дæн фæстæмæ Садонмæ. Сахари гъæунгти цæугæй, фæккомкоммæ дæн еу афишæмæ. Уоми финст адтæй: «Исон Декабристти хæдзари уодзæнæй устур еристæ. Цæгат Иристони чемпион Дзгойти Аслæнбег гъæбесæй хуæцдзæнæй советон цирки игъустгонд богæлттæ Сычев, Смыслов æма æндæрти хæццæ. Хонæн уæ, ке фæндуй, етæ æрбацæуæнтæ».
Æз дуккаг бон фæстæмæ балæудтæн Дзæуæгигъæуи. Мæ къохи бафтудæй аци гъæбесæйхуæстмæ бакæсун. Абони дæр ми не ’ронх кæнуй, бæрзонд, нарæгастæу, федæрттæ, уæйугарæзт богал Дзгойти Аслæнбег сцени горцъемæ ку рахизтæй, уæд ин адæм куд æрдзæф кодтонцæ, е. Аслæнбег хъæбæр гъæддух фæллæудтæй аци игъустгонд богæлтти нихмæ.
Æз уæд федарæй загътон мæхецæн: æнæмæнгæ гъæуама исуон богал.
Аслæнбеги фиццаг хатт гъæбесæй хуæцгæ ку фæууидтон, уæдæй фæстæмæ æнæзийнадæй цæун байдæдтон тренировкитæмæ. Фæстагмæ хæстæгдæр базонгæ дæн Аслæнбеги хæццæ дæр. Адтан æмуæзонтæ. Ахид тренировкити хуæстан еумæ. Е къохæй адтæй хъæбæр домбай. Лæги æ бæрзæйæй æрахæста, зæгъгæ, уæд си райервæзæн нæбал уидæ.
1952 анзи Бакуй цудæй ССР Цæдеси чемпионат уæгъдебарæ гъæбесæйхуæстæй. Уоми Иристони кадæ 73 килограмми уæзи гъæуай кодтан дууемæй – æз æма Дзгой-фурт. Еци еристи æз, ке зæгъун æй гъæуй, фæххуæрд дæн Аслæнбегæн, фал мæ дæс хуæздæр спортсменей номхигъдмæ ке бахастонцæ, уомæй адтæн сæрустур. Нифситæ мин æвардта Аслæнбег дæр.
Æз дæр мæхебæл зæрдиагæй кустон æма еу æнтæстдзийнадæй иннемæ кодтон æндиуддæр къахдзæфтæ.
Цалдæр дзурди мæ зæгъун фæндуй, Аслæнбег куд хæларзæрдæ æма æмгаруарзон адтæй, уой туххæй. Пединститути физкультури факультети дуккаг къурси ку ахур кодтон, уæд уæхæн уазал зумæг искодта æма, мæ уæле гъар хъæппæлæн ци искодтайнæ, е нæ адтæй, æма цалдæр бони нæ рандæ дæн ахурмæ. Уой æрæстæфтæй Аслæнбег. Æрбауадæй мæмæ, æ уæлейæй мин раласта æ гъар пъæлито æма мин æй балæвар кодта. Æз ин æй нæ кумдтон, фал мин æй уæддæр мæ уæле искæнун кодта. Фæстæдæр ба ин æхе фæууидтон еу тæнæг дæрдгун пъæлитой. Æз ин æй фæстæмæ бæргæ лæвардтон, фал мин æй нæбал бакумдта. Фæлмæн мæмæ бахудтæй æма мин загъта:
– Аци пъæлито æндеггæй бакæсгæй тæнæг зиннуй, фал медæггæй ба хъæбæр гъар æй…
Аслæнбег адтæй игъæлдзæг æма гъазæн дзубандитæгæнагæ. Ростови нæхе цæттæ кодтан бæсти чемпионатмæ. Рæфтад кæнун афонæ адтæй æма Аслæнбег Бестаути Алимбег æма Баллати Амурханмæ дзоруй:
– Гъæйдæ, неци ма бахуардтайтæ?
– Хæрæги тъæнгтæ бахуардтан, – загъта ин Амурхан.
Дзгойти Аслæнбеги фурт Таймораз, уæгъдебарæ гъæбесæйхуæстæй дуйней дууæ хатти чемпион, уотæ имисуй: «Мæ фидæн æ уодиконди зæрдæмæдзæугæдæр менеугутæй еу е адтæй, æма алли гъуддаги тæккæ сæйрагдæрбæл нимадта рæстдзийнадæ, æнадæй-æнадæдæр ин адтæнцæ хийнæдзийнадæ, фæливд миутæ. Уомæ гæсгæ спорти дæр æгадæбæл нимадта æлхæнгæ уæлахез. Уæлахез уæд фæууй уæлахезбæл нимад æма æцæг кæдзосзæрдæй ку рамолуй. Гъулæггагæн, æгадæ мулдтитæ ка ракодта, уæхæнттæ еу æма дууæ нæ адтæнцæ. Фал си мæ фидæ æ уодхæссæг уидта. Нецæбæл сæ нимадта, æма мæн дæр, уæдта æ еугур гъомбæлгæнгути дæр уæхæн зундирахастбæл ахур кодта.
Еци дзубанди фегъосгæй, Аслæнбег бахудтæй æма мæнæн уотæ бакодта:
– Михал, атæ сæхуæдтæ куд зæгъунцæ, уотемæй æфсес æнцæ æма цæуæн нæхуæдтæ рæфтад искæнæн…
Аци хабар ба Украини сахар Зинтари адтæй. Уоми Аслæнбеги хæццæ нæхе цæттæ кодтан бæсти чемпионатмæ. Аслæнбег цардæй хецæн уати Украини чемпион 52 килограмми уæзи Леонид Фиргер æма нæ бæсти чемпион Николай Комови хæццæ. Аслæнбег æма Николай изæрæй рагириз кæнунмæ гъавтонцæ Леонидæй. Æхсæвæ еу афони Комов æ фуни барæй гъæрæй дзоруй:
– Æз нуртæккæ, мæнæ мæ уати ка ес, уонæй еуей гъæуама рамарон…
Леонидбæл катай бафтудæй æма Аслæнбеги размæ бауадæй. Аслæнбег имæ гъæццоли бунæй æ кард радардта æма ин зæгъуй:
– Игъосун æй, игъосун!.. Мадта мæмæ минкъий хæстæгдæр æрбацæуа, æз ин аци кардæй æ сæр ратæхун кæндзæнæн…
Леониди бустæгидæр тас бацудæй. Æ дзаумæуттæ рамбурд кодта æма сæ уатæй фæллигъдæй.
Аслæнбег æма Николай сауæнгæ сæумæмæ нæбал бафунæй æнцæ. Фурходæгæй сæбæл хуссæг дæр нæбал цæфстæй.
Аци хабар дæр Украини адтæй. 1956 анзи Киеви ресторани рæфтад кæнгæй, Николай Комови хæццæ Аслæнбег рахæснæ кодта, е айдагъ е ’нгулдзити хъаурæй хуæруйнæгтæй идзаг стъол хæрдмæ ке исесдзæнæй æма ’й еу рауæнæй иннæ рауæнмæ ке рахæсдзæнæй, уобæл. Аслæнбег рамулдта аци хæснæ æма Комов фæммулд æй. Багъудæй æй е ’мбæлттæн сехуари аргъ федун.
Зин, хъæбæр зин ниббухсæн фæууй, Аслæнбеги хузæн фæрнгун лæгтæ Иристонæй ку фæгъгъæунцæ, уæд уомæн. Бæргæ, æ сæдæ анзей бонмæ ма æхуæдæг дæр ку фæццардайдæ, уæд нин цал ходæги æма игъæлдзæг хабари ракодтайдæ, фал… Хъисмæт ци искæрда, уой сæрти рахезун адæймаги бон нæй.
Айдагъдæр еу гъуддаг бæрæг æй: уæхæн лæгтæн райгурæн бон фæууй, рамæлæн бон ба – некæд.
ЧЕРЧЕСТИ Хъасболат, публицист, финсæг
Æ КУРУХОНДЗИЙНАДÆЙ ДЕСИ ÆФТУДТА!..
БАГАТИ Славик, Уæрæсей Федераций æскъуæлхт тренер, падагогон наукити кандидат:
– Мæнæн Аслæнбег Захари фурт бафнæзуйнаг адтæй куд тренер æма æхсæнадон архайæг, куд хестæр æма гъомбæлгæнæг. Мæ цардæндæргъци æз уæхæн курухон адæймагбæл некæдма исæмбалдтæн. Алли фарстати дæр æрæхстгин, куд спорти къабази, уотæ æхсæнадон царди фарстати дæр. æ цард еугурæй дæр адтæй дæнцæн хæссуйнаг. Мадта цæйбæрцæбæл хъазауатонæй фæллæггадæ кодта нæ уарзон Иристонæн, нæ Фидибæстæн æнæгъæнæй!.. Хъæбæр мæ фæндуй, уæддæр еу гæзæмæ уой хуæрзуоди менеугутæй мæнмæ дæр ести ку уайдæ.
БАФÆНЗУЙНАГ ГЪОМБÆЛГÆНÆГ, ЗУНДАМОНÆГ!..
Салман ХАСИМИКОВ (Цæцæн), ССР Цæдеси спорти æскъуæлхт мастер, дуйней цуппар хатти чемпион:
– Абони дæр ма Аслæнбегмæ кæсун фиди цæстæй. Алли гъуддаги дæр адтæй бафæнзуйнаг, æцæг гъомбæлгæнæг æма ахургæнæг.
Уой гъомбæлгæнуйнæгти къохи ци æнтæститæ æфтудæй, уæхæн дуккаг нæбал разиндзæнæй.
Сауæнгæ ма мæ уарзон тренер Багати Деги дæр æ гъомбæлкæнуйнаг адтæй Грознай косгæй, нæ фидибæстон спорти агъазиаудæр хузтæй еуей, гъæбесæйхæсти туруса исистонцæ тæккæ цитгиндзийнади тæккæ бæрзонддæр цъоппмæ.
ÆЦÆГÆЙДÆР АДТÆЙ ХУÆЗДÆРТÆЙ ХУÆЗДÆР!..
Томас БАРБА (Мæску), ССР цæдеси æскъуæлхт тренер:
– Дзгой-фурт адтæй устур адæймаг æма устур тренер. Адтæй ахургонд, цæмæдессаг алцизонагæ, æцæг интеллигентон зундрахаст кæмæ адтæй, уæхæн адæймаг. Ахургæндти, сауæнгæ игъустгонд профессорти æхсæн берæ ес арф зунди хецæуттæ, фал си æцæг интелиггенттæ ба хуæрзæстæнтæ æнцæ. Аслæнбег ба æ дæснийади адтæй искурдиадæгин ахургонд дæр, профессор дæр, интеллигент дæр. Æхцæуæн мин адтæй, Дзгой-фурт æ рæстæги ХХ-аг æноси хуæздæр трененрбæл нимад ке æрцудæй, е. Æцæгæйдæр адтæй хуæздæртæй-хуæздæр.
АЛЛИ ГЪУДДАГИ ДÆР – ДÆНЦÆН ХÆССУЙНАГ!..
ТАУИТТИ Валери, Уæрæсей æскъуæлхт тренер:
– Аслæнбег махæн, нæ æригонæй æ хæццæ архайуни амондæй ни ка фæххайгин æй, адтæй дæнцæн хæссуйнаг нæ алли гъуддаги дæр. Æз мæхуæдæг уой агъазæй райдæдтон спортивон еристи комментаторæй косун. Æ унæфтæ алкæддæр уиуонцæ раст, æ уайдзæф дæр зæгъидæ комкоммæ, уой дæр фæлмæн хузи, æма ни ’й алкедæр балæдæридæ бозæй, æ зæгъунæгтæ нин уиуонцæ зундамунди хузæн, æ хæццæ исарази уогæй, архайдтан сæ исæнхæст кæнунбæл.архайдтан зæрдиагæй… Цийфæнди гъуддаги дæр æй банимайун æнгъезуй устур дæснибæл.