ЦӔГӔРАТИ Максим
РАЗМӔ!..
Фӕсарӕфтӕ, фӕззигон бон – гъунтъуз ӕма мӕтъӕл. Дзармадзанти уӕззау нӕрун уайтӕккӕ фӕппурх уй сабур думги уозӕлӕнти. Хӕстӕгӕй игъусуй пулеметти къӕр-къӕр. Надбӕл еци ӕскъӕрӕги уайунцӕ хуӕдтолгитӕ, фестӕг ӕфсӕддонтӕ ӕма бӕхбӕлбадгутӕй сӕ тӕккӕ идзаг, уотемӕй… тагъд кӕнунцӕ размӕ…
Мӕнӕ соса надӕй еуварсгомау минкъий туппурбӕл бӕласи буни ӕ цъӕх бухар ходи, ӕ сау сӕрак пъӕлитой лӕууй Иссӕ ӕма кумӕдӕр ӕдзинӕг кӕсуй. Бӕрӕг ӕй, цӕбӕлдӕр ке тухсуй. Разӕй дони иннӕ фарс – венгриаг гъӕу. Содзунцӕ кӕройнаг хӕдзӕрттӕ ӕма сӕ сау хъуӕцӕ нидздзӕгъӕлтӕ ‘й арвбӕл.
Тухсуй Иссӕ… Мӕстгун кӕнуй цӕмӕдӕр. Ӕма куд нӕ тухса, абони сӕумицъӕхӕй нури уӕнгӕ ӕ хъазахъӕгти дууӕ полкки тох кӕнунцӕ устур цӕугӕдони билгӕрон. Размӕ ӕмпурсунӕй син нецибал ӕнтӕсуй. Ӕ тугъдонтӕ еуӕй-еу рауӕнти бӕргӕ исистунцӕ размӕ рампурсуни зӕрдтӕй, фал бабӕй сӕбӕл знаг уайтӕккӕдӕр минитӕй, дзармадзани нӕмгутӕй ехуарӕгау дорадзагъд исаразуй. Ци гӕнӕн ма син фӕууй, ӕма ӕрхити аууӕнтти сӕхе ӕрримӕхсунцӕ фӕстӕмӕ.
Гъӕу пеллон арт уадзуй, фал цума немуцӕн сӕ уод айдагъдӕр еци минкъий гъӕубӕл лӕууй, уой хузӕн ибӕл ниццӕггаг ӕнцӕ. Цӕугӕдони сӕрти хедтӕ фехалдтонцӕ. Гъӕуи бакомкоммӕ ма ци зубути еунӕг хед байзадӕй, уой буни ба минитӕ байвардтонцӕ. Цалдӕр артиллерион батарейи ӕнӕсцохӕй ӕхсунцӕ ӕ бацӕуӕнтӕ. Ӕставднӕмуггин пулеметтӕ ба ин ӕ фаллаг фарси ӕрӕвардтонцӕ ӕма етӕ, хедмӕ хӕстӕг еске ку фӕззиннуй, уӕд баст ӕрра куйти хузӕн «рӕйунбӕл» фӕццалх унцӕ.
Ӕрӕги-дурӕги, ӕ уӕлгъос ӕрбалӕудтӕй ӕригон майор. Ӕма, карз хӕстуолӕфт кӕнгӕй, радзурдта:
– Ӕмбал гвардий инӕлар, хед минитӕй ракӕдзос кодтан!..
– Хуарз, – ӕ цӕсгон фӕррохсдӕр ӕй, – уотемӕй загъта Иссӕ. – Артиллеристтӕн зӕгъӕ, ӕма гъӕуи ӕндаг фарсмӕ, рацӕуӕнтӕмӕ хъӕбӕрдӕр ӕхсонцӕ.
– Игъосун! – дзуапп равардта майор ӕма ецирдӕмӕ фӕннӕхстӕр ӕй.
Иссӕ ма фӕстаг хатт венгриаг гъӕубӕл ӕ цӕстингас рахаста, уӕдта ӕ адъютантмӕ фӕдздзурдта:
– Мӕ бӕх мин!.. Рӕвдзӕдӕр!..
Адъютант ӕй куд нӕ балӕдӕрдтӕй, Иссӕ бабӕй цидӕр ке исфӕндӕ кодта, уой, ӕма фӕстӕтӕрӕ кӕнунмӕ бӕргӕ гъавта. Фал имӕ ӕхе фӕззилдта ӕма никки карздӕрӕй фӕгъгъӕр кодта:
– Ӕз кӕмӕ дзорун?.. Мӕ бӕх!..
Адъютант нецибал загъта, хъӕбӕр ӕнӕбарийӕй фӕннӕхстӕр ӕй, минкъий ӕндӕдӕр ӕрхи бӕх кӕми лӕудтӕй, ецирдӕмӕ. Цӕстифӕнникъулдмӕ ӕд бӕх фӕстӕмӕ фездахтӕй.
– Ӕз цӕун!.. Полкти командиртӕн зӕгъӕ – гъӕуи цӕгатварси сӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕнӕн…
Иссӕ цӕргӕси хузӕн истахтӕй ӕ игӕрхуз байрагмӕ ӕма еци-еу ӕскъардӕй фӕййагайдта размӕ.
Уӕд дин кӕцӕйдӕр лӕф-лӕфгӕнгӕ фӕззиндтӕй Исси хуӕдӕййевӕг болкъон Юрченко. Адъютантбӕл ӕ пурхӕ ракалдта:
– Цал хатти дин зӕгъун гъӕуй?.. Ести ибӕл ку ‘рцӕуа, уӕд дин ӕз дӕ рагъдзар растъегъдзӕнӕн!..
– Ци ин мӕ бон адтӕй?! Зӕгъун, кӕд тагъддӕр фӕззиннисӕ ӕма ‘й ду бауорамисӕ, зӕгъгӕ, уой ӕнгъӕлӕй фӕдфӕлевӕнтӕ бӕргӕ кодтон, фал… Уӕхӕн тъӕлланг мӕбӕл фӕккодта, – ӕхе ма бӕргӕ рӕститӕ кодта адъютант.
– Тъӕлланг… Ӕма ӕ фӕдбӕл хӕлеуцъухӕй байзадтӕ… Нур ба ма ибӕл хуӕцӕ… Раздахӕ ‘й фӕстӕмӕ… – сагъӕсхузӕй хъур-хъур кодта Юрченко ӕма ӕ къох мӕстгун рӕуигъд ракодта, уотемӕй е дӕр гъӕуи ‘рдӕмӕ ниййарцӕ ‘й, ӕ бӕзгин гъӕлӕс ма уӕлдӕфи райзӕлдӕй:
– Мӕ фӕдбӕл!.. Размӕ!..
Хъазахъӕгти корпуси политикон хайади хецау болкъон Юрченко хуарз зудта, уӕхӕн сахат Исси фӕсте байзайун ци ӕй, уой, ӕма адъютантмӕ дӕр уой фудӕй уотӕ зустӕй исдзурдта. Нур ба Исси бабӕй сорун багъӕудзӕнӕй, агорун. Е ба ӕнцон нӕ фӕууй уӕхӕн рӕстӕги.
Цӕугӕдони билгӕрон нӕхеуӕнттӕй кадӕр ӕ автомат бӕрзонд исиста, ӕма ӕ тухӕ-ӕ-бонӕй гъӕр кодта:
– Ра-а-з-мӕ!.. Командӕгӕнӕг донуордӕг фӕцӕй!.. Ра-а-з-мӕ!..
Ӕфсӕддонтӕ ниххӕррӕт кодтонцӕ. Ка – хедбӕл, ка – донбӕл… Бӕстӕ гъӕр, гӕрах иссӕй… Топпихуаси хъуӕцӕ уолӕфӕнтӕ ӕхгӕдта…
Ӕ маузер ӕ къохи, уотемӕй размӕ фати хузӕн тӕхуй Иссӕ ӕ игӕрхуз байрагбӕл. Мӕнӕ фӕххӕстӕг кӕнуй хедигъосмӕ… Бӕх размӕ ӕ уоди бицъинӕг тонуй. Кӕройнаг хӕдзарӕй рагӕпп кодтонцӕ знаги цалдӕр ӕфсӕддони. Дууӕ си уайтӕккӕдӕр фӕууӕлгоммӕ ‘нцӕ. Е Исси маузер ӕ кусти карзи бацудӕй. Немуцӕгтӕ цалдӕремӕй фӕкъкъуар ӕнцӕ. Иссӕ сӕ фӕдбӕл… Фиццаг… Дуккаг… Ӕртиккаг… Хаунцӕ кезугай… Ледзунцӕ уодаистӕй немуцӕгтӕ…
Мӕнӕ еу хӕдзари фӕсдзӕгатӕй гъӕунгмӕ, ӕ къохи даргъгъӕдӕгин гранат, уотемӕй расӕррӕтт кодта немуцаг афицер. Ци ‘рцудӕй, уомӕн неци лӕдӕрдтӕй ӕма сӕлхӕри ракӕсӕ-бакӕсӕ кӕнуй. Бӕласи аууон ӕхе раримахста. Зӕнхӕбӕл ӕрхъан ӕй. Уӕдта, ӕ гранат дӕр си феронх ӕй, уотемӕй рӕзӕдони ‘рдӕмӕ ниццавта. Фӕстӕ фӕккӕсунмӕ дӕр ӕй нӕбал евдӕлуй… Берӕ ин нӕбал бантӕстӕй – хӕрдмӕ фесхъиудтӕй, кинзелӕ никкодта ӕ медбунат ӕма ӕ къемботтӕ размӕ бахаста.
Иссӕ ма имӕ еу каст фӕккодта ӕма ӕ бӕх цӕхгӕрмӕ гъӕунги ‘рдӕмӕ фӕззилдта.
Оперативон къуарӕй Исси фӕдбӕл ма хеди сӕрти ка ӕрбайервазтӕй, етӕ знаги ӕфсӕддонтӕй кӕдзос кодтонцӕ гъӕуи кӕройнаг хӕдзӕрттӕ. Исси байраг исфинкӕ ‘й, еугур дон фестадӕй.
Уӕлахези цийнӕ ӕ тухгин базуртӕбӕл идарддӕр хаста Исси хъазахъӕгти. Знаг лигъдӕй Венгрий ӕфхуӕрд зӕнхӕй. Ӕ фӕсте уагъта сугъд будуртӕ, ӕдзӕрӕг гъӕутӕ, сахарти сау ӕртхотӕг, адӕми уӕззау хъонц ӕма тӕрегъӕд.
Абонсарӕй уойбӕрцӕбӕл карз тох ци гъӕубӕл фӕккодтонцӕ, е фӕсте райзадӕй. Разӕй – нӕуӕг гъӕутӕ, нӕуӕг сахартӕ, нӕуӕг нӕдтӕ. Етӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ Советон ӕфсӕддонмӕ, сӕребарӕмӕ.
Сӕребарӕ ба ӕнӕмӕнгӕ уодзӕнӕй!.. Ӕ карди комбӕл, ӕ хуӕцӕнгарзи гебохбӕл ӕй хӕссуй, арти ка нӕ содзуй, дон ке нӕ ласуй, нӕмуг ке нӕ есуй, еци советон ӕфсӕддон.
Уодзӕнӕй, тагъд мах гъӕунги дӕр уодзӕнӕй бӕрӕгбон!.. Ӕма еци устур бӕрӕгбони арфи зӕгъуйнӕгтӕ зӕгъдзӕнӕнцӕ Плити бӕгъатӕр Исси туххӕй дӕр…
Хуӕцӕг ӕфсад. Венгри. 1944 анз.
ФОНДЗЕЙ КӔСТӔР
Къӕсхуртӕ, рацӕргӕ силгоймаг бадуй хуссӕни фарсмӕ. Ӕ рази къелай къохбӕл дӕрдгун китель хуӕрзеугути хӕццӕ. Хӕдзарӕмӕ ӕрбахезӕни галеуӕрдигӕй къуми дууӕ лӕдзӕги, цума сӕ идард балций фӕсте сӕ фӕллад уадзунцӕ, уой хузӕн сӕхе фарсбӕл банцойнӕ кодтонцӕ.
Хуссӕни хуссуй ӕригон биццеу. Нӕуӕгдаст, фӕлорс цӕсгон. Сатӕгсау сӕригъунтӕ пурхӕнтӕй лӕуунцӕ уорс базицъарӕбӕл. Тарфунӕй кӕнуй биццеу. Ӕ еу къах ӕ буни ӕрбатумбул кодта, иннӕ – растӕй лӕууй.
Ӕхенимӕр сосӕггай кӕуй мадӕ. Уомӕл цӕститӕй кӕсуй ӕ фурти хуӕрзеугутӕмӕ, лӕдзгутӕмӕ.
Хӕдзарӕмӕ ӕрбахизтӕй синхӕгти уосӕ. Мадӕ ’й уайтӕкки нӕ бафеппайдта.
– Ӕгайтима дӕ биццеу дзӕбӕхӕй иссудӕй, – дзоруй синхаг. – Ӕнгъӕлдӕн, кӕугӕ кӕнис?..
– Арфиаг уо, – ӕфсӕрмигӕнӕгау дзуапп дӕттуй мадӕ, уотемӕй ӕ сӕрбӕттӕни кӕронӕй сӕрфуй ӕ цӕстисугтӕ. – Бахатир кӕнӕ, кӕстӕр боц фӕууй… Фондзей кӕстӕр ӕй. Иннетӕй неци хабар ес… Кӕсун имӕ – тухсуй ӕ фуни. Ӕвӕдзи, ӕ зӕнгӕ бафӕлладӕй. Кӕд ӕй, иннӕ зӕнги хузӕн ӕ буни ку ӕрбатумбул кӕнидӕ, е фӕндуй…
Мадӕ ӕ минкъий къох арӕхстгай ӕрӕвардта фурти цӕф зӕнгӕбӕл ӕма ӕ цӕстисугтӕй идзаг цӕститӕй кӕсуй ӕ синхагмӕ.
НАРИ ЗӔНХӔ
Зӕнхӕ… Ци нӕ фӕууидтай, ци нӕ бавзурстай. Арф фӕдтӕ, содзгӕ гъӕдгӕнттӕ, тогӕрхӕнтӕ… Ка сӕ банимайдзӕнӕй, ка сӕ равзардзӕнӕй? Цард дӕр дӕуӕй рантӕстӕй, ном дӕр ин ду равардтай. Цал хеди ӕртӕхи бауорӕдтай, цал цӕстисуги ранихъуардтай. Ӕвӕдзи, цӕхгун дӕр уомӕй дӕ, не схӕссӕг, нӕ дарӕг зӕнхӕ!..
Хуӕнхтӕ дин уӕзӕ нӕ кӕнунцӕ, денгизти дӕхе не ‘ртаис, лӕги къахӕн пакъуй хузӕн фӕлмӕн дӕ, лӕги фӕззиндбӕл ӕгӕрон цийнӕ кӕнис. Еу рауӕн дӕ дессаги деденгутӕй тӕмӕнтӕ калис, иннӕ рауӕн ба кокойнӕ синдзӕй ӕмӕхгӕд дӕ. Кӕми дӕбӕл болӕмаргъ зӕллангӕй заруй, кӕми ба дӕбӕл сау халӕнттӕ сӕхецӕн ахстӕнттӕ бийунцӕ. Еу рауӕн дӕ рӕзӕ бӕлӕстӕ арвмӕ исхъӕртунцӕ, иннӕ рауӕн де ‘носон ехтӕ сӕ буни искодтонцӕ. Аллихузон дӕ, гъолон дӕ, фал кӕмидӕриддӕр ӕгӕрон адгин зӕрдӕн. Нецӕбӕл дин ес баййевӕн, нецӕмӕй дин ес балхӕнӕн!
Мӕнӕ дӕ берӕ будуртӕй еу минкъий морӕ – Нари гъӕу, Нари зӕнхӕ. Хуӕнхтӕ ‘й фӕйнердигӕй нилхъивтонцӕ, дӕнттӕ ин ӕ фӕрстӕмӕ лӕборунцӕ. Зӕйтӕ, уарунтӕ ‘й нихснадтонцӕ. Карз думгӕ гъазуй ӕ бауӕри. Лӕууй уӕддӕр, ӕ зӕронд ихӕлд мӕсгутӕй фӕлгӕсуй ӕ алливӕрстӕмӕ. Уоми рӕгътӕбӕл, къӕдзӕхти фӕрстӕбӕл, мӕгур лӕги кӕрци ӕмпъозӕни хузӕн зиннунцӕ ӕхе хузӕн зӕнхи гӕбӕзтӕ, игуӕрдӕнтӕ. Алкӕмӕндӕр си ес ӕхе ном, ӕхе нисан. Фал сӕ ка зонуй ами цӕргутӕй уӕлдай?
Ӕндӕр ӕй уонӕн сӕ хъисмӕт, сӕ амонд. Уоми дӕр уалдзӕг мети бунӕй ӕ сӕр сдаруй дзӕкъолон. Уордигӕй дӕр сӕрди тӕвди фегъусуй цӕвгути скъот, фиййӕутти зарун. Уоми дӕр ӕрӕгвӕззӕги синдзӕбӕл баргъӕвсуй халон. Уоми дӕр ӕхсӕвӕй-бонӕй думгӕ неуй.
Хуӕнхаг фудуаг ӕрдзӕ, ӕмхузон кӕми нӕ дӕ аллирауӕн дӕр!
…Уойбӕрцӕ ӕрцӕугӕ нӕма фӕууидтон еу рауӕнмӕ…
Ка дин загъта, кӕмӕй фегъустай фиццагидӕр еци дзурдтӕ. Нари зӕнхӕ? Кӕд дӕбӕл бӕгъӕнвад, бӕгъӕнсарӕй ци берӕ сувӕллӕнттӕ уадӕнцӕ, уонӕй си еске загъта? Кӕд сӕ, идард бӕстӕй дӕмӕ къулухӕй, ӕфхуӕрдӕй ци сауцӕстӕ лӕхъуӕн ӕрбаздахтӕй, уомӕй фегъустай? Кӕдӕй нурмӕ райгъустӕй дӕ кади ном Уӕллагири коми Нари цӕргутӕй? Ке туххӕй дӕмӕ бацӕнцӕ къахӕхсист адӕм? Тумугъ дӕр сӕ ку нӕ уорамуй, ӕфцӕгутӕбӕл дӕр ку хезунцӕ. Ци нӕ ‘взагӕй дӕмӕ дзорунцӕ, уӕхӕн ку нӕбал байзадӕй. Рагон хъинцгӕнагӕ уӕрдунти бӕсти дӕмӕ рӕуӕг хуӕдтолгити ку ӕрбалӕуунцӕ. Сугъзӕринттӕ дӕмӕ ку нӕййес, иннӕ зӕнхити гӕбӕзтӕй уӕлдай дӕбӕл ӕнахур деденгутӕ ку нӕ зайуй. Дӕ сӕрмӕ рӕгътӕбӕл уӕлдӕф кӕдзосдӕр ку ӕй, гъӕди къохи цъеутӕ рӕсугъддӕр ку зарунцӕ, дӕ синхӕгти хӕццӕ ӕмхузон арви буни ку айтӕ, уӕд ду уотӕ амондгун кӕцӕй фӕдтӕ?
Нигъгъос ӕй, неци дзоруй Нари зӕнхӕ. Айдагъдӕр думгӕ, хуӕнхаг думгӕ, цъететӕй думуй, деденгути адгин тӕф, ӕхсӕрдзӕнти зӕлланг хӕссуй ӕ хӕццӕ ӕма мин мӕ гъоси дзоруй:
– Ами кӕддӕр иссугъдӕй устур зӕрдӕ. Ниррохс кодта кӕмтти наргутӕ ӕма си бонӕй-бонмӕ хъӕбӕрдӕр тавуй ӕ цӕхӕрӕй адӕми…
Амондгун дӕ, арфӕйаг дӕ, Нари зӕнхӕ!..
ХОРИ ГЪАР
Хор ранигулдӕй. Зуймон хор. Кӕмидӕр ма арви кӕрӕнттӕ сурх пеллон артӕй содзунцӕ. Идард кӕмидӕр… Ами ба бӕрзити къох изӕригӕнтти ранигъулдӕй. Ӕрмӕстдӕр ма еугай бӕлӕсти бӕрзонд цъоппитӕ содзунцӕ хори тунтӕмӕ.
Ӕнахур дӕргъвӕтийнӕ суф-суф мӕбӕл ӕ уазал ӕрбакалдта, мӕ ходӕ мин исесун кодта. Уӕлдӕф гӕркъӕрагӕ цъеуӕй байдзаг ӕй. Бӕлӕстӕн сӕ тӕккӕ бӕрзонддӕри цъопмӕ, цума мети къубӕрттӕ адтӕнцӕ ӕма сӕ еске ӕхсгӕ фӕкодта, уоййау аллирдигӕй тӕхун байдӕдтонцӕ. Бӕласи цъопп мети къубарӕ фестадӕй, ратасӕ-батасӕ кодта. Хори минкъий рохсмӕ дзӕбӕх зиндтӕнцӕ цъеути сатӕг-сау базуртӕ. Кӕрдӕни ӕвзӕгти хузӕн сагелтӕ.
Хор ранигулдӕй. Ӕ тунти рохс ратадӕй бӕласи цъопбӕл, цъеути базуртӕбӕл. Уорс къубарӕ цума гӕзӕмӕ фӕмминкъийдӕр ӕй. Кӕсун имӕ ӕдзинӕг. Гӕркъӕрӕгтӕ ’змӕлгӕ дӕр нӕбал кӕнунцӕ. Кӕд, сӕ базурти ’змӕлдӕй хори гъар ку фӕлледза, уомӕй тӕрсунцӕ ӕма уомӕн уотӕ нигъгъос ӕнцӕ? Уойбӕрцӕ гӕркъӕрӕгти уӕзӕн куд фӕразунцӕ бӕласи салд хехтӕ! Кӕд, цъеутӕ кӕрӕдземӕ куд ӕнгомдӕр бадонцӕ, уотӕ сӕ уӕзӕ рӕуӕгдӕр кӕнуй? Ӕвӕдзи. Ӕндӕр айфонмӕ еугайӕй нигъзалдайуонцӕ.
Хор… Ӕносон хор. Цума, дӕ гъарӕй ка нӕ ирӕзуй, дӕ уодӕй уод кӕми нӕ бацӕуй, бӕстӕбӕл уӕхӕн ести ес?
Уӕ изӕр хуарз, гӕркъӕраг цъеутӕ. Ма фехалетӕ уе ’нгомдзийнадӕ. Багъӕуай кӕнетӕ хори гъар…