05 ноября 2024

ЦӔЛОЙТИ РӔСУГЪД

08.07.2022 | 17:13

Ӕмбисонд ӕрбауай, Цӕлойтӕн сӕ рӕсугъд, гъей,

Мӕ уд мын фӕхӕссы дӕ бакаст, дӕ бахудт, гъей.

Ӕз нал дӕн хӕдзарӕй, ӕмгӕрттӕй фӕцух дӕн, гъей,

Ӕррайау дӕ фӕстӕ куы зилын ӕдзухдӕр, гъей.

 

Фӕлӕ мӕ нӕ уыныс, нӕ цӕуыс мӕ цурмӕ, гъей,

Мӕ сагъӕс, мӕ рыст мын нӕ дарыс ӕрдумӕ, гъей.

Мӕ курӕг фӕцӕуа – ысдзырд ӕй нӕ уадзыс, гъей,

Ӕдзух ӕй ӕгадӕй фӕстӕмӕ ыздахыс, гьей.

 

Ӕрцӕут, хӕлӕрттӕ, ӕрцӕут мӕ размӕ, гъей,

Ӕмгарӕн йӕ сагъӕс фӕсурут, цӕй, дардмӕ, гъей.

Пӕсӕйы рӕсугъдмӕ мӕ бӕсты фӕцӕут, гьей,

Мӕ зарӕг, мӕ кадӕг йӕ разы фӕкӕнут, гъей.

 

Зӕгъут ын, хӕлӕрттӕ, зӕгъут ын мӕ номӕй, гъей,

Мӕнӕн дӕр мӕ фӕрстӕ кӕй не сты ӕндонӕй, гьей.

Мӕ зӕрдӕ йӕ мӕтӕй кӕй судзы, кӕй риссы, гъей,

Мӕ хъару, мӕ тых мын кӕй сӕтты, кӕй исы, гъей.

 

Зӕгъут ын ӕргомӕй, бирӕ йӕ кӕй уарзын, гъей,

Ӕнӕ уый цӕрын ӕз кӕй нӕуал фӕразын, гъей.

Мӕ сомы йӕ номӕй ӕдзух ӕз кӕй кӕнын, гъей,

Йӕ дзырдмӕ – «цӕуын дӕм» – ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсын, гъей.

 

ДАУРАТИ Дамир, Цæгат Иристони адæмон финсæг

Евгъуд æноси 90-аг æнзти райдайæни нæ республики журналистти уæди Цæдеси фæндæмæ гæсгæ исфæлдистадон балций рандæ дæн идард Сиримæ. Абони уоми медбæстон тугъд цæуй, кæрæдзей си марунцæ æма стъегъунцæ, сабур цард си ихæлуй, фал уæд æз уоми ме ‘мбæлтти хæццæ фæууидтон рæсугъд æма райдзаст сахартæ æма гъæутæ, иуазæгуарзон æма медбилти ходгæ адæми, махбæл хъæбæр бацийнæ кодтонцæ уоми цæрæг ирæнттæ, нæ цуди сæр фулдæр етæ адтæнцæ.

Еу æхсæвæ æнафони аци бæсти сæйраг сахар Дамаски рохс гъæунгтæй еуеми тезгъо кодтан. Нæ фусунти хестæр Æлбегати Азæмæт æма æз – разæй, нæ иннæ æмбæлттæ ба – фæстегæй. Фарста мæ Иристони, нæ бæсти хабæрттæй. Æз куд арæхстæн, уотæ ин дзуапп лæвардтон. Азæмæт нигъгъос æй, æхе гъудити ранигъулдæй, еуминкъий мæ райдард æй, æма æнæнгъæлæги райгъустæй æ зарун:

 

– Æмбисонд æрбауай,

Цæлойтæн сæ рæсугъд, гъей,

Мæ уд мын фæхаста

Дæ бакаст, дæ бахудт…

Æз мæ медбунати сагъдауæй байзадтæн, фæстегæй мæ ме ‘мбæлццон Гокъоти Хадзиморат æрбаййафта, еци æнæдзоргæй кæрæдземæ бакастан. Дес, Цийнæ æма Сæрустурдзийнадæй байдзаг æнцæ нæ цæститæ æма зæрдитæ. Игъустæнцæ ирон лирикон зари ездон дзурдтæ æцæгæлон сахари астæу, истудтонцæ æнæсайд уарзондзийнади æма дууæ уодей кæдзос æнкъарæнтæ. Уæдмæ, æвæдзи, Азæмæт бафеппайдта æ фарсмæ ке нæбал дæн, уой, æ зар æрдæгбæл фæууагъта, фæстæмæ нæмæ разилдæй, нæ размæ æрæздахтæй æма нин нæ уавæр ку балæдæрдтæй, уæд зæнхæмæ ниндзаст æй æма загъта:

– Иристон мæ зæрдæбæл ку ‘рбалæууй, уæд ахид аци зар низзарун… Еу-инсæй анзей размæ мин уордигæй еу пластинкæ æрбарвистонцæ, байехсуйунмæ мин гъавуй, фал бабæй нæбал фæллæуун, нæуæгæй æма бабæй æй нæуæгæй исæвæрун. Мæ фидтæлти зæнхæбæл мæ балæуун кæнуй мæ бæллецти, базуртæ мæбæл базайуй, мæ цæститæбæл нæ хуæнхтæ æма нæ ирон силгоймæгтæ рауайунцæ. Уæхæн адтæй Цæлойти кизгæ дæр. Хæстæгмæ ‘й сумахæй неке зудта, неке фæуудта?.. Æцæг адтæй уæхæн зари аккаг рæсугъд?..

Мах бабæй Хадзиморати хæццæ кæрæдземæ бакастан, уæхæн æнæнгъæлæги фарстатæн нæмæ, гъулæггагæн, дзуæппитæ нæ разиндтæй: нæй зудтан, нæ еу дæр æй нæдæр хæстæгмæ фæууидта, нæдæр идардмæ, кедæр загъдау, æз уобæл гъуди дæр некæд ракодтон, айдагъдæр зудтон еци зар Туати Дауити пьесæ «Пæсæйы фæндон»-и ке ес, уой.

Уобæл æнзтæ рацудæй, Дамаски еци æхсæвæ мæ иронх кæнун дæр ма райдæдта, фал уæдмæ бабæй мæ еци балци туххæй мæ киунугæ геппи рауагътон æма мæмæ уæдæй фæстæмæ нæ фембæлдтити фарстатæ дæттун райдæдтонцæ: ка адтæй Цæлойти рæсугъд, циуавæр адтæй, ци косæг, цæмæн ибæл ес уæхæн зар, уагæри циуавæр рæсугъд адтæй… Етæ мæхецæн дæр цæмæдесаг иссæнцæ…

Æма уæд еу сæумæ Дзæуæгигъæуи Дзанайти Ивани гъæунги бахуастон игъустгонд аййевадон архайæг, Дауити кизгæ Темини дуар æма мæ е кæд бустæги нæ, уæддæр еу минкъий æцæгдзийнадæ базонунмæ фæххæстæгдæр кодта.

– Кæд ма ести зонун, уæд æ фиццаг вариант хундтæй Саламати рæсугъди зар, – загъта мин е. – Мæ мадæ Люби ном си иссирдта мæ фидæ. Адтæй æрæдойнаг кизгæ, цуппар æнсувæри æма аст хуæрей кæстæр. Хуæртæн адтæй сæ тæккæ рæсугъддæр. Æхуæдæг куд имиста, уотемæй революций размæ адтæнцæ гъæздуг æма кадгин хæдзарæбæл нимад, адтæй сæмæ цалдæр тукани, дæлæ Кæрдзини гъæуи рази Бехъани цади алливарс зæнхитæ дæр ани адтæнцæ. Абони уæнгæ ма Æрæдони астæу сæ хæдзæрттæй еу рæстæги тумугътæн ихалун нæ бакумдта, æ фарсбæл ма «Саламатæ», зæгъгæ, бакæсæн дæр ес… Мæ фиди хæццæ кæрæдзей хъæбæр берæ уарзтонцæ. Дауит ку рамардæй, уæд ин Туати хестæртæ барæ равардтонцæ, нурма, дан, æригон дæ æма æндæр амонд иссерæ, фал е не ‘сарази æй… Гъе æцæг зари Цæлойтæй цæмæн рагæпп кодта, мæ мадæй рæсугъддæр ка разиндтæй, мæ фидæ æ фæндæ цæмæн раййивта, уони дин нæ зæгъдзæнæн. Нæ сæ зонун. Бафæрсæ ма…

Адтæн архивти, бабæрæг кодтон театралон æма литературон музейтæ, кастæн Дауитæн æхе имисуйнæгтæ æ пьесæбæл куд куста, уой туххæй, дзубанди кодта нæ Ирон театри зæронд артисттæй кедæрти хæццæ… Еци зари историй туххæй мин си неке неци радзурдта…

Фал дзæгъæли нæ фæззæгъунцæ ку агорай, уæд æнæмæнгæ иссердзæнæ, æнгъæлмæ кæсунæн дæр фæразун зонун гъæуй, зæгъгæ. Еци гъуддагбæл мæ къох ракъуæрунмæ куд гъавтон, уотæ мæ еу изæр телефонæй дзубандимæ иссирдта Дзæуæгигъæуи педагогон институти ахургæнæг, хумæллæггаг Цæлойти-Фидарати Риммæ:

– Рагацау дин æй зæгъон: е адтæй мæ фиди хестæр æнсувæри кизгæ Изетæ, – райдæдта æ дзубанди ку исæмбалдан, уæд Риммæ, – æз мæхуæдæг дæр уой æрæги базудтон, раздæр ба ин 50-аг æнзти райдайæни æ зар фегъустон. Еу зуймон изæр æй фиццаг хатт нæ гъæуи колхози уазал клуби разардта нæ ахургæнæг Æгайти Александр, фæндурæй ба ин цагъта нæ синхаг Калоти киндзæ Минтæ. Абони дæр ма мæ цæститæбæл уайуй еци æрдæг талингæ зали бадæг адæм куд исистадæнцæ æма син къохæмдзæгъдæй куд арфæ кодтонцæ, е.

Æз ма хуарз гъуди кæнун, нæ хестæртæ куд дестæ кодтонцæ, уой, махæн, дан, нæ тъума-тъумай дæр Изети хузæн рæсугъд силгоймаг нæма адтæй, мадта, дан, æ мади æрвадтæлти ‘рдигæй дæр уæхæн неке гъуди кæнæн. Æрдзæ ин ци уиндæ æма ци конд равардта, етæ ин раздæр маст æрхастонцæ, фæстæдæр ба – намус.

Цуппæрдæс анзи ибæл ку цудæй, уæд æй бауарзта Æлбегати биццеу Митя нæхе гъæуæй. Минæвæрттæ цалдæр хатти æрбахизтæнцæ Цæлойти къæсæртæбæл æма-еу уал хатти зæрдæзæгъгæ дзуапп нæ райстонцæ, уотемæй раздахтæнцæ. Нæ муггаги хестæртæ ‘й киндзи раттуни кой нæ уагътонцæ, Æлбегатæ ба лæуд адтæнцæ æндæр фæндæбæл:

– Нур нин æй раттетæ, цалинмæ киндздзон кизгæ исуа, уæдмæ бал Æлбегатæмæ гъомбæл кæндзæнæй, уæдта гъуддаг æхуæдæг æхе амондзæнæй.

Махуæнттæ ку нæ арази кодтонцæ, уæд еу фæссехуар Изетæ е ‘мбал кизгутти хæццæ гъæугæрон куройни размæ нинæгътæ тонунмæ куд рандæй, уотæ ‘й Æлбегати биццеутæ багъæуай кодтонцæ æма ‘й раскъафтонцæ. Гъæу æмæзмæлд иссæй. Минкъий ма багъæуа æма дууæ муггаги кæрæдземæ тохæнгæрзтæ ма исесонцæ, Хуцау хуарз, æма се ‘хсæн курухон лæгтæ бацудæнцæ.

Нæ гъæуи хестæртæ ма абони дæр гъуди кæнунцæ еци Æлбегати. Адтæй син рагон цъæхсæр хæдзæрттæ Хумæллæги бæстастæу, фал сæбæл 30-аг æнзти кулакки ном исæвардтонцæ æма син сæ фехалдтонцæ, фæстæдæр уони равардтонцæ бунæттон гъæусоветæн, уæдта бабæй партий райкомæн дууæуæладзугон исамадтонцæ, еу тургъи ин исæвардтонцæ Сталини бæрзонд циртдзæвæн. Нуртæккæ уоми ес сувæллæнтти рæвдауæндонæ.

Еци хæдзарвæндагæй абони некебал ес, Сибирмæ сæ фæххастонцæ, айдагъдæр сæ биццеу æма сæ киндзæн Ленингрдамæ фæлледзун бантæстæй. 1941 анзи Изетæ рацудæй Иристонмæ. Уæдма син биццеу райгурдæй æма, дан, æй мæ хæстæгутæн фæууинун кæнон. Фал еци бæнттæй еуеми райдæдта Устур Фидибæстон тугъд æма ‘й фæстæмæ еци тæссаг надбæл нæбал рауагътонцæ. Æ цардæмбал Митя уоми еунæгæй байзадæй æма блокади гъезæмæрттæ еугурей дæр æхебæл бавзурста: тугъд Невай билæй ку райдард æй, уæд æй Изетæ ниййафта незæфхуæрдæй. Кæд ин ниййерæг зæнхи уæлдæф ести агъаз фæууидæ, зæгъгæ, ма ‘й Хумæллæгмæ бæргæ исласта.

Изетæ нæбал раздахтæй, уоми, дан, кедæр сахари еунæгæй куд уодзæнæн, ци уодзæнæн, зæгъгæ, æма уоми фатер Дзæуæгигъæумæ баййивта, æрцардæй Мæскуй гъæунги 4-аг хæдзари.

Еци рæстæг нæхе Ирон театри кустонцæ «Пæсæйы фæндон» сценæбæл æрæвæрунмæ. Пьеси сæйраг хъайтартæй еу, колхози бригадир Æхсарбег е ‘стур æнкъарæнтæ æма æ зæрди содзгæ сагъæстæ æ уарзон кизгæн гъæуама раргом кæна евгъуд æностæй нæмæ ка æрхъæрттæй, еци адæмон зари дзурдти. Фал етæ нур гъæуама хауонцæ кæддæри æримисгæ зинæнæнвæрсон, æгæр сæрустур кизгæ Пæсæмæ нæ, фал нæхуæдтæ ке зонæн, æцæг уарзти аккаг ка й, абони Иристони тæккæ рæсугъддæрбæл ке нимайæн, уæхæн нуриккон хумæтæг æма ездон силгоймагмæ.

Æз дин æй, Дамир, дзорун мæхуæдæг æй куддæриддæрæй фегъустон, уотæ… Уæд, дан, зундгонд режиссер Тотрати Бесæ уотæ зæгъуй, уалæ, дан, æз ци хæдзари цæрун, уордæмæ æрæги кæцæйдæр ислигъдæй æнахур рæсугъд силгоймаг, æ муггаг Цæлойтæй, мæйтæ æма хортæ кæсунцæ æ цæсгонæй, æз, дан, уæхæн рæсугъд нæма фæууидтон нæ сахари. Артистбæл сæ цæмæдесдзийнадæ фæттухгиндæр æй æма театри нæлгоймæгтæ цалдæремæй еци хæдзарæмæ иссудæнцæ, уомæн рæуонæ иссирдтонцæ æма ин æ дуар бахуастонцæ:

– Нæ ирон сценæмæ гъæуама рацæуа мæнæ дæу хузæн рæсугъд æма хуæрзконд силгоймæгтæ. Хонæн дæ нæ театрмæ.

– Æз сæмæ бахудтæн, – фæстæдæр ахид æримисидæ еци бон æхуæдæг, – фал син не ‘сарази дæн, зæгъун, мæнæй уин цæй артист ес.

Уомæй еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте зундгонд театрæртасæг Бæциати Агудз спектакль «Пæсæйы фæндон»-и туххæй ци рецензи ниффинста, уоми ес мæнæ ауæхæн фæлмæн рæнгъитæ: «Æмæ мæнæ райзæлдæй Æхсарбеги (артист Баллати Валодя) зар – зæрди гъæрзун Цæлойти рæсугъди туххæй. Райзæлдæй æмæ еугурдæр уомæ игъосунмæ фæцæй, болæмæргъ æ дессаги зар ниууагъта, хуæнхон сауæдæнттæ сæ хæл-хæлæй фæгъгъос æнцæ, хæрандзийнадæ кæмидæр аууони æхе баримахста… Уæхæн æй æцæг уарзондзийнади тухæ, уæхæн домбай»…

Æз аци рæнгъитæ ку æримисун, уæд бабæй зæрдæ реуи исгупп-гупп кæнуй, сæрустурдзийнади æнкъарæнти сауæдонæ си игуруй.

Æвæдзи ма разиндзæнæй, аци хабæрттæ бæлвурддæр ка зонуй, еске сæ, гæнæн ес, æма æндæр хузи дæр фегъустайдæ. Уотæ дæр ма дзурдтонцæ, зæгъгæ, æндæр рæсугъдти номхигъд дæр ма, дан, сæмæ адтæй, æма уонæй дæр кæмæдæрти уинæг рандæнцæ, фал уæддæр фæстагмæ æрлæудтæнцæ Бесæйи кандидатурæбæл. Тæрегъæд зæгъун мæ нæ фæндуй, фал уотæ дæр райгъустæй театри косгутæй, дан, æй кадæр сосæгæй уарзуй æма ин еци хузи гъавта æ зæрдæ балхæнун. Нæ зонун, нæ зонун… Мæхебæл æнзтæ ку рацудæй, минкъий ку фендиуддæр дæн, уæд æй уомæй ку бафæрсинæ, зæгъгæ, фал имæ мæ нифс некæд бахастон æма еци сосæгдзийнæдтæ æ хæццæ е ‘цæг дуйнемæ фæххаста.

Фæффæрсунцæ мæ Изетæн Ленингради фæсте æ идарддæри хъисмæт куд рауадæй, уомæй. Æз ма хуарз гъуди кæнун, махæн нæхе хæдзарæй дуккаг хатт киндзи куд цудæй, уой. Киндзи æрцудæй ольгинскæйаг Борсæти Батæрбегмæ. Еци бон æз уоми мæхуæдæг æвдесæн ци цауæн адтæн, е ма абони дæр мæ цæститæбæл уайуй. Киндзи хестæртæмæ ку ракодтонцæ, уæд финги хестæр Гугкати Бодзикка исистадæй æма уотæ зæгъуй, киндзæн, дан, æ хæцъелæбæл еуминкъий хæрдмæ исхуæцайтæ, æ цæсгон нæмæ равдесетæ. Лæмбунæг имæ нимдзаст æй, еуцæйбæрцæдæр æдзинæгæй лæудтæй, уæдта ку ниддес уидæ:

– Мæнæ ци рæсугъд, мæнæ!..

Æма уобæл фæккиудтæй, бæгæний къос æ къохтæй æрхаудтæй, еци усмæ уоми æ уод исиста. Дæ цæститæбæл рауайун кæнæ, уоми цитæ цудайдæ, уой. Хæдзарæ силгоймæгти цъæхахстæй байдзаг æй, киндзæ, мæгур, фæттарстæй, никкудтæй æма балæгъуз æй, къохбæлхуæцæг æма е ‘мдзиуаргин ибæл фæххуæстæнцæ æма ‘й тургъæмæ раскъафтонцæ…

Еци æверхъау цау кæми æрцудæй, е мæнæн æма мæ кæстæр хуæрæ Майæн нæ хуссæнуат адтæй, фал мах уордæмæ нæбал бакумдтан, нæ хуссæнтæ æндæр рауæнмæ рахастан. Уомæй цалдæр боней фæсте мæ æмбесæхсæви мæ хуæрæ райгъал кодта Бодзиккай, дан, мæ фуни фæууидтон. Зæгъун, ци хабар æрцудæй, нурма ‘й нур ку банигæдтан. Цума, дан, нин нæ тургъи дуар æрбахуаста æма уотæ зæгъуй, мæ къæдзæлæдзæг, дан, уæ тургъи байзадæй, радавæ мин æй… Æма уобæл æрбадæлзæнхæ ‘й.

Мах уæд сауæнгæ боницъæхтæмæ нæбал бафунæй ан, уæдта нæмæ нæ мадæ дуккаг уæладзугмæ ку иссудæй, уæд ин еци фуни туххæй радзурдтан. Е цæхгæрмæ фæззилдæй, тургъæмæ рауадæй æма уоми дуари фæсте еци лæдзæг, æцæгæйдæр, ку разиннидæ. Исхаста син æй сæ хæдзарæмæ, етæ уæлмæрдтæмæ рандæнцæ æма ин æй æ цирти уæлгъос ниффæлдистонцæ.

Уæхæн дзоргутæ дæр адтæй, зæгъгæ, дан, еци кизгæрветæн бони Цæлойти тургъи ци цау æрцудæй, уомæ гæсгæ, кæд естæбæл æууæндæн, уæд Изетæ æ нæуæг хæдзари æнхæст амонд не ‘ссердзæнæй. Еуетæй е æруагæс кодта, иннетæй – нæ. Æ уоми цардæй æхуæдæг нæдæр æстаугæ ескæд ракодта, нæдæр – фаугæ, æцæг еци рæсугъдæй байзадæй зæронди бонтæмæ, æ уорс-уорсид сæр адæми астæу идардмæ зиндтæй, нæ кæстæртæ æдзох бæлдтæнцæ æ хæццæ гъæунги ратезгъо кæнунбæл, еугурæйдæр уонæмæ кастæнцæ…

Цæлойти рæсугъд рамардæй 1987 анзи уалдзæги. Æхуæдæг куд фæдзахста, уотæ ‘й банигæдтонцæ Хумæллæги астæуккаг уæлмæрдти. Æз ин æрæги бабæрæг кодтон æ цирт. Уарунтæ сæ фæд кæбæл ниууагътонцæ, уæхæн ниллæггомау циртæй мæмæ комкоммæ кастæнцæ æ устур хъоппæгъ цæститæ, даргъ бæзгин æрфгутæ, раст фий, фæтæн æма бæрзонд тæрних, æ сæригъунти æвæрд мин мæ цæститæбæл рауайун кодта, Къоста берæ ке уарзта, еци Цæликкати Анни хузæ поэтæн æхе конд портрети. Зæронд адæм ма фæззæгъунцæ уæхæнттæй, фиццагон ирон кизгуттæй адтæй, зæгъгæ.

Фæффæрсунцæ мæ Изети еунæг биццеу Костяйæй дæр. Цæруй Мæскуй. Уæлмæрдгæс мин куд загъта, уотемæй æй ами некæдма фæууидта, æвæдзи, дан, си Хумæллæгмæ над феронх æй…

Аци бæнтти дæр ами, Иристони, уæлдайдæр æхсæвæй-бонæй ка косуй, еци радиойæй ахид фегъусуй Цæлойти рæсугъди зар, фал мин кæддæр æцæгæлон Дамаски астæу ци устур цийнæ æрхаста, уæхæн нæбал æрхæссуй…

Цæмæн цума, мæ кæсæг?