05 ноября 2024

ЦӔРӔ ӔМА НИН ЦӔРӔ!..

10.02.2021 | 09:18

… Лексо арф ниууолӕфтӕй, уотемӕй ӕ фӕлмӕн цӕстингас рахаста сувӕллӕнттӕбӕл.

– Рацӕудзӕнӕй ӕнзтӕ. Байрӕздзинайтӕ, исустур уодзинайтӕ сумах дӕр. Алкедӕр иссердзӕнӕй ӕ бунат царди. Фал кӕмидӕриддӕр уайтӕ, цийфӕнди устур бунат ахӕссайтӕ, уӕддӕр макӕд исустурзӕрдӕ уотӕ дуйней рохс кӕми фӕууидтайтӕ, царди адӕ кӕми базудтайтӕ, еци бӕстӕбӕл, уӕ гъӕубӕстӕбӕл. Бӕласӕ ӕ уедӕгтӕй федар ӕй, адӕймаг ба – ӕ райгурӕн зӕнхӕй, ӕ къабӕзтӕй. Уӕд уин уодзӕнӕй аргъ адӕми ‘хсӕн дӕр, уӕ царди гъуддӕгутӕ дӕр уӕд цӕудзӕнӕнцӕ рӕстмӕ…»

Ауӕхӕн ӕй Хӕмицати Мориси финст радзурдтӕй еуей («Бӕласӕ ӕ уедӕгтӕй федар ӕй…) кӕронбӕттӕн. Ӕма ‘й хумӕтӕги нӕ ӕримистан – Морис ӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонти ӕ исфӕлдистадӕй дӕр ӕма ӕ цардӕгъдауӕй дӕр архайуй уобӕл, цӕмӕй нӕ дзилли, уӕлдайдӕр ба нӕ ирӕзгӕ фӕлтӕрти уодиконди федар кӕна рӕстзӕрдӕй Фидибӕстӕ уарзуни разӕнгарддзийнадӕ, нӕ адӕм цийфӕнди ӕгудзӕг ӕма тухст уавӕрти дӕр ке фӕрци тухгин разинниуонцӕ, цифуддӕр знӕгтӕбӕл дӕр фӕууӕлахез уиуонцӕ, еци зундирахаст цӕмӕй цӕрӕццаг уа нури доги дӕр… Ӕма ӕ еци фӕллойни нӕ фӕллайуй, уомӕн ӕвдесӕн ӕнцӕ, мӕнӕ фӕстаг рӕстӕгути Дигори гъӕутӕй цалдӕрей туххӕй ци киунугутӕ бацӕттӕ кодта, етӕ дӕр.

Уӕлдай ӕхцӕуӕн ба нин е ӕй, ӕгайтима имӕ нерӕнгӕ дӕр ма уӕхӕн уоди хъаурӕ ес. Мориси Иристони беретӕ зонунцӕ. Зонгӕ ба ‘й кӕнунцӕ, куд искурдиадӕгин журналист ӕма публицист. Куста газет «Северная Осетия»-и ӕма Цӕгат Иристони паддзахадон радиой, газеттӕ «Стыр Ныхас»-и, Хуӕнхон паддзахадон агроуниверситети газет «Хӕлардзийнади» сӕйраг редакторӕй. Ӕнӕкӕрон берӕ уарзуй спорт, радиойӕй футболӕй гъазти репортажтӕ абони дӕр хуарз гъуди кӕнунцӕ спортуарзгутӕ, ӕ очерктӕ ӕма уацтӕ цӕунцӕ адӕми зӕрдӕмӕ, ӕхцӕуӕнӕй сӕ фӕккӕсунцӕ алкӕддӕр газетти фӕрстӕбӕл.

Ес ин, куд не ‘мбӕлуй, уӕхӕн уарзӕгой зӕрдӕ. Маст дин неци хузи искӕндзӕнӕй, дӕ ристбӕл фӕрресдзӕнӕй, дӕ цийнӕбӕл сувӕллони хузӕн фӕццийнӕ кӕндзӕнӕй. Багъӕуаги, уӕлдайдӕр ӕнкъард ку уай, уӕд фӕндур ӕрбайсдзӕнӕй, уӕхӕн цӕгъдтитӕ дин ӕркӕндзӕнӕй ӕма дӕ рист феронх уодзӕнӕй, базуртӕ дӕбӕл басадздзӕнӕй.

Нӕхе Морис! Рагӕйдӕр лӕгдзийнӕдтӕй хайгин  дӕ ӕма сӕ царди арфиаг гъуддӕгутӕй исӕцӕг кӕнис, ӕма ди уомӕй нӕ дзиллӕ боз ӕнцӕ. Нур дӕ лӕги кари бацудтӕ, ӕма дӕхецӕн дӕ зӕрдӕ цидӕриддӕр зӕгъуй дӕ бийнонти къуари хӕццӕ, мах дӕр дин уой аккаг кӕнӕн. Ӕма зӕрдрохс, райдзаст уо, нез дӕмӕ авд  агарцемӕй хӕстӕгдӕр макӕд ӕрбацӕуӕд! Цӕрӕ ӕма нин цӕрӕ!

 

Газет «ДИГОРИ» редакций коллектив.

Адӕймаг ӕ хестӕри кари ку бацӕуй, уӕд лӕмбунӕгдӕр ӕма лӕдӕргӕдӕр цӕстингасӕй  фӕккӕсуй дуйнемӕ, царди фӕззелӕнтӕмӕ. Дӕлдӕр мухур кӕнӕн Хӕмицати Мориси сагъӕстӕ ӕма ӕ имисуйнӕгтӕ.