12 ноября 2024

«ЦÆГАТ КАВКАЗИ МУЗЫКАЛОН СЕЗОНТÆ» УОДЗÆНÆНЦÆ ЦАРДГЪОН!..

03.11.2020 | 22:37

МАХЪОТИ Ацæмæз

– Нæ Цæдес рагæй æнгъæлмæ кастæй Иристони музыкалон культури ирæзтбæл, музыкалон скъолати, училищети, симфонион оркестри фæззиндбæл, Уæрæсейаг æма ирон театрти спектаклтæмæ музыкæ ниффинсуни историбæл дзорæг киунуги рацудмæ, – загъта Махъоти Ацæмæз. – Гъудæй æрæмбурд кæнун биографион æма музыкалон æрмæгутæ, нæ музыкалон классикти исфæлдистадæбæл финст уацтæ. Етæ æнцæ æгæрон устур агъаз, нæ бæстæ æма нæ адæм сæрустур кæмæй æнцæ, еци композиторти, музыкантти, вокалистти, дирижерти нæуæг фæлтæри фæззиндæн. Е æй, æцæгæйдæр, ахедгæ уодвæллойнæ! Æма мæнæ рохс фæууидта. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма си ке ес, æрæги консерваторитæ каст ка фæцæй, еци æригон композиторти туххæй дæр æрмæг.

 

Советон доги ни цæргæ кæмæн рауадæй, етæ ма ’й хъæбæр хуарз гъуди кæнунцæ, уæд Цæгат Кавкази еугур рауæнти дæр цæйбæрцæ еумæйаг аййевадон бæрæгбæнттæ арæз цудæй. Адæм дæр, уæдта исфæлдистадон косгутæ дæр си хъæбæр разæнгардæй архайдтонцæ. Уомæ гæсгæ ба дзубанди дæр ибæл нæййес, еци мадзæлттæ цæйбæрцæбæл агъазиау фæрæзнæ адтæнцæ цæгаткавказаг адæмти ’хсæн хæлардзийнадæ æма еузæрдиуондзийнадæ федар кæнунæн… Уæдмæ Советон Цæдес фехалдæй, еугур гъуддæгутæ сæ къохти ка бакодта, еци «нæуæг цардарæзгути» ба уæхæн советон идеологий байзайæггæгтæ некæми гъудæнцæ, уомæн æма уодварни хæзнайæн иссæнцæ зудæ æма кæрæфдзийнадæ…

Уогæ цанæбæрæг рæстæг рацудæй, æма ’й уæддæр æрлæдæрдтан, цæйбæрцæбæл гъæугæ æма царддæттæг тухæ ес уæхæн еумæйаг исфæлдистадон æмархайди дæр. Æма хъæбæр зæрдиагæй бацийнæ кæнун æнгъезуй, уæхæн мадзæлттæ иснæуæг кæнунмæ æма сæ аразунмæ фæстаг рæстæги фулдæр æргом æздæхт ке цæуй, уобæл.

БÆТÆГАТИ Татьянæ

Уомæн æвдесæн мæнæ ауæхæн æхцæуæн хабар – æрæги нæмæ байгон æй фестиваль «Цæгат Кавкази музыкалон сезонтæ». Æ нисанеуæг æй – нæ региони адæмти  музыкалон культурæ æма композиторти традицион скъолай æгъдæуттæ парахат кæнун æма культури уагæбæл æмгустадæ рапарахат кæнун.

Аци агъазиау мадзал исаразунбæл нæ бæсти культури фонди агъазæй байархайдта Республикæ Цæгат Иристон-Аланий музыкалон фонд, федералон проект «Исфæлдистадон адæм»-мæ гæсгæ. Æма уой фæрци Цæгат Кавкази федералон зилди концертон залти  азæлдзæнæнцæ региони камерон, инструменталон, зартæгæнгути къуæртти аййевади хуæздæр уадзимистæ. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма проект исæнхæст кæнунбæл æновудæй, бæлвурдæй байархайдта нæ республики Паддзахадон филармоний аййевадон разамонæг, Уæрæсей Федераций аййевæдти æскъуæлхт архайæг Махъоти Ацæмæз.

– Аци фестиваль арæзт цæуй, куд нæ иннæ устур проекттæ, уотæ, Цæгат Кавкази композиторти уадзимистæ регионти цæргути ’хсæн парахат кæнуни нисанеуæгæй. Еума хуарздзийнадæ ба ма е æй, æма æ фæрци аразæн, цæмæй национ республикити композиторти уадзимистæ ахиддæр игъусонцæ æма фулдæр аййевадæуарзгутæн зундгонд уонцæ, – загъта Махъоти Ацæмæз.

Проект «Цæгат Кавкази музыкалон сезонтæ»-йи презентаци адтæй Уæрæсей Федераций композиторти Цæдеси цæгатиристойнаг хайади. Æма мæнæ ци фестивали кой кæнæн, уой сахар Назрани камерон музыки концертæй байгон кæнуни фæсте ба сæрмагонд концерт Уæлахези 75 анзей кадæн арæзт æрцæудзæнæй Дзæуæгигъæуи. Архайдзæнæнцæ си Дагестани Т. Мурадови номбæл паддзахадон филармоний æма Цæцæни А. Шахбулатови номбæл паддзахадон филармоний симфонион оркестр. Сæ аййевадон разамонæг – Уæрæсей Федераций адæмон артист Валерий Хлебников. Арæзт ма æрцæудзæнæй Дзæуæгигъæуи паддзахадон филармоний аййевадон коллективи концерт æма Цæгат Кавкази федералон зилди еугонд оркестри концерт Нальчикки (æ разамонæг – Уæрæсей Федераций æскъуæлхт артист Петр Темирканов). Уæхæн концерттæ ма арæзт æрцæудзæнæй Грознай, Пятигорски, Стъараполи, Нальчикки, Дзæуæгигъæуи. Архайдзæнæнцæ си Адыгейи музыки классик Джабраил Хаупа æма кæсгон композитор, пианист Мурат Кабардоков, Нальчикки ма арæзт æрцæудзæнæй исфæлдистадон лаборатори «Национ музыки еудзийнадæ – Цæгат Кавкази композиторти скъолай исфæлдистади».

Нальчикки арæзт æрцæудзæнæй дууæ ахсгиаг мадзали: сæ еуеми æркæсдзæнæнцæ нури доги домæнтæмæ гæсгæ Цæгат Кавкази композитортæн  сæ исфæлдистадон  архайди ахсгиагдæр фарстатæмæ, иннеми ба, кæци “Тумбул стъол”-и хузи уодзæнæй  Кæсæг-Балхъари паддзахадон филармоний, дзубанди цæудзæнæй,  Устур Фидибæстон тугъди туххæй Цæгат Кавкази композитортæ ци уадзимистæ ниффинстонцæ, уонæбæл.

Проекти дессагдзийнæдтæй еу исуодзæнæй, зундгонд æма æригон композитортæ Устур Фидибæстон тугъди туххæй ци музыкалон уадзимистæ ниффинстонцæ, етæ еумæ райгъусдзæнæнцæ.

Музыкалон форуми архайдзæнæнцæ сувæллæнтти æма фæсевæди исфæлдистадон коллективтæ. Цæцæни паддзахадон филармоний разамонæг, профессор Валерий Хлебников син исараздзæнæй дæснидзийнадæ æвдесæн ахуртæ, архайдзæнæнцæ си Грознай сувæллæнтти симфонион оркестр æма Дзæуæгигъæуи Гергити Валерийи номбæл аййевæдти колледжи гъесинфæндурæй цæгъдгути ансамбль.

Фестивали рæстæг аййевадæуарзгутæ ма базонгæ уодзæнæнцæ, «Иристони XX-XXI æноси музыкалон культурæ. Иристони 50 композиторей портреттæ», зæгъгæ, зундгонд музыкæртасæг, профессор Бæтæгати Татьяни монографий хæццæ. Уагъд æрцудæй Уæрæсей культури министради гранти фæрæзнитæй, æма ин презентаци ба арæзт æрцæудзæнæй Дзæуæгигъæуи фестивали мадзæлтти рæстæг, уой фæсте ба Цхинвали, уæдта Мæскуй Уæрæсей Президенти  рази цæгатиристойнаг минæваради.