11 ноября 2024

ЦÆМÆЙ НÆ ГЪÆУТИ ЦАРД ÆХСЕДА…

07.03.2023 | 17:13

Нæ республики гъæууон хæдзарадæ æма хуаллаги министр Къусрати Алан фембалдæй дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти хæццæ, урух æма лæмбунæг дзубанди кодта евгъуд 2022 анзи бæрæггæнæнтæбæл, уæдта Цæгат Иристони агропромышленнон комплекси идарддæри райрæзтæн ци мадзæлттæ ес, еци фарстатæбæл.

Æ радзубандий министр фæннисан кодта, республики разамунд ке æнхæст кæнуй гъæууон хæдзаради еугур къабæзти райрæзти программитæ. Уотемæй фермертæн, гъæууон хæдзаради иннæ товаруадзгутæн еугурвæрсуг агъаз кæнунцæ.

– Зæнхкосæгæн æ кусти бæрæггæнæнтæ æрдзи хуарзæнхæй аразгæ ’нцæ. Евгъуд анз берæ цæлхдортæ исæвзурдæй сæ размæ, тухгин дунгитæ, ехуарунтæ, содзгæ хор хъæбæр бакъулумпи кодтонцæ æма хуарæрзад, иннæ æнзти хæццæ рабаргæй, минкъийдæр рауадæй, 124,5 мин гектари, фæзуатæй 2022 анзи нартихуар бафтудтонцæ 78,9 мин гектаребæл. Еумæйагæй си райстонцæ 784,4 мин тонни хуар, е æй 92 мин тонни минкъийдæр 2021 анзи тиллæгæй. Æрдзон фидбилизти фудæй гъигæдард баййафтонцæ хуари культурити 4,7 мин гектари, – загъта министр.

Журналистти фарстатæн дзуапп дæтгæй, фегъосун кодта картоф аразуни куст ке фæмминкъийдæр æй, уой. Зæгъæн, кæд 2021 анзи хæдзарæдти æрзайун кодтонцæ 68,2 мин тонней бæрцæ, уæд 2022 анзи ба айдагъ 54,7 мин тонни. Анхосæгтæ ’нцæ æрдзон уавæртæ, уæдта аци хуаллаги культурæ ке домуй берæ хæрзтæ æма фудæбон, республики нæййес картофæфснайæн бунæттæ, уомæ гæсгæ уæйæгонд цæуй аслан аргъæй будурæй. Æ бакосæг си неци æфтуйæггæгтæ райсуй. Ци берæ незтæ ес, уонæй еу – картофи уорс румпæг ку фæззинна, уæд æ хæццæ зин тохгæнæн æй. Фал нифс ес, аци уалдзæг нæ картофи будуртæ ке фæуурухдæр уодзæнæнцæ.

Халсарти тиллæг рауадæй 25,8 мин тонни, евгъуд 2021 анзæй – 5,2 проценти фулдæр. Агротехнологон кустуатæн аци къабазæ паддзахадон агъаз райста 34 миллион соми.

Къусрати Алан æхцæуæнæй загъта, республики æнтæстгинæй ке кæнунцæ рæзи куст. Хе хæдзарæдтæ ма нимайгæй, евгъуд анз исæмбурд кодтан æма базарадæмæ рарвистан 58,8 мин тонни рæзæ. Е æй 9 мин тоннемæй фулдæр.

Дæнцæгæн æрхаста устур рæзæдæнттæ «Де-Густо», «Владка», «Казачий хутор», «Сады Алании». Уонæй алкæмæ дæр ес нуриккон рæзæфснайæнтæ, уæдта, талатæ кæми зайун кæнунцæ, уæхæн питомниктæ. Идарддæр ирæзунцæ æнгозæ æма æхсæрæ бæлæсти фæзуæттæ. Фæсарæнтæй ласт талатæ æма муггæгутæн паддзахадон субсидитæ нæбал уодзæнæй.

Дзубанди цудæй, ехуаруни нихмæ ка тох кæнуй, еци служби туххæй дæр.

– Сæ кустæй арази ан. Нури уæнгæ дæр сæмæ æфснайд ес 614 ракети, хæстæгдæр рæстæг сæ хæццæ бафинсдзинан бадзурд, æхца син радех кæндзæнæнцæ, цæмæй æнæкъулумпийæй уа сæ архайд, – загъта министр.

– Донхуаруги системæ иснæуæг кæнунбæл циуавæр куст цæуй, – бафарстонцæ журналисттæ.

– Хоргун рæстæг берæ ку рахæссуй, уæд хумти басор унцæ, сæ тиллæгæй зæнхкосæги зæрдæ нæ барохс уй. Донхуаруги куст кæми кæнунцæ, уоми уавæр бустæги æндæр æй.

Паддзахадон экспертизæ рацудæнцæ фондз проекти, косдзæнæнцæ Мæздæги райони хæдзарæдти. Сæ исарæзтæн финансон агъаз радех кæндзæнæнцæ 259 миллион соми субсидити хузи.

Махмæ еу гектар дæр æнæ гъудгондæй нæ байзайдзæнæй, – загъта министр. – Фæззигон хуартæ байтудтан 114 гектарей бæрцæ, мæнæуи, хъæбæрхуар æма рапси будуртæ, специалистти дзубандимæ гæсгæ, æнцæ хуарз уавæри.

Къусрати Алан хецæнæй загъта фонсдарунади къабази æнтæстдзийнæдтæбæл дæр – фид æма æхсири кустбæл. Нуртæккæ сторвонси нимæдзæ æй 27,3 мин сæри, уонæй 12,5 мин сæри æнцæ доцгæ гъоцитæ. Евгъуд анз 38,5 мин тонни фулдæр æрдугътонцæ æхсир.

Ахсгиаг æй, фæстаг рæстæг фуси фид фулдæр ке агорунцæ, е. Фустæ æма сæгъти нимæдзæ исхъæрттæй 87,4 минмæ, уонæй мадтæл фонс æнцæ 58,3 мин сæри.

Аци къабази райрæзтæн радех кодтонцæ 47,7 миллион соми.

Кæсалги куст кæнунæн республики бюджетæй радех кодтонцæ 119,7 миллион соми. Уотемæй, кæд евгъуд анз 6 мин тонни райстан кæсалгæ, уæд аци анзи ихæслæвæрдмæ гæсгæ ба 7 мин тонни кæсалгæ гъæуама рауæйæ кæнæн.

Æ ахедундзийнадæ идарддæр æвдесуй паддзахадон программæ «Гъæууон фæзуæтти комплекси райрæзт». Программи бундорбæл гъæути æййивд цæунцæ донуадзæн системитæ. Евгъуд анз бундоронæй цалцæггонд æрцудæнцæ Сунжи гъæуи дууæ скъолай æма Раздзæуæги скъола, программи бундорбæл куст цæуй Хумæллæги æма Чиколай спортивон скъолати. Брути араздзæнæнцæ нæуæг скъола, дони хæтæлтæ æййевдзæнæнцæ Веселыйи, Толдзгуни, Суадаги, Хумæллæги, Брут æма Елхотти. Æдеугурæй 13 объектемæн паддзахадæ радех кодта 1,2 миллиард соми. Уотемæй лухгонд æрцæудзæнæнцæ берæ социалон фарстатæ, цæмæй нæ гъæути цард æхседа.

– Аци анз, грантти хузи, агъаз фулдæр райсдзæнæнцæ бийнонти фермитæ. Уотæ адтæй евгъуд анзи дæр. 123 миллион соми райстонцæ 13 фермерон хæдзаради хецауи. Фæззиндзæнæй нæуæг кусти бунæттæ, кæндзæнæнцæ фид æма æхсири куститæ.

Министр куд байамудта, уотемæй ахид бунæтти исæмбæлунцæ гъæууон хæдзаради косгути хæццæ, зонунцæ син сæ сагъæстæ, министради специалисттæ цæттæ ’нцæ алливæрсуг агъаз бакæнунмæ.

ГУГКАТИ Жаннæ