06 октября 2024

ЦÆМÆЙ НÆ ИСОНИБОН ФÆРНÆЙДЗАГДÆР УА!..

30.11.2022 | 23:00

Нæ республики Хецауади иуонгтæ æрæги се ’мбурди æрдзубанди кодтонцæ нæуæг, 2023 анзи Цæгат Иристони социалон-экономикон æма культурон идарддæри райрæзти хæццæ баст фарстатæбæл.

Æмбурди райдайæни Хецауади сæрдар Дзанайти Барис æ радзубандий куд баханхæ кодта, уотемæй иннæ анз республикæ национ проекттæ, паддзахадон программитæ æма инвестицион проекттæмæ гæсгæ идарддæр æнхæстгонд цæудзæнæнцæ бундорон цалцæги æма социалон объектти райарæзти куститæ, рæвдауæндæнттæ æма скъолати, амбулаторити, поликлиникити, спортивон скондтæ æма культури Хæдзæртти, нæдти арæзтадæ. Уой фæдбæл уотæ загъта:

– Социалон инфраструктури объекттæ аразун ахсгиаг фарста æй, нæ граждæнтæ æнгъæлмæ кæсунцæ бæрзонд æмвæзадæбæл арæзт объекттæмæ. Гъæуама иннæ анзи нисантæмæ бæрнонæй ракæсæн, байархайæн, цæмæй алли объект дæр республики афойнадæбæл æма хуæрзцæттæй, гъома, сæ хуæрзгъæдæдзийнадæмæ аййеппитæ æрхæссæн ма уа.

Алли райони дæр гъæуама фæззинна цалдæр нæуæг арæзт æма нæуæггонд объектти. Зæгъæн, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади министри радзубанди адтæй Беслæни Рахесфарси райони поликлиники райарæзти, уæдта ма ами тагъд медицинон агъази Центри нæуæг бæстихай арæзт ке ’рцæудзæнæй, уой туххæй. Уомæй идарддæр ма министр куд фегъосун кодта, уотемæй Мæздæги райони гъæу Предгорноейи амбулатори арæзт æрцæудзæнæй, уæдта гъæути амбулаторитæ бундоронæй исцалцæг кæндзæнæнцæ.

Ахурадæ æма культури министр Алибегти Эллæ куд радзурдта, уотемæй ахуради къабази инфраструктурæ нæуæггонд цæудзæнæй. Куд фегъосун кодта, уотемæй гъæуама иннæ анз республики 22 скъолай бундоронæй исцалцæг кæнонцæ. Дзæуæгигъæуи аразун райдайдзæнæнцæ 1100 æма 550 бунати кæми уодзæнæй, уæхæн дууæ нæуæг скъолай. Беслæни райараздзæнæнцæ  сувæллæнтти исфæлдистади Хæдзарæ, уоми ма бавналдзæнæнцæ нæуæг музыкалон скъола аразунмæ дæр.

Культури министради ’рдигæй исфедар кодтонцæ фараст курдиади, уони хæццæ ’нцæ Алагири культури Хæдзарæ «Комсомолец», Беслæни фæсевæди Галауани райарæзт, Дигорай культурон ирæзти Центр æма Мæздæги райони Комаровайи гъæуи культури Хæдзарæ исараздзæнæнцæ. Уомæй уæлдай гъæуама Мæздæги, Горæтгæрон æма Дигори районти, Виноградныйи, Притеречноейи, Камбилеевки, Къора-Уорсдони гъæути культури Хæдзæрттæ бундоронæй исцалцæг кæндзæнæнцæ. Уæхæн гъуддæгутæ æнхæстгонд æрцæудзæнæнцæ Мæздæги музыкалон скъолай дæр.

Æрдзон фæрæзнитæ æма экологий, цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради, артаг æма энергетики министрадти, фæндагон инфраструктури комитети æма æндæр министрадти иннæ анзмæ аллихузон курдиадитæ дæр федаргонд æрцудæнцæ.

Æмбурдæй хатдзæгтæ кæнгæй, Дзанайти Барис бафæдзахста экономикон ирæзти министрадæн, цæмæй объектти еумæйаг хигъд бацæттæ кæнонцæ, арæзтадæ æма архитектури министрадæ ба гъæуама афойнадæбæл бадзурдтæ бафинса.

 

Аци хабæрттæ нин фегъосун кодта республики Сæргълæууæг æма Хецауади пресс-службæ