07 декабря 2024

ЦÆРАЙÆЙ ЦИ АДÆМ ЦÆРУЙ, Е ХУÆРЗАМОНДГУН ÆЙ!..

13.05.2023 | 10:49

Сергей МЕНЯЙЛО, нæ республики Сæргълæууæг:
 «НÆ ТÆККÆ АХЕДГÆДÆР ÆМА НИМАДДÆР БÆРÆГБОН НИН ÆЙ!..»

Сергей Меняйло нæ маддæлон æвзаг æма литератури Бони фæдбæл æ арфи нистауæни уотæ баханхæ кодта:

– Е æй тæккæ ахедгæдæр æма нимаддæр бæрæгбон нæ республики! Уомæн æма æвзаг уотид национ æмхузондзийнадæ бæрæггæнæнæй уæлдай ма æй адæми уодварни бундор, æ хуæдбундордзийнадæ æма æнæрафæлхатдзийнадæ, алкедæр ни æма æхсæнадæ еугæнæг культурон хæзна.

Национ æвзаг багъæуай кæнуни фарста адтæй, æй æма уодзæнæй республики Хецауади архайди ахсгиагдæр фарстатæй еу. Мах еудадзугдæр агъаз кæнæн нæ маддæлон æвзагбæл æрмæгутæ цæттæгæнæг национ теле- æма радиокомпанитæн, национ газеттæ æма журналтæн, маддæлон æвзагбæл ка финсуй, нæ еци литераторти æма журналисттæн сæ хуæздæрти алли анз дæр  сæрмагонд премитæй исхуарзæнхæ кæнæн. Республики æнхæстгонд цæуй сæрмагонд паддзахадон программæ, æ ихæс æй æвзаг гъæуай кæнун, æ идарддæри ирæзтбæл архайун.

Нуртæккæ нæмæ арæзт цæуй маддæлон æвзаги Центр, уоми фадуæттæ уодзæнæй хестæртæ æма кæстæртæн национ культурæ æма традицитæ ахур кæнунæн. Æнæ маддæлон æвзагæй нацийæн исонибон нæййес, æрбасатар уодзæнæй æма историй итигъдади фесæфдзæнæй. Уæхæн уавæр ба махæн сæрмæ хæссуйнаг нецихузи æй. Нæ маддæлон æвзаги идарддæри ирæзтæн нæмæ фадуæттæ ес, цæунцæ ибæл финст наукон куститæ, ахсгиаг журналистикон æрмæгутæ, литературон уадзимистæ. Не ’взаг нин уарзон æй уомæй, æма  цæруй бийнонти медастæу, фæллойнадон коллективти.

Æвзаги ирæзтæн алцидæр искодтан, зæгъгæ, зæгъун нæ бон нæма ’й. Нуриккон доги ин тæссаг æй берæ аллихузон æвзедæнтæй, алкæмидæр æма алцæмидæр ка буруй, еци глобализаци ихалуй хуæдбундордзийнади арæнтæ, æма уомæ гæсгæ ба æртивæрæй ауодун гъæуй нæ маддæлон æвзагбæл. Еугур гъæугæ мадзæлттæ дæр гъæуама аразæн æ багъæуай кæнунæн, æ идарддæри райрæзтæн, уомæн æма е æй нæ национ есбонади сæйрагдæр хæзна.

Еумæ байархайæн, цæмæй ирон æвзаг федæни фæлтæрти сæрбæлтау багъæуай кæнæн! Е гъæуама исуа нæ еумæйаг нисан. Æностæмæ цæрæд æма игъусæд нæ маддæлон æвзаг! Мæ зæрдæ уин зæгъуй сабурдзийнадæ, амонд, æнæнездзийнадæ æма устур æнтæстдзийнæдтæ!

ТУСКЪАТИ Таймораз, нæ республики Парламенти Сæрдар:
«НÆ УОДВАРНИ АГЪАЗИАУДÆР ХÆЗНА ГЪÆУАЙ КÆНУНÆЙ ИХÆСГИН АН ЕУГУРÆЙДÆР!..»

Алли анз дæр, 15 майи мах бæрæг кæнæн республики ахсгиагдæр бæрæгбæнттæй еу – нæ маддæлон æвзаг æма литератури Бон. Аци ахедгæ гъуддаг æнгом баст æй нæ цитгин, нæ адæми сæрбæл хъазауатонæй дзорæг Хетæгкати Къостай номи хæццæ. Уой исфæлдистадон бунтæн æ агъазиаудзийнадæмæ гæсгæ нæ национ культури æмбал нæййес.

Алли адæймагæн дæр æ маддæлон æвзаг æй æ уодварни тухи сауæдонæ. Уомæй райдайуй райгурæн зæнхæ, фидтæлтиккон истори, хуæдбундор æгъдæуттæ æма рæствæндаггæнæг хе национ хæзнатæ рæстуодæй уарзун æма сæ багъæуай кæнунбæл уодуæлдайæй архайд. Банимайæн ин ес федар бундорбæл, уой фæрци нæ гъæздуг æма аккаг евгъуди хæццæ иссан еу адæм. Аци устур хæзна гъæуай кæнун æй нæ еумæйаг ихæс, уомæн æма е æй адæми нæ республики цæрæг æндæр адæмти хæццæ бастдзийнæдтæ федар кæнуни ахсгиаг фæрæзнæ.

Мæ хъазар æмбæстæгтæ, мæ зæрдæ уин зæгъуй федар æнæнездзийнадæ, амонд, нæ уарзон Иристони сæрбæлтау æнтæстгин фæллойнæ. Бæрæгбони хуарзæнхæ уæ уæд, Иристони дзиллæ! Фарнæ æма амондæй хайгин уотæ!