Цæрикъати Маирбег: «НÆ ДУЙНЕ ГЪÆУАМА ÆНЦОЙНÆ КÆНА РÆСТАДÆБÆЛ!..»
Нæ уарзон Иристонæй алкæддæр сæрустур уомæй адтан, æма æ фæрнгун зæнхæбæл ке райгурдæнцæ æма исгъомбæл æнцæ уодæй кæдзос, лæгигъæдæй ацъагъуæгин, æгъдау æма æфсармæй æнхæст, цъухи дзурдæй федауцæ æма рæсугъд хъæбæр берæ адæймæгутæ. Сæ фидтæлти уодиконди хуæздæр менеугутæй фæххайгин уогæй, сæ арфиаг гъуддæгутæй Фидибæсти кадæ бæрзонддæр ка кодта æма кæнуй, уонæй еу æй Цæрикъати Осмæни фурт Маирбег дæр, Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæг, игъустгонд æхсæнадон архайæг.
Иристони дзилли цалдæр фæлтæремæй Цæрикъати Маирбеги ка нæ зонуй, уой дæр айдагъ аййевади архайгутæй нæ, фал хумæтæги адæмæй дæр, уæхæн, æвæдзи, ефстæгутæй уæлдай нæ разиндзæнæй – зонунцæ ‘й куд курухон æма дзурддзæугæ лæг, нæ кæстæртæн лæдæрд æма æхцæуæн ке зундамунд æй, уæхæн хестæр, куд нæ национ культури зингæдæр архайæг, æ райрæзти гъуддæгути агъазиауæй ка фескъуæлхтæй, уæхæн исфæлдистадон архайæг.
Цæрикъати Маирбег райгурдæй 1927 анзи 29 июли Чиколай. Æнтæстгинæй каст фæцæй Мæскуй аййевæдти институт 1952 анзи. Куста куд Уæрæсей æндæр рауæнти, уотæ нæхемæ Иристони дæр – бæрнон бунæтти, зæгъæн, нæ республики аййевадон Фонди директорæй, хузæгæнгути Цæдеси сæрдарæй. Æ сугъзæрийнæ къохтæй исфæлдиста аллихузон декоративон дзаумæуттæ, Устур Фидибæстон тугъди ка фæммард æй, еци бæгъатæртæн монументалон циртдзæвæнтæ, зæгъæн, Къостайгъæуи, Мæздæги, æй, Иристон Уæрæсей хæццæ байеу кæнуни 200 анзей кадæн Дзæуæгигъæуи бæрæгастæу ци агъазиау скульптурон композици æвæрд æрцудæй, уой исаразгутæй еу. Аллихузон жанрти исфæлгонц кодта нæ адæми æскъуæлхт адæймæгути сорæттæ.
Нæ дзурддзæугæ хестæр, игъустгонд скульптор Цæрикъати Маирбегæн æ исфæлдистадон æма æхсæнадон баргъондзийнадæмæ гæсгæ дзиллон лæг уогæй, ахид рауайидæ дзубанди кæнгæ дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти хæццæ, уомæн æма ци зæгъидæ, е уидæ ахсгиаг æма гъæугæ. Уогæ айдагъ кæддæр нæ – абони дæр æ уæдиккон дзубандитæ æнцæ, æригъосун кæмæ æнгъезуй æма си зунди хай райсун кæмæй æнгъезуй, уæхæн. Мах газети фæрстæбæл дæр рæстæгæй-рæстæгмæ фæззинниуонцæ Цæрикъати Маирбеги уæхæн æрмæгутæ, æма уæ сæ еуей хæццæ абони зонгæ кæнæн. Æ рæстæги ‘й бацæттæ кодта зундгонд журналист Тепсихъоти Зойæ (гъулæггагæн, абони не ‘хсæн нæбал æй, фал е ‘рмæги Маирбеги зæрдихатт уотæ æцæгæй ке бавдиста, уомæ гæсгæ ба ‘й нæуæгæй мухур кæнæн, раст зæгъгæй, еуцæйбæрцæдæр æййивддзийнæдтæ имæ бахæсгæй).
– Маирбег, фиццагидæр республикон газет «Дигорæ» æма æ коллектив, æхсæнадон уацхæсгутæ æма газеткæсгути номæй дин зæрдиуагæй арфæ кæнун, нæ Иристони хуарздзийнадæбæл куд еузæрдиуонæй æма хъазауатонæй архайис, уой фæдбæл ци берæ агъазиау гъуддæгутæ аразис, уой туххæй. Æма мæ фиццаг фарст дæр уомæ гæсгæ мæнæ ауæхæн æй: ду дæхуæдæг фæццардтæ æма цæрис кæдзосзæрдæй, æгъдаугинæй, æмгаруарзонæй. Куд дæмæ кæсуй, Маирбег, абони рæстзæрдæдзийнадæ, хуæрзæгъдау адæймæгутæбæл ахиддæр исæмбæлæн ес æви, нæ фидтæлтæ куд зæгъиуонцæ, къох бадæттун дæр кæмæ не ‘нгъезуй, уæхæнттæбæл? Еузагъдæй, нæ абони дзиллæмæ кæсгæй, ци аргъ ин искæнисæ?
– Кæмæ куд кæсуй, уобæл нæ дзордзæнæн, фал æз мæхуæдæг ба федарæй уотæ зæгъун, æма рагон рæстæгути дæр куд адтæй, уотæ нур дæр не ’хсæн фулдæрæй-фулдæр хуæрзуод адæймæгутæ ‘нцæ. Хуæрзгъæдæ уодигъæди еугур менеугутæй æнхæст адæймаг æрдзи исконди нæма рантæстæй. Адæймаг æ царди медæгæ архайгæ ку кæна, ести исаразунмæ ку тундза, уæд ин кæми фæлтæрддзийнадæ нæ фæффагæ кæнуй, кæми æнхæст нæ расагъæс кæнуй, æма рæдуйгæ дæр ракæнуй, разиннуй имæ цидæр аййепдзийнæдтæ дæр. Фал е уотæ тæссаг нæй, æ рæдуд лæдæрунгъон ку уа, сæ исраст кæнунбæл ку архайа, æма ин хатир кæнун æнгъезуй, æ уодигъæди хуарздзийнæдтæ фулдæр ку уонцæ æ аййепдзийнæдтæй.
Æркæсайтæ, фулдæр адæмтæ сæ цæрæнбонти фудæвзарæнтæ кодтонцæ уомæн, æма уодигъæди хуæрзеуæгдзийнадæн фагæ аргъ ке нæ кодтонцæ æма уомæй æнхæст ке нæ адтæнцæ, мæнæ уруссагау куд фæззæгъунцæ, «дефицит нравственных достоинств», зæгъгæ, еци «незæй» сæйгæ ке адтæнцæ, е сæ нæ тухсун кодта. Дуйней цивилизаци хуæрзæрдæмæ рапарахат æй уомæн, æма адæмтæн сæ хуæрзгъæдæдзийнади менеугутæ фулдæр ке адтæнцæ. Фал уой хæццæ ба цивилизаций раст ирæзт бустæги æнтæстгин уомæн нæ рауайидæ, æма ин къулумпитæ аразтонцæ адæмæн сæхе уоди сахъатдзийнæдтæ, кæцитæн сæ бундор адтæнцæ кæрæфдзийнадæ, мулкбæл æгæр æхцулдзийнадæ, æхсæнадон-моралон фæткитæ нецæмæ даргæй, хе пайдадзийнæдтæ фæффулдæр кæнунбæл архайгæй, æхсæнадæн зæран ке хастонцæ, е сæмæ нимади дæр ке нæ адтæй, еци зундирахаст. Æма абони ба уотæ нæй? Еци еугур еминитæй æгæр нæ фæссахъат æй нæ нуриккон æхсæнадæ дæр?
Уæхæн уавæр рæстзæрдæ дзилли куд нæ тухсун кæндзæнæй, фал нæ уæддæр еуцæйбæрцæдæр нифсгин кæнуй, аци фарстати фæдбæл нæ бæсти дæр æма нæ республики дæр цидæртæ арæзт ке цæуй, е. Еци архайд гъæуама идарддæр дæр никки парахатдæрæй конд цæуа – еунæг социалон-экономикон фарста дæр хузæнонæй арæзт не ‘рцæудзæнæй, æхсæнадæ уодварни гъуддагæй æнæнез æма цардгъон ку нæ уа, уæд. Ке зæрдæ ни нæ ресуй, фæстаг дæсгай æнзти дæргъи зæранхæссæг хъамилæй куд байдзаг æй нæ уодварни кæддæри рæсугъд æма уодæнцойнæ хæссæг дзæхæрадонæ, уомæ кæсгæй?!. Раст цума сансала бахуардтан, уой хузæн исæрра ан, нæ фидтæлтæ тухгин цæмæй адтæнцæ æма цийфæнди уæззау рæстæгути уæлахезон ке фæрци разинниуонцæ, уони, куд фæззæгъунцæ, куйгæлдзæнæй рагæлстан, нæ цæсти исæгадæ ‘нцæ. Æма нæ еци фудзунддзийнадæй ци рамулдтан? Æгириддæр неци – е нæ, фал ма уой нæхебæл балæдæрдтан, уой фудæй нæхуæдтæ нæхе ци æгудзæгдзийнæдти амæттаг бакодтан, уой. Хуарз æма нур æрæскъидтан. Фæззиндтæй нæмæ хуæрзæрдæмæ æййивддзийнæдтæ, сæ кеми цæун байдæдтонцæ нæ адæми моралон-этикон фæткитæ æма æгъдæуттæ, кæцити хуæрзгъæдæдзийнадæбæл адæмтæ кустонцæ берæ-берæ æности дæргъи.
Мæн зæрдæмæ раздæр дæр нæ цудæй, нигулæйнаг цардиуагæмæ кадæртæ хицæ ке кодтонцæ, е. Е уомæ гæсгæ нæ адтæй, æма еци уавæрмæ советон доги коммунистон идеологий цæстингасæй кастæн. Сауæнгæ уæддæр æй уидтон æма ‘й лæдæрдтæн, кæмæндæрти, исфæлдистадон интеллигенцийæй дæр æма хумæтæг адæмæй дæр, уæлдайдæр ба «æнæхсаст» фæсевæдæй кадæртæ уотæ хъæбæр кæмæ хицæ кодтонцæ, еци хорнигулæйнаг цардиуагæ нин æцæгæлон ке ‘й, нæ уоди æрдзи махæн пайда тала ке нæ исуадздзæнæй, уой. Хорнигулæни ци æма куд æй, уой æнхæст нæ равзаргæй æй нæхецæн пахампарæн ке равзурстан, е нæмæ æгæр исахид æй евгъуд æноси кæрони æма нури æноси райдайæни…
Дзубанди дæр ибæл нæййес, иннæ паддзахæдти æма æндæр адæмтæмæ бафæнзуйнагæй ци райсæн, уæхæй берæ цидæртæ разиндзæнæй.
Æма си нæхе бустæги ку еуварс кæнæн, уæд уомæй дæр раст нæ уодзинан. Æхсæнадæ размæ уæд цæуй, æма ку æнцайа евгъуд рæстæгути рæстдзийнадæбæл, циййесæн е ‘цæгдзийнадæ æнхæстæй ку лæдæра, лæмбунæг сæбæл расагъæс кæнгæй ку пайда кæна – фæнди еугурдуйнеуон, фæнди хе адæми – фæлтæрддзийнадæй, æцæг уодигъæди хуарздзийнадæ раст ирæзунæн агъаз куд уонцæ. Культурæ æма традицитæ, æвæдзи, еугур адæмтæн универсалон нæ уодзæнæнцæ. Алли адæм дæр æности дæргъи фæккосунцæ сæхе царди фæткæвæрд æма культурон хæзнатæбæл. Дуйне хуарз уомæй æй, æма айдагъ æвзагæй ке нæ хецæн кæнуй, фал ма хе царди зонундзийнадæй дæр. Еске цардиуаги фæткитæ æма æгъдæуттæбæл механикон æгъдауæй ниццæггаг ун пайдайаг нæй, фал си, ку зæгъун, цæстæ æрдарун æнгъезуй еуæй-еу фæззелæнтæмæ, кæцитæ æвдесунцæ еугурадæмон хæзнатæ, фæгъгъæздугдæр кæндзæнæнцæ æндæр адæмти культурæ дæр. Абони дуйнейи нæййес, алцæмæй дæр æнхæст ка уа, уæхæн цивилизацигонд демократи, кæци æ хуæрзарæзт æгъдауæй пайдайаг уа бафæнзуйнаги хузи еугур адæмтæн дæр.
Уæдта ин уотæ уæн дæр нæййес. Уомæ гæсгæ ба пайдайагдæр уодзæнæй адæмæн æхе культурон традицитæбæл æнцайун, рæстæги размæцуди æййивддзийнæдтæмæ гæсгæ сæ нæуæгдæр кæнгæй. Абони æхе цивилизацигонд демократи ка хонуй, уой хъозæнттæ цæбæл дзорунцæ – сæребарæ æма хуæдбарæдзийнадæ – е, мæнмæ гæсгæ, æгæр бæрзонд æвæрд цæуй, куд æнæнез æхсæнади ирæзтæн гъæугæ мадзал, уомæн æма еци дууæ домæни аллихузон политикон къуæрттæ айдагъдæр сæхецæн пайдай хузи лæдæрунцæ. Ами гъæуама искоса хе багъæуай кæнуни инстинкт зианхæссæг фæззиндтити, адæмæн сæ уоди традицион хæзнати цардгъондзийнадæ ка къулумпи кæнуй, уони нихмæ. Алли адæмихаттæн дæр ахсгиаг æй æхе традицитæ, æгъдæуттæ царди федардæр кæнун.
– Нæ бæсти граждæнтæ æндæр бæститæмæ, фæсарæнтæй ке кумæ бафæндуй, уордæмæ цæун ке байдæдтонцæ, уой фæдбæл ба ци зæгъдзæнæ?
– Аци фарстай туххæй дзоргæй, кæсун гъæуй, ка си цæй туххæй ранæхстæр уй фæсарæнтæмæ. Уомæн æма си берæ æнай-æнойти фæззелæнтæ раргом уй. Зæгъæн, уотид æндæр рауæнтæ фæууинуни зæрдтæй ка рабалци кæнуй, уой туххæй гъæуама ци зæгъон – уадзæ æма нæ адæм фулдæр зононцæ æндæр паддзахæдти цардиуаги туххæй, фæууинонцæ дуйней цæмæдесаг рауæнтæ. Фал, зæгъæн, æндæр бæститæмæ цæрун æма косуни туххæй ку рандæ унцæ, уæд е ба æндæр, вазуггиндæр фарста æй. Уомæн æма ахид уотæ рауайуй, æма цубур рæстæги фæсте си беретæ фæффæстæмæ унцæ – уоми цардиуагæ сæ зæрдæмæ ке нæ фæццæуй, уой фудæй, материалон æгъдауæй си царди уавæртæ хуæздæр уогæй дæр.
Абони нигулæн цивилизацибæл хе бæттун позитивон процесс æй, зæгъгæ, хъæбæр зинтæй рахонæн ес. Уогæ ба нин ауæхæн гъуди туххæй дæр нæ сæризунди тъунсунцæ аллихузон мадзæлтти фæрци, æма е ба лæгъузæрдæмæ зиннуй нæ цардиуаги хуæрзгъæдæдзийнадæбæл. Цæмæдесаг хабар е æй, æма хуæрзгъæдæ царди ирæзтæн нихкъуæрд ке дæттунцæ сæ аллихузон рекламитæй паддзахадон телеуинунадæ, уæлдайдæр ба центрон каналтæ, кæцитæ парахат кæнунцæ берæ, бахъодикæнуйнаг ка ‘й, уæхæн миутæ: кæрæдземæ карздзийнади æма тухæдзийнади цæстингасæй кæсун, аллихузон æнæгъдаудзийнадæ æма гириззагдзийнæдтæ æстаун æма уотæ идарддæр.
Алке дæр ни лæдæруй, е æгъдауихæлд ке ‘й, кæци моралон уагæй зиан хæссуй не ‘хсæнадæн. Уой ба нæ нуриккон «зундамонгутæ» хонунцæ демократон райарæзт, дзурди сæребарæ, дзиллон хабархæссæг фæрæзнити хуæдбарæ. Телеуинунади фæрци ихæлд цæуй æхсæнади цардиуаги уодварнон бундортæ. Паддзахади бон ба нæй, зæгъис, еци фуддзийнадæ райеуварс кæнун? Æгæрдæр ма æй, фал æхе уомæй цæмæдæр гæсгæ райеуварс кодта…
Æнгъæлдæн, е кæмæндæрти уæлиæутти бадæг æма мулкгинтæй пайда æй. Циуавæр пайдадзийнадæ райсæн ес уæхæн кинотæй, кæци рауæн æвдист цæуй тухæ æма ихæлддзийнадæ, сæ сæйраг хъайтартæ кæмæн æнцæ монстртæ, терминатортæ, æдзæсгæнттæ æма «уарзондзийнади цагъартæ». Еци ихæлд миути фудæй æхсæнади, гъулæггагæн, æгæр рафедар æнцæ æнæгъдаудзийнадæ, æбæрнон цæстингас æхсæнади раст фæткæмæ. Адæм кæрæдземæй æртæсунцæ, къуæрттæ кæнунцæ мулкитæмæ гæсгæ, фулдæрæй-фулдæр кæнунцæ давуни, æстъегъуни, маруни, гæртæнттæ есуни æма æхсæнадæн æндæр зианхæссæг цаутæ.
Зæгъæн ес, не ‘хсæнадæ уодиконди хуæрзгъæдæдзийнади фарстай лæмæгъдæргæнгæ цæуй, æхсæнади арфдæр ке кæнунцæ нæ ирæзгæ фæлтæрти нин бундзагъдгæнæг незтæ, гъома, алкоголизм, наркомани, хъахбайдзийнадæ. Кæд еци цаутæ нигулæйнаг рæсугъд цивилизаций мадзæлттæбæл банимайæн ес, уæд еци над раст рахонун æнгъезуй?
Абони нæ цардиуагæ, гъулæггагæн, уотæ ‘й, æма еуетæ, гъома, еугурадæмон есбонадæмæ æ рæстæги æнæдæндтитæй ка байервазтæй æма ибæл æдзæсгонæй ка фæххæлæф кодта, етæ исхъаурæгиндæр æнцæ æма бохъцардæй цæрунцæ, фал уæхæн фадуат ке нæ фæцæй, етæ ба царди фæрæзнитæй æнæхай кæнунцæ, сæ царди уавæртæ хъæбæр æгудзæг æнцæ æма гъе уотемæй уæхери кæнунцæ…
– Маирбег, æма уæхæн уавæр ци паддзахади исæвзурдæй, уой бон æй аккаг патриотон уагæбæл ирæзгæ фæлтæри исгъомбæл кæнун?
– Ке зæгъун æй гъæуй, уæхæн æнæбон экономикон политикæ ци бæсти ниффедар уа, уой бон нецихузи бауодзæнæй æнæнез, фæллойнæуарзон æхсæнадæ исгъомбæл кæнун. Рагъуди кæнайтæ: е куд æй, ахургæнæг, наукон косæг, дохтир, культури архайæг, гъæууон хæдзаради кенæ промышленнон кустади къабази хумæтæг косæг дзиллæ сæ фæллойнæн есунцæ рæстæмбес чиновники миздæй берæ минкъийдæр. Хъæбæр берæ дзубандитæ берæ æнзти дæргъи бæргæ цæуй, æхсæнади гъæуама социалон рæстдзийнади принцип æвæрд æрцæуа æмхузон цард кæнуни туххæй. Æма? Ескæми æй уинетæ, еци – æнæуой раст – фæндæ æнхæстгонд цæуй?
Уæхæн уавæр æнæзингæ нæй æмцардгъон адæми моралон-психологон зæрдирахастбæл. Æхсæнадæ æгæрдæр ма цардгъон миллионертæбæл æма æнæцардгъон мæгуртæбæл дех кæнун æй хъæбæр устур æнæрастдзийнадæ. Материалон гъæздугдзийнæдтæ иуаруни гъуддаг æхсæнади равзурун кодта цардæн зианхæссæг ка æй, уæхæн æнæдæнд загъд: «Ку нæ расайай, уæд нæ фæццæрдзæнæ!..» Аци æнæдæнд загъдмæ гæсгæ куд на рагъуди кæндзæнæ: нуртæкки кедæрти гъæздугдзийнадæн æ аргъ æгæр хъазар æма тæрегъæддаг нæй – адæми æфсармæмæ гæсгæ дæр æма дини амунддзийнæдтæмæ гæсгæ дæр кæбæлдæр дæхе пайдайæн гадзирахаттæй цæун тæрегъæд æй?
– Не ’хсæнади берæ фарстати фæдбæл фæззиндтæй хевæнддзийнадæ, æнæзакъон миутæ, ке ци фæндуй, уой кæнуй, сауæнгæ ма паддзахадон зæнхитæбæл дæр, кæми не ’мбæлуй, уоми бафеппайæн ес аллихузон арæзтæдтæ æма дæмæ еци гъуддаг ба куд кæсуй куд сахари кадгиндæр æма бундорондæр цæрæг?
– Æцæгдзийнадæй, æхсæнади æгæр иситинг æй хевæндондзийнадæ, æдæрсгæй ихæлд цæунцæ паддзахадон акттæ. Зæгъæн, куд балæдæрæн ес уой, æма нæ сæйраг сахари арæзтадон нормитæ æма фæткитæ ихæлд ке цæунцæ? Берæ рауæнти хевæндæ архитектурон арæзтæдтæ цæуй, ихæлд цæуй нæ алфамбулай эстетикон бакаст, уæлдайдæр ба нæ сахарæн æ тæккæ бæрæгастæу хаййи, кæций исконд нимад æй куд архитектурон циртдзæвæн æма æвæрд æй паддзахадон гъæуайкæнуйнади. Рацæуайтæ еци историон хаййи гъæунгти, æркæсайтæ уоми хæдзæрттæ æма æндæр объекттæмæ, циуавæр «æййивддзийнæдтæ» син исаразтонцæ? Фехалдæй берæ рауæнти æ еумæйаг архитектурон бакаст.
Кенæ ба куд æдзæсгонæй райрæзтæнцæ, мæнæ элитон ке хонунцæ, еци хæдзæрттæ-галауантæ? Уони фæззинд мæстмарæнæй уæлдай нæй, уомæн æма граждæнтæй беретæ цæрунцæ коммуналон уæтти, баракти, æмдзæрæнти, «хрущевкити», кæмæндæрти ба, уой дæр берæбийнонгинтæй, кæми цæронцæ, е дæр нæййес, æма кедæр къумти рахауæ-бахауæ кæнунцæ. Дессаг ба е æй, æма элитон арæзтадæ ке цæуй Дзæуæгигъæуи бæрæгаустæу хаййи тæккæ хуæздæр рауæнти, кæци нимад æй гъæуайгонд зонæбæл. Цума ке пайдайæн ихæлд æрцудæнцæ, сахарæн æ историон æма архитектурон хæзнатæбæл нимад ка цудæй, еци хæдзæрттæ? Аци фарстайæн гъæугæ дзуапп лæвæрд афойнадæбæл ку не ‘рцæуа, уæд, ка ‘й зонуй, еци азари амæттаг ма бауодзæнæнцæ гъæуайкæнуйнаг хæдзæрттæй ма беретæ.
Мæн фæндуй, цæмæй гъæуайгонд цæуонцæ нæ адæми уодварни хæзнатæ, куд арæзтади, уотæ фидтæлтиккон фæткитæ æма æгъдæуттæ, кæцитæ æвдесунцæ ирдæй нæ адæми уодиконд æма цардарæзти хиццагдзийнæдтæ.
***
Цæрикъати Маирбег æма Тепсихъоти Зойæ сæ еци дзубандий рæстæг ма берæ аллихузон фарстати фæдбæл фæдздзурдтонцæ. Ци гъудитæ си загъд æрцудæй, етæ цæмæдесаг бæргæ ‘нцæ абони дæр ма, фал нин нуртæккæ фадуат нæййес уони æнæгъæнæй ниммухур кæнунæн – ка ‘й зонуй, фæстæдæр ма нин уодзæнæй уомæн дæр равгæ.