27 июля 2024

ЦÆРУКЪАТЫ АЛЫКСАНДР: «МÆ КÆДДÆРЫ СЫЗГЪÆРИНÆФЦÆГ УАДЫНДЗ НЫХХАУД БЫНМÆ, ÆМÆ ЙЫН СИСÆН НÆЙ…»

09.12.2023 | 17:25

ЦÆРУКЪАТИ Александр (рахесæрдигæй) Мæскуй литературон институти ахури рæстæг. Астæуæй – поэт Евгений ЕВТУШЕНКО.

БОНИВАЙÆН

Æхсæвон тар фæсвæд, сырдау, фæхъуызы…

Мæ фыд, ды дæ? Æви мæ цæстыл уайыс?

Æндæргау кæд æрцыд æвдиу дæ хуызы?..

Хур слæгæрды – нæ лидзыс ды, нæ тайыс…

 

Нæ кулдуармæ куыд февзæрдтæ мæ разы,

Цæмæн худыс дæ мидбылты дæ фыртмæ? –

Мæрдтæм фæдæ кæд йе ’лгъыстæй фыдазым,

Кæд никуы ’рзынд дæ сагъæссаг мæнг цыртмæ?

 

Мæ бон кæсын куы нæу дæ рухс цæсгоммæ!..

Хур… сивгъуыдта… Сæ сæртæ судзынц хæхтæн.

Æрхаудтæн уадзыгæй дæ къæхты бын дæлгоммæ,

Дæ къæхты бын, дæ аууонау, ныддæргъ дæн…

1955

 

МÆНМÆ ИС ИУ БÆЛЛИЦ…

Адзалыл, чи зоны, æмбæлон…

Куы ’рцъынд уа а зæххыл мæ цæст,

Кæнæ та дард бæсты куы мæлон, –

Мæнмæ ис иу бæллиц æрмæст…

 

Мæнмæ ис иу бæллиц: уæлмæрдæн

Æз райсин сау хæхты лæгæт, –

Куы ’рцæуин уарзондæр æмгæрттæн

Сæ къухæй айнæгыл ныгæд…

 

Цæмæй йæ хай æз бауон æрдзæн,

Йæхирдæм байса мæн нæ хох…

Мæ сæрмæ – урсдзыкку æхсæрдзæн,

Мæ бынмæ – сатæг хъæды къох…

 

Цæмæй-иу хурзæрины скастæй

Мæ фарсмæ ссудза стыр мæсыг,

Хæххон зымтæн сæ сæууон уасты

Æнкъарон цинад æмæ хъыг.

 

Æврæгътæн се скъуыдты уæлиау,

Æмбæхсдзæн арвæйгуырд цæргæс…

Куы зара хуссарварсæй фыййау, –

Мæн уа йæ уадындзы хъæлæс.

 

Цæмæй дзæбидыртæ мæ цурты

Кæной сыкъакъæрцгæнгæ дугъ,

Æвзила дымгæ сау къæйдурты,

Мæ уæлæ згъора уады ’фсургъ.

 

Цæмæй мын дидинджытæн къулæй

Сæ улæфт рог уддзæф хæсса,

Цæмæй мæм бæрз бæлас сæркъулæй,

Йæ налхъуыт згъалгæйæ, кæса…

 

Нæ рæгътæ – ме ’руад буар, нæ дæттæ –

Мæ туджы байсысинаг цъыртт.

Мæ ингæн фестут-иу, нæ кæмттæ,

Нæ хæхтæ, фестут-иу мæ цырт!

1957

 

ФАЗЗÆТТÆ

Симды зарæг

Уæ, уæлæ иу хъæдыл дыууæ балы,

Уæдæ сæм иу дæр куыннæ ’вналы!

Гуызмайы чызджытæ фаззæттæ,

Нырма сын нæма ис уарзæттæ.

 

Зæгъон æй, куы нæу уæлдай хъуыддаг –

Иуыл дзы фембæлдтæн айфыццаг.

Йæ ном мын Зæринæ бæргæ хуынди,

Фæлæ мыл æмбисонд цæмæ ’рцыди?

 

Ызнон сæ иумæ æз ауыдтон,

Зæринæ кæцы уыд, уый нал зыдтон.

Бынтондæр иухуызон – дыууæ цæстау.

Уындæй та – тасаг бæрз бæлæстау.

 

Нæ иртасын иуæй сæ иннæйы.

Иу хатт ма куы ссарин Зæринæйы –

Мæ лæвар сæрбæттæн бабæттид,

Йæ хоимæ ивддзаг нал кæнид.

1953

 

РОХ СИМФОНИ

Мæ хъустыл ауайы æнахуыр зæл…

Кæцæй уа уыцы диссаджы мелоди?

Кæддæр ныууагътон иу фæндыр дзæгъæл,

Бынтондæр ыл æз бакодтон уæд хъоды.

Æз уымæн нал уыдтæн æгас æнхъæл…

 

Ныр ыл цымæ кæй къух æрзылд сындæг,

Æви йын дымгæ бавнæлдта йæ тæнтæм?..

Мæ цуры быдыры гæмæх быгъдæг

Кæд фестади уыгæрдæны тъæпæнтæ,

Æмæ дзы уддзæф алидзы фæйнæрдæм.

 

Изæрсатæджы суадоны хуылфæй

Æрыгон стъалытæ цæхæр æппарынц.

Сæ астæу та – сырхзынг дзæмбыйау мæй, –

Мæ кæддæры сызгъæринæфцæг уадындз

Ныххауд бынмæ, æмæ йын сисæн нæй…

 

Кæцæй у уыцы зæл? – Фæндырæй нæу:

Уый – уды тугдадзин кæд ризгæ тоны, –

Æвæццæгæн, æрымысыдтæн дæу,

Дæ сурæт мæ кæдæмдæр дардмæ хоны.

Уый райгас и кæддæры рох симфони.

1957

 

* * *

Цæнгæтуафс хæдбынты

Цæуын та, æнцайгæ æфсæйнаг лæдзæгыл,

Æнæсгæрст хъæдбынты.

Кæм ахизын дæттыл, кæм айнæг æфцæгыл…

 

Кæмæн æй ныхъхъарон,

Раст хауыли сихау æлгъыстæй кæй хилын?

Мæхи хъуамæ ссарон –

Мæ рагбонтæй ардæм æз агурæг зилын!

 

Хъус ахсы кæйдæр хъæр:

«О, тагъддæр! Мах иумæ – æмбæлццон, æмхæтæг» –

Уый сидын кæцæйдæр

Фæлмæхгæд дæрддзæфæй мæхимæ мæхæдæг!

 

Кæд мидæй, æддейæ,

Дæлдзæхæй, уæлæрвтæй æртæхы мæ азæлд?

Уæлæрдзон дунейæ,

Йе космосы арфæй мæ уды зынг растъæлд?

 

Æмтъеры гуылфæнты, –

Æвæццæгæн, хаосы зилдухы хъазын…

Мæн, оххай, куыд фæнды

Уым ме ’цæг æфсургъы йæ барцæй æрцахсын!

Æрвайдæн – тæмæн ирд…

Æмбæхст лабиринттæ йæ фæрцы куы сгарин!

Цы диссаг æрцæуид –

Æппынфæстаг искуы мæхи æз куы ссарин!

 

Фæхуынкъ и цæнгæт уафс,

Мæ лæдзæг æмбисмæ ныйихсыд, нырдæгау…

Цæрдудæй – æнæ тавс,

Æз – хурсыгъд, дымгæхус æнусон æндæргау!..

1981

 

УЫЦЫ ’ХСÆВ

Нæ пецы сæр æхсæвсудзæн цырагъ

Фæцæйхуыссы, йæ мидбынаты стъæлфы.

Æддæ – гуыр-гуыр… Ныллæууыд къæвда сах,

Нынниуы дымгæ, цары къуымты стæлфы…

 

Нæ æргъ зæхбыныл уарыны дон смал…

Нæ мад æвæры тæдзынджытæм къустæ.

Хъаймæт æрвгæлæн нал æнцайы, нал, –

Кæнынц къуырма йæ сонт цæлхъытæй хъустæ.

 

Нæ хъуг ныууасы хъомдонæй уынгæг,

Йæ рæуæд силлæг стъолы къахмæ бастæй.

Нæ хъарм хуыссæн – уырындыхъгонд сынтæг,

Мах, сабитæ, нынныгъуылдыстæм тарстæй.

 

Æмæ та ногæй – футт æмæ зыввытт,

Нæ рудзынджы хъæдын æмбæрзæн фегом.

Цæхæрдзых сау кæфхъуындары сыффытт,

Фæцарæзта нæ къæсы хуылфмæ йе ’ргом…

 

Мæ мад – мæнгуырнæг, кувгæйæ лæууыд…

Кæмæй куырдта ныфсæвæрды фæрæз та?

Зыдтон, нæ фыд йæ дард фæндагыл уыд,

Æмæ йæ уый Лæгты дзуарыл фæдзæхста.

 

Нæ къул нын хоста сау мæйдары уад.

Дзынæзта тыргъ, цыд бæлæстæн сæ къæс-къæс…

Мæ цæсты баззад уыцы ’хсæв нæ мад –

Æрвæрттывды фæлурсдзæсгом, зæдæнгæс…

1978

 

БÆЛАСЦÆГЪДÆН

Парчы цады был æмæ уынгты цы стыр рæсугъд бæлæстæ калд æрцыд, уыдон мысгæйæ.

 

Бæлæсты калынц, æгъатырæй калынц.

Се ставд, сæ удджынты равзарынц барæй.

Не згъæлы се ’ртæх – сæ цæссыг ныккалынц,

Æмæ ныффæлдæхынц, ниугæ, бындзарæй.

 

Уыдон фарс чи ма, цы зæххон фæхæцдзæн?

Тæгæртæ дзурынц уæлхъæдæй мæлгæйæ:

«Мах-иу уыдыстæм йæ цъæх фидауц æрдзæн,

Арвмæ тындзыдтам, æврæгътæм бæлгæйæ…

 

Хъахъхъæдтам сахар æгъатыр дымгæтæй,

Хъахъхъæдтам хæдзæрттæ их-къæвда, уадæй…

Чи ма сæ бахиздзæн миты бырдæнтæй,

Сурдымы футт æмæ сонт хуры артæй?

 

Сабыр нæ кодтам нæ сатæг сыр-сырæй

Сусæны бонты фæлвых уынгты, парчы.

Уддзæф кæуыл ма æрцæгъддзæн фæндырæй,

Заргæ, фæсизæр йе райсомæй раджы?

 

Къаннæг цæрæгойтæй уæвгæ кæй бон циу?

Чи ма-иу сиддзæни уалдзæджы мæргътæм?

Адæмæн се ’мдзæр мæгуырæг сырддонцъиу

Йе ’хсæв кæм æрвитдзæн боны фæцъæхтæм?

 

Зулæвæрд, оххай, кæд фестæм, кæй цæсты,

Чи нæ ныккодта тæгæлсаст, æрхъистæ?

Садзынц хуыздæрæн нæ быныл нæ бæсты Архзæнг,

фыдцъылыз, бынмæдзыд хæристæ!..»

 

Бæлæстæн не ссæндынц се ’взæр, сæ цаудты,

Фæрæтты къуппытæм хырхытæ зарынц.

Бæлæстæн калынц сæ тæккæ егъауты –

Цыма куырыхон пехуымпарты марынц.

1979