11 октября 2024

ЦАРД ÆМА РÆСТДЗИЙНАДÆ

19.08.2022 | 14:57

Хуæрзæрæги дуйней рохс фæууидта зундгонд юрист Уæдати Агубекири фурт Сулеймани финст радзурдти æмбурдгонд «Цард æма рæстдзийнадæ». Мухурмæ ’й бацæттæ кодта зундгонд поэт æма публицист Колити Витали. Ци раздзурд ин ниффинста, уоми уотæ зæгъуй:

«Æрдзæ адæймагæн ци искурдиадæ исаккаг кæна æ райгурцæй, уомæн, абони уа, исон уа, уæддæр еу афони æнæ разингæ нæ фæууй. Айдагъдæр еуетæн раздæр рабæрæг уй, иннетæ ба æ равдесунмæ фæццæунцæ дæсгай, инсæйгай æнзти æмдæргъци.

Исфæлдистади гъуддаг уотæ ’й æма ’й адæймаг фулдæр хатт æхуæдæг лæдæргæ дæр нæ бакæнуй, æ къохмæ пъеро æма гæгъæди куд райсуй, æ гъудитæ нивæндун куд райдайуй, уой».

Абони уæ Уæдати Сулеймани киунуги хæццæ зонгæ кæнгæй, мухур кæнæн Колити Виталий финст раздзурд æма æмбурдгондмæ хаст ка ’рцудæй, уонæй еу радзурд.


КОЛИТИ Витали, Уæрæсей финсгути Цæдеси иуонг

Уæдати Агубекири фурт Сулейман æ радзурдтæ еунæг анзмæ ниффинста, зæгъгæ, ку зæгъæн, уæд е бустæги раст нæ уодзæнæй. Сулейман газетмæ финсун райдæдта, хуæрз æригон ма ку адтæй, уæд – 50-аг æнзти райдайæни. Æрмæст етæ адтæнцæ хумæтæг уацхъудтæ æ райгурæн гъæу Лескени фæллойнæгæнгути æма сæ колхозон архайди туххæй. Ке зæгъун æй гъæуй, уонæми исфæлдистадон цæхæр уойбæрцæбæл нæма адтæй æма мæнæ кæсæги ести устур деси бафтауонцæ, зæгъгæ.

Разæй ма адтæнцæ, æ царди ци берæ къæдзал-мудзул нæдтæбæл рацæун æй институт, етæ Саратови юридикон институт æма барадæ гъæуайкæнуйнади оргæнти дæргъвæтийнæ æнзти куститæ.

Царди устур фæлтæрддзийнади хæццæ бавналдта Сулейман æ прозаикон уадзимистæ фæлундунмæ.

Аци æмбурдгонд кæсун ка райдайа, уомæ, гæнæн ес, æма радзурдтæ райдайæни æгъуз, æнæцæмæдесаг, фæлмаст фæккæсонцæ, фал е айдагъдæр фиццаг бакастæй уотæ зиннуй. Фиццаг бакаст ба алкæддæр сайагæ фæууй.

Сулейман дзæвгарæ рæстæгути фæккуста тæрхонгæнæгæй, берæ аллихузон уавæрти ка бафтуйидæ æ царди, æма æ фæстаг ба тæрхондонæмæ кæмæн бахауидæ, уони хъисмæт ниллух кæнун уидæ æ къохи. Алли радзурд дæр си æй, адæймаги цардæрфинст. Автор син фиццаг равдесуй, еци уавæрмæ сæ ци анхосæгтæ æркодтонцæ, уæдта сæ фæстаг цæмæ æрхауй, уони. Фулдæр рауæнти адæймаги цæрæццагдзийнадæ фæууæлахез уй æ трагизмбæл. Аци киунугæн исхонæн ес, психологи æнхæстæй кæми райхæлуй, уæхæн гъудити къубулойнæ. Автори бон бауй, нивналæн дæр æма никкæсæн дæр кæмæ нæ фæууй фулдæр хатт, адæймаги еци меддуйне раргом кæнун.

Сулейман, æ радзурдти архайгути уæхæн уавæртæмæ ци анхосæгтæ ‘ркæнунцæ, уоми син айдагъ сæхе нæ фудгин кæнуй, фал устур фуди уæзæ æвæруй, сæ алфамбулай æнæуодæй, æнæхъонцæй ци æхсæнадæ цæруй, уонæбæл дæр.

Куд гъæуама ранæхстæр уа, æ сабиййæй æ ралæппомæ еу фæккæсæг кæмæ некæд адтæй, еу фарсдарæг ка некæд банкъардта æ алфамбулай, еци сувæллон раст надбæл? – Фудгин æй скъола, фудгин æнцæ синхонтæ, фудгин æй æхсæнадæ, – уæхæн хатдзæгмæ æрцæуй фулдæр хатт автор. Æ зæрдæ ресуй нæ абони фæлтæри исонибонбæл, нæй фæндуй, цæмæй адæймаг фæснадмæ рахезгæй, цæрæнбонти гæлст куресау байзайа царди надгæрон, е, уомæ гæсгæ ба æ радзурдти фулдæреми рарæдуйæг фæстагмæ раст ханхæбæл ниллæууй æма æ тæрхонгæнæгæй арфиагæй байзайуй.

Аци киунуги радзурдтæмæ ма ес еу менеуæг. Цидæриддæр цаутæбæл си цæуй дзубанди, етæ ‘нцæ æцæг хабæрттæ, æнцæ цардæй ист, æримисæггагæй си неци ес. Уомæ гæсгæ æлхæнунцæ адæймаги зæрдæ, уой медæги æй сæ цæмæдесдзийнадæ.

«Тæрхон», зæгъгæ, уотæ исхудта æ еу радзурди сæргонд Уæдати Сулейман. Аци киунугæ ‘й авторæн æ фиццаг хецæн æмбурдгонд. Зæрдигонæй æй хæссуй уæ размæ æма ин тæрхонгæнæг ба сумах фæууотæ!


ÆНАМОНД КИНДЗÆХСÆВÆР

Сæрдигон рæфти, Пæрæтти гъæди ‘рдигæй, дæлбилæ дигорон гъæумæ æмпурстонцæ сау мегътæ. Уайтæккæ ставд æртæхтæ арвæрттивди хæццæ æрхуастонцæ зæнхæ.

Борæхани гъостæбæл æруадæй æ киндзи нæтун. Æнæзийнадæй раистадæй æ хуссæнæй æма дуар бахуайгæй, бахизтæй киндзи уатмæ. Балæдæрдтæй уавæр. Фæстæмæ фездахтæй Борæхан æма уайтæккæдæр бахуаста сæ синхон Фæрди хæдзари дуар.

– Фæрдæ, дæ хуарзæнхæй, рауайæ, æвгъæдгæс нæ киндзæн фæллæууæ,- курдта Борæхан.

Фæрдæ æ уæле цилле сæрбæттæн рæбаста æма уайтæккæдæр балæудтæй киндзи уати.

…Райгъустæй нæуæгигурди зæлланг кæун гъæлæс. Еу усми фæсте басабур æй æма æдзинæг цæстæй ракастæй рохс дуйнемæ.

Фæрдæ нæуæг хъумаци гæппæлти батухта нæуæгигурд сувæллони æма ’й æ мади реубæл бафтудта.

– Борæхан, нæртон сувæллон æй, Хуцау ин æ царди рохс нæдтæ амонæд. Тæходуй, аци сахъигурди Хуцау рæстмæ фæккæнæд. Хуарз нисан æй нæ фæххонунцæ. Борæхани фуртæн е адтæй фиццаг игурд.

Фондз боней фæсте Борæхан æма æ бийнойнаг æртæ къерей исцæттæ кодтонцæ æма сæ фингæмæ æрбахудтонцæ хеуонти, синхи уостити, хестæр лæгти. Уоститæ хецæнæй авдæнбæттæни гъуддаг кодтонцæ, лæгти, финги хестæр Инал ба гагидауæ уагъта:

– Хуцауи фæрци нæ нæуæгигурд куд исуа æрмарæхст, æдæрсон, æ ниййергутæн, хеуонтæн, нæ Райгурæн бæстæн лæггадæгæнæг. Æз ин дæттун ном – Хъазауат æма номæвæрæггаг исиста æ дзиппæй туман, ниввардта сæ фингæбæл.

Бæнттæ, мæйтæ, æнзтæ кæрæдзей æййивтонцæ. Хъазауат адтæй æхсæз æнсувæри æма еу хуæри хестæр. Ирæзтæй æнæзийнадæ, æгъдаугин, кæстæйрадæгæнæг биццеуæй. Хæдзари алли кустмæ дæр арæхстæй. Уодæнцойнæ адтæй æ баба, нана, ниййергутæн. Уарзта къуру гъæди дзæдурæдзауæн кæнун, фæрбуни кæсалгæ ахæссун, цæугæдони Хоранти дæлбилæ накæ кæнун. Зæрдиуагæй архайдта скъолай нæуæгдзаути рæнгъити. Уой фæсте – фæскомцæдесон организаций кусти, адтæй æ секретарь.

Хъазауат лæмбунæг ахур кодта, иста хуарз æма хъæбæр хуарз бæрæггæнæнтæ. Адтæй хъæртæг, уодигъæдгун. Лæмбунæг игъуста ахургæнгутæмæ. Уæлдай тулæвастдæр ба адтæй бæлвурд предметтæмæ.

Кастæй аллихузон фæскъласон литературæ. Сæ гъæуи, скъолай, колхози цардæвдисти туххæй æ уацхъудтæ мухургонд цудæнцæ райони газет «Социалистон Дигорæ» æма республикон «Рæстдзинад»-и.

Æ зæрди хабæрттæ кодта, æ фарсмæ ци дæнцæн хæссуйнаг æмкъласон рæсугъд Мæдинæ бадтæй, уомæн. Хъæзауат æма Мæдинæ кæрæдзей уиндмæ бæллæнтæ кодтонцæ.

Еухатт ниййергутæн адтæй æмбурд. Къласи разамонæг, гъæуи фиццаг ахургæнгутæй еу – Ибрагим хъæбæр раппæлдтæй Хъазауат æма Мæдинæй. Сæ мадтæлтæ ба бадтæнцæ сæрбæрзондæй фæрсæй-фарсмæ. Ефстагмæ кæрæдземæ бакæсиуонцæ ходæнбилæй.

Хъазауати зæрдæ Устур Фидибæстон тугъди райдайæни тар кодта. Æхецæй зинна-нæзинна хестæрти фæммарди гæгъæдитæ цæун райдæдтонцæ æ райгурæн гъæумæ. Сæргубурæй æ бæнттæ æрвиста. Æ ахур дæр æй æстæймаг къласи нæбал тавта.

Исфæндæ кодта барвæндонæй Сурх Æфсади рæнгъитæмæ бацæун. Æ фæндæ балæдæрун кодта сæ бийнонтæн.

– Советон адæм æмзæрдæй сæ цард нæ уæлдай кæнунцæ тохи æнæуинон немуцаг фашистон æрбалæборæг, тугъдæндзарæг æрдонгти нихмæ. Куддæриддæр дæ фæндуй, уотæ кæнæ, мæ къона, – загъта Хъазауатæн æ баба.

Хъазауат фæннифсгун æй. Æгайтима сæ бийнонти хестæр зæрдарф дзубанди кæнуй Сурх Æфсадмæ цæунбæл. Фал райони æфсæддон комиссар нæ арази кодта æ рарветунбæл.

– Æнагъонæй æфсадмæ не ’рветæн. Еу рæстæг багæдзæ кæнæ, – загъта æфсæддон комиссар, ахур бал кæнæ. Фал Хъазауат нæ гæдзæ кодта. Еу сæумæ ба ин комиссариати афицер æ къохмæ равардта фæдздзурд æртæ боней æмгъудмæ. Райони центр æма Хъазауати гъæумæ адтæй æстдæс километри. Рæуæг къахæй уайтæккæдæр æрбахъæрттæй сæхемæ æма раппæлдтæй æ хабар.

Хъазауат еци изæр разилдæй æ лимæнтæбæл. Балæдæрун син кодта æ уавæр. Дуккаг бон сæ хæццæ Хоранти дæлбилæ нихъулдтонцæ сæхе фæрбуни – кæсалгæ ахæстонцæ. Изæрдалингти Хъазауат бабæрæг кодта æ фидикъабæзтæ, Мæдинети синхон Мисорæти, Мæдинæ дæр уоми уогæй, фæххебарæ ’нцæ.

– Исон сæумæ цæун Сурх Æфсади рæнгъитæмæ барвæндонæй. Мæ бон нæбал æй фæрсæй немуцаг-фашистон æрбалæборгутæмæ кæсун.

Мæдинæ баходæзмолæ кодта.

– Дæуау гъæддух лæг гъæуама уоми уа, – ходæндзаст каст бакодта Хъазауатмæ.

Хъазауат сæумæцъæхæй райгъал æй, æ фарсмæ къелабæл нæуæгæхснад туйæвæрд хъæппæлтæ.

Æртикъахуг фингæбæл Хъазауати фиди фидæ ракувта:

– Фæндараст уо, мæ къона, тæссаг идард надмæ цæугæй. Æруагæс ни кæнуй, ке нæ нæ фæффудæнгъæл кæндзæнæ, е.

Уайтæккæ сæ колдуари рази фæллæудтæй бæхуæрдун. Бадтæнцæ си æмгъæуккæгтæ Тазæрет, Барис, Ибрагим. Уонæмæ бакъахдзæф кодта се ’мбæлццон Хъазауат дæр. Сæхеуонти ’рдæмæ кæсгæй, æ къох тилдта фæндарастгæнгутæмæ. Минкъий уæлдæр син сæ над, цума барæй, уотæ еу надсодзæг ралух кодта.

Устур хедигъосмæ ку исхъæрттæнцæ, уæд бæхтæтæрæг цæмæдæр гæсгæ бауорæдта æма æзини биццеутæ æдзинæг кастæнцæ сæ уарзон фæрбунмæ. Еци сахат колхозон электрон станци ‘рдигæй урдугмæ æртъæбæртт кодта Мæдинæ æма Хъазауати къохи фæссагъта цилле хъумацæй фийсæрфæн къохмæрзæн æ кæрæнттæ ба – хизæгонд. Æ медæгæй ба нистауæн: «Фæндараст. Уæлахезхæссæгæй исæздæхæ. Дæхе Мæдинæ».

Хъазауат нибба кодта къохмæрзæнæн æма ’й æ медæггаг дзиппи бафснайдта.

Еци бон райони æфсæддон комиссариатæй Хъазауати æма е ’мбæлццонти рарвистонцæ бæхуæрдунти Æрæдони æфсæддон æмбурдгæнæн пунктмæ. Дууæ мæйей фæсте ба сæ рарвистонцæ æхсæг æфсадмæ. Æ тугъдон нæдтæ райдæдтонцæ Мæздæги буни. Сæребарæ кодта æнæуинон знæгтæй Адæгъе, Краснодар. Уой фæсте ба тугъд цудæй Украини, Фæсбалтики.

Хъазауат хуарз лæдæрдтæй, æ хъисмæт цард æма мæлæти æхсæн ке ‘й, фал некæд кодта иронх, Фидибæстæ адгин ке ‘й, уой, æма уомæн цудæй размæ цæхæрмæ.

Хестæр сержант Хъазауат зудта тугъдон сосæгдзийнæдтæ. Балæдæрдтæй: «Бæгъатæр еу хатт мæлуй, тæппод ба – аллибон дæр. Знаги размæ æз мæ уæргутæбæл æрлæууни бæсти райсдзæнæн мæлæт».

Аци дзурдтæ хестæр сержант Хъазауати зæрди уагътонцæ нифс, æхсарæ, уæдта æнæуинондзийнадæ тугъдæндзарæгмæ. Тогкалæн тох кодта Хъазауат е ’фсæддонти хæццæ, Ригæмæ æмпурсгæй. Ами фæцæй уæззау æнæтогцæугæ цæф. Æхемæ ку ’рцудæй, уæд аллирдæмæ ракæсæ-бакæсæ кодта, æ гъостæбæл уадæй æнахур æвзагбæл дзубанди, гъæуайгæнгути гъæр, куйти рæйд. Батулдтонцæ ‘й æрдæгæмбæрзт сарамæ.

Хъазауатæн райдæдтонцæ æ уацари гъезæмари бæнттæ. Мæдини зæрдæбæл даруйнаг лæвар æ бунати ке ‘й, уой исбæрæг кодта. Еу æхсæвæ сæлфунæг кæнун райдæдта. Хъазауат æвдулдæй цъифи. Уацайрæгтæй æй кадæртæ бахастонцæ сор рауæнмæ. Цæмæйдæрти æй бамбарзтонцæ, уæдта имæ сæ цæстæ дарун райдæдтонцæ, сæ комидзæгтæй ин фæххай кæниуонцæ, цидæр хуастæй дæр имæ фæккæсиуонцæ.

Куддæр-муддæртæй æ кеми æрцудæй Хъазауат.

Æнахур идард, зæгъæн ес, иссерæн кæмæн нæбал адтæй, уæхæн фæккастæй Хъазауатмæ æ райгурæн бæстæ, знагмæ уацари ку бахаудтæй, уæд. Синдзин тели рæнгъитæ лагерь гъæуайгæнгути пулеметтæ æма автоматтæ, æргъуди кæнунæн дæр зин уогæ нæдтæ, кедæр æндæр æвзæгтæй дзорæг адæмти зæнхитæ… Алли рауæн дæр лæудтæнцæ гестапо, жандармти æма бунæттон пъæлици къардонтæ… æма, æппунфæстаг, знаги æфсæдтæй идзаг, фронтмæ хæстæг зæнхи уаццаги фæстаг километртæ, уой фæсте ба – дууæ дуйней содзгæ арти пеллонæй рахецæнгæнæг фарс. Куд бахеза æ сæрти исфудхуз уогæй, æнæхъаурæ, фудæфхуæрдтитæ баййафæг ахæст адæймаг?

Цæйбæрцæ æгæрон нифси нæсæттондзийнади, арæхстдзийнади æма хийнæдзийнади тухтæ уа адæймагмæ, цæмæй фæууæлахез уа еугур цæлхдортæбæл дæр еци таси æма мæлæти надбæл. Фал кæд еугур идард адтæй райгурæн бæстæ, уæддæр æ домагæ дзурд азæлдæй Хъазауати зæрди. Кумæдæриддæр æй ласта знаг, аллирауæн дæр е игъуста æ Райгурæн бæсти хонæг гъæлæс. Æма Хъазауат лигъдæй алкæцæй дæр, хъисмæт æй кумæдæриддæр багæлдзидæ, уордигæй. Æрахæссиуонцæ ’й, уæддæр лигъдæй, зудта, æ маргутæй уодхаргæнгæ мæлæт ке райсдзæнæй, уой дæр, уомæн æма Фидибæсти фæдздзурд тухгиндæр адтæй сауæнгæ цæруни бæллеццæй. Тохи æнæхусгæ нифс худта ахæст Хъазауати фурфæллад бауæр еци нади æнæкæрон фудæвзарæнти.

Нæ сурхæфсæддонтæ пурхæгæнгæ тардтонцæ знаги Советон зæнхæй. Европи паддзахæдтæ уæгъдæ кодтонцæ, немуцаг тухгæнгути дзæмбутæй, бахауæг адæмæн саребарæ хæсгæй. Уæгъдæгонд æрцудæй, Хъазауат фæстаг хатт ци зиндони лагери адтæй, е дæр. Берæ мингай уацайрæгтæ, аллихузон æвзæгтæбæл арфæ кодтонцæ Советон уæлахездзаутæн.

Хъазауат бахаудтæй æфсæддон сæйгæдонæмæ. Ами ’й æрæййафта Уæлахези рохс бон дæр.

Хъазауат æнæсахъатæй исаздахтæй æ минкъий райгурæн бæстæмæ. Дуккаг изæр фембалдæй Мæдини хæццæ. Кæрæдзебæл фæттабедзæ кодтонцæ, уæдта Хъазауат æ медæггаг дзиппæй исиста Мæдини зæрдæбæлдарæн, цилле хъумацæй фийсæрфæн къохмæрзæн, æ хурфи ба æ нистауæн æма ’й бавдиста Мæдинæмæ.

– Мæнæ дессаг! Нæ дин фесавдæй?

– Мæхе хæццæ фесавдайдæ, – адтæй Хъазауати дзуапп.

Абони-исон нæ кæнгæй, Хъазауатæн райдæдта, сабур царди фæллойнадон над кустбæл æрхун ци къохтæ кодтонцæ, уонæмæ райсти къæпе æма рацудæй сæ колхози будурмæ нартихуар æхсæдунмæ. Куста æнæ фауæй. Адтæй тиллæги кустгæнгути раззагдæртæй еу. Æ кой райгъустæй айдагъ гъæуи нæ, фал райони дæр.

Еу изæр имæ фæдздзурдта колхози сæрдар Сослан, е дæр тугъдон адтæй. Дууæ æмтугъдон лæгей æхсæн рауадæй æмсæр, æргом дзубанди.

– Æртиккаг бригади фæллойнадон æгъдау ниллæг æй. Фæстеуат кæнунцæ будуйрон куститæ. Колхози правлений фæндуй, ду, алдзæн, кустуарзон лæхъуæн, бригадæн разамунд дæхемæ ку райсисæ. Хъазауат расагъæс кодта æма загъта:

– Æз арази дæн.

Уотæ райдæдтонцæ Хъазауати фæллойнадон нæдтæ æ райгурæн гъæуи. Хуссæг æй нæбал ахæста, æнæхуссæг фæцæй. Аллихузон гъудитæ æ сæри игурдæнцæ. Ахид фембæлидæ кустуарзондæр æма кадгиндæр колхозонти хæццæ.

Еу уолæфæн бони фæдздзурдта бригади раззагдæр колхозонтæмæ æма баунаффæ кодтонцæ бригади уавæр цæхгæр фæххуæздæр кæнунбæл.

– Исаразун гъæуй звенотæ карæмæ гæсгæ. Мах, кустгъон хестæрти, фæндуй хецæн звеной нартихуари куст кæнун, – загъта æ радзубандий 80-анздзуд Сафаралий.

– Нæ бригади ес финддæс фæскомцæдесони, уæдта æнæцæдесон фæсевæд дæр. Мæнмæ гæсгæ, хуарз уайдæ фæскомцæдесон – фæсевæдон звенотæ исаразун. Фæсевæди фæндуй зæнхикуст кæнун, – бахаста æ фæндæ æригон колхозон Губе дæр.

– Мадта силгоймæгтæ дæр кæмæй лæмæгъдæр ан, мах дæр аразæн звенотæ, – дзурдта æригон, фал фæлтæрдгун зæнхкосæг Азау.

Хъазауат лæмбунæг игъуста бригади активи фæндитæмæ. Сæ вазуггиндæрти æхемæ финста. Дуккаг бон фембалдæй колхози сæрдар, партион организаций æма фæскомцæдесон комитети секретарти хæццæ. Сæ еугур дæр хуарзбæл банимадтонцæ Хъазауати бригади унаффæ. Адæми фæндæмæ гæсгæ арæзт æрцудæнцæ звенотæ. Алли звенойæн дæр хайгонд æрцудæй хумзæнхæ. Ка ци тиллæгæрзадбæл косдзæнæй, е дæр бæрæггонд æрцудæй. Зуймон мæйти ластонцæ хумзæнхитæмæ гъæцæнтæ, ахур кодтонцæ бæрзонд тиллæгæрзади агротехникæ. Аци гъуддаги устур хъæппæрес рæвдиста фæскомцæдесон машинæ – тракторон станций сæйраг агроном Тасолтан.

Рагуалдзæг МТС-и трактористтæ хуæрзгъæдæ хумæ бакодтонцæ бригади зæнхитæ. Гъæдæварс ба бахумæ кодтонцæ галтæй. Байтудтонцæ æфсергун хуар, нартихуар, ниййаразтонцæ картоф. Сæ хумзæнхитæ адтæнцæ Дæлбордони, Донхуарæги, уæлмæрдти коми, Кæсæни сæри. Тиллæг  афойнадæбæл цудæй хуарз гъудгонд. Бригади звеноти ‘хсæн рапарахат æй социалистон ерис. Алли косгæ бони дæр фæскуст хигъдхæссæг Мæхæмæт бæрæг кодта ерисдзаути куст. Будуйрон стани сæбæл дзурдта Хъазауат дæр.

Еу бон фæсарæфтæ Хъазауат саргъи бæхбæл æревгъудæй, Мæдинæ хигъдхæссæгæй ци бригади куста, уобæлти. Фембалдæй Мæдинæбæл. Фæххебарæ ’нцæ.

– Мæдинæ, мæ цард неци адæ кæнуй æнæ дæуæй, – исдзурдта Хъазауат.

– Мадта æз дæр уотæ ку дæн.

– Æрветун дæмæ минæвæрттæ.

– Мах сæ байуазæг кæндзинан.

Еу мæйи фæсте ба, уалдзигон бони, дигорон устур гъæуи Хъазауатети тургъæй фæндури зæлтæ райгъустæй фæндурдзæгъдæг Гæзæуони къохти æрдзæфи хæццæ.

Хъазауатети хæдзарæ адтæй гъæуи сæйраг гъæунги. Уобæлти цудæнцæ гъæдикустгæнæг заводтæмæ еу инней фæдбæл хуæдтолгитæ, берæ бæлццæнттæ. Еци алæмæти гъазтмæ æрлæууиуонцæ, зæрдæ  ирадæй кафтмæ, симдмæ кæсгæй. Гъæуи уæди æгъдаумæ гæсгæ лæхъуæнтæмæ хонæг нæ уидæ. Къуæрттæй æрбацæуиуонцæ. Рæнгъæгай лæудтæнцæ. Кафтонцæ, зардтонцæ, симдтонцæ. Ниуазгæ нæ кæниуонцæ.

Берæ зæрдиаг гагидæуттæ уагъд æрцудæй еци киндзæхсæвæри. Фал ибилис фæттухгиндæр æй.

Уæди æгъдаумæ гæсгæ киндзæхсæвæри сиахс еу къуар æмбалей хæццæ фæццæуй æ каййестæмæ. Хъазауат æ къуари хæццæ изæрдалингти лæудтæй фæсгæрон. Кедæр ма хизтонцæ. Æвеппайди сæ рази фæллæудтæй рæуæг автомобиль. Цидæр гæбар-губур си игъустæй. Уæдта си рагæпп кодтонцæ æртæ милиционери æд автоматтæ æхстæввонгæй. Гурумухъхузи сæ еу исдзурдта:

– Ка уи æй Хъазауат?

– Æз!

– Муггаг, ном, фиди ном?

Хъазауат фарстатæн лæвардта æмсæр дзуапп. Иннæ дууæ ба ин райахæстонцæ æ къохтæ æма сæбæл æрфедар кодтонцæ æфсæйнаг къохдарæн, уæдта ’й басхустонцæ автомобили фæстаг бадæнмæ, æ фæрсæй-фарсмæ ба  дууæ милиционери, Хъазауати къохтæбæл хуæцгæй.

Уайтæккæ райгъустæй Хъазауати устур æверхъау хабар. Киндзæхсæвæри уæвгутæ къус-къус кодтонцæ, фал æргомæй дзорун ба уæд адтæй тæссаг. Адæм мæтъæлдзастæй хæлеу кæнун райдæдтонцæ. Æбуалгъ цауæй фæцæнцæ зæрдæзмæлд.

– Уанæбæрæг ци адтæй, ци æрцудæй, уæхæн лæхъуæни æ киндзæхсæвæри ниййахæссун, – сæ меднимæр гъуди кодтонцæ адæм.

Еу къуæре Хъазауат фæцæй æдасдзийнади министради райони хайади, уæдта ’й бакодтонцæ слестгæнæгмæ. Е цидæр гæгъæдитæ рахатæ-бахатæ фæккодта, уæдта зулун каст бакодта Хъазауатмæ.

– Ду знагмæ уацари адтæ?

– Гъо.

– Æвзаг хастай знагмæ сосæггай косгæй, советон фидибæстæбæл еузæрдиуон уацайрæгтæбæл?

– Нæ хастон. Æз знагмæ сосæг косæг нæ адтæн. Е хахур æй.

– Хуарз. Æстудтай капиталистон бæстити адæми цард?

– Некæд. Мæнæн мæ райгурæн бæсти цæрунæй хъазардæр неци ес.

– Мадта цæмæ фæсмон кодтай, нæхемæ ке исæздахтæ, уобæл?

– Е дæр æй фудкой, – дзуапп равардта Хъазауат.

– Бафæрсæн ес?

– Ес. Бафæрсæ.

– Уæддæр мæ мæ киндзæхсæвæри цæмæ ниййахæстайтæ?

– Фидибæстæ ка уæйæ кæна æма советон цардæвæрдбæл цъифæ ка кала, уомæн киндзæхсæвæр нæ фæууй.

Иннæ бон ба Хъазауати бахъæртун кодтонцæ республики сæйраг сахари ахæстдонæмæ. Бакодтонцæ ’й æнæрохс, уомæл, еунæгбунатон камерæмæ. Хъазауат райдæдта ехæнрезæ кæнун, фал æртиккаг бон фæдздзæбæхдæр æй. Цалдæр боней фæсте имæ фæдздзурдта слестгæнæг. Хъазауат æхе дардта, куд æвуд, уотæ.

– Дæ фудраконддзийнæдтæбæл басæттæ, е ба цæргæ байзайай.

– Æз уарзун мæ советон райгурæн бæстæ æма уой нихмæ фудраконддзийнадæ нæ бакодтон. Æз фудгæнæг нæ дæн.

– Мадта мæнæ тогтæрхонон гъуддаги гæгъæдитæ дæу нихмæ ’нцæ, фудгин дæ кæнунцæ.

– Етæ еугурæй дæр хахур æнцæ, – æнæзæрдæдзоргæй, æнæгузавæй, – федарæй дзуапп равардта Хъазауат.

– Æз æрветун дæу нихмæ гъуддаг тæрхондонæмæ.

– Барæ уæхе. Æз фудгин нæ дæн. Дауæ мæбæл кæнунцæ.

– Мах æууæндæн, дæу фудкæнæнтæ ци большевик фегъосун кодта, уобæл.

Хъазауат æвдиста æведзуг хъаурæ. Æхе дардта æвал – æведисæй.

(Уодзæнæй ма.)