19 апреля 2024

ЦАРДӔФСЕС ДӔТТӔГ НИУАЗУЙНӔГТӔ

28.08.2021 | 16:58

Аллибон адӕймаги организми тӕнгъӕдӕ гъӕуй 2,5 литри. Сӕрдигон ба, анзи иннӕ афӕнттӕй игъаугидӕр уомӕй фулдӕр фӕййагоруй зӕрдӕ. Уомӕ гӕсгӕ, цӕмӕй тӕвдӕ бони ӕдонуг басӕттай, уой туххӕй агорун райдайӕн нӕ уарзон ниуазуйнӕгтӕ. Еуетӕ ӕновуддӕр ӕнцӕ ниуазуни ӕма сауӕрдӕнттӕбӕл, иннетӕ ба цумунцӕ цай, ниуазунцӕ рӕзи дӕнттӕ, цуппӕрӕймӕгтӕ ӕхцӕуӕнӕй ниуазун райдайунцӕ уазал бӕгӕни. Фал ке ранимадтан, уонӕй фулдӕр хӕттити ӕдонуг басӕттӕн нӕ фӕууй. Мадта, циуавӕр ниуазуйнӕгтӕ тох кӕнунцӕ еугуремӕй хъӕбӕрдӕр сӕрдигон, хори содзгӕ тунтӕмӕ нӕ уодхарӕй нӕ  ка фӕммаруй, еци ӕнӕбасӕтгӕ ӕдонугбӕл?

АЛЛИХУЗОН ДӔНТТӔ

Рӕзи, гагарӕзи ӕма халсарти дӕнттӕ  ‘нцӕ дессаги комуазалгӕнӕн ниуазуйнӕгтӕ. Уонӕми ес витаминтӕ ӕма цӕнхитӕ, адгин антисептиктӕ ӕма аминотауӕггӕдтӕ дӕр. Рӕзи дон ӕй рӕуӕг хуайраг, бӕлвурддӕр ба ниуазуйнаг, организми ӕнцонӕй ка батайуй, уӕхӕн бауӕргъӕдтӕ имӕ ке хъӕртуй, уой туххӕй.

Гъай-гъай, еугуремӕй хуӕздӕр ӕй нӕуӕглӕмӕрст рӕзи дон ниуазун. Фал тукӕнтти ци рӕзи дӕнттӕ фӕууӕйӕ кӕнунцӕ, етӕ сӕ хуӕрзгъӕдӕдзийнадӕмӕ гӕсгӕ нӕуӕглӕмӕрст рӕзи дӕнттӕй берӕ изолдӕр нӕ лӕуунцӕ. Ци ниуазис, уой цӕмӕй базонай, уой туххӕй 2001 анзи 1 январӕй фӕстӕмӕ нӕуӕг ГОСТ ес нӕ бӕсти. Нур финст «натуралон рӕзи дон»  фӕууиндзӕнӕ, айдагъдӕр сӕкӕр ӕма лимони тауӕггадӕ кумӕ нӕ хъӕртуй, уӕхӕн продукттӕбӕл. Иннетӕ  ‘нцӕ нектартӕ, фал етӕ дӕр бустӕги лӕгъуз нӕ  ‘нцӕ.

Уавӕр уотӕ  ‘й, ӕма кӕцидӕр рӕзӕй  рӕзи кӕдзос дон нӕ рауадздзӕнӕ. Рӕзи дони ӕма нектари хецӕндзийнадӕ уоми ес, ӕма натуралон  рӕзи дони пайдайаг хай фӕууй 100 проценти. Нектар цӕттӕгӕнгӕй ба, исхӕлӕмулӕ унцӕ натуралон рӕзи дӕнттӕ, сӕкӕр кенӕ муд, натуралон адгингӕнӕнтӕ, хуайраги тауӕггӕдтӕ, хуарӕнтӕ, хуӕрздӕфгӕнӕн бауӕргъӕдтӕ. Уой хӕццӕ, рӕзи ӕма халсарти фулдӕр хай фӕууй 25-50 проценти.

ЦАЙ

Адгин ка нӕ уа кенӕ кӕрдӕгхуз цай, уӕдта кӕрдӕгутӕй цай хуарз агъаз кӕнунцӕ тӕвд рӕстӕги. Адӕймаги цардархайд гъӕддухдӕр кӕнуй каркадэйи (сурх цай) деденсифтӕй цай дӕр. Ӕ деденсифти лимони тауӕггадӕ ке  ес, уой туххӕй ком уазал кӕнуй айдагъ тӕвдӕ рӕстӕги нӕ, фал ма уӕлдӕргонд температури дӕр, уӕдта маруй кӕцидӕр незхӕссӕг организмти дӕр. Сатӕггӕнӕн ниуазуйнаги хузи еугуремӕй хуӕздӕр ӕй тӕвдӕ сурх цай цумун, кенӕ ба уазал каркадэ сӕкӕри хӕццӕ.

Кӕрдӕгхуз цай айдагъ ӕдонуг нӕ сӕттуй, фал ма организм гъӕздуг кӕнуй витаминтӕй, минералон бауӕргъӕдтӕ ӕма берӕ ӕндӕртӕй. Е ӕй, витаминтӕ С, Р, РР ӕма къуар В-йи берӕ витаминтӕ кӕми ес, уӕхӕн ниуазуйнаг. Кӕрдӕгхуз цай фицгӕй, уоми сау цаййӕй дзӕвгарӕ фулдӕр байзайунцӕ минералон бауӕргъӕдтӕ. Япойнӕгтӕ нимайунцӕ, зӕгъгӕ, сӕкӕр ӕма ӕхсир кӕрдӕгхуз цаййи кӕрӕдзей хӕццӕ нӕ федаунцӕ, хуӕздӕр, дан, ӕй уой муди хӕццӕ ниуазун.

САУӔРДӔНТТӔ

Диетологтӕ куд нимайунцӕ, уотемӕй цаййӕй уӕлдай хумӕтӕги сауӕрдӕнттӕ дӕр хъӕбӕр хуарз сӕттунцӕ ӕдонуг. Ниуазуни донӕй хецӕн кӕнунцӕ уомӕй, ӕма си ес, организмӕн пайда ка  ‘й, уӕхӕн минералон бауӕргъӕдтӕ. Уомӕй уӕлдай, етӕ  ‘нцӕ калорийгин дӕр. Фал сӕ нӕ гъӕуй ӕгӕр уазал кӕнун. Дохтиртӕ куд амонунцӕ, уотемӕй сӕрдигон уӕлдай ахиддӕр фӕззиннуй хъуртинез.

БӔГӔНИ

Бӕгӕни ниуазун ӕй адӕймаги рагон традици. Тигр ӕма Евфрати  ‘хсӕн шумертӕ кӕми цардӕнцӕ, уоми археологтӕ иссирдтонцӕ, берӕ ӕностӕ кӕбӕл цӕуй, уӕхӕн дортӕ, ӕма сӕбӕл финст адтӕй, бӕгӕни куд кӕнун гъӕуй, е. Задӕй фунхт цудӕй бӕгӕний дзол – баппир, уой фӕсте ӕй листӕггондӕй никкӕниуонцӕ боцикъай, дон дӕр ибӕл рауадзиуонцӕ ӕма ӕй ӕнгъезунмӕ ниууадзиуонцӕ.

Рагон цӕргутӕ бӕгӕни ниуазтонцӕ тростникӕй конд сӕрмагонд хӕтӕлтӕй, цӕмӕй, ка нӕ батадӕй, еци цъӕмӕлтӕ ӕма хуари гагатӕ ма хъор даронцӕ  хуӕрзадӕ ниуазуйнагӕй мондӕгтӕ исуадзунӕн. Славянӕгтӕмӕ ба бӕгӕний туххӕй ци кой байзадӕй, уой рахӕссӕн ес 448 анзмӕ. Уӕлдай хъӕбӕрдӕр бӕгӕнифицӕнтӕ рапарахат ӕнцӕ IX ӕноси Уӕрӕсей новгородаг зӕнхити.

Гъай-гъай, бӕгӕни ӕгӕр берӕ ниуазӕн нӕййес. Иронх кӕнун нӕ гъӕуй, уой пайда уӕд уодзӕнӕй, ӕма  ‘й минкъий бӕрцӕй ку ниуазай. Фал бӕгӕни бӕззуй айдагъдӕр ӕнӕнез адӕймагӕн. Ахсӕни гъӕдгомӕй, гастритӕй ӕма уӕлдӕр тауӕггадӕй ка сӕйуй, уонӕн аци ниуазуйнаг зиан хӕссуй ӕма сӕ бӕгӕний дӕлбардзийнадӕй гъӕуай кӕнун гъӕуй.

Фал адӕм цӕйбӕрцӕ  ‘нцӕ, уал ӕнкъарӕни сӕмӕ ес. Сӕйрагдӕр ӕй, ци ниуазис, уой адӕ дин гъӕуама ӕхцӕуӕндзийнадӕ хӕсса. Уомӕн ӕма, уой хӕццӕ сумах ранихъуӕрдзинайтӕ уӕ хуӕздӕр ӕнкъарӕнтӕ, уӕ рахаст фӕххуӕздӕр уодзӕнӕй, ӕма е хуарзӕрдӕмӕ фӕззиндзӕнӕй уӕхе лӕдӕрундзийнадӕбӕл.

БЕСЛЕХЪОТИ Ирӕ,
дохтир.