ЦАРДИ ÆРУАЙÆНТИ
Ехх, уогæ ба, зæрдæ ци минкъий æй, фал ци бухсон æй. Никки уæлдай деси ба мæ ’фтауй, æрдзæ адæймагæн ци нивæ исаккаг кæнуй æ райгурци.
Еуетæ, куд фæззæгъунцæ, æд сугъзæрийнæ уедуги хæццæ райгурунцæ, иннети ба цард æ уæрдуни цæлхити буни æууæрдгæ æнсæндуй. Еуетæ сæ хъисмæтæй сæ фурбоцæй хъуæлти фæгъгъазунцæ, иннетæн ба цæрæнбонти сæ цæстисуг сæ ростæбæл сор дæр некæд бауй, уотемæй рарветунцæ сæ цард. Ефстагмæ сæмæ ци амонд баходæзмолæ кæнуй, е дæр уайтæкки фудмаст æма фудæвзарæни фæлми буни æрбацидæр уй.
Хъазахти-Байсонгъурти Людмили ку бафæрсай, дæ царди амондгун бæнттæ цæйбæрцæ адтæй, зæгъгæ, уæд, æвæдзи, æ дæс æнгулдзи дæр æгæр берæ разиндзæнæнцæ.
Людмилæ исæнтæстæй Дигори Уæллагкоми Дунти гъæуи, тугъди æма фæллойни ветеран Байсонгъурти Аким æма Елоон Марфи фæрнуг хæдзари. Уæллагкоми алæмæттаг æрдзæ æ доги базуртæ бæргæ сагъта æвзонг кизгæбæл. Куд иннетæ, уотæ Аким дæр æхе фæллойнæй дардта æ хæдзарæ, æ бийнонтæ. Исæнтæстæй син æ бийнойнаги хæццæ фондз сабийи – дууæ æнсувæри æма æртæ хуæри. Бæргæ цæрæццагæй ирæзтæнцæ, бæргæ рæуæг уадæй уадæнцæ райдайæни Къæмунти скъоламæ, фæстæдæр ба Мæцути интернатмæ. Ахурмæ зæрдæргъæвд кизги зæрдæмæ цæмæдæр гæсгæ хъæбæр цудæй медицинæ. Фæндадтæй æй, адæми æнæнездзийнадæ ка гъæуай кæнуй, федæнмæ уæхæн косæги дæсниадæ райсун. Æма астæуккаг ахуради æвдесæндар ку райста, уæд берæ расагъæс-басагъæс нæбал фæккодта, фал æ гæгъæдитæ балæвардта нæ республики сæйраг сахари медицинон училищемæ.
Пæр-пæргæнгæ ратахтæнцæ уайтæккидæр æ ахури æнзтæ æма райста фельдшери дæсниадæ. Еци рæстæгути куст алке æхецæн нæ агурдта, фал ахур ка фæууидæ, дæсниадæ ка райсидæ, уони рарветиуонцæ цæттæ бунæттæмæ.
Людмилæн куст разиндтæй Уæллагкоми фельдшерон пункти. Е адтæй 1977 анзи. Уæдæй абони уæнгæ, нур æнæгъæнæ 45 анзей дæргъи, æнæ еу бон бауолæфгæй, аци силгоймаг лæггадæ кæнуй адæми хуарздзийнадæбæл.
Советон догæ ма адтæй æ тæмæни. Хуæнхбæсти гъæути ма дзæвгарæ адæм цардæй еци рæстæгути. Адæймаг ба ку цæра, уæд аллихузон уавæрти дæр бахауй. Кæми æхе дæр æрцæвуй, кæми зуймон думгитæ æма бурдæнти исуазал кæнуй, кæми ба рацæргæ адæмæн сæ рагон гъæнтæ сæхе лæдæрун кæнун райдайунцæ. Цубурдзурдæй, медком медицинон косгутæн еунæг бон дæр æнцадæй рауолфуни фадуат хъæбæр æстæн хатт уидæ. Æма ма сæйгитæ медгъæу ку адтайуонцæ, фал алли рауæнти. Уомæ гæсгæ ба Людмили кæми бонæй, кæми ба æхсæвигон багъæуидæ фестæгæй ранæхстæр ун æ хуастæйдзаг сумки хæццæ.
– Хатгай мæ, зæгъæн, Фæрæскъæттæмæ сæйгæмæ бонæ дууæ хатти цæун дæр багъæуидæ, – зæгъуй Людмилæ.
Некæд неке си фегъуста, бафæлладтæн, кенæ зийнадæ кæнун, зæгъгæ, уæхæн загъд.
Уотемæй цард цудæй æма æригон кизги фæлтæрддзийнадæ дæр фулдæр кодта.
Уæдта ’рцудæй, æ зæрдæ ин бустæгидæр ка æрсаста, уæхæн фудцау. Бийнонтæ ахури нæдтæбæл лæуд ку адтæнцæ, тæккæ хъæбæрдæр сæ ку гъудæй нифс, раст еци рæстæг ба сæ фæлмæн, се ’схæссæг мадæ е ’носон дуйнемæ бацудæй. Бийнонтæ æгуппæгау феймир æнцæ. Никки ба ма Дунти уæлмæрдтæ надмæ хæстæг, æ мадæ ба тæккæ надгæрон æвæрд æма сæумæй кустмæ цæугæй дæр, фæстæмæ изæрæй дæр æ над уобæлти æнæракæнгæ нæ фæууидæ. Æ армитъæпæн цал æма цал хатти бамбалдæй æ мади уазал циртбæл. Людмилæмæ ба уотæ кæсидæ, цума ин циртæй дæр цидæр нифс, цидæр гъардзийнадæ дæттуй æ ниййерæг.
Уогæ æвзонг кизгæ цæмæй лæдæрдтæй, æ ниййерæг мадæй фæххецæн ин хъисмæтæй æрмæстдæр фиццаг цæф ке адтæй, уой. Цæмæй зудта е ’взонг уодæй, цæмæй æй банкъардтайдæ, æ царди зинæвзарæнтæ ма нерæнги разæй ке ’нцæ, уой?
Рæстæг адæймаги зæрдæ куд фæгъгъæнæ кæнуй, дзæбæх дæр æй уотæ кæнуй. Уæдта адæм – рæстæгæй никки дзæбæхдæр æма дæснидæр дохтиртæ. Сæ зæрди гъар æма уодти уарзондзийнадæ, сæ фæлмæн табедзæй нæ бауагътонцæ Людмили æхемæ нийгъосун. Уотемæйти æ ристæй еу гæзæмæ ку фæууæгъдæдæр æй, уæдта æ амонд иссирдта Мæхчески Хъазахти хæдзари. Æ цардæмбали бийнонтæ – æгъдаубæл хуæст, нимад адæми ’хсæн. Людмилæ дæр архайдта, æ бон куд адтæй æма æ хъауритæ куд амудтонцæ, уойбæрцæбæл, цæмæй бийнонти ’хсæн ци фæткитæ æма фарнæ адтæй, уой никкидæр фулдæр æма æнхæстдæр кæна, уобæл.
Фал, æмбесондæн куд байзадæй, уотæ: «Кæд цæфæй нæ мæлис, уæдта дин рæхуст». 33-анздзудæй æ цардæй фæгъгъудæй Людмили æнсувæр. Нæуæгæй бабæй фæддувæр æнцæ æ зæрди зинтæ æма мæститæ. Дзæгъæли нæ фæззæгъунцæ, хуæри зæрдæ – æнсувæрмæ, æнсувæри зæрдæ ба – гъæдæмæ. Людмилæ е ’нсувæрбæл ци мæрдæмбестæ бацæй, уой хумæтæг адæймаги æвзаг зæгъунгъон дæр нæ бауодзæнæй. Фал уæддæр адæми фарнæ устур æй. Абони дæр арфиаг æй, Людмилæн еци уæззау уавæри æ фарсмæ ка ’рбалæудтæй, уонæй. Уонæн ба номгай банимайæн нæййес, æгæр берæ ’й сæ нимæдзæ.
Дигоргоми Задæлескæй Уæллагкоммæ фæццо, Тъæпæн Дигорæй ба сауæнгæ Къуссумæ, уордигæй ба Донифарсмæ, кæци гъæуи нæ балæууидæ Людмилæ сæйги уæлгъос, уæхæн хæдзарæ нæ байзадæй. Айдагъ æ фæлмæн цъухи загъд, æ табедзæ, æ лигъз цæстингас фулдæр хатт æвдадзи хуасæ фæууидæ дохтирæн, еци гъуди некæд цох кодта æ сæрæй Байсонгъуронæн æма ’й æнхæст дæр кодта.
Цал æма цал сæйгемæн фæууидæ нифси хуасæ. Сæйгæ – мæгур æй. Сæйгæ сувæллонæй дæр тухстдæр æма æнæхъаурæдæр фæууй… Æма цудæй Людмилæ, æхсæвæ-бон нæ зонгæй, еци æнæнади нæдтæбæл.
Адтæй уæхæн бон дæр æ кусти æма Фæрæскъæттæмæ багъудæй æвæстеуатæй цæун зуймон мет æма лæкъæрдæ нæдтæбæл. Фæрæскъæттæмæ над ба цæхгæр къолæ ’й, никки ба ма æргъæ æма фæстæмæ цæугæй ба æ дзабуртæ уотæ ниууæззау æнцæ æма сæ фæразгæ дæр нæбал кодта.
– Раласон сæ, æма бæгъæнбадæй цæуон аци метхæлæмули, æндæр фæрæзнæ мин нæбал ес, – никкатай кодта æригон силгоймаг.
Уотемæйти куддæртæй Къелдий Хъазахти Гæлæуети хæдзарæмæ туххæйти æрхъæрттæй. Хæдзари æфсийнæ ин æ хуастмæ ку ракастæй, æма ин æ уавæрмæ ку ’ркастæй, уæд æ гъæлæсидзаг нимбухта:
– Адæм дæумæ æнгъæлдзау ку ’нцæ, ду ба дæхуæдæг дæхе уодæгасæй ку марис.
Æма уæхæн мæгурбæнттæ еу æма дууæ хатти нæ бавзурста Людмилæ фестæгæй цæугæй.
Гъо, нуртæккæ уавæртæ сæхе раййивтонцæ. Дигоргоми дæр арæзт æрцудæй, нуриккон домæнтæн æнхæст дзуапп ка дæттуй, уæхæн фельдшерон-акушерон уагдæнттæ. Ес си аллихузон æнæмæнгæ гъæугæ ефтонггæрзтæ, фæлтæрдгун дохтиртæ, фал си сæйрагдæр ба фæззиндтæй «Тагъд агъази» хуæдтолгитæ. Нур сæйгитæмæ фестæгæй цæуни сæр нæбал гъæуй. Уæдта еци еугур устур уæзæ æнцойнæ кодта Людмили къæсхур усхъитæбæл.
Цард æ кæнон кæнуй. Исфæлдесæг адæймаги куд раттуй, есгæ дæр æй еу афони уотæ ракæнуй фæстæмæ. Абони уа, исон уа, уæддæр нæ нади кæрон бæрæг æй.
Райевгъудæнцæ се ’носон дуйнемæ Людмили хецау æма æфсийнæ Саухал æма Таисæ дæр. Устур кади аккаг лæггæдтæ син фæккодта Людмилæ сæ доги, уæдта сæ фæсмæрдæ дæр.
Хъазахти фæрнуг хæдзари сæ царди радæ бæргæ кодтонцæ Хасан æма Людмилæ сæ дууæ кизги æма биццеуи хæццæ. Фал бабæй еума цæф хъисмæтæй…
Людмилæн æ иннæ æнсувæр Гришæ дæр ранæхæстæр æй, фæццæуæн кумæ ес, фал æздæхæнтæ ба кæцæй нæййес, æ еци æносон надбæл. Æ ристæйдзаг туппур зæрдæ фæркитæ куд нæ рахаудтæй Байсонгъуронæн. Фал, æвæдзи, силгоймаги уод фæлмæн куд æй, федар дæр уотæ ’й.
Æма бабæй ами дæр адæм, хеуæнттæ фæккеун нæ бауагътонцæ еци тæнуод силгоймаги.
Байрæзтæнцæ, багъомбæл æнцæ Хасан æма Людмили кæстæртæ. Рæдуд надбæл си неке рацудæй. Сæ фурт Аслан æ рæстæги æнтæстгинæй гъазта Фæсевæдон театр «Амран»-и. Æ зæрдæмæдзæугæ гъазтæй еу æма дууæ хатти нæ барохс кодта адæми зæрдитæ, нуртæккæ ба косуй Мæздæги райони медгъуддæгути хайади нæдтæбæл æдасæй цæуни инспекций.
Сæ хуæрæ Дианæ косуй Мæскуй. Сæ иннæ кизгæ Анютæ дæр рацудæй æ мади равзурст надбæл, куста нæ республики сæйраг сахари сæйгæдæнттæй еуеми.
Бангъæл уæн адтæй, бунтонфæстагмæ аци цардæфхуæрд силгоймагмæ дæр амонд байдзулдæй æ медбилти, зæгъгæ. Фал, нивтæ байуарæгæн ци загъдæуа.
Анютæ æ амонд иссирдта Заводи поселокки Гергити хæдзари. Æйæг æ еци амонд берæ нæ рахаста. Цалдæр анзи рацардæнцæ æ цардæмбали хæццæ, исæнтæстæй син биццеу æма кизгæ. Нерæнгæ ма хуæрз сабийтæ. Нæ, нæ бафсастæй Анютæ æ кæстæрти хортæй, мадау сæбæл зæрди фæндон нæ бацийнæ кодта. Нур анз хуæздæр цæуй, кæдæй æй æгъатир нез не ’хсæнæй ратудта, уæдæй.
– Гъо, мæгурдæйраг, Анютæ! Етæ дæ бонигон агоргæ ку кæндзæнæнцæ, фал дæ ку нæ æстæфдзæнæнцæ, етæ æхсæвигон мади фæлмæн гъæбесмæ сæхе ку иваздзæнæнцæ, дæу бон ба уони багъар кæнун ку нæбал уодзæнæй, – азæлунцæ нур дæр ма мæ гъости, кæунгъон дæр ка нæбал адтæй, еци Людмили гъарæнги зæлтæ. Алли къуæре дæр уæлмæрдтæмæ фæццæуй Людмилæ е ’дзард бæдолæбæл æ къох байвæрунмæ, алли къуæре уæддæр æ зæрди туппуртæ исуадзуй гæзæмæ… Æцæг имæ æ цардбæллон кизгæ ба фæлмæнхудт нæбал бакæндзæнæй. Нецæмæй бал ин барохс кæндзæнæй æ фæллад зæрдæ.
Æ цардæмбал Хасан берæ æнзти дæргъи фæккуста Дигоргоми участоккон милиционерæй. Некæд неке зæрдихудти бацудæй, æнæбари некæд неке бафхуардта. Адæми хæццæ хæларæй, уарзонæй æмдзæрийнæй фæццардæй. Фал ин æ бæдоли фæззиан ба æ нифс æма æ хъаурæ еугур саст бакодтонцæ. Анз дæр æнхæст нæбал рацардæй Хасан æ бæдоли фæсте. Æ зæрдæ нæ бауорæдта еци устур зиндзийнадæ.
Беслæни сæйгæдонæмæ дæр ма ’й бæргæ нихъхъæртун кодтонцæ, фал ин дохтирти бон дæр нецибал иссæй. Дзорунмæ нæ, фал æррæстæ банимайунмæ дæр зин æнцæ, Людмилæбæл царди ци уæззау цæфтæ ’руадæй, етæ. Сæдæгай тухст сæйгити фæстæмæ цардмæ раздахидæ, æ уодмæ бустæги хæстæг ка адтæй æ цард-цæрæнбонти, уонæй ба еунæгей раздахун дæр æ бон нæ бацæй Людмилæн.
Нуртæккæ кефæнди ку бафæрсай, Людмилæ ци хузи адæймаг æй, зæгъгæ, уæд имæ медбæсти еунæг дæр фау не ’рхæсдзæнæй, уомæн æма æ хуарздзийнадæ кæбæл нæййес, уæхæн адæймаг си нæ разиндзæнæй. Адæм ба айдæнæ ’нцæ, алцидæр æстæфунцæ, алцидæр сæ зæрдитæбæл дарунцæ. Æнæгъæнæ 45 анзи лæггадæ кæнуй Людмилæ адæмæн, æ кустбæл некæд исустурзæрдæ уогæй. Ниббæлсон æй, нихсистæй æ тæнæг уод. Æ царди ци нæма бавзурста мастæй, ристæй, уæхæн ма ин цума ци байзадæй? Мæнмæ гæсгæ – нецибал!
Ка ’й зонуй, кæмæдæрти мæ дзубандитæ уæлвонггай, еумæйаг дзурдтæ дæр фæккæсдзæнæнцæ. Ами алкæмæн дæр æ барæ æхе. Æз тæрхонгæнæг нæ дæн. Уæдта аци æрмæг финсгæ дæр нæ никкодтайнæ, уæлдæр ранимад цаутæн мæхуæдæг комкоммæ æвдесæн ку нæ адтайнæ, уæд. Хъæбæр рагæй фæсмæрун Байсонгъурти, уæдта Хъазахти бийнонти дæр.
Ка ’й зонуй, мæ æрмæг никки лæмбунæгдæр рауадайдæ. Фал мæ хъæбæр нæ фæндадтæй Людмили зæрди гъæнтæ нæуæгæй æригас кæнун, естæбæл æй лæмбунæгдæр бафæрсун. Æхе мæститæ дæр еу адæймагæн æгæрдæр ма ’нцæ.
Айдагъдæр мæ устур деси æфтауй еу гъуддаг:
Гæрр! Уал анзей дæргъи уæхæн зин фадуæтти уотæ уодуæлдай хъиамæттæ фæккæнæ, дæ уодæй арт фæццæгъдæ æма дин дæ еци фæллойнæн райони æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази ’рдиги еу кади гæгъæди дæр макæд маке исаккаг кæнæд? Е куд æй? Æ цуппæрæн хаййи бæрцæ дæр фудæбонгин ка нæй, уæхæнттæй беретæ райстонцæ аллихузон хуæрзеугутæ æма Кади гæгъæдитæ. Æви еци силгоймаги устур хъиамæттæ банимайунæн хуæнхбæстæмæ нæуæг над къæрт кæнун гъæуй?
Нæй лæдæрун!.. Нæ мæмæ гъаруй!.. Æви еске уотæ æнгъæл фæууй æма гъуддаг айдагъдæр кустбæл мизд федуни медæги ’й? Нæ! Е бустæги раст нæй. Ес ма æндæр хузи райарфæгæнæн, банимайуни мадзæлттæ дæр.
Уогæ етæ Людмилæмæ сæйрагдæр некæд кастæнцæ æ кусти медæги. Е æ ихæсбæл нимадта, ци адæми ’хсæн цæруй æма косуй, уонæн æ еугур хъауритæй дæр лæггадæ кæнун. Æма ин е ба абони уæнгæ бал æнтæсуй. Уæдта æ сæйраг хуарздзийнадæбæл ба нимайуй адæми рахаст. Æма уомæй дæр бал нерæнги æнæхай нæй Хъазахти-Байсонгъурти Акими кизгæ Людмилæ.
Людмили цардæмбал Хасан ма æгас ку адтæй, уæд ми хъæбæр ракурдта, цæмæй ин е ’дзард кизгæ Анютæбæл ести зæрдæмæгъаргæ рæнгъитæ ниффинстайнæ, уой туххæй. Аци æмдзæвгæ ибæл исæмбалдæй æ рамæлæтæй дууæ къуæрей размæ. Хæлар æма лимæнæй фæццардан æ хæццæ, хъæбæр мин фæййарфæ кодта телефонæй. Етæ адтæнцæ, Хасани цъухæй ма фæстаг хатт ке фегъустон, еци дзурдтæ. Æмдзæвгæ ба хæссун уæ тæрхонмæ.
НОМЕРÆН
(ХЪАЗАХТИ АНЮТИ НОМБÆЛ)
Хуарз адæм, зæрдибунæй æркотæ,
Нигъгъæрзетæ, хеуонтæ фæрстæй.
Нæхстæрбæл æй мæрдтæмæ Анютæ, –
Æдзардæй ка ратадæй ристæй.
Рацæргæй уæлæбæл хуæрзгæзæмæ,
Ратудта дæ махæй и фуднез.
Фæццæуис нур дæ еци бæстæмæ, –
Æздæхæнтæ кæцæй нæбал ес.
Æнккæтемæн уогæй зæрдæмбæлæ,
Æнккæтемæн уогæй царди нифс.
Ервæзун сæ кодтай цирти билæй,
Дæхуæдæг ба уордæмæ цæуис.
Кумæ цæуис, Анютæ, – фæрсун дæ,
Ци мæтæ дæ уордæмæ тæруй?
Таирæбæл, миййаг, исæрхун дæ,
Ци зæрдæ дин Саухал æвæруй?
О, Анютæ! Корун ди! Æрлæууæ!
Ци тагъд дæ расугъта фудазар.
Фидæ дæбæл кодта сосæгкæуæ,
Дæ мадæ ба бацæй зæрдæгъар.
Ниууогæй метвæлорс дæ уадæлттæ,
Ци стур уаргъ фæххæссис нур де ’ккой…
Кæмæн уадзис хормæ дæ бæдæлттæ,
Дæ фæсте куд цæрдзæнцæ де ’ной?
Дæ сау цирти хусгæй æвæрæзæй,
Сæ хуарзмæ син кæсдзæнæ æнгъæл.
Фал ма тухсæ. Седзæр тагъд ирæзуй,
Етæ дæр нæ уодзæнцæ дзæгъæл…
Ке нæбал фæууиндзæнæ Мæхческæ,
Нæбал дæ æфсаддзæй Наргъи дон,
Ке цæуис æ бæстæй зæрдæресгæй,
Уобæл кæуй фæллад Дигоргом.
Хуаз адæм! Зæрдибунæй æркотæ,
Нигъгъæрзетæ, хеуонтæ, фæрстæй.
Фæццæуй ни абони Анютæ, –
Уæлæбæл ка фæццардæй рæстæй…
КОЛИТИ Витали