ЦАРДИУАГӔ ФӔРНӔЙДЗАГ УОДЗӔНӔЙ, АДӔМ ӔЙ ЗУНДИ ХЪАУРӔЙ КУ АРАЗОНЦӔ…
Айразмӕ куд фегъосун кодтан, уотемӕй евгъуд ӕртиккӕги Дзӕуӕгигъӕуи арӕзт ӕрцудӕй Цӕгат Иристони пусулмӕнтти Уодварнон управлений дзуапдӕттӕн-ӕвзарӕн конференци. Уой кусти кадгин иуазгутӕй ка архайдта, уони хӕццӕ ӕмбурди хуӕдфӕсте фембалдӕй Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕг Битарти Вячеслав.
Цӕгат Иристони разамонӕг зӕрдиаг ӕгасцӕуай загъта Цӕгат Кавказ ӕма Хъалмухъи республики муфтийтӕн, райарфӕ син кодта, Цӕгат Иристони пусулмӕнтти съезди архайуни зӕрдтагонӕй ке исаккаг кодтонцӕ, уой туххӕй.
Конференций Цӕгат Иристони пусулмон ӕхсӕнадӕ муфтийӕй ӕмгъӕлӕсӕй нӕуӕгӕй ӕвзурст ӕрцудӕй Гуӕцӕлти Хаджиморат. Уой фӕдбӕл Гуӕцӕли-фуртӕн республики Сӕргълӕууӕг сӕрмагондӕй райарфӕ кодта.
Цӕгат Иристони пусулмӕнттӕ се ‘ууӕнкӕ нӕуӕгӕй бавдистонцӕ Гуӕцӕлти Хаджиморатбӕл, – загъта Битарти Вячеслав. – Ӕз дӕр мӕ зӕрдӕ дарун, республики сабур ӕма хузӕнон царди сӕрбӕлтау пусулмӕнтти Уодварнон управлений хӕццӕ не ‘мгустадӕ идарддӕр дӕр ахедгӕ ке уодзӕнӕй, уобӕл.
Фембӕлди архайгутӕ ӕрдзурдтонцӕ Паддзахадон хецаудзийнади оргӕнтӕ ӕма дини еугӕндти ‘хсӕн ӕмгустади ахедгӕдӕр кӕнуни, бӕсти алли адӕмти ӕма алли динти минӕвӕртти ‘хсӕн федуддзийнадӕ, кӕрӕдзей лӕдӕрундзийнадӕ ӕма нимайундзийнади, лимӕндзийнадӕ ӕнгомдӕр кӕнуни гъуддаги фӕдбӕл архайди хӕццӕ баст фарстати туххӕй.
– Сабурдзийнадӕ ӕма национ федуд гъӕуай кӕнун еумӕйаг ихӕс ӕй хецауади паддзахадон оргӕнтӕ ӕма дини еугӕндтӕн, – фӕннисан кодта Цӕгат Иристони разамонӕг. – Мӕ гъудимӕ гӕсгӕ, паддзахадон ӕма дини организацити ‘хсӕн ӕнгом бастдзийнӕдтӕ комкоммӕ ахедунцӕ социалон хузӕнондзийнадӕбӕл дӕр. Цӕгат Кавкази пусулмӕнтти Координацион центри сӕрдар Исмаил Бердиев ӕма иннӕ радзубандигӕнгутӕ арфӕ ракодтонцӕ Битарти Вячеславӕн ӕма иннӕ фусунтӕн, хуарз сӕ ке исиуазӕг кодтонцӕ уой туххӕй.
Нур ба цубурӕй зӕгъдзинан, Цӕгат Иристони пусулмӕнтти фарӕстӕймаг конференци куд рацудӕй, уой туххӕй.
Уой кусти Цӕгат Иристони пусулмӕнтти ӕхсӕнӕдти номӕй ӕвзурст делегаттӕй уӕлдай ма архайдтонцӕ нӕ республики Хецауади Сӕрдари хуӕдӕййевӕг Фадзайти Ӕхсарбег, Цӕгат Кавкази пусулмӕнтти Координацион центри сӕрдар Хъӕрӕсе-Черкесий муфтий Исмаил-хаджи Бердиев, национ рахастдзийнӕдти фарстати фӕдбӕл министр Цуцити Аслан, Кӕсӕг-Балхъари муфтий Хазрат-Али-хаджи Дзасежев, Адыгей ӕма Краснодари крайи муфтий Аскарби-хаджи Карданов, Хъалмухъи республики муфтий Султан-Ахмад-хаджи Каралаев, Абу Ханифи номбӕл Цӕгат Кавкази пусулмон университети ректор Шарабуттин-хаджи Чочаев, Дагестани муфтийи хуӕдӕййевӕг Ахмад-хаджи Надирбеков, Цӕцӕни республики муфтийи хуӕдӕййевӕг Сульян-хаджи Курбанов, Горӕтгӕрон райони сӕргълӕууӕг Гаглойти Алан ӕма иннетӕ.
Ӕмбурди делегаттӕ, иуазгутӕ ӕма сӕрмагондӕй Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий муфтий Гуӕцӕлти Хаджиморатӕн райарфӕ кодта нӕ республики Сӕргълӕууӕг Битарти Вячеслави номӕй Фадзайти Ӕхсарбег.
Фадзайи-фурт ӕ радзубандий куд баханхӕ кодта, уотемӕй Гуӕцӕлти Хаджиморати разамундӕй Иристони пусулмӕнтти управлений къохи фӕстаг фондз анзей дӕргъи бафтудӕй агъазиау ӕнтӕстдзийнӕдтӕ республики адӕмти ‘хсӕн лимӕндзийнадӕ, кӕрӕдзей лӕдӕрундзийнадӕ, ирӕзгӕ фӕлтӕрти ‘хсӕн патриотон гъомбӕладӕ ахедгӕдӕр кӕнуни фарстати.
Республики пусулмӕнтти Уодварнон управлени федар бастдзийнӕдтӕ исаразта Цӕгат Кавкази республикити пусулмон управленити хӕццӕ. Лимӕндзийнадӕ ӕма ӕнгомдзийнади уедӕгтӕ федардӕр кодта республики ‘хсӕн, зӕрдиагӕй архайдта республики паддзахадон ӕхсӕнадон ӕма ӕндӕр конфессионалон организацити архайд ӕхсӕнадӕн пайдахӕссӕг хузи фӕххуӕздӕр кӕнуни гъуддӕгути.
Иристони пусулмӕнтти фарӕстӕймаг конференцимӕ арфи финстӕг исӕрвиста Уӕрӕсей Президенти Администраций медполитики управлений хецауи хуӕдӕййевӕг Михаил Белоусов.
Съезди архайгутӕн ӕма сӕрмагондӕй Гуӕцӕлти Хаджиморатӕн зӕрдиагӕй райарфӕ кодтонцӕ сӕ радзубандити Исмаил-хаджи Бердиев, Кучити Руслан, Цуцити Аслан ӕма Гаглойти Алан.
Съезди архайгутӕ байгъустонцӕ пусулмӕнтти Уодварнон управлений сӕрдар муфтий Гуӕцӕлти Хаджиморати дзуаппон докладмӕ. Е лӕмбунӕг ӕма бӕлвурдӕй радзурдта, фондз анзей дӕргъи е ‘мгустгӕнгути хӕццӕ сӕ къохи ци ӕнтӕстдзийнӕдтӕ бафтудӕй, уони туххӕй. Ӕ радзубандий кӕрони фӕббӕрӕг кодта, сӕ размӕ идарддӕр ци ахсгиаг ихӕстӕ лӕууй, дини, адӕмти медастӕу лимӕндзийнадӕ, кӕрӕдзей лӕдӕрундзийнадӕ федардӕр кӕнуни, экстремизм ӕма терроризми нихмӕ архайуни гъуддӕгути.
Муфтийи дзуаппон радзубанди делегаттӕ банимадтонцӕ хуарзбӕл ӕма нӕуӕгӕй ӕмхузонӕй исгъӕлӕс кодтонцӕ сӕ разамонӕги равзарунбӕл. Республики пусулмӕнтти разамонӕгӕй нӕуӕгӕй ӕвзурст ӕрцудӕй Гуӕцӕлти Хаджиморат.