26 апреля 2024

ЦЪЕУТИ Замæдин

27.10.2020 | 10:17

НÆДТÆ

Цуппар æрдæмæ ’й нæ уад:
Размæ ма фæстæмæ,
Нæ галеу æма рахес
Нæдти нæ фæрстæмæ.

Размæ цæугæй,
Размæ гæпп –
Хæстæгдæр не ’сонмæ,
Нæ фæстæми – фæстезад
Ревæддзо комкоммæ.

Рахесæрдæмæ –
Раст над,
Фæрнæйдзаг рауæнтæ
Галеуæрдæмæ –
Цæгат,
Фалмæмбæрзт хауæнтæ.

Уæд галеу, уæдта рахес
Нæдтæ нæ фæрстæмæ,
Нæ катаййи ба цоппай
Размæ ма фæстæмæ.

 

Хъæбæр зин нин æй, нæ газети еузæрдиуон æмархайæг Цъеути Замæдинæн абони ци æмдзæвгитæ мухур кæнæн, уони, гъулæггагæн, æхуæдæг ке нæбал бакæсдзæнæй – хуæрзæрæги е ’носон дуйнемæ банæхстæр æй. Рохсаг уæд, нæ Исфæлдесæг ин дзенети уодæнцойнæдæр рауæн исаккаг кæнæд. Еци бари аккаг иссæй æ рæстуоддзийнади æма кæдзос зæрдихаттæй æ уæлзæнхон царди æ гъуддæгутæ ке аразта, уомæй.

Фæдзæхсти хузæн нин байзадæнцæ æ финст уадзимистæ… Уонæй ин имисæн абони æ рохс ном дæр.