04 октября 2024

ЦИ БЕГАРА ДÆБÆЛ  ЕС?..

13.05.2023 | 11:00

Уруссагау еу-дууæ дзурди ка базонуй, е дæр нæхе дигорон кенæ ирон æвзагбæл билæскъелтæ кæнун байдайуй, ци æй, цæмæн гъæуй уæхæн нецæййаг æвзаг, зæгъгæ. Уотемæй ба, уотæ ка дзоруй, уонæн сæ фулдæр уруссагау сæ дзубандиаг кæрæдзебæл исбæттун нæ фæффæразунцæ.

Æвдесæн. Киристонгъæуи Октябри бæрæгбони митинги дзурдта профессионалон Цæдести номæй Варасани-фурт, хуарз зонуй дигоронау. Е ба уæддæр баздахтæй æма уруссагау исамадта æ дзубанди. Кæмидæрти фегъуститæ кодта «штаб» æма «масштаб», фал си ка ци адтæй, уой нæ раргъавта æма никъкъуæрдта: «Да здравствует масштаб мировой революции – Коминтерн!»

Еуæй-еуетæ ин неци балæдæрдтæнцæ, ка ’й балæдæрдтæй, етæ ба ибæл фæххудтæнцæ.

Æ маддæлон æвзаг зонгæй æй, дæлдæр ка фæккæнуй, уæхæнттæн мæ æрфæндуй зæгъун: «Ци бегара дæбæл ес, дæумæ ка игъосуй, еци адæмæн æцæгæлон æвзагбæл дзорун?»

МАЛИТИ Геуæрги

РЕДАКЦИЙÆЙ: Малити Геуæрги æ аци уайдзæфтæ кæд æвддæс æма цуппаринсæй анзей размæ ниффинста æма уæди рæстæги цæйбæрцæбæл бунати адтæнцæ, уоййасæбæл хаунцæ абони махмæ дæр. Фал æй фегъосдзинан æма нæ цитгийнаг дигорон æвзаг æцæгæй исцитгин кæндзинан? Хумæтæги нæй нæ аци фарст. Уæлдайдæр ба нур, нæ маддæлон æвзаг æма литератури Бони хуæдразмæ – зундгонд куд æй, уотемæй е нур инсæй анзей дæргъи бæрæггонд цæуй алли анз дæр 15 майи. Цæмæй æй исфедаун кæндзинан уæддæр аци хатт?..