12 декабря 2024

ЦИ ДОР ДÆ ГЪÆУА, Е ДÆМÆ ИСЕСУНМÆ УÆЗЗАУ МА КÆСÆД!..

10.02.2023 | 20:59

АЦИ ФУРТ МИНКЪИЙ АЦÆМÆЗ ÆМА ÆНЗОРАЙ ФУРТ

Æнзорай фурт хуарз лæг адтæй, æма ин æртæ кизги адтæй. Æртæ кизгемæн æ тургъи медæгæ тумбул дорæй адтæй мæсуг. Гъе ма тумбул дортæбæл сæ баслæхъти иссæуиуонцæ æма къæразгæбæл бахезиуонцæ, æндæр имæ дуар нæ адтæй. Æма син уæхæн айдæнæ адтæй, æма, зæнхæ цидæр æма кæмидæр адтæй, уони си уидтонцæ. Корæг сæ адтæй аллирдигæй, æма си лæгмæ неке кумдта: нæхуæдтæ нæхецæн иссердзинан, зæгъгæ, æма мæсуги бадтæнцæ.

Еу бон ку адтæй, уæд æмбесбон иссæй, æма Æнзорай фуртæн æ зæрди æрифтудæй, цауæни ку фæццæуинæ, зæгъгæ, ести ку рамаринæ æхсæвæрæн. Уæллæй имæ кизгуттæ кастæнцæ æма ибæл сæ гъæлæсидзаг ниххæл-хæл кодтонцæ. Лæг ка ’дтæй, уомæ гъигæ фæккастæй е, æма загъта:

«Æ, уæлæ гаццатæ! Æз абони уалæнгæ ходуйнаг ку нæ адтæн, уæд мæбæл сумах куд ходетæ?»

Фæххилæ кодта, уæдта сæмæ нецибал исдзурдта æма фæццудæй. Цæун байдæдта, æма ин еу рауæн фæлгæсæн туппур адтæй, æма уой сæрмæ исхизтæй. Кæсæнцæститæ исласта, ракастæй æма будури астæу еу сау æндæрг рауидта. Кæсун имæ байдæдта æма дес кæнуй, нури уалæнгæ еци будури ку некæд неци адтæй, уæд е циуавæр æй, зæгъгæ, Хуцау мин фонс æрхаста дууæ изæрей астæу!

Кæсун имæ байдæдта, æма æ бæх тæрхъоси асæ, æхуæдæгка биццеуи асæ, уæхæн иссæуй æма имæ исхъæрттæй, райарфæ ин кодта, дæ бон хуарз, зæгъгæ, æма фæццæуй.

Е дæр имæ дзоруй:

– Раздæхæ фæстæмæ!

Е ба загъта:

– Æхсицгæ гъуддаг мæ ес, æма дæ кæд нецæмæн гъæун, уæд мæ ма ’здахæ!

Е дæр бæхбæл æхе багæлста, ба имæ хæццæ ’й æма имæ дзоруй:

– Æрдавæ де ’донæ!

– Ци кæнис ме ’донæй?

– Хуцау дæ мæнæн фонсæн равардта.

Загъта е дæр:

– Биццеу ку дæн, ду ба зæронд лæг ку дæ, æма мæ ку бафхуæрай, уæд дин ходуйнаг нæ уодзæнæй?

Е ба ин загъта:

– Мæнæ мæ фæсабæрцæмæ æрбахезæ, де ’фхуæрдтитæ æма æндæрти сагъæс ма кæнæ, ма дæ кумæ гъæуа, уордæмæ бахъæртун кæндзæнæн.

Нæбал имæ фæккастæй, æма тæрхъоси асæ бæх дзоргъагæнгæ фæццæуй. Е дæр æ бæх ниццæфтæ кодта æма ’й фæстеггæй иссурдта, æма ’й бæхæй искъуæрдта, æма тæрхъоси асæ бæх æ дзоргъа дæр нæ ниууагъта. Никкидæр Æнзорай фурт æ бæхи ниххæфтитæ кодта; еуæрдигæй дæр, иннердигæй дæр имæ æхе батæруй, æма ин змæлгæ дæр нæ кæнуй.

Зæгъуй ин:

– Ци кæнис, лæхъуæн ку дæн, æма мæ цæмæн æфхуæрис? Ку не ’змалдæй, уæд имæ æркастæй, æма ’й ку нæбал уагъта Æнзорай фурт, уæд æй тæрхъоси асæ бæхæй искъуæрдта æма ’й бæхæй рагæлста, æхуæдæг ба ’й æхси дудагъæй нилхъивта, æнæ къохæй бавналгæ æма æнæ бæхæй æрхезгæ. Уæд æ ходæ фелваста æма ин ковун байдæдта:

– Æз, цидæр изæд дæ, цидæр идауæг, дæ мадæ, дæ фиди иуазæг!

Æма е дæр е ’хсæ систа:

– Изæд дæр нæ дæн, идауæг дæр нæ дæн, мæгур лæг дæн, æма мæ мæ надбæл цæун цæмæннæ уадзис?

Фæууагъта ’й æма фæццæуй. Æнзорай фурт фестадæй æма сагъæс кæнуй:

– Нур мæ мæ фудбони кизгуттæ уинунцæ, æма син ци зæгъдзæнæн? Ка мæ бафхуардта, уой ку нæ зонун!

Æма æ фæсте уайун байдæдта æма имæ дзоруй:

– Фæллæууæ еу минкъий!

Е дæр имæ дзоруй:

– Ку нæ мæ евдæлуй, тагъд ку кæнун, æма мæ цæмæннæ рауадзис?

Е ба имæ дзурдта:

– Корун ди, айдагъ дууæ дзурдемæ мæмæ фæллæууæ!

Исæйæййафта æма дзоруй:

– Кæмæй дæ, кумæ цæуис? Ци ’хсицгæ гъуддаг кæнис, уой мин зæгъæ!

Е ба ин загъта:

– Æз дæн Аци фурт минкъий Ацæмæз. Мæ гъуддаг ба ’й: цæун Æнзорати минкъий Æнзорæн æртæ кизги сæрккаги бадунцæ, æма мæнмæ уонæй кæд еске фæрразæнгард уидæ.

Загъта Æнзорай фурт:

– Дæ амонд дин æдта Хуцау хуарз искæнæд!

Æхе фæййеуварс кодта æма уайун байдæдта Æнзорати минкъий Æнзор æма уомæй æхе фæрраздæр кодта сæхемæ. Нихъхъæрттæй æма, ку фæммедæг æй, уæд æ сæр ниллæгдæр, е ’уонтæ бæрзонддæр, уотемæй имæ сæрккагæй æ кизгуттæ ракастæнцæ. Дзурдтонцæ имæ:

– Ку дин загътан, нур ба дæу ка бафхуардта, уой мах дæр æриййафдзинан, æма ибæл хъурмæ кæнæ!

Е дæр бацудæй медæмæ. Уалинги исхъæрттæй Аци фурт минкъий Ацæмæз дæр; бæхбæттæнбæл æ бæх бæбаста; цалдæн иуазæгдонмæ цудæй, уалдæн æ фæсте кæсунцæ кизгуттæ æма ибæл нивтæ ракарстонцæ, дарæсæн ци гъудæй, уобæл. Æхсæвæй хуарз исиуазæг кодта Æнзорати Æнзор, æндæмæ ба имæ нæ рацудæй. Кизгуттæй дæр алке æ дарæс æ къахæй æ къохмæ рацæттæ кодта. Ку фæббон æй сæумæ, уæд ин сæ æрæрвистонцæ æма ин загътонцæ, гъе, уонæй дæ аккаг ка ’й, е дæу фæууæд, иннети ба фæстæмæ исæрветæ, зæгъгæ.

Равзурста сæ, æма хестæри дзаумæуттæ, æхецæн куд дзæбæх, уотæ разиндтæнцæ; иннети ба фæстæмæ рарвиста. Æрæрвистонцæ имæ:

– Ирæдæн нин ци унаффæ кæнис? Ирæди унаффæ нæхуæдтæ кæнæн; кæд дæ нифс хæссис, уæд арази ан; дæ нифс ку нæ хæссай, уæдта дæ хæдзарæ агорæ!

Рарвистонцæ имæ:

– Нæ фиди æфхуæрдæн нин фиццагдæр мин соми куд бафедай, не ’руæдæн ба сæдæ саги.

Исарази ’й. Æнгъуд ин искодтонцæ. Еци сахат æ дзиппæй исиста мин соми, уæдта фæццудæй æма сæдæ саги æртардта æма син сæ сæ тургъи баскъардта. Æнгъуд ин равардтонцæ, æнгъуди бонмæ куд иссæуай æма дæ бийнонтæ куд фæххонай, зæгъгæ, уобæл.

Аци фурт минкъий Ацæмæзбæл нарти адæм тæрхæнттæ кæнун байдæдтонцæ:

– Аци фурт цауæни рандæй æма некæмибал зиннуй, æма имæ агорунмæ цæун гъæуй!

Уотæ куд дзурдтонцæ, уотæ ба Ацæмæз нихъхъæрттæй æма нарти адæмæн арфæ ку ракæнинæ, зæгъгæ, æма сæмæ фездахтæй. Уе ’зæр хуарз, нарти хестæр адæм, зæгъгæ, син разагъта. Етæ дæр ин:

– Æгас нæмæ цо! Мах ба дин уосæ корун унаффæ ку кодтан æма дæмæ агорунмæ дæр цæунмæ ку гъавтан.

Е ба син загъта:

– Киндзхонæй мæ уæ хуарзæнхæ фæууæд! Иннæ абони дзурд бафтудтон, æма мæ уæ хуарзæнхæ уæд!

Иннæ аци афонн фæццудæнцæ нарти адæм æма ин киндзæ æрхудтонцæ.

Аци таурæхъ Губади ниффинста Мудойти Сабейæй

 

ГÆЗЗАЙ АВД СÆГЪИ ÆМА БЕРÆГЪ

Цардæй мæгур лæг. Хундтæй Гæзза. Адтæй имæ авд сæгъи, æндæр нецæй хецау адтæй; сæ еу адтæй еухъæстон, иннæ ба – духъæстон, æртиккаг – æртихъæстон, цуппæрæймаг – цуппархъæстон, фæндзæймаг – фæндзхъæстон, æхсæзæймаг – æхсæзхъæстон, æвдæймаг – æвдхъæстон.

Хезунмæ сæ раскъардтайдæ, æмбесбон иссайдæ, еци афони.

Уæд еухъæстон бафсастæй æма духъæстонмæ дзоруй:

– Цæуæн, кæд бафсастæ, уæд нæхемæ, – зæгъгæ.

Духъæстон ба имæ дзоруй:

– Фæллæууæ мæмæ, мæ еу хъæстæ нæма бафсастæй.

Еухъæстон имæ дзоруй:

– Мадта æз цæугæ кæнун, – зæгъгæ, æма рацудæй.

Уæд ибæл надбæл берæгъ рамбалдæй æма имæ дзоруй:

– Ке сæгъæ дæ?

Сæгъæ ба имæ дзоруй:

– Гæззай сæгъæ.

Дæ сæрбæл етæ цæмæн æнцæ, зæгъгæ, æ сиутæмæ ин амонуй.

Сæгъæ имæ дзоруй:

– Етæ ба ку багъæуонцæ, уæд Гæззайæн сагойни сугтæ.

– Дæ сагæхти етæ ба ци ’нцæ,– зæгъгæ, æ фæздонæмæ ин амонуй.

Сæгъæ имæ дзоруй:

– Етæ ба мæ дæркъæн хъохъо дзедзетæ.

Уотемæй имæ берæгъ фæллæбурдта æма райахæста сæгъи, æма ’й бахуардта.

Берæгъ исбадтæй надбæл æма гъæуай кæнуй. Уæд духъæстон сæгъæ дæр бафсастæй æма æртихъæстонмæ дзоруй:

– Цæуæн.

Æртихъæстон имæ дзоруй:

– Минкъий ма бахезæ, мæ еу хъæстæ нæма байдзаг æй.

Духъæстон имæ дзоруй:

– Мадта дæ нæбал хезун, цæугæ кæнун.

Фæццæуй надбæл, æма ибæл берæгъ рамбалдæй уобæл дæр.

Берæгъ уой дæр фæрсуй:

– Ке сæгъæ дæ?

– Гæззай сæгъæ дæн,– загъта е дæр.

Уой дæр фæрсуй:

– Дæ сæрбæл етæ ци ’нцæ?

– Гæззайæн сагойни сугтæ.

– Дæ сагæхти етæ ба дин ци ’нцæ?

– Етæ ба мæ дæркъæн хъохъо дзедзетæ.

Берæгъ бацийнæ кодта, загъта, а дæр мин хуæргæй, зæгъгæ, фæллæбурдта æма ’й райахæста, бахуардта уой дæр.

Уæд æртихъæстон дæр бафсастæй æма цуппархъæстонмæ дзоруй:

– Цæуæн.

Цуппархъæстон имæ дзоруй:

– Еу минкъий мæмæ фæккæсæ, мæ еу хъæстæ æнхæст нæма райдзаг æй.

Уотемæй æртихъæстон сæгъæ фæццæуй сæргубурæй. Æфсес берæгъ æхе рауагъта æма æ гъос даруй, кæд ма надбæл еске иссæуидæ, зæгъгæ. Æ сæр раргъувта æма ниууидта, дæлæ сæгъæ иссæуй надбæл. Берæгъ загъта:

– Дæлæ бабæй еу сæгъæ иссæуй. Аци бон мæ бон хуарз æй, – зæгъгæ,– Хуцау мин равардта!

Уотемæй имæ исхъæрттæй æртихъæстон сæгъæ, æма имæ берæгъ дзоруй:

– Ке сæгъæ дæ?

Æртихъæстон имæ дзоруй:

– Гæззай сæгъæ!

– Дæ сæрбæл етæ ци ’нцæ? – фæрсуй уой дæр.

Е дæр ин загъта:

– Етæ ба Гæззайæн сагойни сугтæ!

– Дæ сагæхти етæ ба ци ’нцæ? – загъта берæгъ.

– Етæ ба мæ дæркъæн хъохъо дзедзетæ!

Уотемæй имæ берæгъ уомæ дæр фæллæбурдта æма ’й райахæста, а дæр бабæй мин хуæруйнаг æй, зæгъгæ, аци бон цæуй мæ гъуддаг, – загъта берæгъ æхецæн æма уой дæр бахуардта.

Берæгъ ниттуппур æй хуæрдæй æма æхе равдолæ-бавдолæ кæнун райдæдта, уотемæй æхе æрлагъз кодта.

Уалдæнмæ цуппархъæстон сæгъæ дæр бафсастæй æма фæндзхъæстонмæ дзоруй:

– Цæуæн, фæндзхъæстон, нæхемæ, айфонгæмæ не ’мбæлттæ нæхемæ уолæфунцæ.

Фæндзхъæстон имæ дзоруй:

– Мæ еу хъæстæ нæма байдзаг æй, бахезæ мæ, уæдта еумæ цæудзинан.

Уæд имæ цуппархъæстон дзоруй:

– Мадта æз цæугæ кæнун!

Уотемæй рацудæй цуппархъæстон сæгъæ дæр. Берæгъ е ’ссудмæ хуссуй, æфсесæй.

Сæгъæ имæ ку исхъæрттæй, уæд берæгъ къахгъæрмæ æ сæр фергъувта æма загъта:

– Мæнæ бабæй мин Хуцау равардта, еу сæгъæ бабæй иссудæй.

Уотемæй æй фæрсуй берæгъ:

– Ке сæгъæ дæ?

Æма имæ е дæр дзоруй:

– Гæззай.

– Дæ сæрбæл етæ ба ци ’нцæ?

– Етæ ба Гæззайæн сагойни сугтæ.

– Дæ сагæхти етæ ба ци ’нцæ?

– Уонæми ба хæссун мæ дæркъæн æхсир.

Берæгъ сæгъæмæ фæллæбурдта, райахæста ’й æма уой дæр бахуардта.

Уæд фæндзхъæстон сæгъæ бафсастæй æма дзоруй æхсæзхъæстонмæ:

– Цæуæн! Нур нин афонæ ’й нæхемæ. Бон дæр æризæр æй.

Æхсæзхъæстон имæ дзоруй:

– Минкъий ма бахезæ, мæ еу хъæсти ма минкъий гъæуй.

Уæд имæ фæндзхъæстон дзоруй:

– Мадта дæ нæбал хезун, æз цæугæ кæнун.

Уотемæй фæндзхъæстон сæгъæ ранæхстæр æй сæхемæ. Æфсес берæгъ рагъæуай кодта надбæл дæлæмæ, еске ма иссæуй, кенæ ба рандæ уон, зæгъгæ.

Уотемæй ба берæгъ сæгъи ниууидта, фæндзхъæстон сæгъи æма загъта:

– Дæлæ бабæй мин Хуцау равардта! Бахезон ма уой дæр. Æфсæдгæ бæргæ бакодтон, фал æй куд ниууадзон сæгъи æнæ бахуæргæ? Сæгъæ байзайуни бæсти мæхуæдæг ку фæррессон, уæд хуæздæр.

Уотемæй имæ сæгъæ исхъæрттæй, æма ’й берæгъ фæрсуй:

– Ке сæгъæ дæ?

Сæгъæ имæ дзоруй:

– Гæззай сæгъæ.

– Гæзза ба куд лæг æй? – фæрсуй берæгъ.

– Гæзза мæгур лæг æй, æхецæн косуй, – загъта ин сæгъæ.

Уæд берæгъ тæрсун байдæдта, Гæзза ку рацæуа, зæгъгæ, ма гъæуай кæнуй гъæуи ’рдæмæ, ку мæ рамара, зæгъгæ.

Уотемæй æй фæрсуй сæгъи:

– Дæ сæрбæл етæ ци ’нцæ?

– Етæ Гæззайæн сагойни сугтæ,– загъта ин сæгъæ.

– Дæ сагæхти етæ ба ци ’нцæ? – зæгъгæ ’й, фæрсуй.

– Етæ ба берæгъмарæн тугул дортæ.

Мадта дин æз байамондзæнæн, зæгъгæ, æма ’й бахуардта фæндзхъæстон сæгъи дæр.

Æхсæзхъæстон сæгъæ дæр бафсастæй æма дзоруй æвдхъæстон сæгъæмæ:

– Цæуæн, æризæр æй, нæхемæ. Еунæгæй ами байзайдзæнæ, æз ку рандæ уон, уæд.

Уæд имæ æвдхъæстон сæгъæ дзоруй:

– Минкъий ма мæ бахезæ, мæ еу хъæстæ нæма райдзаг æй, уæдта еумæ цæудзинан.

Æхсæзхъæстон имæ дзоруй:

– Сабургай цæудзæнæн, æма мæ раййафæ!

Æхсæзхъæстон сæгъæ сабургай фæццæуй, фал æвдхъæстон ба ма хезгæ-хезгæ рафæстеуат æй.

Уотемæй æхсæзхъæстон сæгъæ берæгъмæ исхъæрттæй, æма берæгъ сагъæси бацудæй:

– Нур æй æвгæрдгæ ракæндзæнæн, фал ку бафсастæн.

Уæд берæгъ расагъæс кодта æхе медзæрдæ æма загъта:

– Цæй, равгæрдон ’й æма ке бахуæрон, иннæ ба исонмæ дæр байзайæд.

Нур бон дæр æризæр æй. Равгарста сæгъи. Ке бахуардта, иннæ ба байзадæй уоми, берæгъ æхуæдæгка æ фурæфсесæй уоми æхе рауагъта æма æхе меднимæр сагъæс кæнуй:

– Аци æфсесæй нæхемæ фæццæун мин зин уодзæнæй, фал ами бал бауолæфон, ку æрлагъздæр уон, уæдта рандæ уодзæнæн, зæгъгæ.

Уалдæнмæ æвдхъæстон сæгъæ дæр иссæуй. Берæгъи æнгæсти фæцæй, æма берæгъ уотæ зæгъуй:

– Дæлæ еума сæгъæ дæр иссæуй, зæгъгæ. – Нур ма уомæн ба ци кæндзæнæн? Цæй, – зæгъуй,– æвгæрдгæ ’й ракæндзæнæн, кенæ ба рандæ уодзæнæй, сæумæ ба ’й бахуардзæнæн, мæнæ иннæ сæгъæй ци байзадæй, уой хæццæ.

Уæд имæ исхъæрттæй сæгъæ, æма ’й берæгъ фæрсуй:

– Ке сæгъæ дæ?

Сæгъæ ба имæ дзоруй:

– Гæззай сæгъæ дæн.

– Гæзза ба куд лæг æй? – фæрсуй берæгъ.

– Гæзза цауæйнон мæгур лæг æй, берæгътæ ка маруй, уæхæн.

– Дæ сæрбæл етæ ба ци ’нцæ?

Æвдхъæстон сæгъæ имæ дзоруй:

– Етæ ба берæгъмарæн æфсæйнаг лæдзгутæ.

– А-а, – бакодта берæгъ, – мæ гъуддаг цæуй, зæгъгæ, ледзунвæндæ искодта, сæгъæ дæр нæбал бахуардта, уотемæй берæгъ туххæй еу минкъий фæснад бацудæй, уæдта нихъхъан æй туппурæй.

Æвдхъæстон сæгъæ фæццæуй æма иннæ сæгъти хуæрæнтæ ку фæууидта, уæд загъта:

– А-а, хуарз нин ку бакуста! Ме ’мбæлтти мин еугурæй дæр ку бахуардта!

Уотемæй æвдхъæстон сæгъæ æхемæ цæун байдæдта æма изæрдалингти сæхемæ исхъæрттæй, æма ’й Гæзза фæрсуй:

– Ци æрæгæмæ адтæ? Де ’мбæлттæ ба кæми ’нцæ?

Сæгъæ имæ дзоруй:

– Ме ’мбæлтти мин берæгъ бахуардта, æз ма исервазтæн

Гæзза ’й фæрсуй:

– Куд, ци, кæци рауæн, кæци надбæл? – зæгъгæ, æма ин сæгъæ дæр байамудта.

Гæзза топп æрбаскъафта æма уайун байдæдта. Берæгъ хæрдмæ гъæуай кæнуй, нихъхъан æй, уотемæй. Гæзза дæр сæгъи амундмæ гæсгæ ку ниххæстæг æй, уæд гъæуай кæнун байдæдта, ами ескæми уодзæнæй, зæгъгæ.

Уæд берæгъ уасуй, æма имæ Гæзза хæстæг кæнун ку байдæдта, уæд туппур берæгъ ледзун æвзаруй, фал ин нæбал æнтæсуй.

Уалдæнмæ ’й Гæзза ниууидта берæгъи æма ’й сорун байдæдта. Ци æййафун æй гъудæй берæгъи?! Уайтæккидæр æй ниййафта æма ’й уоми топпæй ниццавта, рамардта ’й, уотемæй Гæзза сæхемæ æриздахтæй.

Гæззайæн ма байзадæй еунæг æвдхъæстон сæгъæ æма авд дæркъи.

Уотемæй цæргæ байзадæй Гæзза абони уалæнгæ дæр.

Аци аргъау Губади ниффинста Туати Батразæй 1942 анзи.

 

АРС, БЕРÆГЪ ÆМА РОБАС

Робас, берæгъ ама арс æмбæлттæ адтæнцæ. Адтæй сæмæ цуппар дзоли. Цуппар дзолемæй сæбæл æртæ æнтæстæй, еу ба ма сæ астæу уæлдай адтæй, æма загътонцæ:

– Нур аци дзолæн ци кæнæн?

Арс, куд хъаурæгиндæр унаффæгæнæг, уомæ гæсгæ загъта:

– Фæйнæ дзоли нæбæл æнтæсуй, цуппæрæймаг дзол ба, ка дессагдæр фун фæууина, уой фæууæд!

Исарази ’нцæ уобæл. Ниххустæнцæ æхсæвæ, сæумæ фестадæнцæ.

– Гъæйдæ, ка уи ци фун фæууидта? – фæрсуй арс.

– Зæгъæ ду, нæ хестæр, дæхуæдæг, ци фæууидтай? – фæрсунцæ арси.

Арс загъта:

– Æз æдосæ бафтудтæн муди бæтмæнтти астæу æма си, ка куд устурдæр адтæй, уотæ, еуæ-мардзæ, хуæрун байдæдтон, гъе ма нур ба фурæфсесæй мæлун.

– Гъæйдæ, берæгъ, ду ба ци фæууидтай? – зæгъгæ ’й фæрсунцæ.

Берæгъ загъта:

– Уæлити астæу бафтудтæн, гъема еуæрдæмæ фæгъгъазинæ æма син сæ дунгутæ æскъунгæ æма хуæргæ рацæуинæ, уæдта иннердæмæ, гъе ма мæ фурæфсесæй мæлун æз дæр.

– Гъæйдæ, робас, ду ба ци фæууидтай?

Æз ба ци фæууидтон, – загъта робас. – Сумахмæ кастæн æма уи ка муд хуардта, ка ба уи уæри думæг хуардта, гъе ма мæ уæдта хуссæг нæбал ниййахæста æма цуппæрæймаг дзол бахуардтон.

Арс загъта:

– Аннæ æртæ дзоли ка ’й, уонæн дæр уотемæй хуæрæн нæбал ес.

Берæгъ æма ’й робас фæрсунцæ:

– Мадта сæ кутемæй хуæрæн?

– Мадта æрдзорæн, ка кутемæй исрасуг уй, уой, уæдта куд тагъддæр исрасуг уй, уой дзубанди дæр æркæнæн, æма æртæ дзоли дæр уой куд уонцæ, уотæ.

Дзорунцæ арсмæ:

– Æрдзорæ, нæ хестæр, ду фиццагдæр.

Арс загъта:

– Ку нинтаунцæ арахъаг æма хæрдмæ æнгъезæнæй æнбохъулатæ ку райдайуй, гъе уæд мæ сæри цæун байдайуй æ тухæ, гъема уæд расуг кæнун райдайун.

– Гъæйдæ берæгъ, зæгъгæ, нур ба ду, – загътонцæ берæгъæн.

– Ку ’й байвæрунцæ артбæл арахъ уадзунмæ, уæд æндæмæ хæтæли хурфæй тулфæ цæун нæ райдайуй, гъе уæд мæ сæри цæун райдайуй, гъосинмæ уайун ку райдайуй, гъе уæдта исрасуг ун.

Уæд робас нецибал загъта, уотемæй фестадæй æ медбунат æма дзой-дзой кæнун байдæдта æма, гупп, зæгъгæ, рахъан æй сæ астæу.

Ниййибæл калдæнцæ е ’мбæлттæ:

– Ци кæнис, ци робас?

Æ хъури ин дон уадзун райдæдтонцæ, дæргъцæ, замана ибæл рацудæй, æрæги-дурæги ба æрискъидтæй, æма ’й фæрсунцæ:

– Ци кодтай, ци?

Æма син загъта:

– Сумах расуги койтæмæ фæррасуг дæн.

Уоййадæбæл æртæ дзоли дæр робаси бацæнцæ.