05 ноября 2024

ЦИ НОМÆЙ ДÆМÆ БАДЗОРОН?..

22.09.2020 | 18:11

БИТИТИ Алани конд хузæ «Нæхемæ»

ИСАТИ Мæхæмæт, (1928-2011), филологон наукити доктор, академик.

Мæ дзубанди мæ фæндуй еу хабарæй райдайун. Нæ гъæуккаг æригон финсæги хæццæ кæддæр иуазæгуати адтæн еу нæхердигон бийнонтæмæ. Фусунти хæццæ дзубанди кодтан нæ адæми евгъуд дзаманти хæбæртти, не ’гъдæуттæ æма нæ  маддæлон æвзаги туххæй. Уалинмæ сæ минкъий биццеу тургъæй æ мадæмæ æрбагъæр кодта:

– Мамæ, мæнæ бабæй Гермæн æма Япон дортæ æхсунцæ…

– Аци Гогати биццеутæй мæ сæрæн нæбал дæн,– загъта фусунти уосæ æма сувæллони февардта æ кизгæмæ – Царицæ, фæххуæцай мæнæ Ермакбæл… Æз еци биццеутæмæ ракæсон…

Уæхæн æнахур нæмттæ фегъосгæй, æз куддæр мæ дзубандийæй фæкъкъехгомау дæн.

Уæдмæ силгоймаг фездахтæй æма рахабар кодта:

– Репин сæ дууей дæр басабур кодта, хуарз син фæцæй… Сабийтæ дорадзагъд исамадтонцæ, сæ хестæр æнсувæр Франц ба сæмæ «нейтральный» каст кæнуй…

– Мамæ, мах как раз нæ нæмтти туххæй дзорæн,– æ дзурд бæгæлста  Царицæ. – Гъенур етæ циуавæр нæмттæ ’нцæ: Коминтерн, Партизан, Телефон, Конституци, Франц, Япон?!. Цума нæмæ æцæг ном иссерæн нæбал ес…

Ме ’мбæлццон æригон поэт аци дзубандитæмæ уотæ бакодта:

– Æма нæ фидтæлтиккон рагон  нæмттæбæл ба ма  ка æнвæрсуй? Ка ма исхондзæнæй æ сувæллон Хангуассæ, Дибæхан, Налхъутæ, кенæ ба Бимболат, Сабазгери, Налухъ?.. Алкедæр «культурон» ном агоруй.

– Уанæбæрæг цæмæй лæгъуз æнцæ  уæхæн нæхердигон  нæмттæ ба: Сослан, Васо, Мæхæмæт, Фатъимæт, Мæдинæт?– зæрдиаг дзубандий бацудæй Царицæ.

Фал æ дзубанди нæ фæццудæй ме ’мбали зæрдæмæ:

– Етæ дæр махæрдигон нæмттæ нæ ’нцæ. Васо æй уруссаг ном – Василий, иннетæ ба æнцæ араббаг нæмттæ… Бæргæ хуарз уидæ, мæнæ нæ филологтæ нæ нæмтти туххæй бæлвурдæй сæ гъуди ку зæгъиуонцæ.

Æма æ еци загъди хæццæ мæмæ  уайдзæфгæнæги каст æрбакодта. Мæнæн æнæзæгъæн нæбал адтæй еу къуар дзурди нæ æцæгæй адæмон нæмтти туххæй. Уæдта зæрдæ байвардтон, ке бавзардзæнæн еци фарстабæл ести уац ниффинсун нæ газетмæ. Фал еци гъуддаг нури уæнгæ мæ къохи не ’фтудæй…

Ахургæндтæ раги исбæрæг кодтонцæ, адæймаги нæмттæ ке равзурдæнцæ æвзаги иннæ дзурдтæй æма ке бæрæг кæнунцæ (кенæ ба бæрæг кодтонцæ раздæр) ескæци æвзаги ести медес. Нæмттæ иннæ дзурдтæй ахиддæр æрбахезунцæ еу æвзагæй иннемæ. Уомæ гæсгæ ба сæ фулдæрей медес, уæдта си ка кæцирдигон æй, уой исбæрæггæнæн нæбал фæууй.

Нæ адæмон нæмттæ сæ равзурдмæ гæсгæ ес æртæ дехи ракæнæн:

1) киристон дини хæццæ баст ка адтæй, етæ;

2) пусулмон дини хæццæ баст ка адтæй, етæ;

3) раздæри ирон-дигорон нæмттæ.

Нæ  адæми æхсæн киристон дин хæлеу кæнунбæл кустонцæ уруссаг æма гурдзиаг сæрмагондæй æрвист лæгтæ – миссионертæ. Уомæ гæсгæ киристон нæмттæ адæми æхсæн фæззиндтæнцæ дууæ хуземи: уруссаг æвзаги хузи (Василий, Иван, Андрей, Виктор, Валентинæ, Раисæ) æма гурдзиаг æвзаги хузи (Васо, Вано, Валико, Нино, Серго) æма æндæртæ.

Киристон (каноникон) нæмттæн се ’мбес æй, грекъаг дзурдтæй ка равзурдæй, уæхæнттæ, сæ еу цуппæрæнхай –  латинаг æма иннæ цуппæрæнхай – рагондзиуиттаг æвзагæй. Латинаг æма грекъаг æвзæгтæ хæстæг æнцæ кæрæдземæ. Уомæ гæсгæ нæмттæ дæр æнцæ æмхузæн. Ци дзурдтæй равзурдæнцæ, етæ æвдистонцæ ести хуарз, бæллеццаг менеугутæ. Зæгъæн: грекъаг ном Андрей æвдесуй «бæгъатæрдзийнадæ», Геннадий æма Евгений – «ездондзийнадæ», Катеринæ – «кæдзосдзийнадæ», София – «зундгин». Латинаг ном Виктор амонуй «уæлахездзийнадæ», Валентин æма Валерий – «æнæнездзийнадæ».

Рагон дзиуиттаг нæмтти ахид цæуй Хуцауи кой: Гаврил – «Хуцауи тугъдон», Данил – «Хуцауи тæрхон», Илья – «Хуцауи тухæ», Иван (Иоанн) – «Хуцауи фарнæ», Лазæрь – «Хуцау, фæййагъаз кæнæ», Михаил – «Хуцауи хузæн».

Киристон (каноникон) нæмттæ æндæр æвзæгти æстæн хатт сæ хузæ æййивтонцæ (Юлианæ – уруссаг æвзаги иссæй Ульянæ, Аквилинæ – Акулинæ, Иоанн – Иван æма уотæ идарддæр).

Мах адæм дæр бахастонцæ еци нæмттæмæ æййивддзийнæдтæ. Уотæ еуæй-еу хатт Георгий исуй Геуæрги, кенæ ба Геуæр, Андрей – Æндри, Константин – Къостан, Къоста, Давид – Дауит, Владимир – Ладе, Николай – Микъала. Силгоймаги нæмттæ ба нæ адæм ахид истонцæ сæ рæвдауæн хузи: Нинæчкæ, Веринкъа, Русинка, Шурæ, Раичкæ, Варкæ, Веруси…

Нæ нæмтти дуккаг къуар баст æй пусулмон дини хæццæ: Фатъимæт, Рамазан, Али, Хъази, Хаджи, Хаджумар, Ахмæт, Мæхæмæт, Керим, Хасан, Хадизæт, Хабидæт, Мæдинæт. Араббаг нæмттæ дæр æвзаги дзурдти медеси хæццæ баст æнцæ. Зæгъæн, ном Хабебæ æвдесуй «уарзун», Хизир – «хе гъæуай кæнун», Хасан – «рæсугъд», Ахмæт – «ескæмæй æстаун».

Араббаг нæмтти сæ фулдæремæн (уæлдайдæр ба силгоймаги нæмттæн) сæ кæрони ес мурæ «т», кæци æй араббаг номон хауæни бæрæггæнæни байзайæггаг. Пусулмон нæмттæ дæр сæ фиццаг хузи нæбал æнцæ, уомæн æма махмæ æрбахаудтæнцæ æндæр адæмихæттити (кæсæг, мæхъæл, балхъар æма цæцæни) æвзагæй. Еци æнсувæрон адæмтæн сæхецæй дæр æрбайистан берæ нæмттæ.

Нæ нæмтти æртиккаг хай исхонæн ес «рагон фидтæлтиккон нæмттæ». Уонæн сæ еу хай æй хъæбæр æнцон рабæрæг кæнæн – сæ медес æй бæлвурд: Æхсарæ, Саукуй, Хъæвдун, Заретæ, Кафетæ, Уарзетæ, Мингий, Зæринæ, Саухал, Сугъзæр, Федар, Нæуæг, Хох, Саулæг, Зинаргъ…

Фал нæ рагон фидтæлтиккон нæмттæмæ ку æркæсæн, уæд сæ фулдæремæн бæрæг нæбал æй сæ медес: Чермен, Сослан, Батрадз, Дзанхот, Тоти, Госæма, Тасо, Дзулер, Бæрег, Бæбу, Чендзе, Косер, Загъуæ, Госга, Бибо, Урузмæг, Баппе, Леска, Созур, Чабæ, Гафе,  Дадо æма æндæртæ.

Еци нæмттæ сæ еугурдæр, æнæмæнгæ, ести дзаумæуттæ, менеугутæ кенæ архайд æвдистонцæ. Ка ’й зонуй, сæ фулдæр хай æй æндæр æвзæгтæй æрбайесгæ, кенæ ба байзадæнцæ, нæ маддæлон æвзаг ке бундорбæл исирæзтæй, еци субстратон кавказаг æвзæгтæй. Еу хай ба си, ке зæгъун æй гъæуй,  æй нæхе æвзагæй, фал си æрцудæй æййивддзийнæдтæ æма хабæрттæ зин базонæн æнцæ. Зæгъæн, Бæрег, æвæдзи, равзурдæй дзурд «абæрег»-æй.

Нæмтти медес наукон æгъдауæй исбæрæг кæнун хъæбæр ахсгиаг гъуддаг æй, уомæн æма нæмтти истори бæлвурд кæнуй нæ адæми историй берæ фарстатæ. Æрхæссæн уæхæн дæнцæ.

Скифтæ ке хонæн, еци адæмтæй (1700-1300 анзей размæ) байзадæй айдагъдæр адæймаги нæмттæ. Уони равзурстонцæ В.Е. Миллер æма  Абайти Васо æма, етæ куд  исбæрæг кодтонцæ, уотемæй нæ маддæлон æвзаг ке æй скифаг æвзаги базайæггаг. Нæ нæмттæ æрæмбурд кæнун æма рартасун æй устур гъуддаг. Уой гъæугæ хузи исаразуни  ихæс  ба хауй нæ иристойнаг филологтæ æма историктæмæ.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма нæ нæмттæ æрæмбурд кæнун  æма уони рартасунæн айдагъ наукон ахсгиагдзийнадæ нæййес, фал ма ин ес уодварнон гъомбæлади ахедундзийнадæ дæр. Уомæ гæсгæ нæ нæмтти  хуæздæрти, аййевдæрти исбæрæг кæнун  æма сæ дзурдуати хузæн киунугæй рауадзун гъæуй .

Сувæллон ку райгуруй, уæд ин æ ниййергутæ, уони хæстæгутæ æма хæлæрттæ райдайунцæ ном æвзарун. Еу рæстæги еци гъуддаги устур адтæй дини тæвагæ, æма нæуæгигурдтæбæл ахид исæвæриуонцæ киристон кенæ пусулмон нæмттæ.

Дини тухæ ку фæссастæй, уæдта иннердæмæ ниццæхъал кодтонцæ æма агорун байдæдтонцæ ести  «оригиналон» нæмттæ. Уотемæй фæззиндтæнцæ: Конституцитæ, Коминтернтæ, Гипотенузитæ, Японтæ, Францтæ, Маршæлтæ, Стакантæ æма æндæртæ.

Сæ равзурд киристон дини хæццæ баст кæмæн адтæй, еци  нæмттæй беретæ исфедар æнцæ адæми æхсæн. Æцæгæйдæр, цæмæй æнаййевдæр æнцæ, зæгъæн, Виктор, Аликси, Михал, Зойæ, Венерæ, Марийæ, Валентинæ, Тамарæ, Ольгæ, Нинæ, æма æндæртæ. Раздæри пусулмон нæмттæй дæр беретæ исфедар æнцæ нæ адæми ’хсæн: Хасан, Морат, Рамазан, Фатъимæт, Мæдинæт, Аминæт, Хадизæт.

Нæ рагфидтæлтиккон нæмттæй дæр беретæ нæуæгæй æрфедар æнцæ не ’взаги: Æхсар, Алан, Батæр, Бæтæг, Хæмиц.

Сувæллонæн ном æвзаргæй ма зæрдæбæл дарун гъæуй еу гъуддаг: нури  дзамани нæ царди фæффедар кæнуй адæймагмæ æ ном æма æ фиди номæй дзорун. Уомæ гæсгæ æхе ном гъæуама аййев бада æ фиди номи хæццæ. Кенæ ба нуртæкки фегъосæн ес: Конституция Ахмедовна, Маркс Кавдынович, Торез Кудзигоевич Ке зæгъун æй гъæуй, ами нæмттæ æма фиди нæмттæ кæрæдзебæл аййев нæ бадунцæ.

Уæдта лæгъуз нæ уайдæ муггаги номи азæлд дæр зæрдæбæл дарун.

Кæронбæттæни ма мæ нæуæгæй зæгъун фæндуй, цæмæй, ци темæбæл дзубанди кодтан, е иронхуати ма изайа. Гъæуама алли адæймагбæл дæр æ ном æ  дарæси хузæн аййев бада.