27 апреля 2024

ЦИРГЪЗУНД ЗАГЪДМӔ БАЙГЪОСӔ…

27.08.2022 | 17:24

Соллогуб Александр Ивани фуртæн (зундгонд финсæг, А. Пушкини хуарз зонгæ Владимир Соллогуби фидæ) е ’нсувæри кизгæ адтæй, саурæсугъд кæмæй фæззæгъунцæ, уæхæн. Еууæхæни еумæ парки куд рацо-бацо кодтонцæ, уотæ сæбæл исæмбалдæй еу рæуæгсæр лæхъуæн æма  фæрсуй:

– Зæгъай мин, дæхуæдæг фудконд ку дæ, уæд дæ кизгæ ба уæхæн рæсугъд кутемæй рауадæй?

– Уотæ дæр фæууй, – дзуапп равардта Соллогуб. – Ду дæр уосæ ракорæ. Ка ’й зонуй, дæ цæуæт дæхецæй зундгиндæр рауайуонцæ.

* * *

Игъустгонд немуцаг химик Юстус фон Либихи (1803-1873) æ ассистент æнцад нæбал уагъта, дессаги тæнгъæдæ, дан, æргъуди кодтон.

– Цæбæлдæр бамбæлуй, уой уайсахат ратайун кæнуй! – нæбал æнцадæй ассистент.

Уæд æй Либих сабур гъæлæсиуагæй бафарста:

– Æма æй даргæ ба кæми кæнис, даргæ, еци дессаги тæнгъæдæ?

* * *

Игъустгонд французаг финсæг Оноре де Бальзакмæ (1799-1850) æ лимæнтæй кадæр бæрæггæнæг бацудæй æма æй хъæбæр æгудзæгæй, æ зæрдæбæл хуæцгæй баййафта. Фæттарстæй ин:

– Ци кодтай, Оноре? Дохтирмæ фæдздзорон?

– Æз бæргæ неци кодтон, фал тæккæ аци рæстæг Горио рамардæй…

Дзубанди цудæй æ зундгонд уадзимиси сæйраг архайæгбæл.

* * *

Англисаг драматург Шеридан æ пьеситæй еуеми хъæбæр рафаудта парламенти куст. Депутаттæ имæ исмæстгун æнцæ, фæдздзурдтонцæ имæ парламентмæ æма си бадæмдтонцæ, цæмæй æ уæргутæбæл æрлæууа æма си хатир ракора.

Шеридан син сæ тæрхон исæнхæст кодта, фал ку исистадæй æма æ уæргутæ ку æрцагъта, уæд загъта:

– Уæ Хуцау, ами куд цъумур æй, уотæ цъумур ма ескæми уодзæнæй!