06 декабря 2024

ЦИРТДЗÆВÆН – НОМДЗУД АХУРГОНДÆН

11.06.2021 | 20:19

Иристон сæрустур æй, хуарзи ин ка цæуй, æ зунд æма ин æ зæрди бæркæдтæй айдагъ нæ бæсти нæ, фал ма дуйней дæр кадæ æма ном ка искодта, еци разагъди лæгтæй. Уонæй еу æй экономикон наукити доктор, профессор Цæголти Никъалайи фурт Геуæрги.

Экономики зонади е ци бæркадгин наукон куститæ ниффинста, етæ иссæнцæ классикон. Фæсарæйнаг æвзæгтæбæл ин æ киунугутæ рауагътонцæ дуйней бæстити. Геуæрги кæд дууæ анзей размæ не ’хсæнæй фæгъгъудæй, уæддæр æ ном иронх нæй, экономики зонади ирæзтбæл ке хæццæ куста, еци ахургæндтæй. Æ райгурæн Дигорай цæргутæ ба си ‘нцæ сæрустур.

Æрæги аци сахари ци Намуси Аллейæ ес, æма си ци зундгонд адæймæгути, аци сахарæй рацæугути бюститæ æвæрд æрцудæй, уони ’хсæн байгон кодтонцæ сæ разагъди æмзæнхони циртдзæвæн-бюст. Уой фæдбæл си ци кадгин æмбурд адтæй, уоми архайдтонцæ нæ республики æхсæнади, зонади минæвæрттæ, Дигори райони бунæттон хеунаффæйади администраций разамунд æма Цæголти муггаг.

Кадгин æмбурди райдайæни Цæголи-фурти цард æма наукон архайди туххæй лæмбунæг радзурдта Дигори райони бунæттон хеунаффæйади администраций хайади сæргълæууæг Наталья Багомедова. Уой фæсте æ радзубандий райони бунæттон хеунаффæйади администраций сæрдари хуæдæййевæг Цъебойти Ацæмæз куд фæннисан кодта, уотемæй Геуæрги, кæд Мæскуй цардæй, уæддæр федар баст адтæй æ фидтæлти уæзæги хæццæ. Æ бæрнон кустæй ин рæстæг ку фæууидæ, уæд алкæддæр иссæуидæ Иристонмæ. Куд нæ бæсти дæснидæр экономисттæй еу, уотæ Геуæрги ниффинста сæдæ зонадон кустемæй фулдæр. Бундоронæй зудта англисаг, французаг æма немуцаг æвзæгтæ. Æ наукон фæллæнттæ ‘нцæ бундорон æма нимад нæ бæсти æма дуйней номдзуддæр ахургæндти ’хсæн, парахаттæй си пайда кæнунцæ абони дæр.

– Цæголти Геуæрги айдагъ дæсни ахургонд-экономист нæ адтæй, фал ма хуарз зудта, дуйнеуон культурæ æма литератури цидæриддæр хуарз уадзимистæ адтæй, уони сæ еугурей дæр æма сæ парахаттæй хаста адæммæ. Адтæй ездон æма хебæлхуæцгæ, парахатзæрдæ æма цæстуарзон, бакастгин адæймаг, устур Уæрæсей æма æ минкъий райгурæн бæсти еузæрдиуон хъæболæ, – дзурдта Мæскуй цæрæг ирæнтти æхсæнади активон архайæг Бедойти Тамарæ.

Хетæгкати Къостай номбæл Цæгат Иристони Паддзахадон университети  профессор Цалити Александр ба æ радзубандий куд фæннисан кодта, уотемæй Геуæрги æ зонадон кустити æнцойнæ кодта Маркс æма дуйней иннæ номдзуд экономистти теорибæл. Æ зонадон кустити бæлвурдæй дзурдта, нæ бæсти æма ма сауæнгæ АЕШ-и политикæ æма экономики ци аййепдзийнæдтæ ес, бæстæ экономикон къурцдзæвæнæй куд ракæнæн ес, адæми цардиуаги ирæзтæн ци исаразун гъæуй, уой туххæй.

Номдзуд экономисти цирт-дзæвæн-бюст кадгин уавæри байгон кæнуни барæ лæвæрд æрцудæй æ цæуæт Геуæрги, Николай æма æ кизгæ Нинæн.

Кадгин æмбурди ма профессор Цæголти Геуæргий наукон æма æхсæнадон архайди, уæдта æ райгурæн уæзæгмæ ци зæрдæ дардта, уой туххæй сæ гъудитæ загътонцæ историон наукити доктор, профессор Дзидзойти Валери, Еугурдуйнеуон æхсæнадон змæлд «Иристони Устур Нихас»-и Дигори райони хайади сæрдар Дзагурти Атарбег, Дзæуæгигъæуи æхсæнадон совети секретарь, Хæлардзийнади республикон хæдзари директори хуæдæййевæг Хъайтухъти Тамарæ. Устур Фидибæстон тугъди цаутæбæл дзорæг æма нæ фидтæлти лæгдзийнадæ æвдесæг поэтикон уадзимистæ аййев кастæй фусунтæ æма иуазгути зæрдитæ барохс кодтонцæ Дигори райони æригон натуралистти станций гъомбæлгæнуйнæгтæ æма Еугуруæрæсеуон организаци «Æригон æфсæддонтæ»-йи райони хайади иуонгтæ.

Номерæн æмбурд исаразгутæ æма иуазгутæн муггаги номæй зæрдиаг арфæ ракодта Цæголти Тамерлан.

Уой фæсте Цæголти Геуæргий циртдзæвæн-бюстбæл иуазгутæ æма фусунтæ исæвардтонцæ деденгутæ.

 

Нæ уацхæссæг.