11 ноября 2024

ЦИТГИН УӔЛАХЕЗИ КАДӔН…

29.04.2022 | 16:04

Устур Фидибӕстон тугъд ку райдӕдта, уӕд немуцаг-фашистон ӕрбалӕборгути нихмӕ тохмӕ ка рандӕй, уони фиццӕгтӕй еу адтӕй Хъамболти Кудзиго дӕр. Ӕ ниййерӕг мадӕ Мисирӕт ӕма ӕ фидӕ Созо ӕй тугъдмӕ ку рафӕндараст кодтонцӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнцад-ӕнцойнӕ нӕбал зудтонцӕ, кӕд ӕй лӕдӕрдтӕнцӕ, тугъд ци ӕй ӕма си ци ба не ‘рцӕуй, уой, уӕддӕр сӕхецӕн зӕрдитӕ ӕвардтонцӕ, нӕ хъӕболӕ ӕ азарӕй райервӕздзӕнӕй ӕма сӕрӕгасӕй исӕздӕхдзӕнӕй сӕхемӕ. Гъӕунги постхӕссӕги цӕугӕ ку рауиниуонцӕ, уӕд, сӕ фуртӕй сӕмӕ кӕд финстӕг ӕрбадӕттидӕ, зӕгъгӕ, хъӕбӕр хезиуонцӕ, уӕддӕр батухсиуонцӕ, сау хабари гӕгъӕди сӕмӕ ку ӕрбадӕтта, зӕгъгӕ, уомӕй… Бӕргӕ тарстӕнцӕ, фал… «Фидибӕсти сӕрбӕлтау знаги нихмӕ бӕгъатӕрӕй фӕммард ӕй уӕ фурт…», – уӕхӕн цубур, фал дуйнетӕбӕл тӕккӕ зӕрдихарӕдӕр хабархӕссӕг рӕнгъити хӕццӕ финстӕг еци рӕстӕг Хӕзнидони фиццагидӕр ка райста, етӕ адтӕнцӕ Хъамболти Созой бийнонтӕ… Фӕффудевгед ӕнцӕ тӕрегъӕддаг мадӕ ӕма фидӕ…

Уӕддӕр сӕ зӕрдӕ ба дардтонцӕ, кӕд еци гӕгъӕди сӕмӕ рӕдуд ӕрвист ӕрцудӕй, кӕд тугъди хӕлхъойти сӕ фурт ести уӕхӕн уавӕрти бахаудтӕй, ӕма ин ӕ бӕргутӕ бӕлвурдӕй нӕ базонгӕй сӕмӕ фӕххабар кодтонцӕ, кӕд айфонмӕ ӕцӕгдзийнадӕ исбӕрӕг ӕй ӕма сӕ хъӕболӕ идарддӕр дӕрӕн кӕнуй знаги… Гъе уӕхӕн зӕрдитӕ сӕхецӕн ӕвӕргӕй хизтонцӕ, ци хабармӕ бӕлдтӕнцӕ, уой…

Фал… Тугъд фӕцӕй, тугъдонтӕй си ка райервазтӕй, етӕ ӕздахтӕнцӕ сӕ хӕдзӕрттӕмӕ. Кудзиго ба нӕ зиндтӕй ӕма нӕ зиндтӕй сӕхемӕ, нӕ барохс кодта ӕ мадӕ ӕма ӕ фиди рист зӕрдитӕ…

Цудӕнцӕ ӕнзтӕ, цудӕнцӕ кӕрӕдзей фӕдбӕл беритӕ кӕнгӕй. Уӕддӕр Мисирӕти зӕрдӕ ба нӕ арази кодта, ӕ фурт сӕ къӕсӕрбӕл нӕбал ӕрбакъахдзӕф кӕндзӕнӕй, уобӕл… Ӕ рамӕлӕти уӕнгӕ нӕ исарази ӕй…

Ӕма Хъамболти Мисирӕт уомӕй еунӕг нӕ адтӕй гъӕубӕсти медӕгӕ – тугъди размӕ Хӕзнидони цардӕй дууӕсӕдӕ бийнонтемӕ хӕстӕг. Фронтмӕ си рандӕй фарастинсӕй адӕймаги. Уонӕй дууӕ ӕма авдинсӕй нӕбал исӕмбалдӕнцӕ сӕ фидтӕлти уӕзӕгбӕл, цард берӕ уарзгӕй ӕй уӕддӕр иснивонд кодтонцӕ Фидибӕсти сӕребари сӕрбӕлтау. Цал ӕма цал мади, Хъамболти Мисирӕти хузӕн, сӕ фуртти фӕммарди туххӕй «сау гӕгъӕдитӕ» райсгӕй, уӕддӕр уобӕл не ’ууӕндтӕнцӕ ӕма ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ – кӕддӕр уа, уӕддӕр нӕмӕ сӕрӕгасӕй фӕззиндзӕнӕнцӕ, зӕгъгӕ. Гъе уотӕ еудадзуг ӕнгъӕлмӕ кӕсгӕй банӕхстӕр ӕнцӕ, сӕ фӕццо ӕма мабал раздӕхӕ, зӕгъгӕ, кӕмӕй фӕззӕгъунцӕ, еци надбӕл се ’носон дуйнемӕ… Кӕд уоми ба, ка ’й зонуй, исӕмбалдӕнцӕ се ’дзард фуртти хӕццӕ…

2017 анзи арфиаг гъуддаг исаразтонцӕ Хӕзнидони дӕр. Нӕ Цитгин Уӕлахези бӕрӕгбони хуӕдразмӕ ами игонгонд ӕрцудӕй Мади циртдзӕвӕн. Уой исаразуни фӕдбӕл еугур ихӕстӕ дӕр ӕхемӕ райста сӕ зундгонд ӕмгъӕуккаг – Уӕрӕсей зингӕ паддзахадон-ӕхсӕнадон архайӕг Хъамболти Аркадийи фурт Марат, нур ӕй Национ ӕртасӕн центр «Курчатовский институт»-и директор.

Еци циртдзӕвӕн уотӕ арӕзт ӕй, ӕма гъӕунги зӕрдрист мадӕ къелабӕл бадгӕй гъӕугӕрон ӕрдӕмӕ кӕсуй: кӕд ӕма си ӕрбазиннидӕ ӕ фурт, тугъди будурӕй сӕхемӕ ӕздӕхгӕй. Мисирӕт дӕр гъе уотӕ, цалинмӕ ма ӕ бон адтӕй, уӕдмӕ сӕ колдуари размӕ къелабӕл бадидӕ ӕма кӕсидӕ гъӕугӕрони ’рдӕмӕ.

Циртдзӕвӕн кӕд Хъамболти Мисирӕти сорӕтмӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцудӕй, уӕддӕр, ке хъӕппӕресӕй ӕвӕрд ӕрцудӕй, уони загъдмӕ гӕсгӕ, номдарӕй уомӕн ӕвӕрд ӕй, зӕгъгӕ, нимад ма цӕуа – е ӕй еугур ӕдзард тугъдонти мадтӕлти номерӕнӕн. Куд загътан уӕлдӕр, Мади номбӕл циртдзӕвӕнтӕ дзӕвгарӕ ес, фал аци хузи уагӕбӕл арӕзт циртдзӕвӕн ба ӕ медесмӕ гӕсгӕ некӕми ма адтӕй нуриуӕнгӕ.

БОЛЛОТИ Таймораз (галеуæрдигæй) æма ХЪАМБОЛТИ Марат

Устур Фидибӕстон тугъди хӕццӕ баст гъуддӕгути фӕдбӕл цидӕриддӕр мадзӕлттӕ арӕзт цудӕй ӕма цӕуй, уонӕми дзиллӕ ӕдзард тугъдонти мадтӕлти ӕнӕ ӕримисгӕ нӕ фӕуунцӕ. Нӕ бӕсти берӕ рауӕнти син сӕрмагондӕй ӕвӕрд ӕрцудӕй циртдзӕвӕнтӕ.

Куд зонӕн, уотемӕй аци цитгин циртдзӕвӕни размӕ алли анз дӕр арӕзт ӕрцӕуй кадгин мадзӕлттӕ.

Аци анз дӕр бабӕй, нур фӕндзӕймаг хатт, 6 майи Иристони тӕккӕ рӕсугъддӕр гъӕутӕй еу – Хӕзнидони Устур Уӕлахези кадӕн арӕзт цӕудзӕнӕй цӕмӕдессаг мадзал – литературон уадзимистӕ аййев кӕсгути конкурс, ӕртӕ номинациеми: хе финст ӕмдзӕвгӕ радзорун, уӕдта дигоронау-иронау, уруссаг ӕвзагбӕл аййев бакӕсун. Уомӕй уӕлдай ма си, архайдзӕнӕнцӕ нӕ республики зундгонд артисттӕ, исфӕлдистадон къуӕрттӕ. Райгъусдзӕнӕнцӕ син Устур Фидибӕстон тугъди ӕнзти рӕстӕги ци зартӕ фӕззиндтӕй, етӕ. Футболуарзгутӕн фадуат уодзӕнӕй ӕригон футболӕй гъазгути еристӕмӕ бакӕсунӕн.

Аци конкурсӕн ес устур патриотон-гъомбӕладон нисанеуӕг. Уой фӕрци фӕсевӕди зӕрдити, ӕнӕмӕнгӕ, фӕззиннуй Фидибӕстӕмӕ уарзондзийнади ӕнкъарӕнтӕ, багъӕуаги сахатти цӕттӕ ун ӕ багъӕуай кӕнунмӕ, уӕдта син сӕ тоги уадзун кӕнуй маддӕлон ӕвзаг уарзун, гъӕуай ӕй кӕнун. Аци конкурс исаразгутӕн дӕр сӕ сӕйрагдӕр нисантӕ, еци ӕууӕлтӕ нцӕ. Ӕма еци гъуддаги сӕ къохи устур уӕлахезтӕ ке ӕфтуйуй, уобӕл ба дзорӕг ӕй е дӕр, ӕма конкурс медесгундӕр, берӕвӕрсугдӕр ке кӕнуй еу анзӕй иннемӕ.

 

БИЧИЛТИ Алетӕ