12 декабря 2024

ЦУБУР ЗАГЪДӔЙ ХУАРЗ ХАБАР – ЗӔРДРОХСГӔНӔГ

20.07.2021 | 15:04

Уӕрӕсей Федераций Хецауади федаргонд ӕрцудӕй гъӕууон цӕрӕнбунӕтти идарддӕри райрӕзтӕн уӕлӕнхасӕн финансон фӕрӕзнитӕ радех кӕнуни туххӕй сӕрмагонд унаффӕ. Уоми куд амунд ӕй, уотемӕй Цӕгат Иристон гъӕууон фӕзуӕтти райрӕзтӕн уӕлӕнхасӕн райсдзӕнӕй 64,7 миллион сомей бӕрцӕ.

Еци фӕрӕзнитӕ сӕрмагондӕй исхарз кӕндзӕнӕнцӕ фӕлладуадзӕн бунӕттӕ ӕма сувӕллӕнтти гъазӕн ӕма спортивон фӕзти райарӕзтбӕл, фӕндаггон инфраструктури объектти цалцӕг ӕма ӕндӕр фӕлгонцадон куститӕбӕл.

Еумӕ райсгӕй, сӕрмагонд федералон проект «Гъӕууон цӕрӕнбунӕтти фӕлгонцадӕ»-йи фӕлгӕти 44 уӕрӕсейаг регионемӕн радех кӕндзӕнӕнцӕ еу миллиард сомемӕй фулдӕр.

 


Нӕ республики арӕзтадӕ ӕма архитектури министради ци ӕмбурд адтӕй, уоми ӕвддӕс ӕригон специалистемӕн равардтонцӕ цӕрӕнуатон субсидитӕ – алке бӕрцӕ дӕр си ӕй еу миллион соми. Дӕтгӕ ба сӕ ракодтонцӕ, гъӕууон ахурадон, медицинон ӕма ӕндӕр уӕхӕн косӕндӕнтти ка косуй, еци ӕригон специалисттӕн.

Зундгонд куд ӕй, уотемӕй ӕригон специалисттӕн цӕрӕнуатон субсидитӕ сӕ царди уавӕртӕ фӕххуӕздӕр кӕнунӕн нисангонд ӕрцӕунцӕ Цӕгат Иристони цӕргутӕн аслан ӕма еугурфадуатгин цӕрӕнуӕттӕ дӕттуни туххӕй 2016-2024 ӕнзти дӕргъи ӕнхӕстгонд ка цӕудзӕнӕй, еци сӕрмагонд республикон программӕмӕ гӕсгӕ.

Зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма министради минӕвар куд фегъосун кодта, уотемӕй 2021 анзи кӕронмӕ уӕхӕн цӕрӕнуатон субсидитӕ никкидӕр ма райсдзӕнӕнцӕ ӕртиндӕс ӕригон специалисти.

 


Сӕрдигон каникулти фадуӕттӕй испайда кӕнгӕй, аци бӕнтти республики цалдӕр скъолай спортивон залти цӕунцӕ цалцӕггӕнӕн куститӕ. Еци архайд арӕзт цӕуй фиццаградон национ проект «Ахурадӕ»-йи фӕлгӕти ӕма уомӕн 2021 анзи федералон ӕма регионалон бюджетӕй дехгонд ӕрцудӕй 31 миллион сомей бӕрцӕ. Еци фӕрӕзнитӕй аци сӕрдӕ исцалцӕг кӕндзӕнӕнцӕ Раздзӕуӕги, Нӕуӕг Бӕтӕхъой, Чиколай, Црауи, Курттати, Уӕллаг Берӕгъзӕнги гъӕутӕ ӕма Павлодольски станици скъолати спортивон залтӕ.

Аци бӕнтти подрядчиктӕ архайунцӕ, спортивон залти фулдӕр хаййи, иннетӕми дӕр цалцӕггӕнӕн куститӕ хӕстӕгдӕр бӕнтти райдайдзӕнӕнцӕ.

Гъӕуккаг скъолати спортивон залти цалцӕги сӕрмагонд программӕ нӕ республики ӕнхӕстгонд цӕуй 2016 анзӕй фӕстӕмӕ. Уӕдӕй нурмӕ цалцӕггонд ӕрцудӕнцӕ 30 спортивон зали.

Зӕгъун гъӕуй, аци национ проекти фӕлгӕти 2022 ӕма 2023 ӕнзти никкидӕр ма 14 спортивон зали ке исцалцӕг кӕндзӕнӕнцӕ, уой.