26 апреля 2024

ЦУБУРДЗУРДÆЙ…

12.08.2022 | 12:38

Тебиати Мæдинæ, Цæгат Иристони туризми комитети сæрдари хуæдæййевæг

– Нæ республикæмæ туристтæ фулдæрæй-фулдæр цæун байдæдтонцæ. Е бæргæ æхцæуæн æй, фал махмæ æрбацæун ке фæндуй, уони еугурей исиуазæг кæнунæн ба нерæнгæ нæ фагæ кæнунцæ бунæттæ фусунуæтти. Фарстайæн ралухгæнæн ес федералон агъази мадзæлтти, гъома, субсидити фæрци. Инвестортæн сæ бон бауодзæнæй модулон фусунуæттæ аразун. Гъæуама аци анзи кæронмæ исцæттæ уонцæ, æма уой фæрци туристтæ исиуазæг кæнунæн бунæттæ зингæ фæффулдæр уодзæнæнцæ.

 

 

 

 

 

 

 

 

Аланий Исаргъуди 1100 анзей бæрæгбони размæ Цæгат Иристони Зруги аргъауæн реконструкцигонд цæуй. Зæгъун гъæуй уой, æма еци куст еуцæйбæрцæдæр къулумпитæгонд цæуй. Зæгъæн, гъæугæ æрмæгутæ афойнадæбæл нæ хъæртунцæ, уарунтæ дæр куститæ уорамунцæ. Объект барæвдзæ кæнунæн лæвæрд æрцудæй æртæ анзей æмгъуд. Æма фарæ ци фæзæ федаргонд æрцудæй, уоми нæуæгæй арæзт цæуй аргъауæни исæвд хай. Еугур бундорон куститæ дæр конд æрцудæнцæ, нур ба гъæуама аргъауæни бæстихай æнхæстæй арæзт æрцæуа.

 

 

 

 

 

 

Национ проект «Экологи»-й бундорбæл Цæгат Иристон иннæ анз нæ бæсти 37 объектей хæццæ райсдзæнæй фæрæзнитæ хæдзайрон æма æндæр бугътæ хецæнтæй æмбурд кæнунæн контейнертæ балхæнунæн. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма уæхæн хузи агъазгонд цæуй нур дæр. Уой фæрци дууæ анземæ 135 мин контейнерæй исефтонг кодтонцæ цæрæн бунæттæ. Уомæй размæ, берæ уæлæнхасæн процедурити туххæй, æхцатæ регионмæ æрæгæмæдæр хъæрттæнцæ. Нур ба рагацау еугур гъæугæ куститæ дæр бакодтонцæ æма нæуæг анзи райдайæнæй контейнертæ æлхæнун райдайдзæнæнцæ.