04 октября 2024

ЦУБУРДЗУРДÆЙ…

27.08.2022 | 15:40

– Нæ республики 5-18-анздзуд сувæллæнтти 67 процентемæн ес равгитæ уæлæнхасæн ахуради программити архайунæн. Уавæр фæстæдæр зингæ фæххуæздæр уодзæнæй – Цæгат Иристонæн 2024 анзи субсидий хузи 350369,1 мин соми ке ратдзæнæнцæ, уой фæрци уæлæнхасæн ахуради къабази ма арæзт æрцæудзæнæй 25 мин нæуæг бунати. Идарддæр куст цæуй астæуккаг ахуради косæндæнттæ ахури нæуæг анзи райдайæнмæ бацæттæ кæнунбæл. Нерæнгæ бал цалцæггонд æрцудæнцæ 15 скъолай, октябри кæронмæ ба ма уæхæн куститæ фæууодзæнæнцæ 13 скъолайеми, цуппареми ба – аци анзи кæронмæ.

 

 

Нæ республики Слестгæнæг управлений пресс-службæ куд игъосун кæнуй, уотемæй, 2022 анзи æхсæз мæйемæ управлений косгутæ рабæрæг кодтонцæ æма уголовон гъуддæгутæ исаразтонцæ 102 коррупцион фæззинди туххæй æрмæгути бундорбæл. Абони уæнгæ бал уонæй тæрхондонæмæ лæвæрд æрцудæй 22 гъуддаги. Уой хæццæ, нуриуæнгæ тæрхондæнттæ уголовон æгъдауæй бафхуардтонцæ 17 адæймаги. Коррупцион фæззиндтитæ кæми рабæрæг æй уæхæн æгъдауихæлдтитæ æма фудракæндти фæдбæл слестгæнæг мадзæлттæ аразуни рæстæг фудмиутæ, паддзахадæ æма гъигæдардбаййафæг адæмæн ци финансон зиантæ ракодтонцæ, уони нимадмæ барвæндонæй бафистонцæ 195 миллион сомей бæрцæ.

 

 

Цæгат Иристони транспорт æма нæдти инфраструктури Комитетæй куд игъосун кæнунцæ, уотемæй Дзæуæгигъæуи трамвайтæ раййевуни куст гъæуама рахецæн уа 2022 анзи декабри кæронмæ æма æмгъудмæ нæуæг трамвайтæ сахари гъæунгтæмæ гъæуама рацæуонцæ. Уæрæсей Хецауади унаффæй Дзæуæгигъæуи трамвайти парк иснæуæг кæнунæн сæрмагонд федералон трансферти хузи дехгонд æрцудæй 1,7 миллиард сомей бæрцæ. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма ци нæуæг 30 трамвайи исамал кæнонцæ, етæ уонцæ 2022 анзи уагъд, алкæций дæр гъæуама уа бадæг æма лæууæг адæмæн 170 бунатей бæрцæ. Уомæй уæлдай, вагони гъæуама уа кондиционер, информацион экрантæ, интернети бастдзийнадæ æма æндæр техникон фæрæзнитæ.