04 октября 2024

ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ!..

20.07.2021 | 15:10

Нартӕ хъӕбӕр исмӕстгун ӕнцӕ Сирдонмӕ ӕ налат миути туххӕй. Ӕма уӕд сӕ хестӕртӕ Урузмӕг, Хӕмиц ӕма Ацӕ хъӕбӕр тингунӕй загътонцӕ:

– Базудтан, ци дӕ, уой. Ӕма нӕ нӕбал расайдзӕнӕ!.. Сирдон ӕ медбилти бахудтӕй ӕма цидӕр ӕрбацӕй.

Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг рацудӕй ӕма гъӕумӕ ӕрбайгъустӕй фӕдеси хабар:

– Рохсаг уӕд Сирдон, уӕртӕ гъӕугӕрон хъамилти рази рамардӕй.

Кӕд Сирдонмӕ ӕгӕрон мӕстгун адтӕнцӕ, уӕддӕр мард ӕвӕгӕсӕгӕй ниууадзун ходуйнаг адтӕй, ӕма Нарти дзиллӕ, сӕ хестӕртӕ дӕр сӕ хӕццӕ, уотемӕй рацудӕнцӕ Сирдони мард гъӕумӕ исхӕссунмӕ. Мӕрсинтӕбӕл ӕй исӕвардтонцӕ ӕма ’й рахастонцӕ ӕ хӕдзарӕмӕ. Куддӕр уой уӕнгӕ исхъӕрттӕнцӕ, уотӕ Сирдон ӕргӕпп кодта мӕрсинтӕй ӕма Нартӕн райафӕ кодтӕ:

– Арфиаг уотӕ, Нарти хестӕртӕ, ӕнӕхъиамӕт уотӕ. Нур ба мӕхуӕдӕг дӕр мӕ хӕдзарӕ иссердзӕнӕн… Фал сумах ба зундагор идард балций фӕццӕун гъӕуй, ӕма уӕ рӕстӕг дзӕгъӕли ма исафетӕ!..


Сирдон Нарти куд расайдта, уотӕ мах ба, нӕ абони цардиуаги хабӕрттӕ аразунӕй ихӕсгин ка ‘й, еци «сирдонтӕ» цал ӕма цал хатти расайдтонцӕ. Фӕливд ӕма дудзӕсгон (ӕви – ӕдзӕсгон?) ке ’нцӕ, уой бӕлвурдӕй фӕззонӕн, уӕд ни сӕ еу сайди фӕсте сӕ иннӕ зӕрдӕвӕрдти мӕнгӕдзийнадӕ баруагӕс уй ӕма… Ӕма уотемӕй цал ӕма цал хатти фӕффудевгед ан нӕ бӕлдитӕй…

Мурмӕнскаг ӕма Мончегорскаг митрополит МИТРОФАН (Баданин): футболӕй Европи чемпионати Уӕрӕсей еугонд командӕ ке фӕммулд ӕй, е, дан, уой фудӕй ӕй, ӕма нӕ футболисттӕ «уодигъӕдӕй лӕмӕгъ ӕнцӕ». Уомӕ гӕсгӕ ба, дан, еугонд команди гъӕуама уонцӕ дини лӕгтӕ, етӕ син гъӕзтити размӕ ковунӕн агъаз кӕндзӕнӕнцӕ.

Магъа, фал нӕ футболисттӕ цалинмӕ сӕхуӕдтӕ хуӕздӕр гъазунбӕл архайун нӕ байдайуонцӕ, уӕдмӕ син, цума, Хуцау дӕр неци фӕййагъаз уодзӕнӕй. Нӕкӕси, дини лӕгтӕ дӕр еугонд команди иуонгтӕ уодзӕнӕнцӕ? Хуӕздӕр нӕ уидӕ, уони, нӕ бӕсти спорти гъуддӕгутӕбӕл дзуапдӕттӕг паддзахадон къабӕзтӕмӕ бакӕнун, кӕдимайди ба спортивон чиновниктӕ бӕрнондӕрӕй ӕнхӕст кӕниуонцӕ сӕ ихӕстӕ?

 

Розӕ СЯБИТОВА, телеуинунади «Давай поженимся», зӕгъгӕ, программӕ амонӕг, куд фегъосун кодта, уотемӕй гъавуй Паддзахадон Думи депутат исунмӕ ӕма ӕ лозунг ба ‘й: «Тухгин паддзахадӕ, тухгин бийнонтӕ!..»

Ӕма ӕ еци фӕндӕй ӕнӕбийнонтӕгин депутаттӕ исбийнонтӕгин кӕндзӕнӕй. Паддзахадон Думӕй рауайдзӕнӕй депутатон бийнонти Еугонд. Е ци фӕстеугутӕ расайдзӕнӕй, етӕ ба фиццагидӕр тӕссаг уодзӕнӕнцӕ депутаттӕн сӕхецӕн. Гъуди ма ’й кӕндзинайтӕ, айразмӕ ӕвзурст Думи дууӕ фракций минӕвӕртти ‘хсӕн къайадӕй ци рауадӕй – Вороненкови фехстонцӕ Киеви, Максакова ба цидӕр сӕргъӕн миутӕй «ӕскъуӕлхуй». Еузагъдӕй, цитӕ ба нӕ рауайуй депутатти, уони бунӕттӕмӕ гъавгути хъӕппӕрестӕй…

МАМСУРАТИ Дӕбе (1909-1966), финсӕг: «Гъӕуама лӕг ӕхецӕн аргъ кӕнун фӕраза. Лӕгӕн сӕр ку уа, уӕд е фагӕ нӕй – еци сӕр ма гъӕуай кӕнун дӕр гъӕуй…»

Байгъосӕн аци номдзуд адӕймаги фӕдзӕхстмӕ ӕма нин зундамонӕг фӕууӕд. Цӕмӕй абони цардарӕзти фӕливд «тӕрккъӕвдати» нӕ сӕртӕ багъӕуай кӕнунмӕ исарӕхсӕн, ӕма цӕмӕй хуӕздӕр рӕстӕгутӕ ралӕууонцӕ, уобӕл архайунмӕ нӕ сӕри зунд куд исарӕхса.