20 апреля 2024

ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ!..

28.07.2021 | 16:37

Ялти конференци ку цудӕй (1945 анзи 4-11 феврали), уӕд, дан, рӕфтадбӕл уолӕфуни рӕстӕг Черчилль, Рузвельт ӕма Сталин уоми дзӕхӕрадони рацо-бацо кодтонцӕ ӕма кӕрӕдземӕн алли хабӕрттӕ кодтонцӕ. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ сӕ дзубанди рахизтӕй, ка ци фун фӕууидта, уомӕ.

– Ӕзинӕ ӕз мӕ фуни исдӕн ӕнӕгъӕнӕ зӕнхи хецау, – загъта Черчилль.

– Ӕз ба уӕхӕн фун фӕууидтон, цума исдӕн дун-дуйнети паддзах, – загъта Рузвельт. – Ду ба ци фун фӕууидтай, маршӕл Сталин?

– Ӕз дӕр фӕууидтон фун, – иннӕ хӕттити хузӕн еци уӕзбунӕй дзуапп равардта Сталин. – Цума уӕ еуемӕн дӕр еци бунӕттӕ байахӕссуни барӕ нӕ равардтон.


Черчиль ӕма Рузвельт, ци адтӕнцӕ, уомӕй агъазиаудӕр бунӕттӕмӕ уӕддӕр сӕ фунти ке бӕлдтӕнцӕ, уоми дессагӕй неци ес – цӕйбӕрцӕбӕл лӕгигъӕдгун адтӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ сӕ балӕдӕрун ӕнгъезуй. Дессаг ба е ӕй, ӕма, кӕми ци нецӕййӕгтӕ ес, етӕ хецауеуӕггӕнӕн бунӕттӕн сӕ тӕккӕ барӕуадзитӕмӕ ке гъавунцӕ, е. Уой дӕр уотид сӕ фунти нӕ, фал игъалӕй. Ӕма син ӕнтӕсгӕ дӕр кӕнуй. Ӕцӕг син еу цидӕр ба нӕ фентӕсуй – ци гъуддаги сӕргъи ӕрлӕуунцӕ, уомӕн ӕгириддӕр неци фӕллӕдӕрунцӕ, уомӕ гӕсгӕ си зӕранӕй уӕлдай пайда ба бустӕгидӕр нӕ фӕууй. Уой фӕдбӕл уин ракӕндзинан цалдӕр хабари.

Дмитрий РОГОЗИН, «Роскосмос»-и сӕргълӕууӕг: «Мӕ зӕрдӕ дарун, ескӕд мах олигархтӕ дӕр райдайдзӕнӕнцӕ, се ’хцатӕ еума яхтитӕбӕл нӕ, фал космосон технологити райрӕзтбӕл харз кӕнун…»

«Роскосмос»-ӕн паддзахади ’рдигӕй ци берӕ ӕхцатӕ дехгонд цӕунцӕ, кӕд етӕ нӕ фагӕ кӕнунцӕ, уӕд сӕ цӕмӕн харз кӕнунцӕ космоси аййевадон кинонивтӕ есунбӕл ӕма, космос ӕсгаруни хабӕрттӕмӕ ӕгириддӕр ка неци барӕ даруй, уӕхӕн гъуддӕгутӕбӕл. Мӕнӕ ӕрӕги куд райгъустӕй, уотемӕй орбиталон станци нӕ космонавттӕмӕ ци скафандртӕ ес, етӕ нӕбал бӕззунцӕ игон космосмӕ рацӕунӕн. Нуриккондӕр скафандртӕ фӕййамал кӕнунӕн ба, дан, ӕхца нӕййес. Ӕма уӕд хуӕздӕр нӕ уидӕ, Рогозинӕн ӕхе ӕнӕ скафандрӕй космосмӕ рарветун?

 

Антон СИЛУАНОВ, Уӕрӕсей финансти министр, адӕмӕн агъаз кӕнуни туххӕй ӕ хорнигулӕйнаг ӕмгустгӕнгутӕн: «Кризиси нихмӕ мадзӕлттӕ дӕргъвӕтийнӕ дарундзийнади расайдзӕнӕй уой, ӕма экономикӕ ӕгӕр ку истӕвдӕ уа…»

Ӕцӕгӕйдӕр уотӕ уодзӕнӕй ӕви нӕ, уобӕл нӕ дзордзинан. Фал абони ба бӕлвурдӕй-бӕлвурддӕр ӕй, ӕма нӕ паддзахади финансон есбонадӕбӕл, ке къохтӕ имӕ куд хъӕртунцӕ, уотӕ хӕлӕйфаг кӕнуй. Ӕма уой фудӕй ба нӕ экономикӕ уотид нӕ тӕвдӕ кӕнуй, фал цъӕхарт уадзуй. Ӕма еци арти инодгӕнӕг хъуӕци ӕсмаг финансти министри ӕсмотӕнтӕмӕ нӕ хъӕртуй?..

 

 

Эллӕ ПАНФИЛОВА, Уӕрӕсей Централон ӕвзарӕн къамиси сӕргълӕууӕг: Ӕнӕмӕнгӕ Кащейи туххӕй аргъауи судзийнӕмӕ куд хъӕбӕр зин бахъӕртӕн адтӕй, уотӕ ’й нури гъӕлӕсгӕнӕн бюллетен дӕр – арӕзт ӕрцудӕй ӕ багъӕуай кӕнуни ӕма цӕстдарди туххӕй ӕдасдзийнади цалдӕр къӕпхӕни. Бавналӕн имӕ нӕййес…»

Гъа, бюллетени барӕ ес, цийфӕнди дӕр уӕд. Фал сагъӕссаг ба е ӕй, ӕма уой фӕрци ци депутаттӕ ӕвзурст ӕрцӕунцӕ, етӕ дӕр се ’взаргутӕй уӕхӕн «гъӕуайгӕнӕн мадзӕлттӕй» исӕдас унцӕ, ӕма сӕмӕ хумӕтӕг адӕми сагъӕстӕ, тухстдзийнӕдтӕ хъӕртгӕ дӕр, игъусгӕ дӕр нӕбал фӕккӕнунцӕ. Ӕви «адӕми лӕггадгӕнгути» фӕндгӕ дӕр уотӕ кӕнуй – се ’взаргутӕй ӕдас, идард ун?