ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ!..
Рагонбердзенаг финсӕг Эзопи фӕсномуг радзурдтӕй еуеми ракодта уӕхӕн хабар. Мӕргътӕ ахӕссӕг лӕг ӕ хизӕ идӕрдтӕбӕл нийтигъта ӕма ‘й хӕдзарон бӕлӕути рази бабаста, ӕхуӕдӕг ба еуварс ислӕудтӕй ӕма ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Гъӕддаг бӕлӕутӕ ӕрбатахтӕнцӕ ӕма хизи бахаудтӕнцӕ. Лӕг сӕмӕ бауадӕй ӕма сӕ ахӕссун байдӕдта. Гъӕддӕгтӕ хӕдзаронтӕн уайдзӕфтӕ кӕнунбӕл фӕцӕнцӕ, рагацау, дан, нин цӕмӕннӕ балӕдӕрун кодтайтӕ гъуддаг. Хӕдзарон бӕлӕутӕ син равардтонцӕ уӕхӕн дзуапп: « Махӕн нӕ хецауи хӕццӕ хӕларӕй цӕрун пайдадӕр ӕй, нӕ идард хӕстӕгути мӕтӕ ба нӕмӕ уоййасӕбӕл нӕййес!..»
Ӕма адӕмӕй дӕр берӕ кадӕртӕ еци хӕдзарон бӕлӕути хузӕн нӕ ‘нцӕ: къӕбӕр син ка дӕтта, е цийфӕнди нецӕййаг ку уа, уӕддӕр ӕ нихмӕ хъип-сун дӕр нӕ искӕндзӕнӕнцӕ – уогӕ уӕди уӕнгӕ, цалинмӕ си естӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсонцӕ, ӕма уӕхӕнттӕн ба хеуӕнттӕ цалинмӕ сӕ естӕмӕн нӕ багъӕуонцӕ, ӕндӕра сӕмӕ нимади дӕр нӕ фӕуунцӕ.
Николай АРЕФЬЕВ, Паддзахадон Думи депутат: «Махмӕ, зӕгъун ӕнгъезуй, алли реформӕ дӕр рауайуй уӕхӕн ӕма си, мӕнӕ кинонивӕ «Киндзӕхсӕвӕр Малиновки» куд дзурдтонцӕ, уой хузӕн исхатдзӕг кӕнун: мадта бабӕй ӕстъегъдзӕнӕнцӕ…»
Уомӕй уӕлдай ма еци кинониви берӕ ес уӕхӕн зӕгъдтитӕ, кӕцитӕ исбӕззиуонцӕ нури реформити бӕззун – нӕбӕззундзийнадӕ бавдесунӕн. Зӕгъӕн: «Бац-бац ӕма еувӕрсти!..» Кенӕ… «Хецаудзийнадӕ нӕбал ӕййевдзӕнӕй!..» Уогӕ, еци нецӕййаг реформитӕ ка ӕримисуй ӕма сӕ тухӕй-фудти дӕр царди ка «рауадзуй», етӕ гъӕугӕ ӕма зунддӕттӕг кинонивтӕмӕ кенӕ киунугутӕ ку кӕсиуонцӕ, уӕд, ка ‘й зонуй, уӕхӕн, хумӕтӕг адӕмӕн зӕранхӕссӕг миутӕй аразунӕй бафсӕрми кӕниуонцӕ. Уогӕ – ӕфсӕрми ци ‘й, уой зонгӕ ба кӕнунцӕ?
Александр НОВАК, энергетики министради сӕргълӕууӕг, Уӕрӕсемӕ аслан бензин ласунбӕл тобӕгонди туххӕй: «Еци мадзал уомӕ гӕсгӕ аразӕн, цӕмӕй багъӕуай кӕнӕн нӕ нефтигустгӕнӕг къабазӕ…»
Еци къабазӕ багъӕуай кӕндзӕнӕнцӕ, ӕма е ке къохти ӕй, еци ефстаг адӕймӕгутӕ ба бензин хъазарӕй-хъазардӕр кӕндзӕнӕнцӕ ӕма сӕ миллионтӕ фӕффулдӕр уодзӕнӕнцӕ. Хумӕтӕг адӕмӕн никкидӕр ма еума гъезӕмӕрттӕ? Уомӕн ӕма бензин куддӕр фӕхъхъазардӕр уй, уӕд уайтӕккӕдӕр фӕхъхъазардӕр унцӕ еугур товартӕ, лӕггӕдтӕ…
Геннадий ОНИЩЕНКО, Уӕрӕсей Федераций раздӕри сӕйраг санитарон дохтир: «Сауӕнгӕ XII ӕноси Уӕрӕсей бӕлвурдгонд ӕрцудӕй коронавирус. Лӕдӕрд ӕй, уӕд статистикӕ хаст нӕ цудӕй, фал е ӕй, наукӕ ке исбӕлвурд кодта, уӕхӕн цау…»
Еци цауи ӕцӕгдзийнадӕ наукон ӕгъдауӕй ци ахургӕндтӕ исбӕрӕг кодтонцӕ, етӕ нин уой ба нӕ базондзӕнӕнцӕ, ӕма нӕ рагфидтӕлтӕ еци фуднезӕй кутемӕй фӕййервазтӕнцӕ? Кӕд ӕма сӕ фӕсте уойбӕрцӕ фӕлтӕртӕ ма цӕргӕ рацудӕнцӕ, уӕд ӕ нихмӕ цидӕр дессаги мадзал иссирдтонцӕ.