25 апреля 2024

ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ…

03.12.2020 | 16:13

Еу хуӕнхаг лӕгӕти, дан, дессаги берӕ адтӕй аллихузон хӕзнатӕ. Фал ӕ бацӕуӕн – федар ӕхгӕд, ӕцӕг, ефстагмӕ хъӕбӕр цубур ӕмгъудӕй байгон уидӕ, цӕмӕй еци хӕзнатӕй еске фӕххайгин адтайдӕ. Еу уӕхӕн фегони рӕстӕг уоми фӕцӕй циуавӕрдӕр лӕг, фӕммедӕг ӕй уордӕмӕ, ӕ хъадир цӕйбӕрцӕ бафӕразтайдӕ, уойбӕрцӕ ибӕл ӕруаргъ кодта хӕзнатӕй идзаг баркъитӕ…

Сӕхемӕ цӕугӕй, ӕрдӕгнадбӕл ӕ зӕрди ӕрбафтудӕй, лӕдзӕг уоми ке феронх ӕй. Фездахтӕй, фӕммедӕг ӕй лӕгӕти, фал уӕдмӕ уомӕн ӕ бацӕуӕн ӕхгӕнуни рӕстӕг ӕрхъӕрдтӕй… Ӕма  лӕг уоми медӕгӕй райзадӕй… Уоййадӕбӕл нӕбал разиндтӕй, некебал ӕй фӕууидта…

Ци зӕгъуйнаг дӕн аци таурӕхъ ӕримисгӕй? Цъеу ӕхецӕн астъонӕ ку фӕййаразуй, уӕд ин еу къалеу фагӕ ’й. Фиртон е ’донуг ку фӕссӕттуй, уӕд ӕ ахсӕни цӕйбӕрцӕ фӕццӕуй, уомӕй фулдӕр нӕ баниуазуй.

Уӕд нӕ нуриккон бонгинтӕн ба бафсес куд нӕййес?!. Цӕрӕгойти дессаги зундӕй сӕмӕ куд неци ес… Сӕ рӕбунтӕ, ӕвӕдзи, уомӕ гӕсгӕ идзаг кӕнунцӕ, ӕма сӕ уодтӕ ревӕд ӕнцӕ.

Уӕдта ма еу фарста: кӕми ’й еци лӕгӕт, кумӕ сӕ бакиндӕуа, цӕмӕй син сӕ зудӕдзийнадӕй фӕййервӕзӕн ӕма нин, кӕдимайди ба, нӕ еугурадӕмон хӕзнатӕбӕл уотӕ ӕдзӕсгонӕй мабал хӕлӕф кӕнонцӕ?..

 

Виталий Милонов, Паддзахадон Думи депутат: « Фидибӕстон ӕфсӕддон дарӕси кӕцидӕр хӕйттӕ ке феронх ӕнцӕ, е раст нӕй. Зӕгъӕн, буденовкӕ (сурхгвардион сӕридарӕс – Ред.) нерӕнгӕ дӕр зундгонд ӕй ӕнӕгъӕнӕ дуйней ӕма ӕй уӕрӕсейаг ӕфсади официалон нисанеуӕг…»

 

– Ӕнгъӕлдӕн ӕма депутат абониккон ӕфсад феййевдзи кодта абанай хӕццӕ – уоми, ӕцӕгӕйдӕр, ахид ӕнцӕ буйнагӕй худт буденовкитӕ. Ӕфсӕддон нисанеуӕги туххӕй дзоргӕй ба бӕргӕ ӕ бунати уидӕ, уӕлдӕр ӕфсӕддон разамонгути пъагӕнттӕбӕл устур стъалути бӕсти, ӕфсӕддон фӕрӕзнити фӕрци сӕхецӕн ци галауантӕ ӕма ӕндӕр дессӕгтӕ фӕййаразтонцӕ, уони хузтӕ ӕвӕрун, цӕмӕй бӕрӕг уа, ка си цӕйбӕрцӕбӕл «ауодуй» нӕ Фидибӕсти ергъӕвундзийнадӕбӕл…

 

 

Эммӕ ПАНФИЛОВА, Центрон ӕвзарӕн къамиси сӕргълӕууӕг (Костромай облӕсти гъӕуи сӕргълӕууӕгӕй ӕфснайӕг силгоймаги равзурсти фӕдбӕл): «Ӕфснайӕг ци – ес нӕмӕ 23 гъогдоцӕги, 11 уӕсгӕси, 34 ӕрдгузи, 2 курдони, 24 цауӕйнони, 11 фиййауи…»

Классик куд загъта: «Фудбӕлах е ӕй, ӕма дзабуртӕхуйӕг къерегӕнӕг ку исуй…» Еузагъдӕй,

Нӕбал ан нӕдӕр ӕрдгузтӕ, нӕдӕр фонсдартӕ,

Арӕхсӕн ӕви нӕ, уӕддӕр нин фӕсмойнаг ӕгирид нӕй,

Ке иссан уой бӕсти мах дӕр хецаудӕртӕ,

Ӕма уин салам ӕрветӕн бӕрзонди бунӕттӕй…

 

 

Ӕлборти Иван, Цӕгат Кавкази хуӕнхон-металлургон университети экологи ӕма техносферон ӕдасдзийнади кафедри сӕргълӕууӕг, профессор: «Махӕн литературон ӕй Къостай ӕвзаг, дзорунцӕ ибӕл Иристони цӕргутӕн сӕ 80 проценти, иннетӕ ба къудайраг ӕма дигорон ӕвзагбӕл. Ӕма мах нӕ гъӕуй, кӕрӕдземӕй нӕ ка хецӕн кӕнуй, уӕхӕн ӕмбесӕндтӕ…»

– Аци профессоргонд, ӕвӕдзи, нӕ зонуй нӕ республики Конституци – уоми комкоммӕ амунд ӕй, ирон ӕма дигорон ӕвзӕгтӕ куд паддзахадонтӕ, уотӕ ӕмбарӕ ке ’нцӕ, е. Уӕдта, кӕд нӕ Къостай ӕвзагӕй ӕндӕр ӕвзагбӕл литературӕ нӕ гъӕуй, уӕд Гурджибети Блашкай, Багъӕрати Созури, Малити Геуӕргий дессаги уӕлиутти литературон исфӕлдистадӕ ба ци фӕууа? Кенӕ – нури дзамани дигорон ӕвзагбӕл ӕнтӕстгинӕй ка финсуй аййевадон уадзимистӕ, уони исфӕлдистадӕ ба?..