ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ…
Еу лӕг, дан, ӕ фӕлевагӕ ӕнсувӕрмӕ ӕрхицӕ кодта. Ӕма еу бон е дӕр мӕнгӕттӕ радзорун исфӕндӕ кодта. Рацудӕй Нихӕсмӕ ӕма уоми ка бамбурд ӕй, еци лӕгтӕн дзоруй:
– Мӕнӕ хуарз адӕм!.. Дессаг уин радзорон: абони гъӕди еу саги фехстон, ӕма ин нӕмуг исӕмбалдӕй ӕ гъостӕбӕл, ӕ сиуи кӕронбӕл ӕма ӕ фӕстаг сӕфтӕгбӕл. Уӕдта уой фӕсте ба арвӕй данкъай рӕйун райгъустон…
Ӕ еци дзубандимӕ адӕм исдӕгъал-дугъул кодтонцӕ, мӕнгӕттӕ дзӕнгӕдатӕ нин ци кӕнис, зӕгъгӕ. Уӕдмӕ дин адӕми астӕуӕй ӕ фӕливд ӕнсувӕр ку фестидӕ ӕма син ку балӕдӕрун кӕнидӕ:
– Гӕрр, ӕма уӕмӕ е цанӕбӕрӕг дессаг фӕккастӕй? Саг ӕ фӕстаг къахӕй ӕ гъос нихта, уотемӕй ибӕл нӕмуг исӕмбалдӕй.
– Ӕма арвӕй ба данкъа кутемӕй рӕйдтӕй? – фӕрсуй ӕй адӕмӕй кадӕр.
– Ӕма уоми дӕр дессагӕй неци ес: цӕргӕс кӕцӕйдӕр данкъа рахаста ӕма е рӕйдтӕй…
Аци таурӕхъ бакӕсгӕй, зӕрдӕбӕл уайтӕккӕдӕр ӕрбалӕуунцӕ хецаудзийнади бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр бунати бадӕг лӕгтӕй комкоммӕ фӕливд хабӕрттӕ кӕнунмӕ тулаваст ка ’й, етӕ. Сӕ дзубандитӕ нӕ фӕррӕстмӕ ’нцӕ, зӕгъгӕ, е ку рабӕрӕг уй, уӕд сӕ хъозон дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнитӕ син сӕ мӕнгӕттӕ аллихузон рӕуӕнтти фӕрци фецӕгхузондӕр кӕнунбӕл иселлӕг унцӕ. Уомӕн дӕнцитӕ – цӕйбӕрцӕдӕр дӕ гъӕуӕд! Зӕгъӕн, нӕ пенсион фӕткитӕмӕ фӕстаг рӕстӕги ци ӕййивддзийнӕдтӕ хаст ӕрцудӕй, уони ӕнӕрастдзийнадӕ бӕлвурд уогӕй, уӕддӕр сӕ исаразгутӕ ба сӕ бицъинӕг ӕскъудтонцӕ, гъома, етӕ цӕйбӕрцӕбӕл пайда ‘нцӕ нӕ бӕсти социалон-экономикон уавӕр фӕххуӕздӕр кӕнунӕн. Пенсити хӕццӕ баст хабӕрттӕй уӕлдай ма разиндзӕнӕй берӕ ӕндӕр дӕнцитӕ… Уогӕ сӕ уӕхуӕдтӕ дӕр уинетӕ…
Сергей БАБУРИН, ахургонд, ӕхсӕнадон-паддзахадон архайӕг: «Национ политикӕ – е нейрохирурги ӕй, ӕма си ехсӕттӕнӕй архайӕн нецихузи ес…»
Ӕма ехсӕттӕнӕй уогӕ ба ӕхсӕнадон царди циуавӕр къабази ес архайӕн? Уӕхӕн дзаумауӕй кӕми бавналунцӕ, уоми ӕнӕмӕнгӕ фӕсмойнаг фӕстеугутӕй уӕлдай, хуарзӕй ба неци рауайуй… Уогӕ уӕхӕн дзаумауӕй кӕддӕр пайдагонд ӕрцудӕй меднацион рахастдзийнӕдти – куд дзорунцӕ, уотемӕй кавказаг лӕг Сталини бардзурдмӕ гӕсгӕ испайнаг Меркадер уомӕй рамардта дзиуиттаг Троцкийи…
Кирсан Илюмжинов, Калмыкий раздӕри президент: «Ӕз цӕттӕ дӕн Америки Еугонд Штатти демократон процессти фарсхуӕцуни Фонд айдагъ исаразунмӕ нӕ, фал ӕ сӕргъи ӕрлӕуунмӕ дӕр…»
Бӕргӕ-бӕргӕ… Кӕддӕр Калмыкий сӕргъи ӕрлӕугӕй, зӕрдӕ ӕвардта, еци республикӕй дуккаг Кувейт, гъома, алцӕмӕй дӕр гъӕздуг регион исаразун… Ӕма? Кӕд ин ести бантӕстӕй, уӕд республикӕ уӕхӕн ӕгудзӕг уавӕрмӕ ӕртӕрун, ӕма абони ӕ кеми нӕма ‘рцудӕй… Ӕма АЕШ-и демократон процесстӕ ин ку бабарӕ кӕнонцӕ, уӕд ка ’й зонуй, еци паддзахадӕ ӕхе ӕрлӕдӕридӕ ӕма иннети гъуддӕгути ӕ хилкъахӕнтӕй нӕ лӕсидӕ…
Владимир ЖИРИНОВСКИЙ, Уӕрӕсей либералон-демократон партий раздзӕуӕг: «Мах афойнадӕбӕл нӕ ӕрахӕссӕн исонибони фӕтӕгти ӕма революционерти, ӕма уой фӕсте ба ма гъаст кӕнӕн, гъома, кӕмидӕрти нӕмӕ цидӕр ӕрцудӕй, зӕгъгӕ…»
Революционертӕ, уӕлдайдӕр фӕтӕгтӕ исунмӕ ка гъавуй, уони ахӕссуни бӕсти, ӕвӕдзи, хуӕздӕр уидӕ паддзахадон хецаудзийнади хиццаг бунӕтти ӕвӕрун. Уотемӕй син хе цардиуагӕ парахаттӕй аразунӕн уоййасӕбӕл берӕ гӕнӕнтӕ фӕззиндзӕнӕй ӕма сӕ хӕлхъойтӕ аразунмӕ нӕбал евдӕлдзӕнӕй. Цал ӕма цал «фӕтӕги» фӕссӕхъсум ӕнцӕ, уӕхӕн равгитӕй ку фӕххайгин ӕнцӕ, уӕд. Сӕ еу дин Жириновский ӕхуӕдӕг – ӕнӕбунати дзубандигӕнӕг.