11 октября 2024

ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ…

11.11.2020 | 17:43

Цӕгат Иристони адӕмон финсӕг Даурати Дамир ӕ документалон уацаутӕй еуеми ӕримиста мӕнӕ ауӕхӕн хабар:

«Нӕ муггаги «Нихӕс»-и сӕрдар Таймораз мин не ’рвадӕ Ф-ӕй (нуртӕкки гъӕздуг лӕхъуӕнтӕй еу) уотӕ рагъаст кодта:

– Ламардони нӕ муггаги ихӕлд мӕсуг исамайуни фӕдбӕл мӕмӕ ӕ хӕццӕ радзубандиаг адтӕй. Ӕма ин еу бон ӕ дуар бахуастон, зӕгъун, дӕмӕ дзорун ӕма дзорун, фал дӕбӕл нӕ хуӕст кӕнун… Кӕми фӕууис уанӕбӕрӕг?..

– Ӕз ами фӕуун, фал мӕмӕ ӕнӕзонгӕ номертӕй ку ’рбадзорунцӕ, уӕд нӕ раттун дзуапп! – сӕрустурӕй мин ку зӕгъидӕ.

Ӕз имӕ дестӕгӕнгӕ-тингунтӕгӕнгӕй кастӕн, ме ’рбацудбӕл ӕрфӕсмон кодтон ӕма цӕхгӕр фӕззилдтӕн. Дуаргӕронмӕ ма мӕ раййафта ӕ фарст:

– Барӕнай… Цӕмӕ ’рбацудтӕ, уой мин уӕддӕр ку нӕ загътай…

– Нецӕмӕ… Фӕууинон дӕ, зӕгъун…

Абони дӕр ӕй нӕма базудтон, балӕдӕрдтӕй мӕ ӕви мӕ нӕ балӕдӕрдтӕй, уой…

Еци лӕхъуӕни хузӕн уӕлбекъонтӕ нӕмӕ рагӕй дӕр фагӕ кодта ӕма нур дӕр кӕнуй. Уонӕн сӕ сӕризунд гъе уӕхӕн исуй, ӕма ӕцӕг хеуонӕй син хеуондӕр исунцӕ, ести пайда сӕмӕ кӕмӕй ӕрбафтуйдзӕнӕй, етӕ. Уогӕ етӕ дӕр син иснекетӕ унцӕ, пайда хӕссунгъон ку нӕбал фӕуунцӕ, уӕд. Гъулӕггагӕн, уӕлбекъондзийнадӕй фӕссӕйгӕ унцӕ, хецауадон бунӕтти ка ’рбадуй, уонӕй дӕр беретӕ. Уӕлдайдӕр ба нӕ депутаттӕ – ӕвзурстити размӕ дессаги табедзитӕ фӕккӕнунцӕ ӕвзаргутӕн, лӕвӕрттӕй сӕ фӕррӕвдаунцӕ. Куддӕр сӕхеуон сӕхердигӕй фӕууй, гъома, депутаттӕ исунцӕ, уотӕ ба син сӕ фӕдбӕл фӕххуӕст ун нӕбал фӕууй… Адӕм сӕ нӕбал фӕгъгъӕунцӕ – иннӕ ӕвзурстити уӕнгӕ…

 

Геннадий ЗЮГАНОВ, Уӕрӕсей компартий раздзӕуӕг: «Ӕнӕ Паддзахадон пъланӕй (Госплан) размӕ цӕуни фӕлварӕнтӕ еугурӕй дӕр нӕ фӕррӕствӕндаг уодзӕнӕнцӕ, сӕ кӕрон уодзӕнӕнцӕ незгун къуӕхцитӕ, ӕнӕфсӕрми-ӕдзӕсгон хирхунтӕ, ӕнахуадгӕдзийнадӕ ӕма нециархайддзийнадӕ, етӕ ба ӕдзӕлгъӕд ӕзгулийӕй аууонгонд, уотемӕй.

– Мадта уӕд кутемӕй фехалдӕй ССР Цӕдес, кӕд еци гъуддаг нӕ иснисан кодта еци уоййасӕбӕл еугургъомусгин, Советон хецаудзийнадӕн ӕхе ӕргъудигонд Госплан? Ӕви ’й уӕддӕр иснисан кодта? Ӕцӕг, уой ба Зюгановӕй уӕлдай, ӕвӕдзи, неке зонуй. Ӕви ’й зонунцӕ нӕ бӕсти нуриккон фӕтӕгтӕ дӕр ӕма ’й уомӕ гӕсгӕ не ’гас кӕнунцӕ, тӕрсунцӕ, ӕвӕдзи, сӕ кӕронбӕттӕн син ку иснисан кӕна?

 

Александр БАСТРЫКИН, Уӕрӕсей слестгӕнӕн комитети сӕрдар: «Тухгинӕй-тухгиндӕр кӕнуй фӕсевӕди зундтӕбӕл тох. Уомӕ гӕсгӕ ба, куд некӕдма адтӕй, уотӕ ахсгиаг нин ӕй Слестгӕнӕг комитет ӕма финсгути Цӕдеси тухархайд ӕма гӕнӕнтӕ байеу кӕнун…»

– Еци тохи, ӕвӕдзи, ба агъазиау ӕй киунуги ахедундзийнадӕ. Ӕма нури доги, киунугӕ кӕсун ӕгириддӕр цӕстиварди ку нӕбал ӕй, уӕд ӕригон адӕймаги киунугӕ кӕсунбӕл исбадун кӕнун, ӕвӕдзи, исуодзӕнӕй кенӕ хуарз финсӕги, кенӕ ба дӕсни слестгӕнӕги бон?..

 

Анатолий ЧУБАЙС, ӕхсӕнадӕ «Ростехнологити» разамонӕг: (ӕ нуриккон кустӕй исесуйнаг ӕнцӕ ӕма ин бабарӕ кӕндзӕнӕнцӕ Арктики гъуддӕгутӕ, зӕгъгӕ, дзубандити фӕдбӕл): «Ӕз, гъай-гъайдӕр, уарзун Уруссаг Цӕгат, фал тундри ӕвӕндаг рауӕнти ке ратӕх-батӕх кодтон, е рӕуагӕ нӕй Арктики хецауӕй мӕ ӕвӕрунӕн…»

– Ӕцӕгӕйдӕр, нецихузи рӕуагӕй ӕй рарветӕн ес Арктикӕмӕ – цал ӕма цал гъуддаги бабун кодта нури уӕнгӕ ӕма ин нур ба Арктики гъуддӕгутӕ бабарӕ кӕнӕ? – Цӕмӕй си еугур ехуаттӕ ниттайун кӕна, дуйнеуон экологон бунисӕфт исараза?..

Иннемӕй ба, уӕрӕсейӕгтӕй хъӕбӕр беретӕ бӕллунцӕ, Чубайс Цӕгати ку равзуридӕ, уомӕ – уой дӕр ахӕсти курӕт ӕма кирзӕ цулухъти…