26 апреля 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

08.04.2021 | 19:38

Еу æнарæхсгæ курд æ синхонæн фæрæт искодта. Фæрæти хецау гъæдæмæ рандæй уестæ æркæнуни зæрдтæй. Фал куддæр еу уес æркодта, уотæ æ фæрæт фæцъцъола ‘й. Лæг ма уестæ цæмæй æркодтайдæ, е ин нæбал адтæй, раздахтæй фæстæмæ. Сæхемæ дæр нæма бацудæй, уотемæй курдмæ бамедæг æй:

– Дæ фидистæн, амæй лæгъуздæр мин ци исаразтайсæ, уæхæнæй æндæр неци æрæфтудæй дæ зæрди?

Уæд ин курд еци æнæфсæрмийæй ку зæгъидæ:

– Æма ма дин уомæй лæгъуздæр ци гъæуама исаразтайнæ?


– Гъе уæхæн æнарæхсгитæ æ рæстæги нæ паддзахади хецаудзийнади унаффæхæссæн бунæттæ æма нин нæ цардарæзт бабун кодтонцæ: советон догæй нæмæ пайдайаг ци адтæй, уони фехалдтонцæ, сæ бæсти ба бæззуйнагæй æгириддæр неци исаразтонцæ. Уогæ куд нæ исаразтонцæ – сæхецæй бонгинтæ исаразунмæ æгæрдæр ма исарæхстæнцæ. Махæн, хумæтæги фæллойнæгæнгутæн ба – еци курди арæзт нецæмæ бæзгæ фæрæти æнгæс цардиуаги уавæртæ…

Лев ТОЛСТОЙ (1828-1910), номдзуд уруссаг финсæг: «Адæймаг цæйбæрцæбæл фулдæр дæттуй адæмæн æма минкъийдæр агоруй æхецæн, уойбæрцæбæл хуæздæр æй; цæйбæрцæбæл минкъийдæр дæттуй иннетæн æма фулдæр агоруй æхецæн, уойбæрцæбæл лæгъуздæр æй…»

– Нæ нуриккон бонгинтæ, еугурæйдæр, ефстæгтæй уæлдай, цæлæмбудæй-цæлæмбуддæртæ, Лев Толстойи аци зундгин загъд нæ фегъустайуонцæ. Уогæ етæ уæхæн финсгути киунугутæ кæсгæ дæр нæ кæнунцæ, етæ кæсунцæ айдагъдæр чекти киунугæгæндтитæ. Уæдта Толстойи ку бакастайуонцæ, уæддæр ни не ‘руагæс кæнуй, кæрæдзей хæццæ ерис кæнгæй, етæ ниггур-гур кодтайуонцæ, гъæуагæдзийнадæ ка æййафуй, уонæн се ‘гæрон мулкитæй фæййагъаз кæнуни зæрдтæй. Уонæн сæ еристæ æндæр æнцæ – ке яхтæ агъазиаудæр æй, ке галауантæ парахатдæр æма ке мулкитæ фулдæр æнцæ…

Эльвирæ НАБИУЛЛИНА, Уæрæсей Центрон банки сæрдар: «Фæстаг хатт ма æрмæги æхцатæй кæд пайда кодтон, уой гъуди дæр нæбал æркæндзæнæн. Онлайн-федундзийнадæ уæхæн аллибондзийнадæй æй…»

– Æнæгъæнæ Уæрæсей сæйраг банки сæрдармæ, æвæдзи, уойбæрцæ æхцатæ ес, æма æ сæйрагдæр тухст æй кутемæйти сæ исхарз кæна. Хумæтæг адæми мæтæ ба ‘й еуцæйбæрцæдæр хузæнон царди фагæ æхца исмадзал кæнун, сæ исхарз кæнун ба, баруагæс уи уæд, сагъæссаг нæ уодзæнæй. Исарæхсдзæнæнцæ, ести æхца сæ къохти ку уа, уæд.

 

 

Георгий ОСТАПКОВИЧ, экономики Уæлдæр скъолай конъюктурон æртæстити Центри директор:– Уæрæсей æфсæйнаг æхцати бæрцæ агъазиауæй-агъазиаудæр ке иссæй, уой туххæй: «Етæ æцæгæйдæр бамбурд æнцæ адæммæ, зæгъун æнгъезуй, æртæлитрон банкити. Нуртæккæ уæхæн æхцатæ нæмæ фуридзаг ес…»

– Уогæ нæ бонгинтæ (уонæмæ ба хауй Г. Остапкович) еци æфсæйнаг æхцатæ уингæ ба кæнунцæ? Уонæн се ‘хцатæ гæгъæдитæ ‘нцæ, уой дæр доллæртæ æма евротæ, даргæ ба сæ кæнунцæ фæсарæйнаг банкти. Æфсæйнаг æхцатæ ба хумæтæги адæммæ ‘нцæ, фал си етæ авгин банкити æфснайунмæ нæ ададзунцæ – сæ «цæмæй фæццæрони» гъуддæгутæбæл хæрзти уайтæккæдæр фæуунцæ…