06 октября 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

15.04.2021 | 08:04

Сирдонæн æ гъог ниммардæй æма ибæл кæуй, æрдеуагæ кæнуй. Нарти фæсевæд деси бафтудæнцæ: амæн æ уосæ æрæги рамардæй æма уобæл уотæ ку нæ хъонц кодта, уæд æ гъогбæл ба æхе куд маруй.

Уæд ин Хæмиц уотæ:

– Сирдон, дæхебæл фæххуæцæ, дæ уосæ ку рамардæй, уæд нифсхастдæр ку адтæ…

– Мæ уосæ ку рамардæй, – зæгъуй син Сирдон, – уæд мин еугурæйдæр зæрдитæ æвардтонцæ: «Тухсгæ ма кæнæ, æндæр дин æрхæсдзинан!..» Нур мæ гъог ниммардæй, æма мин уæ еу дæр æндæр гъог дин балхæндзинан, зæгъгæ, нæ кой кæнуй.

Сирдони уавæри бахаудтæнцæ нуриккон Уæрæсей хумæтæг дзиллæ дæр. Сæ цардиуаги æверхъаудзийнæдти туххæй син хецаудзийнади тæккæ уæлдæр рауæнти бадгутæ еудадзуг бæргæ хъонц кæнунцæ, фал се ‘рдигæй ба неци арæзт цæуй адæми социалон уавæртæ фæххузæнондæр кæнунæн. Уотемæй ба еугур гъуддæгутæ дæр уонæй аразгæ ‘нцæ. Зæгъæн, кæдæй æма кæдæй ардæмæ цæуй дзубанди пенсиесгутæй ма косгæ ка кæсуй, уони пенситæ цæмæй индексацигонд цæуонцæ. Æма ци?.. Æгириддæр неци!.. Сæ рæуæнттæ: æхца нæййес. Уотемæй ба æхцатæ æгæрдæр ма райерунцæ банктæ, уæлдай пайдахæссæг нефть æма гази фæрæзнитæ ке къохти ‘нцæ, уонæн, гъома, сæ мулкдзауæнти сæ кризис багъигæдардта…

Валентинæ МАТВИЕНКО, Федераций Совети Сæрдар – Уæрæсей номæй «Евровидение»-й конкурси зартæгæнæг Маниже (таджикаг кизгæ) ци зар кæндзæнæй, уой туххæй: «Аци зари дзурдти хæццæ зонгæ ка нæй, етæ сæмæ æркæсæнтæ. Етæ ‘нцæ бæхтæ – адæймæгутæ, еу загъдæй, цидæр сæнттæ. Фиццаг телеканалæй байагорайтæ, уобæл куд гъæлæсгонд цудæй, еци фæткæ…

– Маниже ци зар кæнуй, уой «Евровидение»-й аккаг цæмæн иснисан кодтонцæ, еци мулкдзæстæ телеканал, е бæрæг æй – æхца, æхца… Гъæлæс кæнуни фæткæй ба син, æвæдзи, нæ бæсти Сæйраг æвзарæн къамиси фæййагъаз кодтонцæ – уоми дессаги дæсни иссæнцæ гъæлæстæ гъæугæ хузи фæливд нимайунтæмæ. Нæкæси, хуарз уидæ Паддзахадон Думи дæр æма Федераций Совети дæр сæнттæ цагъди æнгæс унаффитæбæл хаттæй-хатт цæмæ гæсгæ исгъæлæс кæнунцæ, еци фæткæ исбæрæг кæнун дæр.

 

Владимир МЕДИНСКИЙ, Уæрæсей æфсæддон-историон æхсæнади сæрдар: «Педагогон институтти историон факультеттæмæ бюджетон бундорбæл ахурдзаутæ есуни бæрцæ фæффулдæр кæнун гъæуй. Фæсевæд æгæр ку фæццалх уонцæ сæ зундирахаст син усхъуммитæгæнæг ахурадæбæл, уæд ке исгъомбæл кæндзинан бюджетон æхцатæбæл?..»

Цæмæй студенттæ æнæгъæугæдзийнæдтæ кæсунтæбæл ма фæууонцæ, уомæ гæсгæ ба уæлдæр ахургæнæндæнттæмæ есун гъæуй, ахурмæ тулаваст ка нæй, уæхæнттæ. Уогæ нæмæ нур дæр æгæр берæ дæр ма æнцæ, уæлдæр ахургонддзийнади дипломтæ кæмæ ес, фал зонундзийнæдтæй ба бустæги кадавар ка ‘й, уæхæнттæ. Нæкæси, В. Мединскийæй, æвæдзи, феронх æй е, æма æхуæдæг дæр диссертаци рацъапп кодта, кæмæйдæрти ци æрмæгутæ фæддавта, уонæй.

 

Геннадий ОНИЩЕНКО, Уæрæсей Федераций раздæри Сæйраг санитарон дохтир – маскитæ кæд исесун æнгъездзæнæй, уой туххæй: «Некæд. Е гъæуама исуа нæ культури хай. Алли анз дæр Зæнхæбæл фæззиннуй гриппи вирус, æма уæд цæмæннæ гъæуама дарæн маскæ?!.»

Уæлдайдæр ба еци маскитæ гъæуама даронцæ нæ фæливд чиновниктæ, еугурадæмон фæрæзнитæ æдзæсгонæй давгутæ, еудадзуг телеуинунадæй сæ къæсибадæгдзийнæдтæ ка æвдесуй æма æндæр уæхæн нæ цардиуагæ нин æнадæгæнгутæ – кæдимайди ба еци гириззæгтæн уæддæр сæ цæсгæнттæ нæ уинийанæ. Уогæ сæмæ цæсгондзийнадæй ба ести ес?..