04 октября 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

15.09.2020 | 15:08

Еу зæронд лæг, дан, мæлуни къахбæл ниллæудтæй. Е ’мгарæ зæронд лæгтæ æ алливарс бадунцæ æма ’й дзубандитæбæл дарунцæ.
– Мæлгæ уин кæнун, мæлгæ, мæ лимæнтæ, -гъæрзгæй сæмæ дзоруй уæззау сæйгæ.
– Тухсгæ ма кæнæ, мах дæр дæ тагъд баййафдзинан. Ду амондгун дæ, аци нæуæг царди дессаги хабæрттæ нæ зæронд мæрдтæн фиццаг ка ракæндзæнæй, – зæрдитæ ин æвæрунцæ лæгтæ.
– Ракæндзæнæн, фал Гогоций нецæййаг гъæуихецау иссæй, е си æгириддæр нæ баруагæс уодзæнæй. Æма син еци хабар нæ ракæндзæнæн…
Аци цау æрцудæй, нæуæг, советон цардарæзт нæмæ ку æрфедар æй, раст гъе уæд. Еци дзаманти хецауеуæггæнгутæй ке æвардтонцæ, уони равзариуонцæ, гъома, хумæтæг адæмæй æй, зæгъгæ, уомæ гæсгæ. Ахид уотæ дæр рауайидæ, æма хецауеуæг кæнидæ, æгириддæр ка нецæмæ арæхстæй, уæхæн.
Нуриккон хецаудзийнади дæр уæхæнттæ фагæ ’нцæ. Æма ке фудæй? Нæхуæдтæ сæ нæ равзарæн – хенвæрсон спортсменти, артистти, мулкдзæстæ бизнесменти?.. Æма уæд уой фæсте цæбæл хъур-хъур кæнæн? Мæнæ бабæй рæхги æвзурститæ уодзæнæнцæ, æма бабæй нин фæсмойнаг ку нæ фæууиуонцæ…

 

Владимир КОРОЛЕНКО (1853-1921), уруссаг финсæг:
«Мæ сабийтæ мин ме ’взаг нæбал зондзæнæнцæ, зæгъгæ, ку рагъуди кæнун, уæд мæ кеми нæбал фæуун, устур тасæй мæ бауæр ниддиз-диз кæнуй.
Æвзаг нæ зонгæй мин нæ лæдæрдзæнæнцæ мæ гъудитæ, мæ фæндитæ, мæ бæлдитæ, мæ меддуйне, мæ адæми куд рæсту-одæй уарзун, уой…»
– Уæхæн гъенцъун Иристони рæстуод дзилли дæр бæргæ тухсун кæнуй. Гъулæггагæн, æгæр берæ дæр ма нæмæ ес уæхæнттæ, кæцитæ нæ маддæлон æвзаги сагъæссаг уавæрбæл дзоргæ берæ кæнунцæ, гъуддагæй ба сæхе бустæги æндæр хузи æвдесунцæ – нæ кæсунцæ маддæлон æвзагбæл газеттæ, журналтæ, киунугутæ. Уой хæццæ ба ма сæ цæуæтæн дæр æй æцæгæлон кæнунцæ, æхцул сæ кæнунцæ айдагъдæр уруссаг æма фæсарæйнаг æвзæгтæбæл. Уони дæр, дзубанди ибæл нæййес, хуарз зонун гъæуй, фал уæд-дæр маддæлон æвзаг ба гъæуама хъазардæр уа…

 

Алексей ЖУРАВЛЕВ, Паддзахадон Думи депутат: «Граждæнтæ хаттæй-хатт депутаттæй кæмæйдæрти уотæ фæззæгъунцæ, зундгъæуагæ, дан, æй. Е кæд уотид фæлгонцгин загъдæн загъд æй, уæддæр секкаг нæй, æцæгæйдæр уотæ ке æй, е…»
– Æррадæнтти дæр æма парламентти дæр, æвæдзи, хумæтæги нæ ’нцæ палатитæ: фиццæгтæ-фæлмастæ æма нæрæмонтæн; дуккæгтæ – уæллаг æма дæллаг… Кæд се ’хсæн ести æмхузондзийнадæ ес? Æндæра е куд æй, æма депутаттæ се ’мбурдти фæккуддæртæ унцæ, кæрæдземæ лæборунтæ байдайунцæ?.. Кенæ – фулдæр хæтти зæранхæссæг унаффитæ æма закъонтæ ке ракъеп кæнунцæ, е зундæй киуддзийнади æвдесæн нæй?..

 

 

КИРИЛЛ, Мæскуйаг æма æнæгъæнæ Уæрæсей Патриарх: «Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæмæ ка хауй, уæхæн финстæгутæ мæмæ берæ æр-бацæуй. Адæймаги уодварнон фарстати туххæй финстæгутæй зингæ фулдæр…»
– Зæнхон хецæуттæй фæффудевгед уогæй, адæм сæ зæрдæ ма еунæг Хуцаубæл дарунцæ? Еу хуæнхаг лæгæн, дан, æ хæрæг билæй рахаудтæй æма ин е ’мгъæуккæгтæ зæрдитæ æвардтонцæ, гъома Хуцау дин æндæр хæрæг ратдзæнæй. Е син загъта: «Æнгъæл нæ дæн, ци Хуцауи зонун, е мин æнæ финддæс соми хæрæг радта…»