26 апреля 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ!..

08.07.2022 | 19:20

Недзамайнаг дзурдарӕхст лӕг Хаджа Насреддин еууӕхӕни бацудӕй зӕронд дзаумӕуттӕ кӕми уӕйӕ кодтонцӕ, уӕхӕн туканмӕ. Уӕйӕгӕнӕгмӕ ӕркастӕй, ӕма е ба – бӕгъӕнвад, дивилтӕ дарӕс ибӕл.

– Цар уӕмӕ ес? – бафарста ‘й Насреддин.

– Ес.

– Зӕгӕлтӕ дӕмӕ ес?

– Ес.

– Хуарӕн дӕмӕ ес?

– Ес.

– Мадта уӕд дӕхецӕн дууӕ басмахъи цӕмӕннӕ бахуйис?!.

Мах, Уӕрӕсей хумӕтӕг адӕм дӕр абони еци тукани уӕйӕгӕнӕги хузӕн уавӕри нӕ ан? Аграрон ӕма промышленнон равгитӕ ӕма фадуӕттӕ ес? Гъӕуй дӕр ма дӕ гъӕуй! Мадта уӕд алци, сауӕнгӕ хумӕтӕги зӕгӕлтӕ дӕр ма фӕсарӕнтӕй цӕмӕн ласӕн? Ӕрдзон хӕзнатӕ нӕмӕ ес? Ӕгӕрон берӕ дӕр ма! Сауӕнгӕ ма си фӕсарӕнтӕ дӕр ӕфсадӕн. Уоми уадессагӕй бӕргӕ неци ес, ӕ бӕлах е ӕй, ӕма нин нӕ еугурадӕмон хӕзнати базайради ӕхцатӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр ивулунцӕ айдагъдӕр уонӕй базаргӕнгути дзиппитӕмӕ… Ци фӕллойнӕгӕнгути фӕрци ӕнцӕ еци хӕзнатӕ, уонӕн ба… ӕхцатӕ нӕййес ӕма бухсетӕ, зӕгъгӕ, дзубандитӕ… Ӕма уӕд нӕхе цӕмӕннӕ бафӕрсӕн: «Уӕхӕн алцӕмӕй гъӕздугдӕрӕй-гъӕздугдӕр бӕсти уоййасӕбӕл ӕгудзӕг цӕмӕн ӕнцӕ нӕ царди абониккон уавӕртӕ?..» Ӕма нӕ еци бафарстӕн ба дзуапп дӕр, ӕвӕдзи, нӕхуӕдтӕ, фӕллойнӕгӕнӕг дзиллӕ раттӕн…

 

Михаил ЛОМОНОСОВ (1711-1765), берӕ наукити фескъуӕлхӕг ахургонд: «Минкъий гъуддаг исаразун ке бон нӕй, е устур гъуддаг исаразунмӕ ба ӕгирид нӕ исарӕхсдзӕнӕй…»

Уӕхӕн адӕймаг тӕрегъӕддаг ӕй. Фал уомӕй тӕрегъӕддагдӕр ба адӕм ӕнцӕ, уӕхӕнттӕ син фулдӕр хӕттити хецауеуӕггӕнгутӕ ке исунцӕ, уомӕй. Хумӕтӕг адӕми абони ӕгудзӕгдзийнӕдтӕ дӕр фиццагидӕр уой фудӕй ӕнцӕ, ӕма нӕ цардиуаги еугур гъуддӕгутӕ баунцӕ ӕнарӕхстгинти (ӕви арӕхсун фӕндӕ дӕр ке нӕ кӕнуй?) бӕрни. Уогӕ – дзиллӕн пайдайаг гъуддаг райаразунгъон нӕ уогӕй, ӕгӕрдӕр ма арӕхсунцӕ сӕхе гъуддӕгутӕй агъазиауӕй-агъазиаудӕрӕй аразунмӕ.

 

Альбер КАМЮ (1913-1960), французаг философ: «Размӕ!.. Размӕ!..», зӕгъгӕ, игъосӕн, фал кӕцирдӕмӕ уайӕн, уой нӕ зонӕн…»

Фӕстаг рӕстӕгути нӕ бӕсти уӕрӕйдагӕнгӕй ци аллихузон ӕййивддзийнӕдтӕ (уӕлдайдӕр ба – ӕнӕнездзийнадӕ гъӕуайкӕнуйнади ӕма ӕндӕр социалон къабӕзти) арӕзт ӕрцудӕй, уонӕн сӕ фулдӕр фӕггуз ӕнцӕ, зӕранӕй уӕлдай неци пайда ӕрхастонцӕ. Уони амидингӕнгутӕ ‘й, ӕвӕдзи, ӕнхӕст нӕ лӕдӕрдтӕнцӕ, кӕцирдӕмӕ уайунаг ӕнцӕ, кӕд ӕй лӕдӕрдтӕнцӕ, уотемӕй аразтонцӕ сӕ миутӕ, уӕдта етӕ знаггадӕгӕнгутӕ ‘нцӕ. Фал си цӕмӕдӕр гӕсгӕ дзуапп агурд не ‘рцудӕй ӕма нӕ цӕуй…

Саади Ширази, рагонперсайнаг поэт: «Есбон цӕруни туххӕй гъӕуй, фал есбон ӕмбурд кӕнуни монцтӕй цӕрун нӕ гъӕуй…»

Нӕ нуриккон бонгинӕй-бонгиндӕртӕ, баруагӕс уи уӕд, дзурддзӕугӕ адӕймӕгути финститӕ нӕ кӕсунцӕ, ӕндӕра, ка ‘й зонуй, сӕ цард нӕ нивонд кӕниуонцӕ айдагъдӕр мулкитӕ ӕмбурд кӕнунӕн. Уогӕ сӕ ку кӕсонцӕ, уӕддӕр дузӕрдуггаг ӕй, уони фӕдзӕхститӕ сӕмӕ багъардзӕнӕнцӕ – зудӕ кӕнун уонӕн сӕ уодиконди ӕй.