11 октября 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ!..

19.08.2022 | 16:35

Рагонбердзейнаг финсæг Эзопи æмбесæндтæй. Цæветтонгæ, домбай базæронд æй, æрсæйгæ ‘й, æ лæгæтæй рацæунгъон нæбал адтæй. Робасæй уæлдай имæ сирдтæ еугурæйдæр сæйгæфæрсæг цудæнцæ.

Берæгъ уæд робасмæ цæмæндæр мæстгун адтæй æма ибæл домбаййи рази даутæ имисун байдæдта: сирдти паддзахи, дан, нецæбæл нимайуй, æма, дан, уомæ гæсгæ не ‘рбацудæй.

Раст дин еци рæстæг робас дæр ку фæззиннидæ æма берæгъи дзубандитæ ку райгъосидæ. Домбай ибæл ку фæтътъæлланг кæнидæ. Робас си хатир ракурдта æма æхе рæститæ кæнунбæл фæцæй.

– Ами ка æрæмбурд æй, уонæй дин мæнæй устурдæр агъаз еске ракодта? Кæд дин ести хуасæбæл фæххуæст уинæ, зæгъгæ, кæми нæ балæудтæн, еу уæхæн бунат нæбал байзадæй. Берæ дохтирти æма хуасæгæнгути фæффарстон, æма бустæги фæстагмæ мæ къохи бафтудæй уæхæн хуасæ базонун.

Домбай æй фæрсуй, циуавæр хуасæ ‘й, зæгъгæ.

– Гъæуама берæгъæн æ цар растъегъай æма ‘й пæлæзи хузæн дæ уæле æритауай…

… Ци адтæй æма куд адтæй, фал робас берæгъи зæнхæбæл мардæй ку фæууидта, уæд билæскъелæ худт бакодта:

– Паддзахи галеу зундбæл ку ардауай, уæд уотæ дæр рауайуй…

***

Æма уæхæн берæгътæ абони ба минкъий ес нæ алфамбулай царди? Уæлдайдæр ба политиктæ æма хецауеуæггæнгути ‘хсæн. Гъо, сæ кæрæдземæн цийфæнди дæр кæнæнтæ. Фал сæ еци «медтохи» ка фæууæлахез уй, еци робæстæ, не ‘хсæнади гъуддæгутæ кæми аразгæ ‘нцæ, еци бунæтти ку ‘рбадунцæ, уæдта еци берæгъи цау махбæл, хумæтæг адæмбæл æрцæуй, – нæ цар нин уодæгасæй æстъегъун байдайунцæ.

Андрей Кончаловский, режиссер: «Америкаг тæвагæ, кæци Европæбæл æндзæвуй æноси æрдæгæй фулдæр, нур ба æрбахъæрттæй махмæ дæр…»

Æма ке фудæй? Фиццагидæр, Кончаловскийæн æхе хузæнтти фудæй. Нæ бæстæй фæсарæнтæмæ фæлледзгæй, уоми, æвæдзи, уоййасæбæл неке гъудæнцæ æма хулуй данкъати хузæн фездахтæнцæ æма бабæй ами, Уæрæсей унаффæгæнæг иссæнцæ, нигулæйнаг «уодварнон хæзнатæ» размæ тæргæй нин нæ фидибæстон культурæ фæскъумтæмæ батардтонцæ.

 

Александр Сергеев, Уæрæсей наукити Академий президент: «Абони Уæрæсе æй дуйней еунæг уæхæн бæстæ, кæцими размæцуд наукæ уогæй, минкъийæй-минкъийдæр кæнуй наукон æртасæнти бæрцæ. Иннæ бæстити ба – ирæзуй…»

Гъе уомæ гæсгæ, алцидæр, мауæнгæ кæддæр нæхемæ æнтæстгинæй ке кодтан, уæхæн дзаумæуттæ дæр фæсарæнти æлхæнæн. Гæрр, нæ ахургæндтæ уотæ æнæискурдиадæгин æнцæ, æма сæ бон нæй нæ бæстæн пайдахæссæг гъæугæдзийнæдтæ æргъуди кæнун? Æви сæ хъоргæнгутæ ес? Кæд нæ наукæ нæ бæззуй, кенæ нæ нæ гъæуй, уæд, хъæбæр хъазарбæл нин ка ниллæууй, еци наукити Академи ба цæй туххæй дарæн? Кадæр хæрæг уотид уасунмæ куд дардта…

 

Валерий Семенов, Федераций Совети иуонг: «Æргътæ Уæрæсей цæмæн ирæзунцæ? Уомæн æма фæсарæнти зингæ ирæзунцæ æргътæ, мах товаруадзгутæй ба кæмæндæрти сæ барæн нигулæн æргътæ ‘нцæ…»

Сенатори аци загъд ба уотæ балæдæрæн ес: нæ товаруадзгутæ уоййасæбæл хеваст æнцæ æма æргътæ æвæрунцæ куддæриддæр сæ фæндуй æма син куд пайдадæр уа, уотæ, æма син неке бон неци æй. Нæй лæдæрæн, паддзахади медæгæ цардарæзти закъонтæ Федераций Совет æма хецаудзийнадæ ‘нцæ æви æдзæсгон базаргæнгутæ? Æви, адæми цардиуагæ фæххуæздæр кæнунбæл гъæуама ка архайа, уонæн пайдайагдæр уæхæн хедард?..