07 декабря 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

07.10.2020 | 20:52

Еу кæсалгдзау исфæндæ кодта кæсæлгитæ ниййахæссун. Еци фæндæй цæугæдони еу билæй иннемæ хизæ нийтигъта, уæдта бæттæнбæл дор ниббаста æма си дон хуайун байдæдта: кæд кæсæлгитæ еци дорадзагъдæй фæттæрсиуонцæ æма ледзгæ-ледзгæй æнæнгъæлти хизи исмедæг уиуонцæ. Уотемæй æй æрæстæфтæй бунæттон цæргутæй кадæр æма ин еци тингунæй уотæ ку бауайдзæф кæнидæ:

– Нæ цæугæдони дон нин æзмæнтис. Æма ’й еци лæкъунæй куд гъæуама ниуазæн?!.

Кæсалгдзау ин еци æнæзнæтæй дзуапп равардта:

– Гъо, фал æй  ку не ’змæнтон, уæд кæсæлгитæ дæр нæ æрахæсдзæнæн æма уотемæй ци бахуæрдзæнæн?..

Раст цума кæсалгдзауи фæнзунцæ, уой хузæн сæхе дарунцæ нæ паддзахади гъуддæгутæ ке бæрни æнцæ, уонæй  беретæ. Ци унаффитæ рахæссунцæ, уонæн сæ зингæ хай разиннунцæ комкоммæ знаггадæгæнæг – уой дæр хумæтæг адæмæн. Сæхецæн ба си, куд фæззæгъунцæ, цъасæ къапекки бæрцæ дæр зæран нæ фæууй. Уомæн æма сæ еци унаффитæй етæ сæхецæн пайдахæссæг хизтæй цæхгæрмæ æрæхгæнунцæ нæ цардаразæг «цæугæдæнттæ» æма син сæ рæсог дæнттæ сæ дорадзагъдæй ниллæкъунтæ кæнунцæ, уой дæр уойбæрцæ, цæмæй ма син равгитæ уа айдагъдæр сæхецæн «кæсæлгитæ» ахæссунæн, гъома, мулкитæ едзунæн… Мæгур адæм ба… Еци кæсалгдзаутæмæ еуцæйбæрцæдæр æфсæрми ку уидæ æма еци адæми хабæрттæ аразунæй комкоммæ  ихæсгин уогæй, уони сагъæстæбæл ку тухсиуонцæ, уæд нин нæ гъуддæгутæ уоййасæбæл æдзæсгонæй нæ лæкъунтæ кæниуонцæ.

 

Максим ТОПИЛИН, Уæрæсей Федераций Пенсион фонди правлений сæрдар: «Мæгургор пенсиесгутæ нæмæ, куд зонетæ, уотемæй нæййес – уотид æндагон менеугутæмæ гæсгæ…»

Нæ зонæн, аци чиновник циуавæр æндагон менеугутæмæ гæсгæ искодта уæхæн хатдзæг. Æвæдзи, министртæй, хецаудзийнади бæрзонддæр рауæнти бадгутæй ка испенсиесæг æй, айдагъдæр уони уинуй, иннетæ ба имæ нимади нæ ’нцæ. Уомæ гæсгæ ба уой зæгъуйнаг ан, æма æ еци загъд макæд исрæдуйæд хумæтæг пенсиесгути рази – сæ фурæгудзæгæй ин бæлах ку исаразонцæ…

 

Роман ХУДЯКОВ, Паддзахадон Думи депутат: «Махмæ чиновниктæ еугурæйдæр бадунцæ Мæскуй кенæ Питери. Уотемæй ба сæ куст æй Сибир æма Идард Искæсæни райрæзт…

– Гъæла сæ æнгъæлетæ еци чиновникти. Лæдæрунцæ Сибири райрæзтбæл кенæ Питери архайун кæмити пайдадæр æй, Сибири бадгæй райрæзтбæл барæ-æнæбаридæр архайунæй…

 

Олег ДЕРИПАСКА, миллиардер: «Хуæдтæхæгæй Мæскумæ æрбатæхгæй, алли хатт дæр сагъæсти бафтуйун: уойбæрцæ адæм уоми ци косунцæ? Цæйбæрцæбæл уæзæ æй нæ экономикæн… Нæкæси, Сибир дессаги рауæн æй нæ сæйраг сахар фæууæгъдæдæр кæнунæн…»

Дессаги æргъуди æй, фал, æвæдзи, хуæздæр уодзæнæй, нæ бæсти экономикæ нин сæ давæн-хæлæфгæнæн миутæй æ уæргутæбæл ка æрлæуун кодта æма уой фæрци ка исмиллиардертæ ’нцæ, фиццагидæр бал уони уордæмæ рарветун. Æма син уоми уæд сæ сæйраг сахар дæр: æ кæрæнтти – еумæйаг режим, астæуæй – карз режим, бæрæгастæу ба – царди кæронмæ фæуунæн… 

 

Леонид КАЛАШНИКОВ, Федераций Совети иуонг, Уæрæсейæй ка фæллигъдæй, еци бизнесменти фæстæмæ æрбаздæхуни туххæй: «Цæй туххæй сæ гъæуама æрбаздахæн? Фæддавта, фæллигъдæй, нур ба гъæуама æрбаздæха? Æз уотæ нимайун, æма  е раст нæй. Уæдта ’й адæм дæр нæ балæдæрдзæнæнцæ…»

– Фæддавтай, фæллигъдтæ, баниуазтай сæ – е  лæдæрд æй, уомæн æма махæрдигонау æй. Фал фæддавтай, фæллигъдтæ, æрбаздахтæ – уой ба неке балæдæрдзæнæй. Мах давгутæн уæхæн уодиконд нæййес, æма си еске адæмон есбонадæй фæддавта, уæдта фæсмонтæ кæна, хатиртæ кора…