05 ноября 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

13.10.2020 | 21:39

Еу лæг æма уосæн адтæй еунæг фурт. Æгæр боцахур æй  кодтонцæ. Æма е дæр æ цард æрвиста игъæлдзæгæй, адтæй ин берæ æмбæлттæ. Сæхемæ сæ æрбахонидæ æма син дессаги фингитæ æрæвæридæ. Еууæхæни еу дзæбæх кизгæбæл исæмбалдæй, баурзта æй æма ’й ракорунвæндæ искодта. Киндзæхсæвæри размæ фидæ æ фуртæн загъта, де ’мгæртти, дан, сæ еугурей дæр æрбахонæ. Е цийнæгæнгæй исарази æй. Киндзæхсæвæри бон ралæудтæй, фал лæхъуæни æмгæрттæй еу дæр нæ зиннуй. Искатай æй æма æ фиди фæрсуй, хунди гæгъæдитæ, дан, рарвистайтæ.

– Алкæмæ дæр равистан, фал гæгъæдити киндзæхсæвæри кой нæ адтæй, айдагъдæр си ниффинстан: «Уе ’мбали уæ агъаз багъудæй æма корæн, цæмæй имæ фæззиннайтæ. Гъема гъуддагæй ци рауадæй, уой дæхуæдæг уинис…

Аци хабар уомæ гæсгæ æримистан, æма еци лæхъуæни уавæри ан мах, уæрæсейæгтæ. Нæ паддзахадæ нæ – нæдæр советон доги, нæдæр ба абониккон цардарæзти – уоййасæбæл некæд барæвдудта. Уотемæй ба хъæбæр берæ къæбæрсайæ паддзахæдти боц кодта нæ мулкитæй. Æма етæ дæр нæ фæрци хъæбæр «къæбæлдзуг» цард кодтонцæ… Фал нæхе сæ агъаз ку багъудæй, уой дæр мулкитæй нæ, фал не ’знæгтæ нæ нихмæ æгæр æргомæй æрхайун ке байдæдтонцæ, уомæ гæсгæ нæ фарс фæууотæ, зæгъгæ, уæд си кадæртæ, нæ сойнитæй исæрст къембуртæ еуварс разилдтонцæ, кадæртæ ба нин си знаггадæгæнгутæ фестадæнцæ. Никки дессаг ба ма  е æй, æма син уотид æфстау ци фæрæзнитæ фæллæвардтан, уони дæр ма ниххатир кодтан еци гадзирахаттæй рацæуæг «къæбæрлимæнтæн».

 

Геннадий ОНИЩЕНКО, Паддзахадон Думи депутат – косгæ къуæре цуппар боней бæрцæ искæнуни тæссагдзийнади туххæй: «Уотемæй нæ бон уодзæнæй цуппæрæни дзæбæх баниуазун, майрæнбони ба ма ибæл бафтаун, сабат æма хуцаубони ба фæлмæнвадæй ранакæ кæнун.

– Еу фарста: майрæнбони изæрмæ адæмæн се ’хцатæ, æвæдзи, фæууодзæнæнцæ æма син къирхуни уолæнтæй ранакæ кæнунæй æндæр ма гæнæн уодзæнæй… Иннæ фарста: уотæ ба нæ рауайдзæнæй, æма гъуддаг дууæ бонебæл фæййевгъуйдзæнæй? Магъа-магъа, фулдæр хæттити уотæ рауайуй, æма къефуни равгитæй кæрæй-кæронмæ пайдагонд фæццæуй. Æма сабат хуцаубони хæццæ уæхæн равгитæ не ’суодзæнæнцæ?..

 

Анатолий ЧУБАЙС«РОСНАНО»-й сæргълæууæг: «Цийфæнди фонд дæр уотæ косуй. Уомæ алкæддæр уотæ ’й: æртиккаг хай – писситт, еума æртиккаг хай – уордæмæ-ардæмити, еума къæрт бустæги æнæлæдæрд æма 2-3 æнтæсти…»

– Е дин Чубайс æхуæдæг – цардæгас уæхæн фонд! Е дин е ргъудигонд приватизацийæй ци фудракæндитæ исаразта нæ паддзахади есбонадæн, е дин РАО ЕЭС-æн (Уæрæсей еумæйаг энергетикон системæн) цитæ бакуста, нур ба «РОСНАНО»-й фæрци гъуддæгутæ, бæлвурддæр ба паддзахади бюджети агъазиау фæрæзнитæ «уордæмæ-ардæмитæ» кæнуй. Гъуди ма ’й кæндзинайтæ, кæддæр хенвæрсонæй куд загъта, гъома «РОСНАНО»-й нæмæ уойбæрцæбæл берæ æхцатæ ес, æма син банимайæн дæр нæййес. Æма уæхæн равгити хæццæ ба паддзахадæн ци пайда хæссунцæ? Писситт æма писситт…  Сæхецæн ба си цæйбæрцæбæл пайда кæнунцæ, уомæн, æцæгæйдæр, банимайæн дæр нæййес… Æцæг си нурмæ дзуапп байагорæг ба куд нæййес, уотæ, æвæдзи, уогæ дæр нæ уодзæнæй?..

 

Владимир БОРТКО, кинорежиссер, Паддзахадон Думи депутат: «Кино есун – айдагъдæр гъе уомæ арæхсун. Фал хъæбæр æхцæуæндзийнади хæццæ дæн Паддзахадон Думи… Ралхъевæ-ралхъевæ кæнун æлхъевæнтæ…»

– Æ бæлах дæр е æй, æма нæ Паддзахадон Думи æгæр ке исберæ ’нцæ, закъонæвæрæн исфæлдистадон ацъагъуæ æгириддæр кæмæ нæййес, етæ. Æма сæ зæрдидзæбæхæн гъæлæсгæнæн æлхъевæнтæ ралхъевæ-балхъевæ кæнунцæ. Цæбæл гъæлæс кæнунцæ, уой æнхæст дæр нæ лæдæргæй. Уомæ гæсгæ нæмæ фæззиннунцæ зæранæй уæлдай æгириддæр кæмæй неци пайда ес, уæхæн закъонтæ. Кæцидæртæ ба си уæхæнттæ рауайунцæ æма раст сагъæсгъон адæм деси бацæунцæ: «Аци закъон ка æримиста, етæ сæ кеми адтæнцæ?..»