11 ноября 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

03.11.2020 | 21:59

Æ сæдæ базури еу халæбæл кæмæн хуæстæнцæ, æ цар е ’стгутæбæл кæмæн нихъхъæбæр æй, еу уæхæн лæг корæг бацудæй гъæздуг хæдзарæмæ. Гъæздуг ин неци равардта, никки ба ма ин аллифудтæ ракалдта:

–  Дæхе дзæбæхæй райсæ мæ хæдзарæй! Ка дæмæ бакæса, е зæгъдзæнæй, аци лæг зиндонæй райервазтæй!..

Æма ин мæгур лæг ку раттидæ дзуапп:

–  Æцæгæйдæр зиндонæй рацудтæн.

–  Гъема кæд зиндони адтæ, уæд ма цæмæн раздахтæ?

Адæми мæстæй марунмæ?

–  Цæрæн си нæййес, –  загъта мæгур лæг, –  æма рацудтæн. Гæздугутæй идзаг æй, æма си бунат нæбал ес…

Аци таурæхъмæ гæсгæ рæстзæрдæ адæймаг куд нæ нийнæфа: уогæ ба нæбæл ци рæстæгутæ искодта!.. Царди цæрунæн нæ Исфæлдесæг ци радех кæнуй, уонæй гъæуама æмхузонæй хайгин уонцæ еугурæй дæр. Фал, кæсайтæ, ка куд æдзæсгондæр æй, уотæ еци «сæрæнтæ» царди хецæуттæ фестадæнцæ… Нур ба, зæгъайтæ, еугурадæмон есбонадæбæл зудæй ка фæххæлæф кодта, æма уой фæрци бонхуæздæрæй ка цæруй, уæлзæнхон царди дæр, уæдта, таурæхъмæ гæсгæ, æносон дуйней дæр «сойнæгундæр» бунæттæ ка ахæссуй, уони, æма, сæ фудæй сæ царди хабæрттæ тухамæлттæй ка аразуй, еци рæстуод дзилли ’хсæн хæларæй еудзийнадæн уæн ес? Нæ ни æруагæс кæнуй, уогæ ’й уæхуæдтæ дæр уинетæ.

 

Уильям ТЕККЕРЕЙ (1811-1863), англисаг финсæг: «Адæймаги æгадæмæ ка тæруй, еци аййеппитæн сæ тæккæ æнаккагдæр æй хеуарзондзийнадæ. Хе æгæр берæ уарзуни менеуæг адæймаги æркæнуй тæккæ æверхъаудæр фудракæндитæмæ…»

– Уæхæн хеуарзундзийнадæй, æвæдзи, æгæр фæссæйгæ ’й Уæрæсей финансти министр Антон Силуанов – фудракæндти хузæн рауайунцæ æ еуæй-еу хъæппæрестæ. Æрæги Паддзахадон Думи æ радзубандий уотæ загъта, косгæ ма ка кæнуй, еци пенсиесгутæн, дан, сæ пенситæ индексаци кæнун бустæги раст нæй, гъома, етæ улупа дæр æма пенси дæр есунцæ æма син фагæ ’й. Æма етæ сæ фурхъалæй ма косунцæ, уæдта уанæбæрæг цæй фагæ ’нцæ сæ улупай æма пенсий къапеккитæ? Нæ есбонадæбæл нин ка хæлæф кæнуй, уони дзурдтаг миллиардти кой цæмæннæ кæнуй? Нæ сæмæ æндеуй æви æхуæдæг дæр уонæй æй?

 

Иван ГОНЧАРОВ (1812-1891), зундгонд уруссаг финсæг: «Де ’мбалæн дæ бон нæй комкоммæ, æргомæй, сауæнгæ ма карзæй зæгъун, ци æй, æма циуавæр æнцæ æ миутæ, уой, кенæ уомæй дæхе туххæй дæр уæхæн рæстдзийнадæмæ байгъосун, уæд кæрæдзебæл не ’ууæндетæ, кæрæдзей нæ нимайетæ…»

–  Уой зæгъæн, æма еци «менеуæгæй» уæлдай æскъуæлхунцæ хецаудзийнади бæрзонд рауæнти бадгутæ. Еци «уæларвонтæй» кедæр туххæй, фудгæнæгæнæг разиндтæй, зæгъгæ, ку райгъусуй, уæд, цума, æ фарсмæ ка адтæй, етæ ’й нæ уидтонцæ, ци ’й æма цæйбæрцæбæл æнæраст гъуддæгутæ аразуй, уой? Æгæр дæр ма ’й уидтонцæ, фал «зæрдтагон æрдхуæрдтæ» куд кодтайуонцæ уайдзæфтæ?!.

 

Александр ПЯТИГОРСКИЙ (1929-2009) уруссаг философ: «Нуртæккæ Уæрæсейæн æ бæлæхти бæлах æй, æгъдау æма æфсармæн си сæ кой, сæ гъæр дæр ке нæбал ес, е. Ардигæй игурунцæ æгъатирдзийнадæ, æбуалгъ миутæ, нацити кæрæдзебæл ардаун, коррупци… Адæмбæл зудæ æма кæрæфдзийнадæ бафтудæй…»

  Аци зундилæг æ уайдзæфтæй фегæр æй. Алли доги дæр Уæрæсей, гъулæггагæн, уидæ, æгъдау æма æфсармæ æгириддæр кæмæ нæ адтæй, айдагъдæр зудæ æма кæрæфдзийнадæ ке цардиуагæ адтæй,  хецæн уæхæн къуæрттæ. Нури доги дæр нæмæ хъæртуй уæхæнттæ. Фал уонæй баргæ нæ ’нцæ нæ Уæрæсе æма æ адæм æнæгъæнæй. Нæ Фидибæстæ алкæддæр адтæй, æй æма, федарæй ни æруагæс кæнуй, уодзæнæй тухгин æма цардгъон нæ адæми рæстзæрдæдзийнадæй, хуæрзæгъдау æма æфсармæбæл æновуддзийнадæй…