09 майя 2024

«ДÆ ДЗÆБÆХТИ ХАБÆРТТÆ МÆБÆЛ ÆМБÆЛÆНТÆ…»

17.06.2023 | 22:37

БАГЪÆРАТИ Созур

КЪОСИРАТИ Сæрмæт

Нæ Иристони разагъди лæгтæй еу, финсæг, публицист, æхсæнадон архайæг Къосирати Сæрмæт (1900-1937) æма Багъæрати Созур  уодуæлдайæй архайдтонцæ нæ адæми хуарзи сæрбæлтау, адтæнцæ æмтохгæнгутæ. Уой хæццæ ба ма адтæнцæ кæрæдзебæл зæрдиагæй æновуд æрдхуæрдтæ. Е бæлвурдæй бæрæг æй, кæрæдземæ ци финстæгутæ ’рвистонцæ, уони медесæй дæр. Сæ еугурей ниммухур кæнуни равгæ нин нæййес, фал си цалдæрей хæццæ ба уæ зонгæ кæнæн – рамухур сæ кодтан журнал «Ирæф»-и аци анзи дуккаг киунугæй.

Никки ба ма уой дæр зæгъун гъæуй, æма Къосирати Сæрмæт хъæбæр устур аргъ кодта Багъæрати Созури исфæлдистадæн. Æ литературон-критикон уацтæй еуеми уотæ финста: «Созур ахургонд нæй. Уомæ гæсгæ æ финстити ин аййевадон рæдудтитæ ка агора, е си, æвæдзи, берæ дæр иссердзæнæй. Фал æ зундæй хъæбæр арфмæ игъуста. Æма æхсинтти зæллангау, дзуаппи зæлланг лæвардта царди алли гъуддагæн дæр. Дигорон финсгутæй берæ нæ разиндзæнæй, Созури хузæн ка бафæразтайдæ цард алли æууæлæй дæр равдесун, исæргом кæнун. Царди алли æууæл…»

Уомæ гæсгæ ба нин Багъæрати Созури исфæлдистадæ абони дæр ахсгиаг æй, е ’мдзæвгити рæнгъитæ нин гъæуама уотид дзуапдæттæг ма уонцæ нæ нури цардарæзти сагъæссаг фарстатæй беретæн, фал ма нин уонцæ разæнгардгæнæг нæ карни хабæрттæ зæрдæмæдзæугæдæрæй аразунмæ…

 

Дзæбæх уо, Сæрмæт!

Нуртæккæ сæйгæ дæн, уæтдонуг сæйгæ. Мæ зæрди уагмæ хæстæг ке лæууис, уомæ гæсгæ дæмæ къуар дзурди финсун, ’ма сæ лæмбунæг бакæсæ. Мæнмæ адтæй дууæ киунуги, еу – «Сувæллæнтти дуйне», иннæ ба – «Зæрди дуар». Фиццаги равдесуйнаг адтæн зæронд цард, куд ин æнгъизтæй рауадзун, уомæ гæсгæ, фал æзмæнст æрæййафта, ’ма е байзадæй нæхемæ мæ мади кири; ниууагътон æй уой хинæй, гъома, ести финст ми ку агоронцæ, ке нæ ба ’й ку ’ссеронцæ, уæд дзи фесинмæ ке неци адтæй. Уоми адтæй рæуæг финст дууæ ма дууинсæй стихотворений. Сувæллæнттæн сæ гъазунтæ, сæ зæрди уæгтæ, сæ ниййергутæн æхе куд имонау фæккæнунцæ, сæ астæу седзæр ка фæууй, уомæн тæрегъæд гæнгæй гъазæнтæ куд фæддæдтунцæ. Дзæбæх син ка фæууй, уой хуарзи кой сæ кæрæдземæн куд фæккæнунцæ; æнæгъæуаги сæ ка фефхуæруй, уомæ фудзæрдæ куд фæддарунцæ, ’ма никкидæр цидæртæ.

Дуккаги федарæн равардтон Тогъойти Афаййи уосæ Дусинкамæ, кæци æй æхемæ дардта, цалинмæ адæми нæ гъæуæй исистун кодтонцæ, уæди уæнгæ.

Адæми ку ракодтонцæ, уæд мæнæн мæ зæрди æрæфтудæнцæ мæ киунугутæ. Агорун райдæдтон æхсæвигон фиццаг нæхе бийнонти. Иссердтон сæ, ’ма мин бæрæг базонун кодтонцæ уотæ: финст уæд, æнæ финст уæд – гæгъæдийæй нæмæ цидæр адтæй, уони басугътан, нæ сувæллæнттæн тæрсгæй. Етæ фесавдæнцæ, иссерæн дæр син нæбал ес, уотæ ма æз уæхæн ести финсгæй фæуун сонтау, мæ зæрди ци ’рбафтуйа, е мæмæ кърандас æма гæгъæди нæ феййафта, уæд уайтагъддæр мæ зундæй фæййаууон уй. Уони бæрæг ку базудтон, уæд райдæдтон агорун Тогъойти Дусинкай. Æхе ин не ’ссердтон, фал мин е ’фсийнæ бæрæг базонун кодта уотæ: гъæуæй сæ ку ’стун кодтонцæ, уæд еци киунугæбæл Дусинка тухстæй: «Ай нæ фесафунбæл дзурд равардтон, ма ’й некæми ниууадздзæн», – уотæ дзоргæй æй æ рони ниввардта. Уæлдæр ибæл мах еу къуар уоси ’сгъæртæ кодтан: «Уой дæмæ ку ’ссеронцæ, уæд мах дæр ма ку ’йсафис». Зудтан æй, æ фесинмæ финститæ, кæсидæ нин дзи уой разæй. Ма уæд искудтæй, уотемæй æй æхе киунугути хæццæ æ цæгатмæ Акъоти Хæмици уæрми устур кири медæгæ ниввардта. Гъе, уоми байзадæй киунугæ.

Æнгъизтæй гъæумæ бацæун дæр æма дзи æндæмæ рацæун дæр. Кæд адтæй æвæрд поститæ будургæрæнтти цæхгæрмæ гъæунгти кæрæнтти, уæддæр постæй пости астæути æхсæвæ цæугæй, фæууинун не ’нгъизтæй, уæдта гъæуи хурфи уорсити къуæрттæ изæрдалингæй сæуми рохси уæнгæ æппундæр сæ бунæттæй рацæун не ’ндиудтонцæ. Уомæ гæсгæ цудтæн æдæрсгæй, æдæрсгæ дæр кæми адтайнæ, фал ци? Ка мæбæл исæмбалдайдæ, е мæ цæттæй феййафтайдæ æхсунæрвонгæй. Иссердтон амундмæ гæсгæ мæ киунугæ, кирæ дæр еци æхсæвæн æ сæуми æд киунугутæ ласт æрцудæй. Æз æй фæххастон Æрæдонмæ, ма ’й равардтон Дзигасти Заурбеги уосæ Госгамæ, кæци æй, цалинмæ адæм æрсабур æнцæ, уæди уæнгæ фæддардта æхемæ, уæдта мин æй лæвæртти хæццæ, æхецæн мæ æнсувæр искæнгæй, æнхæстæй æрбалæвардта.

Мæнмæ куд хъазар кастæнцæ, ма сæ æз куд берæ уарзтон уотæ æхцул сæбæл ке дæ, ’ма сæбæл исæхсæдунмæ дæр, рауадзунмæ дæр ке нæ ауæрдис, уой туххæй дæбæл мæ зæрдæ даргæй, æз дæн дæуæй устур арази.

Дæ Созур. 16.2.26

* * *

Мæ хæлар Созур!

Дæумæ пъисмо ниффинсунбæл ’сбадтæн дууæ-æртæ хатти, фал мæ фæхъхъор кæнунцæ æма бабæй æй ниууадзун. Даргъ пъисмо дæмæ финсуйнаг дæн, хъæртдзæнæй дæмæ.

Нур бал еу дууæ дзурди – гъуддаги туххæй. Æз ами бадзубанди кодтон кедæрти хæццæ, гъома, дæу дзæбæх кæнуни туххæй. Æнæнездзийнади хаййадæ мин загъта, цæмæй исцæуай ардæмæ æма дæ къамис фæууина.

Зæрдæ сæвардтонцæ еу мæнкъæй æхцайæй дæр фæккæсунæй. Фатер дæр ’ссердзйан. Мæнмæ гæсгæ дин хуарз уодзæнæй, ардæмæ еу къуар бонемæ ку ’сцæуай, уæд. Ами дæ æхсæз-авд бони фæуун багъæудзæнæй.

Куддæр дæмæ дохтирти къамис æркæститæ кæна, уотæ дин идарддæр бабæй ести амал кæндзйан. Цæугæ ракæнæ тагъддæр. Хъæбæр даргъ пъисмо финсуйнаг дæмæ адтæн, фал ниххатир кæнæ. Тагъд æнгъæл дæмæ кæсдзæнæн. Михал дин ратдзæнæй газет «Рæстдзинад», кæций финстон еу дууæ дзурди дæу туххæй.

Дæ хæццæ-еу исхæссæ дæ финститæ еугурæй дæр. Къостай туххæй дæмæ ци финст ес, уой бабæй газетти рауадздзæнæн.

Дæу хуарзмæ бæллæг Сæрмæт.

Кумæдæр цæуйнаг дæн æма фæстйат ма бакæнæ, куддæр райсай аци пъисмо, уотæ рацо. Æз ами фæууон гъæуама 6-8 апрели уæнгæ.

1 апрели 1926 анзи.

* * *

Сæрмæт!

Райстон дин дæ пъисмо, кастæн дæ финст дæр мæхе туххæн «Рæстдзинади». Ма нур куд зæгъон, уой нæ зонун, фал арфæ кæнун…

Æвгъау æй мæнæн дæ цитæ, дес ба кæнун хъæбæр; не ’хсæн разиннун æнгъæл нæ адтæн æз дæу.

Еци финститæ Губадимæ дæр æрвист адтæнцæ, ма ку не ’змалдæнцæ, уæд сæ ескæдмæ исæвæрунмæ фæстæмæ ракурдтон.

Нур æз æвеппайди, æнæ зонгæ, æвæсмард уогæй, мæхе дæубæл кутемæй ба бæласвæрнæ кодтон, е дæр мæмæ кæсуй фуни хузæн.

Хъæбæр хуарз мин адтайдæ, ку бафæразтайнæ фæццæун, уæд, фал нуртæккæ тог хуфун, кæци нез мæмæ ес авд анземæй нурмæ. Фæззиннуй ’стæнмæ. Хæсгæ ба ракæнуй – фулдæр уæд къуæре. Ку рацох уй, уæд мин фенцон уй, цума ’сдзæбæх ун, уотæ, фал æ сахатти ба мæнæн ’змæлæн дæр нæййес, кенæдта фулдæр кæнуй. Уомæ гæсгæ байзадтæн.

Финст мæмæ зæронд финст нецибал ес, фал ма нур ке ниффинстон, уони ба дæмæ æрветун мæ хузи хæццæ.

Благодарность инсургенту

шлет, читая книгу эту,

шлет ему большой привет

полуграмотный поэт.

Созур. 2.3.26

* * *

Байрайай, мæ хæлар Созур!

Куд дæ, ци дæ? Ку некæцæй бабæй мæмæ цæуй дæ кой? Хуссæнæй фестадтæ? Ардæмæ исцæун дæ бон нæма æй? Кæд дин ести амал æма гæнæн ес, уæд ардæмæ исцо æма дæмæ дохтирти лæмбунæг æркæсун кæнæн.

Лæмбунæг ку æркæсонцæ, уæдта сæ кæнун дæр, ести бакæнун кæндзйан. Мæхуæдæг æнæнез дæн.

Нæ хабæрттæ нин фегъустайсæ! Мæ лимæн Мамайти Геуæргий хæццæ исæрра ан æма уоститæ æркурдтан. Фал æвæдзи, фегъустайсæ.

Дæу финститæй еу дзæвгарæ уадздзæнæн бабæй газетти, уæдта «Зеу»-и дуккаг киунуги. «Къостай номер» дæбæл исæнбалдæй? Уоми дæр дæ финститæй дууæ рацудæй. Газет ба дæмæ хæццæ кæнуй? Æз дин рафинстон æма дæмæ кæд нæ хъæртуй, уæд мин фегъосун кæнæ. Цæй, æнæнез мин уо, дæ хуарзи хабар мæбæл æмбæлæд!

Фæууинунмæ!

Сæрмæт. Дзæуæгигъæу,
1926 анз, 1 май

Зæгъай мин, табуафси, ци дзурд æй азбар? Дæ æндзæвгæ «Æнцон дин æй»-и æй финст – «Дæуау азбарбæл Дзæуæгигъæуи зæрди дзæбæхæн ку нæ цæун»?

* * *

Сæрмæт!

Хъæбæр æхцæуæн мин æй дæу æма Геуæргий хабар, уомæй мæбæл дæ зæрдæ даргæй, исарази уотæ æрæгйау уин арфæ ракæнунбæл, æппун нæ уни бæсти. Цæретæ нивгунæй уе ’нкъæйтти хæццæ, уе ’хсæнти уарзондзийнадæ уогæй, хæлæмулæй цæуæд нивгун цæуæт. Ме ’нсиахс дæр искодтай дæхе, мах Гæтинæ æр Дзагурти хуæрифурт æй. Мæнæ мæ рази уогæй нуртæккæ, саламтæ зæгъуй номхундæй Зинæ æма Даскайæн.

Газет мин еунæг номер дæр нæ дзæгъæл кæнуй, фал 1 маййи пъисмо рарвистай, ма ’й гъенур райстон 21 маййи. Æ мухур – 4.5.26. Кæд мæн пъисмотæ дæр дæумæ уотæ цæунцæ? «Азбар» – тротуар æй. Нæ фидтæлтæ сæ фæсцæгæтти кенæ дорæй, кенæ ба гъæдæй ’скæниуонцæ – азбартæ, фал зæнхæ сор кæнун ку райдæдта, уæд æй нæбал кодтонцæ æма ин æ ном дæр байронх æнцæ.

Зеууонæн дæр бæззун? Раги зеууон цæуагæ адтæн. Хуссæнæй фестадтæн, гъавун нæ райгурæн хуæнхтæ бабæрæг кæнунмæ – «Цъете». Идарддæр курорттæмæ некумæ мæ нифс хæссун мæ бæгънæг, мæ тухстдзийнадæмæ гæсгæ, æма мин уæхæн сагъæс кæнунбæл дæхе ма ’сефтиндзæ.

Дæ Созур. 21 май 1926 анз

* * *

Созур!

Аци финсти хæццæ дзæбæл ци киунугæ исæмбæла, е дин берæ дзубандити бæсти. Куд æма цæмæн атæ байрæгæмæ ’й, уобæл дин нæбал фæдздзубанди кæндзæнæн. Зин зæгъæн æй, уотæ æхцæуæн мин æй æ рацуд. Еу инсæй анзи сувæллон кæмæн нæ фæууй, е дæр, æвæццæгæн, æ фиццаг сувæллонбæл уотæ фæццийнæ кæнуй…

Зæрдæвæрæнтæ кæнун нæ уарзун, æма дин уой туххæй мæ зæрди фæндæнттæ дæр нæ дзорун, уомæн, æма тæрсгæ кæнун: ку нæ мин бантæсонцæ. Фал еу гъудтаг зæгъуйнаг дæн: «Зиу»-и Пролетарон Финсгути Ассоциацийæн литературон изæр искæнуйнаг ан. Гæнæн æма нин амал ку уа, уæд æй Киристонгъæуи аразуйнаг ан сентябри, кенæдта октябри райдайæни. Мæ гъудий ма ес еци финститæ еугурæй дæр иронаумæ раййевун æма уони дæр рауадзун. Фал, уой ба фæстæдæр: дигорон киунугæ ку фæууæйæ уа, уæд.

Еу гъуддаг ма: «Зиу»-и дуккаг киунугæ мухурмæ радтуйнаг дæн æма мæ фæндуй дæуæй хуарз финст райсун. Зæрдиуагæй цæбæл бакосай, аййевадæй лæмбунæгæй ке ’сгъæцай æма дæхе зæрдæмæ ка цæуа, уæхæн финст. Фал дин æнæуой дæр ци амал уа, уомæй æрветæ дæ финститæ мæ адресбæл.

Дæ цæргæсти балæн æма де ’фсийнæн салам мæнæй (æма не ’фсинæй).

А. С. Мæ финст мин Зинæ фехалдта – нæ фæццудæй æ зæрдæмæ. Фал æй балæдæрæ.

Дæ дзæбæхти хабæрттæ мæбæл æмбæлæнтæ.

Сæрмæт. Дзæуæгигъæу.
1926 анз, 13 сентябр