09 майя 2024

ДÆ НОМИ КАДÆ – ДÆ ГЪУДДÆГУТÆ!..

02.12.2023 | 21:38

«Гъæуама мæ фæсте ести зингæ фæд ниууадзон..» Уотæ зæгъуй ХÆМИЦАТИ Цæрайи драмон уадзимистæй еуей архайæг. Æма зæгъун æнгъезуй, раст еци гъудимæ гæсгæ Цæрай æхуæдæг дæр аразта æ карни хабæрттæ.  Æма ин, куд æ педагогон, уотæ æ исфæлдистадон архайди дæр берæ бантæстæй, æ хъиамæттæй æ фæсте æцæгæйдæр ниууагъта зингæ фæд. Абони ба ин æ рохс ном имисæн ахсгиаг цауи фæдбæл – 28 ноябри Цæгат Иристони адæмон финсæг Хæмицати Хакъиасси фурт Цæрайи райгурдбæл исæнхæст æй дæс æма цуппаринсæй анзи (1933-2021).