20 апреля 2024

ДÆ УАРЗОН ДЗИЛЛИ ЗÆРДИТИ ЦÆРУЙ ДÆ РОХС НОМ, ТЕРЕЗÆ…

30.09.2022 | 16:13

Искурдиадæгин артисткæ Хъантемурати Терезæ Махарбеги кизгæ театралон аййевади ниууагъта дессаги æрттевгæ фæд.  Æ исфæлдистадон над кæд цубур рауадæй, уæддæр ибæл æнтæстгинæй рацудæй. Неци ин æвгъау кодта, æ царди медес е адтæй. Æнæ уомæй куд цардайдæ, æхе куд æнкъардтайдæ, уой нæ зудта. Иссæй æ карнæ. Лæвардта ин æ еугур хъаурæ, æнкъарæнтæ, амонд, тундзундзийнадæ, цард, æ уоди монцтæ. Æма æ фудæбонæй минкъий æ зæрдæ ку барохс уидæ, уæд æхе медæгæ уотæ бакæнидæ: «Мæ уод – дæ нивонд, аййевадæ!» Æма ин, æцæгæйдæр, нивондæн æрхаста æхе. Фал байзадæй ирон театрдзаути, исфæлдистадон интеллигенций зæрдити æ арæзт фæлгонцти.

Гъулæггагæн, Хъантемурати Терезæ абони не ’хсæн нæбал æй, фал æ рохс ном ба уæддæр цæруй æ уарзон дзилли зæрдити. Дæсæймаг октябри, финддæс æма æртинсæй анзи æнхæст кæнуй æ райгурдбæл (1947-2002).

Æма ’й абони мах дæр имисæн газети фæрстæбæл… Æ цардвæндаг
æма исфæлдистади туххæй æрмæгутæ кæсетæ 3, 6-7-аг фæрстæбæл.