24 апреля 2024

ДИГОРӔ

23.09.2022 | 15:31

«Кадæмæ, гъæздугдзийнадæмæ æма хецауи бунатмæ тундзуни гъудитæй дæхе ку иссæребарæ кæнай, айдагъдæр дин  уæд бантæсдзæнæй царди æнаййев, илгъаг миутæй фæййервæзун. Царди дæбæл ихæс ке ес, хуæрзгæнæг æма дæ адæмуарзон ун ке гъæуй, уæхæнттæбæл ку нæбал гъуди кæнай, айдагъдæр уæд æрлæудзæнæ зунди надбæл…»

Уотæ кæддæр финста рагонкитайаг зундилæг Хун Цзычен. Æ хæццæ арази уогæй, уæддæр нæмæ уотæ кæсуй, æма æ гъуди еу рауæн фæббæлвурддæр кæнуйнаг æй. Æцæгæйдæр, хуæрзгæнæг æма адæмуарзон ун ке гъæуй, уомæй еугурæйдæр ихæсгин ан, фал уобæл уотид расагъæстæ-басагъæстæ кæнун фагæ нæй, хуæздæр уодзæнæй уой фæдбæл бæлвурд гъуддæгутæй архайун.

Айдагъдæр гъе уæд адæймаг æцæгæйдæр æрлæудзæнæй зунди надбæл æма æ царди гъуддæгутæй уодзæнæй зæрдрохс, иссердзæнæй æцæгæй зæрдæнцойнæ. Уæхæн хузи æ карнæ ка аразуй, етæ арфиаг уæнтæ… Сæ еци зундирахастæй сæ ка бафæнза, уæхæнтти бæрцæ ба бонæй-бонмæ фулдæрæй-фулдæр куд кæна!..