12 декабря 2024

ДИНТИ МИНÆВÆРТТИ ‘ХСÆН ДЗУБАНДИ

06.09.2022 | 10:40

Æрæги Дзæуæгигъæуи арæзт æрцудæй Æхсæнадæмон наукон-практикон конференци «Балканти сабурдзийнади бундор – динти ‘хсæн дзубанди».

Форум исаразгутæ – Цæгат Кавкази пусулмæнтти координацион центр æма Пусулмон дини культурæ, наукæ æма ахуради агъази фонд.

Æмбурд амудта Республикæ Цæгат Иристон-Аланий муфтий Гуæцæлти Хаджиморат.

Кадгин иуазгутæ си адтæнцæ Цæгат Кавкази пусулмæнтти координацион центри сæрдар Исмаил Бердиев, Уæрæсей пусулмæнтти уодварни центрон разамунди сæрдар Талгат Таджуддин, Саудон Аравийи Къароладæй, сахар Меккæй иссудæй Мохаммед бин Абделькерим Аль-Исса – Зæнхи цъарæбæл Пусулмæнтти лиги генералон секретарь, пусулмæнтти æхсæнæдти еугурдуйнеуон совети генералон секретари агъазгæнæг, шейх Хасан Аль Марзуки.

Наукон-практикон конференций архайгутæ адтæнцæ Дагестани, Цæцæни, Башкортостани, Кæсæг-Балхъари, Хъалмухъи, Адыгейи республикити минæвæрттæ, уой хæццæ Стъараполи, Краснодари крайтæй, Саратови облæсти, Санкт-Петербурги æма æндæр рауæнтæй иуазгутæ.  Еугуремæн дæр зæрдиаг æгас нæмæ цотæ загъта нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

– Абони сумах æрæмбурд айтæ, цæмæй æрдзорайтæ, динти æма конфессити ‘хсæн еудзийнадæ цæмæй федар уа, уобæл. Устур æййивддзийнæдтæ цæуй дуйней, берæ ес лухкæнуйнаг фарстатæ, уой хæццæ, дæсгай æнзти арæзт ка не ‘рцудæй, уæхæнттæ дæр. Уонæмæ хауй Балканти нихмæлæуд дæр. Е махæн æй хъæбæр ахсгиаг фарста. Уæрæсей сабурцæрæг адæмти нихмæ раздæха еци нихмæлæуд, уомæн гæнæн нæййес. Нæ хъауритæ, нæ гъудитæ гъæуама еумæйаг уонцæ, еугæр Балканти змæнститæ ку рапарахат уонцæ, уæд си фæрресдзæнæнцæ Европи еугур адæмтæ дæр. Фулдæр хæттити  еци змæнститæн бундор нæ фæууй, аразгæ фæуунцæ.  Конференций куст æнтæстгин рауайæд, бæстæ сабур куд уа, адæм ба хæларæй цæрунмæ куд бæллонцæ, еци хуарздзийнадæ æрцæуæд, – загъта Сергей Меняйло.

Фæстæдæр æмбурди архайгутæн фадуат адтæй онлайн-бастдзийнади фæрци байгъосун пусулмæнтти æхсæнæдти еугурдуйнеуон совети сæрдар Али Рашид Аль Нуаймимæ.

Конференцимæ æрхудтонцæ дини фарстати фæдбæл экспертти, æхсæнадон организацити минæвæртти, хецауеуæггæнæг федералон æма регионалон разамонгути.

Бони фæтки фарстати ‘хсæн адтæнцæ косоваг сербтæ æма албайнæгти ‘хсæн нихмæлæуди анхосæгтæ. Сербий политикон разамунд æма Косовойи хуæдбарæ республики ‘хсæн тугъдон буцæутæмæ ку расайа, еци тæссагдзийнадæ.

Гъулæггагæн, аци нихмæлæудæй Хорнигулæни бæститæ æмзундæй пайда кæнунцæ, цæмæй аци тугъдон буцæуæй рауайа Уæрæсей Федераци æма дуйней пусулмон динбæл хуæст бæститæ кæрæдзебæл исардаунæн фæрæзнæ.

– Æности дæргъи Уæрæсей зæнхæбæл хæларæй цæрунцæ алли динбæл хуæст берæ адæмихæттитæ, уæхæн фæлтæрддзийнадæ алли бæсти нæййес. Уотæ рауайуй, æма политиктæ тугъд райхалунцæ, цæмæй ниссабур уонцæ, уой туххæй ба дини косгутæмæ фæдздзорунцæ. Радон хатт рæмбурд ан Иристони, уомæн æма Дзæуæгигъæу æй Цæгат Кавкази центр, – загъта Исмаил Бердиев.

Конференций архайгутæ сæ финстæг бацæттæ кодтонцæ, Казахстани сæйраг сахар Нур-Султани ка цæудзæнæй, еци дуйнеуон æма традицион динти раздзæугути VII съезди архайгутæмæ.

«Уæрæсе кæд сербæгти фарс æй, уæддæр албайнæгти æма пусулмæнтти нихмæ дæр некæд исдзурдта. Айдагъдæр историон рæстдзийнадæ æма исæвзургæ уавæр хæларæй банивæбæл кæнуни мадзал иссерунбæл дзоруй Уæрæсе», – загъд ес финстæги.

Æхсæнадæмон наукон-практикон конференций архайгути гъудимæ гæсгæ, Нигулæйнаг бæститæн уæхæн барæ нæййес, цæмæй зæнхи цъарæбæл алли рауæнти ци берæ адæмтæ цæруй, уæдта æности дæргъи Косово æ райгурæн бæстæ кæмæн æй, еци сабурцæрæг адæмæн сæ карнæ аразонцæ.

Аци æма æндæр хатдзæгтæ финст æрцудæнцæ конференций резолюций.