12 декабря 2024

ДОГӔ ӔМА ФӔЛТӔРТИ ӔВДЕСӔГ РАВДИСТ

29.03.2022 | 15:57

Хузӕгӕнгути Цӕдеси равдистити зали ӕрӕги байгон ӕй национ куклати Еугуруӕрӕсеуон равдист. Арӕзт ӕрцудӕй нур цуппӕрӕймаг хатт. Нӕ бӕсти, уӕлдайдӕр ба Цӕгат Кавкази регионтӕй ӕма нӕхе республикӕй си архайуй дӕс ӕма ӕртинсӕй адӕмон армдӕснийӕй фулдӕр. Сӕ конд куклати фӕлгонцти ба фӕууинӕн ес евгъуд догти цӕрӕг  адӕмихӕттити цардиуаги хецӕндзийнӕдти ӕвдесӕнтӕ, зӕгъӕн, силгоймӕгтӕ ӕма нӕлгоймӕгти дарӕс. Сӕ дзаумау, сӕ сӕригъунти фастӕй бӕрӕг ӕй, ци доги цардӕнцӕ, ӕхсӕнади ци бунат ахӕстонцӕ, бӕрӕгбӕнтти ӕма аллибон ци уӕледарӕс дардтонцӕ. Сӕ зундирахаст, сӕ меддуйне, сӕ дуйнелӕдӕрундзийнадӕ куд ирӕзтӕнцӕ, уой.

Равдист байгон кӕнуни кадгин ӕмбурдмӕ ‘рбацудӕнцӕ Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий хузӕгӕнгути Цӕдеси разамунд ӕма ӕ иуонгтӕ, уӕлдӕр ӕма астӕуккаг ахургӕнӕндӕнтти студенттӕ, скъоладзаутӕ ӕма аййевадӕуарзгутӕ.

Равдист игон кӕнуни фӕдбӕл цитгин мадзали ка радзубанди кодта, етӕ, фиццагидӕр, зӕрдиагӕй райарфӕ кодтонцӕ равдисти еугур архайгутӕн дӕр  ӕма иуазгутӕн дӕр.  Куд загъд си ӕрцудӕй, уотемӕй, ӕхцӕуӕн ӕй, ӕ архайгути нимӕдзӕ анзӕй-анзмӕ ке ирӕзуй. Уӕлдай ӕхцӕуӕн ба ‘й, се ‘хсӕн ке ес скъоладзаутӕ дӕр. Е ба уой  амонуй, ӕма аци аййевади хузӕ цӕмӕдессаг ке ‘й адӕми еугур фӕлтӕртӕн дӕр,  ӕ техникон ӕма исфӕлдистадон гӕнӕнтӕ ӕма равгитӕ дӕр ке ирӕзунцӕ. Ӕма ӕруагӕс кӕнуй, зӕрдӕмӕдзӕугӕ исонибон ке уодзӕнӕй, фиццагидӕр уомӕ гӕсгӕ, ӕма уобӕл никки зӕрдиагдӕрӕй ӕма лӕмбунӕгдӕрӕй ка косдзӕнӕй, уӕхӕн фӕсевӕд дӕр абони ке фӕззиндтӕй.

Куклатӕ кӕнуни аййевадӕ армдӕсниади хузтӕн сӕ рагондӕр ӕй. Зундгонд этнограф Уарзиати Вилен уой фӕдбӕл ӕ уацтӕй еуеми уотӕ финста: «Нӕ адӕми материалон культури рагӕй-ӕрӕгӕмӕ дӕр ахсгиаг бунат ахӕстонцӕ гъазӕн киндзитӕ. Кӕд киндзитӕй сӕйрагдӕр сабийтӕ гъазтонцӕ, уӕддӕр си сӕ кари адӕм дӕр еуварс нӕ изадӕнцӕ. Адӕймаги цард ӕ райгурцӕй ӕ рамӕлӕти уӕнгӕ ӕнгом баст адтӕй гъазӕн киндзити хӕццӕ. Етӕ активонӕй архайдтонцӕ нӕ адӕмӕн айдагъ сӕ бийнонти нӕ, фал се ‘хсӕнади царди дӕр.

Адӕмон гъазӕнтӕ, куд цардӕгас дуйней фӕсномуг нисӕнттӕ, ахсгиаг ӕнцӕ историон-этнографион ӕгъдауӕй – етӕ устур агъаз уайуонцӕ нӕ адӕми евгъуд цард ирддӕрӕй нӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнунӕн. Мӕнӕ куд зӕгъуй уой туххӕй французаг психолог Раабе: «Гъазт равзурдӕй алли хецӕн адӕмӕн дӕр ӕ культури ӕрфитӕй, ӕма еци адӕмтӕн сӕ культури хуӕдбундордзийнадӕ рартасӕн ес, циуавӕр гъӕзтитӕ ӕма гъазӕнтӕ ӕримистонцӕ, уонӕмӕ гӕсгӕ».

Нӕ адӕми традицион культури гъазӕн киндзитӕ цӕйбӕрцӕбӕл агъазиау бунат ахӕстонцӕ ӕма сӕ ахедундзийнадӕ цӕйбӕрцӕбӕл бӕрзонд адтӕй, уой фӕдбӕл Уарзиати Вилени уаци хӕццӕ уӕ базонгӕ кӕндзинан нӕ газети сӕрмагонд уӕлӕфтауӕн «Царди айдӕнӕ»-йи иннӕ рауагъди. Уогӕ уой туххӕй дзубанди цудӕй, мӕнӕ нур ци равдисти кой кӕнӕн, уой игонгӕнӕн мадзали дӕр. Адӕмти ‘хсӕн лимӕндзийнадӕ ӕма кӕрӕдзей нимайундзийнадӕ федар кӕнуни гъуддаги куклатӕ аразуни аййевадӕ хуӕрзӕрдӕмӕ цӕйбӕрцӕбӕл  ахедуй, нуртӕккӕ ӕ ирӕзт ци уавӕри ‘й, уой туххӕй ӕ гъудитӕ загъта адӕмон исфӕлдистади Республикон хӕдзари хайади сӕргълӕууӕг, аййевадӕртасӕг Остъати Татьянӕ.

Нӕкӕси, рӕхги Татьянӕ бӕрӕг кӕндзӕнӕй ӕ юбилей (райгурдӕй 1947 анзи 3 апърели). Кӕд, цӕмӕдӕр гӕсгӕ рагацау нӕ фӕййарфитӕ кӕнунцӕ, уӕддӕр уӕди уӕнгӕ равгӕ ке нӕбал уодзӕнӕй, уомӕ гӕсгӕ ин зӕрдиагӕй арфӕ кӕнӕн. Нӕ Исфӕлдесӕг ӕй берӕ ӕнзти дӕргъи ма хайгин кӕнӕд ӕнӕнез, фӕрнӕйдзаг ӕма зӕрдрохс бӕнттӕй.

Равдисти бӕрӕгбондзийнадӕ уӕлдай дессаг ӕ зартӕй исрӕсугъд кодта искурдиадӕгин зартӕгӕнӕг Илати Тимур.

Аййевадӕуарзгутӕн равдист фӕууинуни фадуат уодзӕнӕй иннӕ къуӕрей кӕронмӕ.

 

Гасанти Валери,

Хъаирти Диани ист къартӕ.